II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 22 глава




Фембæрста йын йæ хъуыды Муссæ.

— Шамил-Хадзыйы ныхмæ куы хæцыдыстæм, уæд æндæр уыд! Уæд йæ императорон бæрзонддзинады манифест нæма уыдис гуырд.

Цæмæй инæлар йæ хъуыды фергомдæр кодтаид, уый тыххæй къахæгау æнæмæт хъæлæсæй дзуры Османы-фырт:

— Цытджын паддзах хъуаг ницæмæй ныууагъта мæ кадджын инæлары. Стæй дзы уыцы манифесты фæстæ дæр ницы байста, æмæ йæ пъагæттæ нырма йе уæхсчытыл дары...

Цæцæйнаджы цæстæй бары æмæ йæ мидбылты худы.

«Цъингуыр! Дæхæдæг цы дæ, æмæ дæ къæдзил цы уыдзæн».

— Пъагæтты æвджид куы баззайай, уæд ма цæй наиб уыдзынæ, — комкоммæ йæм дзуры уый.

— Стыр Аллахы фæрцы ууыл нæма уыд дзырд.

— Цъæх сын нæ хæссы, мæнæ уал Кавказы хъуыддæгтæ бабæстон кæной.

— Стæй цы уыдзæн? — сæнтдзæф фарст акодта наиб.

— Стæй ма, ды наиб кæй дæ, кæнæ æз — æлдар, уымæ фæрсмæ дæр чи фæкæсдзæн... Хъауджыдæр нал уыдзæн Османы-фыртæй, Тæгианæй, Дзæрæхонæй, Æлдадтонæй, алыгъуызон хæддзуйæ... Чи зоны ма нæ уæлейæ дæр абадой.

Уазæг йæ бадæныл базмæлыд, фысыммæ скаст, гæды мыстмæ куыд скæсы, афтæ.

— Уымæй Хадзыйы тырысайы бын балæууын хуыздæр у, — гуым-гуым кæны уый.

— Гъе, гъе, уый цух ма стæм!

Куындыхоны фæтæн чъылдыммæ кæсгæйæ, æхцонæй улæфы майор.

«Хорз у, æмæ мердæм нæ кæсы».

— Уæд та... — Муссæ фæлæууыд, Садуллæйæн йæ дзырд йæ хъуыры фæбадт. — Уæд та сихы хъуыры хъуамæ фæбадæм. Уæд та адæмы хъуамæ фервæзын кæнæм бынысæфтæй. Кæннод æз æмæ ды иуырдыгæй дæр судзгæ кæнæм æмæ иннæрдыгæй дæр, — цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ фæсыкк ис.

— Фервæзын сæ кæнæм. Цæмæй сæ стæй паддзахы къухы бафтауæм æмæ сæ, дæ загъдау, нæхæдæг афтид абадæм? — æргом дзуры ныр уый дæр.

— Нæ-æ-æ, наиб, халонау хæргæ-хæрын хъуахъхъ куы нæ кæнай, уæд дæ дзыхæй дæ къæбæр нæ ахаудзæн.

Уазæг фæдисау ис.

«Кæд мæм, мыййаг, Хъадзы Абдийы йæхæдæг æрбарвыста æмæ мæ ныр фæлваргæ кæны». — Йæ уæнгтæ ныккæрзыдтой.

Йæ къух цæугæ-цæуын батилы Муссæ, йæ уазæгмæ нал кæсы, афтæмæй дзуры:

— Адæмы хъуамæ фервæзын кæнæм фыдбылызæй, кæннод æлгъыстаг фæуыдзыстæм тъымы-тъымамæ, наиб... Нæ фæстагæттæ не скоймæ æххы-ту кæндзысты.

«Зонын, ныр дæ цы тыхсын кæны, уый... Лæг йæ хайуаны æфсæстæй куы нæ дара!..» — Фысым æм æдзынæг каст, йæ хъуыдытæ фескъуыдысты.

— Уæдæ ма чердæм?.. Кæцы фæндагыл?

Муссæйæн йæ даргъ рихитæ фæзылынгонд сты.

— Мæ фыстæджы дæм «æртыккаг фæндаджы» сæраппонд фыстон. Цæмæннæ мæ фæрсыс уымæй? — комкоммæ йæм кæсы уый.

Йæ сæрыл схæцыд уæлæмæ.

— Æмæ кæм агурæм... уыцы æртыккаг фæндаг, дæ бæрзонддзинад?

— Турчы! — ныррыхыд Тæгиан-æлдар.

— Турчы? — уазæг йæ бадæнæй фæлиуырдта.

— Бадгæ æркæн, наиб! Аллах загъта: дæ зæрдæйы хъуыдытæ æмбæхстæй дар, дæ хæрзиуæджы чи цæуы, уыййеддæмæ сæ макæмæн равдис.

— Ау, æмæ чи ацыд, уыдон фæстæмæ куы лидзынц...

— Уыдон лидзынц, мах куы ацæуæм, уæд фæстæмæ нал æрбаздæхдзыстæм, — фидарæй дзуры Муссæ.

«Гъе-е-е, мардзæ! Амæн йæ фæнд конд куы у! Йæ разы ма цы фæлæудзæн!» — Калмы хъæлæсы йæхи цы хæфс ныппæрста, уыйау æдзынæг кæсы цæцæйнаг.

Мухаммед Насераты прокламаци сæлвæста йæ дзыппæй, наибы раз æй айтыгъта.

Йæ цæстытæ дзы фæсагъта уайтагъд.

«Ракæнут уемæ уæ бинонты, рахæссут, цыдæриддæр уæ дзаумæттæ хъæуы, уыдон иууылдæр, æмæ ралидзут Туркмæ...» — Кæсы Саад-Уллахъ æмæ йæ къухтæ ризынц. Хатт инæлармæ скæсы æмæ та гæххæтты фæсадзы йæ цæстытæ.

«Мухаммед Насерат! Мухаммед Насерат!» — йæхимидæг фæлхат кæны туркаг къамисары ном.

— Дæхи цæстæй федтай, наиб! Не ’мдин стыр султан æхсæвæй-бонæй нæ мæт кæны...

— Иунæг Аллах ын йæ бархъомыс æмæ йæ уæлахиздзинæдтæ сарæх кæнæд! — æрæджиау йе ’муд æрцыд уазæг.

— Кæнæ сихты хæст, кæнæ пъагæтты æвджид цæрын, кæнæ та...

— Кæнæ та Турчы фæндаг, — йæ ныхы хид сæрфы наиб.

— Ай-гъай, Турчы фæндаг æмæ стыр султаны дæлбазыр, Аллахæй арфæгонд зæххыл цæрын. Ныртæккæ та адæмы фыдбылызæй хъуамæ фервæзын кæнæм.

Æрдæбон ын халоны æмбисонд æнæхъуаджы нæ ракодта. Бантысдзæн ацы рувасæн халоны дзыхæй цыхты къæртт раскъæфын æмæ йе ’мдин Туркмæ ахæссын. Цæмæн хъуамæ ныххæлæттаг уа, сихты хæсты Стыр Аллах сæрысуангæй Тæгиатæ æмæ Османаты хуызæн уæздан мыггæгтæн кæй бахай кодта, æмæ ныр урс паддзах йæ «бæрзонд манифестæй» байсынмæ кæй хъавы, уый?..

Иу цæуылдæр дыгъуырццæг кодта Садуллæ æмæ гуымыдза фæрстытæй дардыл æрзылд:

— Цы зæгъдзæн Лорисы-фырт?

— Лорисы-фырты мачи хъыгдарæд, уыййеддæмæ адæм быныскъуыд суæд, — гуымыдза дзуапп ын радта Тæгиан-æлдар.

— Бирæ уæгъд бынæттæ ис Кæсæг æмæ Мæздæджы алфамбылæйтты. Куы йæ бахъæуа, уæд тыхæй дæр фæсурдзæн адæмы, кæдæм æй фæнды, уырдæм.

— Зонын æй æмæ къæрных Абди дæр уымæн ссæнды нырмæ Цæгат Кавказы фæндæгтæ.

Уазæг йæхиуыл рахæцыд.

«Гъеныр мæ балхъивдзæн ацы фæранк къулмæ, гъе! Æрфæрсдзæн мæ, Хадзы Абдийы цы дзырдæй арвыстон, уымæй!» — хъуыды кæны уый.

Хадзы Абди адæмы кæй змæста, уый зыдта Муссæ, фæлæ æрттæдæлармæй бадтис. Цæмæн? Цы боны хорзмæ ма каст? Аухы дæр афтæ бакодта. Туджы дзæкъул куы фæкъæртт, уæд дзы йæхæдæг тъыста къæрмджытæ æмæ йæхицæй адæмы хæрзгæнæг сарæзта.

Ныр дæр та афтæ хъавыс, цытджын инæлар?

— Цæцæн-Мæхъхъæлы зæххыл лекка кæны фылдæр уыцы къæрных, æмæ нын уый тыххæй облæсты хицау нæ къух куы нæ райса, цытджын кънйаз. — Æрæджиау бафиппайдта наиб.

— Хадзыйы æрбахурх кæнын зын нæу, наиб, — сагъæсгъуызæй дзуры уый.

— Уæдæ ма цæмæ у не ’нхъæлмæ каст? — Тыххæй бахæццæ ис йæ сæйраг хъуыдымæ Саад-Уллахъ.

Йæ уæлхъус уырдыг слæууыд, йæ цæстытæ дзы бырæуау ныззылдта:

— Уадз æмæ уал нæма Цæгат Кавказы фæндæгтæ... Ныр та уал мæцъисы бæсты сбæздзæн хъыхъхъаг куыдзы ныхмæ.

«Ныххаудтæн йæ ныхты... Æнæмæнг мæм æй йæхæдæг æрбарвыста».

Цалдæр хатты йæ хъустыл æруад наибæн, тохы сидт Хуыцауæй расхъиудта æмæ комкоммæ Скъуыдкъохмæ æрхауд. Стæй уырдыгæй Хадзы Абдимæ атахт æмæ йæ уый та пысылмон адæмыл пырх кæны, зæгъгæ... Нæ йæ уырныдта, йæхимидæг-иу худæгæй мард. Ныр йæхи хъусæй фехъуыста: «Ныр та уал мæцъисы бæсты сбæздзæн хъыхъхъаг куыдзы ныхмæ!»

— Лæджы къух кæуыл фæхæст уа, ахæм мæцъис куы нæ рауайа, мыййаг, къæрных Абди... — ныкъкъæдз ис, афтæмæй дыгъал-дыгул кæны наиб.

Муссæйы худын йæ хъустыл аныдзæвд æмæ ноджы ныггуыбыр.

— Æгæр бирæ рæстæг хардз кæныс ламазыл, наиб! Адæмы хъæрмæ нал хъусыс, — йæ хъусы йын ныдздзырдта уый.

Хъуыста адæмы хъæр. Уыдон дзырдтой: «Стыр Аллах Скъуыдкъох — сих Хадзы Абди Эффенди!» Худæгæй-иу мардис. Ныр æм худын нал цæуы.

— О, фæлæ Байрамы стырбонмæ бирæ нал ис, цытджын кънйаз, — сфæрæзта ма уый.

— Гъе уæдмæ ма сты къæрных Абдийы цæрæнбонтæ дæр, — ныццавта йыл уый.

Уазæгæн фырдисæй йæ цæстытæ ауæрæх сты. Ницыуал æмбæрста, бынтондæр ницыуал...

— Кæд афтæ у, уæд ма æртыккаг фæндаг агурын та цы у, цытджын æлдар?

— Æппæт дæр йæ раны уыдзæн, наиб, — уатæй ахызт, уазæджы йæ дзолгъо-молгъо хъуыдытимæ фæуагъта.

Йæ цъарыл сæг кæмæн схæцыд, ахæм хъуыран æрбахаста, уазæджы тæккæ фындзы раз æй æрæвæрдта. Егъау къух дины сыгдæг чиныгыл хæлуарæджы тынау пырхæй æрæвæрдта.

Садуллæ Муссæйы къухыл æрæвæрдта йæ къух æмæ йæм джихæй каст.

— Хуыцау уæздан æмæ фæсдзæуин загъта, алкæмæн йæ бынат бацамыдта, — цахæмдæр æгуыппæг хъæлæсæй дзуры Муссæ, — ныр æцæг хъаймæты бонмæ æнхъæлмæ кæсæм... Йæ бынат нал зондзæн нал дæр уæздан лæг, нал дæр фæсдзæуин... Уый дын, цъыбыртты сыгъд кæм ныууыдзыстæм, ахæм арт.

Къæхты бынæй сулæфыд, дарддæр дзуры:

— Сихты тох дæр ууыл у. Уымæн тæлфы æнæсæр каркау Хадзы Абди. Хуыцауы номæй сидынц адæммæ, стæй куы фæуæлахиз уа, уæд хуыздæр æрбаддзæн, газаваты йæ фарсмæ чи лæууыд, уыдон бæрзæйыл...

Наибы къух рызт. Цæмæй йын йæ ризынæй банцадаид, уый тыххæй Муссæйы дзæмбы тыхджындæр нылхъывта.

—...Æз дæр ныхъхъуыстон уыцы сидтмæ лæмбынæг, — Хуыцауæн табугæнæгау, дзуры инæлар. — Æмæ гуырысхо нал кæнын: о Аллах, хъыг дæм ма фæкæсæд! Дæ номæй хатт саби фæсайæн гуыл ацаразынц дины сæргълæуджытæ.

Наибмæ ныккаст комкоммæ, цыма йæ комæй зынджытæ калдта æмæ йæ басудзынмæ хъавыд, уыйау сыбар-сыбур кодта.

— Зæгъæм, къæрных Абдийы ныппæрстам гæдыйы лæппынау голладжы... Уæддæр нæ фервæздзыстæм хъаймæтæй, уымæн æмæ йæ бынаты ног сих, кæнæ та ног хадзы слæудзæн. Стæй та ноджы, стæй та ноджы. Афтæмæй адæм сæфты былмæ бацæудзысты... Нал дæр Османаты кадджын мыггаг уыдзæн, нал дæр Тæгиаты нæргæ ном... Уый та дын, фæхуыдуггæнæн кæм ис, ахæм доны мал.

Уæззау сулæфыд æмæ фæллад хъæлæсæй нывæнды йæ хъуыды:

— Цæмæй сæфты былмæ ма бацæуæм æмæ алчи йæ кадимæ цæргæйæ баззайа, уый тыххæй ма нын ис иу фæндаг. — Йæ къух хуссарырдæм адардта. — Уыцы фæндаг цæуы не ’мдин стыр султаны дæлбазырмæ. Ард бахæр, наиб, куыд адæмы фервæзын æмæ уыцы фæндагыл ныллæууыны сæраппонд, куы бахъæуа, уæд дæ удыл дæр нæ бацауæрддзынæ.

Наиб банкъуыст, цыма йын йæ удыл къахæй ныллæууыдысты. Муссæйы тызмæг хъæлæс æй æрцæуын кодта йе ’муд:

— Зон æй: сих Абди лæгмæ кæд бафысым кæны, уымæй никæй фæфæрсы, — загъта уый æмæ йæ наиб фенкъардта: уый уыдис æртхъирæн.

— Ард хæрын... — æнæбары гуым-гуым кодта Садуллæ. — Куы фæсайон, уæд тъымы-тъымамæ æлгъыстаг фæуæд мæ байзæддаг.

— Оммен!

Мухаммед Насераты прокламацийы халдих ын йемæ арвыста æмæ йын бафæдзæхста:

— Рафыссын æй кæн æмæ йæ фæйнæрдæм фервит! Уадз æмæ зоной адæм, не ’мдин стыр султан ныл кæй ауды.

Садуллæ йæ къухтæ Хуыцаумæ сдардта æмæ дуары ’рдæм аздæхт. Муссæ ма йæм фæстейæ дзуры:

— Бахъуыды сæраппонд калм дæр хъуамæ нывæрай де тары, наиб!

«Нырма дæ хъæуы мæ сæр, фæлæ стæй та?» — дуарыл рахæцыд. Хадзы йæм æхсæв кæй æрфысым кодта, уыцы хабар нæ раргом кодта. Цæмæн? Чи йын цы зоны? Хъуыраныл ард хæрынц, фæлæ сæ сусæгдзинæдты дзæкъулы ком кæрæдзийы раз æхгæдæй дарынц уæддæр.

***

Астæуккаг æфсæддон зылды хицау инæлар Тумановмæ Дзæуджыхъæумæ цæуыны фæнд бынтондæр нæ уыд.

Грознамæ, фынгкалгæ бæхтыл, фæд-фæдыл æртахтысты: Назранæй — Мæхъхъæлы зылды хицау булкъон Нурид, Шатойæ — Аргъуаны зылды хицау майор Ипполитов. Сæ иуæй се ’ннæ æвзæрдæр хабар æрбахаста, цыма зынджытыл абадт, афтæ фенкъардта йæхи кънйаз.

Афтæ йæм фæкаст, цыма Грознайы фидарыл пысылмон фанатиктæ æрхъула сты. Йæхи уæддæр нæ саста, йæ дæлбартæм лæмбынæг хъуыста.

— Дæ бæрзонддзинад, — дзырдта йын булкъон Нурид, — мæхъхъæлы раздзог Малсæгты Тепса та фæтары ис. Йæ сыхæгтæй ницы расайдтон, фæлæ йæ зонын: сæхи хъæргæнджытæ йæ систой сæ базыртыл.

Нуриды дзыхæй Ипполитов айста дзырд:

— Хъусдарджытæ сæ федтой, Дзæрæхохты Алхастимæ Ирыстоны ’рдæм фæцæйцыдысты. Æвзæры нысан та у уый...

— Се ’рцахсын дæр нæ уыд зын, фæлæ Дзæуджыхъæуæй æрцыд бардзырд: нырма сæм ма февналут, зæгъгæ, фæдзæхсы облæсты хицау.

— Сих Хадзы Абди Эффенди Урус-Мартаны наибы цæсты раз лекка кæны... Куындыхаты Муссæ дæр зоны уый, фæлæ Садуллæимæ æрттæдæлармæй бадынц.

— Ныгуылæн Кавказæй раирвæзт, ныр та ам змæнты адæмы уыцы къæрных. Æмæ йæм хъусгæ дæр нæ кæнынц. Сæ кæрдтæ та ссынц цæцæн æмæ мæхъхъæл.

Нурид æркодта фæстаг цæф:

— Куындыхаты Муссæ æмæ Османаты Садуллæ бадынц сæхицæн. Цыма уыдонмæ нæ хъуысы фæдисонты сидт. Цыма уыдон нæ басудздзæн газаваты зынг!

— Уыдон та ссардзысты семæ иумæйаг æвзаг! — хуыфгæ-хуыфын багуым-гуым кодта Ипполитов.

«Уыдон та ссардзысты семæ иумæйаг æвзаг!» — Туманов кæлмдзæфау фестад. Денщикæн бæхтæ бацæттæ кæныны бардзырд радта.

Сагъæссаг дæр уый у, уыдон та семæ иумæйаг æвзаг кæй ссардзысты. Гъеныр дæр ма акæс! Алырдыгæй йæм фæдисы цыд æркодтой, Куындыхаты Муссæ та йæхицæн бады Скъуыдкъохы. Цыма зæххы бикъ у æмæ йæм кънйаз Туманов Алыксандр йæхæдæг фæцæудзæн!

Терчы облæсты хицау Лорис-Меликов дæр хæрзаудæн кæны ацы козбау ироныл. Цæмæн? Цы ис се ’хсæн иумæйаг?

Грознайæ Дзæуджыхъæумæ фескъæрдтой. Сæ бæхтæ цалдæр раны раивтой.

Дуаргæсы хъуыды дæр не ’ркодта, афтæмæй смидæг ис Лорис-Меликовы хатæны. Адæргæй дзы æфсæддон салам радтын дæр ферох ис.

— Байрамы стырбонмæ та растад цæттæ кæнынц туземæгтæ, дæ бæрзонддзинад! Арт та ныппæрттæввонг у, æндзаргæ та йæ кæнынц Куындыхаты Муссæ æмæ Османаты Садуллæ! — уыцы иу æппæрст скодта Туманов.

Лорис-Меликов цымыдисæй йæ цæстытæ фæирд ласта.

— Цæмæй адæймагмæ исты азым бахæссай, уый тыххæй дæ къухы исты бæлвырдгæнæн æрмæг хъуамæ уа, кънйаз! — цахæмдæр фæлмæн хъæлæсæй йæм дзуры уый.

— Малсæгты Тепса æмæ Дзæрæхохты Алхаст та фæтары сты, дæ бæрзонддзинад... Абырджытæ æрцахсын нæ бон у, фæлæ сæм кæсæм, цалынмæ та дыккаг Сауадаг æрцæуа, уалынмæ! — Нæ састис кънйаз.

— Уымæн йæхи аххосаг ис, цытджын кънйаз... Туземæгтæ æрмæст Сауадагмæ нæ цæуынц Раздзог æмæ йе ’мбæлтты фæдыл. Райсом, чи зоны, мах кæдæм фæнда, уырдæм фæсидой бынæттон цæрджытæм раздзог абырджытæ...

Туманов хицауы уыци-уыци нæ бамбæрста кæронмæ æмæ фергъуыйау ис.

— Цæцæн-Мæхъхъæл та сæ къахыл слæууыдысты сихы сидтмæ, дæ бæрзонддзинад! Уыцы сидт Куындыхаты Муссæмæ дæр хъуысы, фæлæ...

— Фæлæ уымæй Тæгианæн йæ пъагæттæ йе уæхсчытæй не сисдзынæ, Алыксандр Георгиевич!

— Хорз, фæуæд дæ дзырд, Михал Тариелович, фæлæ æнæ мах, сусæгæй минæвæрттæ куы иса, уæд та?

— Сусæгæй, зæгъыс? — судзинау дзы фæныхст уыцы иу дзырд.

— Наибимæ цæуылдæр сусу-бусу кæнынц, — Туманов Лорис-Меликовы хъусыл сныхæста йæ былтæ. — Ноджы фыддæр, дæ бæрзонддзинад... Бæрæг мæм æрхастæуыд, сих Хадзы Абди Эффенди, дам, Скъуыдкъохы цыты уазæджы къæлæтджыны бадтис...

Лорис-Меликов йæхи фесхъæл кодта уыцы ныхæстæм. Стъолы къахыл баст бæттæн æрбайвæзта йæхирдæм, фæсдуарæй дзæнгæрæджы зæлланг фæцыд. Дуаргæс æрбадардта йæ сæр.

— Капитан Золотаревмæ фæсид!

Цæстныкъуылдмæ февзæрд йæ разы Золотарев.

— Скъуыдкъохмæ фидиуæг арвит ныртæккæ! Куындыхаты Муссæ æвæстиатæй хæццæ кæнæд Дзæуджыхъæумæ!..

Кънйаз Туманов æхцонæй сулæфыд.

***

Темырболат уыцы изæр ныхасы Хъуыбадыйæ афтæ куы фехъуыста, ир æмæ цæцæнæй чидæртæ Туркмæ алидзыныл сразы сты, зæгъгæ, уæд ыл цыма арт бандзæрстой, афтæ фæцис.

Лыгъдис, фæлæ кæдæм лыгъдис, уымæн ницы зыдта.

Чысылæй нырмæ Хъуыбадыйы зарджытæ æмæ таурæгътæм хъуыста æмæ йæм афтæ кастис, цыма уыдон уыдысты чиныг дæр, авдæны зарæг дæр.

Ныр Хъуыбады ныхасы куыдта æмæ дзырдта, Туркмæ лидзæм, зæгъгæ.

Нæ, уый ма æрцæуæд!

Бетъырбухы кадетты корпусы, фæцахуыр кодта цалдæр азы. Афицеры цин райста æмæ, Чугуевы уланты пъолчы уæвгæйæ, фезмæста цъыф.

Цæмæн ма йæ хъæуы кæнæ ахуыр, кæнæ чиныг, адæм сæ хæхтæ, сæ бæстæ куы ныууадзой æмæ æцæгæлон Туркмæ куы фæлидзой, уæд?

Нæ, уый ма æрцæуæд!

Чиныджы сæрыл бирæтæ æрхастой сæ сæртæ нывондæн. Уый дæр ын снывонд кæнид йæхи, фæлæ кæм ис уыцы чиныг? Нырма не ’рхæццæ ис Брутмæ.

Хъуыранæн табу кæнынц пысылмонтæ, йæ кæсын ын нæ зонынц, афтæмæй. Уæд та дзы цы фыст ис, уый кæсын куы базониккой æмæ адæм сæ куывд куы скъæриккой Иунæг Стыр Хуыцаумæ нæ, фæлæ... чиныгмæ!

Чиныг дæм æххæст нæма æрхæццæ ис, Нарт? Хъуыбадыйы хъисфæндыры æнтъыснæг зарды мидæг уал фен дæ цæсгом æмæ ма банымæг у, Нарт!

Уый дæр акалид йæ афицеры дарæс, Хъуыбадыйау фæндыр сисид æмæ хъæуи-хъæу зилид. Алцыппæтыл дæр сразы уаид, куы бахъæуид, уæд ын афицеры цин чи радта, уыдонимæ тохыл дæр.

Æрмæст моллойы дзырд ма æрцæуæд!

Хæдзармæ сусæгæй бахъуызыд. Æна йæ нæ базыдта, афтæмæй йæ афицеры дарæс акалдта. Кæмдæр ын зæронд куырæт уыд, — уый скодта, цырыхъхъыты бæсты йæ къæхтæ хæдбын дзабырты атъыста.

Бæхдонæй Æрфæны раласта, саргъ ыл авæрдта æмæ йе рагъмæ фæгæпп кодта.

Æрфæн зондджын хайуан у, уадз æмæ йæхæдæг ара фæндаг!

Арвы къуск байдзаг ис стъалытæй, Терчы уынæргъын хъуыст дардæй. Æрфæны фæрстæ хидæй схуылыдз сты, уæддæр тахтис, дымгæйау.

Дæлæ Бæтæхъойыхъæу, Хуымæллæг... Уыдон фалейæ хæхты цыргъ цъуппытæ талынджы рæдзæ-мæдзæ кæнынц.

«Муссæ мацы зона моллойы дзæнгæдайы тыххæй, уый мæ нæ уырны», — ферттывта йæ сæры.

Хъæуастæуты куы ныууад, уæд тыхджындæр айхъуыст бæхы цæфхæдты къупп-къупп, æмæ куыйтæ сæ рæйын сарæх кодтой.

— Гъæтт, бæрзæйсаст куы фæуиккат æмæ адæмы сæ мæгуырыл куы ныууадзиккат! — хъуысы йæм кæйдæр мæсты æлгъыст.

Уыцы «арфæгæнæг» æй сихы фæдисонтæй кæй фенхъæлдта, уый базыдта Темырболат.

«Афтæ мын хъæуы», — йæхи æфхæрынмæ фæцис.

Хъæуæй ныйивгъуыдта. Терчы хиды гуыпп-гуыпп ссыд Æрфæны къæхты бын.

Талынджы нæ зынд, фæлæ йæ зыдта: уæртæ уым фынæй кодта Дзæуджыхъæу — Ирыстоны зæрдæ.

Йæ зæнджы хæцъæфтæ схуылыдз сты, бæх йæ хуыррытт фæтыхджындæр кодта.

«Бафæлладтæ, куыдзы хъус?»

Æргæпп кодта æмæ иудзæвгар фистæгæй фезгъорста бæхы разæй.

«Бас кæй басудзы, уый, дам, доныл дæр фу-фу кæны! Цы фæпайда кодтой Хъаныхъуатæ Туркмæ алидзынæй... Чи байхъусдзæн ныр моллойы дзæнгæдамæ?..»

Нæ, уый нæ уыдзæн!

«Уæд ма цæмæн тындзыдтон Чугуевæй?.. Уадз æмæ уым батыдтаин мæ цæрæнбонтæ, кæд æнæ хæдзар, æнæ хæхтæ, æнæ райгуырæн бæстæ лæджы цæрæнбонтæ дæр цæрæнбонтæ хуыйнынц, уæд?»

Скъæрдта тæлтæг бæхы, цыма йæм фæстейæ хъуыст Æнайы сидт:

«Æрра сдæ, Болат!.. Æгас хъæуæн йæ хуыссæг куы фæсырдтай, уæд!»

— Бæрзæйсаст фæу, кæд хъæууынгты афтæ ничи скъæры, уæд! — æрбайхъуыст та йæм кæйдæр «арфæ».

«Куы нæ мæ базониккой».

Ехсы цæфыл ахуыр нæ уыд Æрфæн, æмæ хъандзалау фесхъиудта хæрдмæ.

«Науæд молло йæхи зондæй сидтис адæммæ?.. Кæнæ йæм уыцы гæххæтт кæцæй бафтыд?..»

Цыма æнæхъуаджы дугъæй сфæлмæцыд Æрфæн, — йæ мырмырæй тар æхсæв айгæрста æмæ йæ барæг чысыл йе ’муд æрцыд.

Бæхы рохтæ æрбалвæста, æргæпп та кодта, æртæхгæрдæгыл уæлгоммæ атылд.

Байраг йæ уæлхъус лæууыд æмæ йæ замс былтæй лæппуйы даргъ сæрыхъуынтыл узæлыд. Чысыл фалдæр Терчы уынæргъын хъуыст, цыма фыдфынимæ хъуырдухæн кодта.

Иннæрдæм æрзылд Темырболат æмæ арф кæрдæг йæ цæнгтæй йæхирдæм æрбассывта. Уазал æртæхæй уайтагъд йæ цæсгом ахуылыдз ис æмæ йын уый, цыма йæ хъуыдытыл ихы къæртт авæрдта, афтæ фæцис.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: