II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 25 глава




— Кæд исчи исты фæдзуры, уæддæр æй паддзахыл иузæрдыгдзинад фæдзурын кæны.

— Цæмæн мæ хъуыдтæ, ууыл хъуыды кодтай, æвæццæгæн, Скъуыдкъохæй суанг Дзæуджыхъæумæ...

— Хъуыды йыл кодтон, Михаил Тариелович... Æфсæддон йæ командиры хъуыды развæлгъау куы нæ бамбара, уæд уымæй æфсæддон нæй...

— Уый афтæ у, фæлæ ацы тугæмхæццæ хъазты иуæй-иу хъазæнтæ сæ бынæтты æвæринаг сты æмæ æвæрд хъуамæ æрцæуой, — тызмæгæй дзуры хицау.

Муссæ ныхъхъавыд, афтæмæй загъта:

— Æз дæр уыдон бæстон кодтон, господин инæлар-лейтенант, фæлæ дæм мæ архайд æндæр хуызы æрбахуын кодтой!

Лорис-Меликовмæ афтæ фæкаст, цыма Муссæ æгæр схъæлæй дардта йæхи, æмæ æрбамæсты ис.

— Хæдбардзинад хорз у, господин инæлар, фæлæ нæ уавæрты, чи зоны, хатт зиан æрхæсса!

— Æмæ дæ уый тыххæй цалдæр формалон фарсты радтын фæнды мæнмæ?!.

Облæсты хицау ницы загъта иудзæвгар, стæй Муссæйы уæлхъус слæууыд æмæ йæ фæрсы:

— Цал хатты уыд Чысыл Цæцæны наиб Скъуыдкъохы?

Муссæйы цæсгомыл хин мидбылхудт атылд.

— Бирæ хæттыты, — дзуапп радта уый.

— Цæуыл уынаффæ кодта демæ?

— Цæуыл уынаффæ кодтам, уый дæ бæрзонддзинадæн æцæгæлон нæу, фæлæ йæ бæлвырддæр та чысыл фæстæдæр базондзынæ.

— Ноджы ма иу фарст, цытджын кънйаз: Æлдадты Бæтæхъо, Малсæгты Тепса æмæ Дзæрæхохты Алхасты Хæйрæджыты комæй уымæн ауагътай, цæмæй Скъуыдкъохы сусæгæй семæ уынаффæ кодтаис? — карзæй афарста уый.

Муссæ йæ хицауы цæсгоммæ кастис æмæ фиппайдта: æгæр сцыргъ кодтой дзырдхæсджытæ облæсты хицауы, æмæ цырд куы нæ фæлæууа, уæд æй, чи зоны, сурæй ныддаса.

— Уымæн, æрмæстдæр уымæн, — æрæджиау дзуапп радта Муссæ. — Уыдон хуызæн раздзогтæ а бæстыл бынтондæр куы нæ хæтиккой, уый мæн дæуæй къаддæр нæ фæнды, дæ бæрзонддзинад, фæлæ сæ быхсын.

— Цæмæн?

— Сæ абоны фæмардæй мын сæ райсоммæйы ацæрын хуыздæр у, æмæ уымæн.

— Цы пайда ма дын хъуамæ æрхæсса райсомы калм хъæстæйы йеддæмæ?

— Калмæй тыхджындæр та залиаг калм у. Æртæ калмы кæд сбæззиккой иу залиаг калмы ныхмæ.

— Цы хæсимæ ацыд Кæсæгмæ де ’фсымæр Афæхъо? Цæмæн ратæх-батæх кæны Хъуымыхъхъæй Мæхъхъæлы æхсæн дæ хæрæфырт Мамсыраты Темырболат?

— Цæмæй цыбырдзаст адæмыл ноджы стырдæр цымыдис бафта. Цæмæй мæ хицау, инæлар-лейтенант Лорис-Меликов фæстæмæ мæнæй разыйæ баззайа.

— Бæлвырддæр æй куы зæгъай, уæд та?

— Дины чиныгæн стыр тых ис, дæ бæрзонддзинад. Æртæ комбæсты хицау хъуыранæй ард куы бахæрой, уæд бахъуыды бон сæ адæмы чердæмфæнды дæр фæзилдзысты.

— Æмæ ма нæ кæд бахъæудзæн амæй стырдæр бахъуыды сæр?

— Уыцы фарстæн та дын дзуапп ратдзынæн, дæ фарста куы фæуай, уæд.

Хицау уыцы дзуапмæ йæхи фæкъуымых кодта æмæ иннæрдæм аздæхт.

— Æз фарста нæ кæнын, господин инæлар... Уымæй дæ æз куы нæ бафарстаин, уæддæр мын сæ дæхæдæг загътаис...

— Загътаин дын сæ, дæ бæрзонддзинад, цæугæ дæр уымæн æрбакодтон ардæм, фæлæ йæ æз зонын: цæмæйдæр ма мæ афæрсинаг дæ.

Лорис-Меликов фæджихау ис.

— Цæмæй?

— Кæд мын бар ратдзынæ, уæд æй дæ бæсты æз зæгъдзынæн!..

— Зæгъ!

— Цы агуырдта сих Хадзы Абди Эффенди Скъуыдкъохы, кæнæ цæуыл банцад уæ уынаффæ?

— Уый — мæ бæсты! Дæхи бæсты та?

— Мæхи бæсты та: Сих Абди никуы уыд Скъуыдкъохы, дæ бæрзонддзинад, æмæ никуы дæр уыдзæн. Куындыхаты Муссæ къæрныхтимæ уынаффæ йæ сæрмæ нæ хæссы, уыцы къæрныхтæ стыр Аллахы фæрцы фæстагмæ сихтæ куы суой, уæд дæр.

Æвиппайды йæ цæхгæр афарста:

— Уæдæ кæд афтæ у, уæд цæмæн быхсы цытджын кънйаз къæрных Абдийы хъæрахст?

— Куындыхаты Муссæ урс паддзахы инæлар у æмæ йæхицæн ныхъхъæргæнæн нæй. Уадз æмæ уый бæсты стыр Аллахы кадджын минæвар хъæр кæнæд.

— Кæдмæ змæнтдзысты облæсты цæрджыты уыцы абырджытæ?

— Ардыгæй Байрамы стырбонмæ. Цалынмæ пысылмонтæ æрæмбырд уой, уалынмæ.

— Стæй цы уыдзæн?

— Растад, дæ бæрзонддзинад! Иумæйаг растад.

— Æмæ йæ сæргъ чи лæууы уыцы иумæйаг растадæн?

— Куындыхаты Муссæ.

Лорис-Меликом бахудтис.

— Æгæр стыр тасы не ’ппары йæхи растады сæргълæууæг?

— Къаддæр тасы не ’ппæрста йæхи Цезарь, Рубиконы цæугæдоны сæрты ахизынмæ куы хъавыд, уæд! Махæн дæр Рубиконæй æнæахизгæ нæй, дæ бæрзонддзинад.

Лорис-Меликов æцæг балæгæрста йæ ролы:

— Йæ фæстиуæг цы уыдзæн Рубиконæн?

— Кавказ басæттыны фарстæн йе ’мбис сæххæст кæнын.

Ныр æрфæлмæн ис æмæ бæмбæгау фæлмæн хъæлæсæй фæрсы Муссæйы:

— Муссæ Алхазович!.. Гъенырмæ дæр уыдис нæ бон уыцы æнæхайыры раздзогты æрбахурх кæнын. Стæй сих Хадзы Абди Эффендийы гæдыйау голладжы ныппарын дæр уыдис нæ бон!.. Цæмæн ма хъазæм ацы уæззау драмæ?

Комкоммæ йæм скаст, цыма йæ кæсæнцæстыты мидæмæ бабырынмæ хъавыд.

— Махмæ иу æмбисонд ис, Михаил Тариелович, хъуамæ дын æй зæгъон.

— Цахæм æмбисонд?

— «Мæсыг хи дурæй сæтты».

— Æмæ кæм ис уыцы дур?

— Мæнæ дæ разы бады.

Лорис-Меликов хъæрæй ныххудтис:

— Æмæ мæ разы чи бады, уый иумæйаг растады сæргъы куы лæууы? — худгæйæ фæрсы уый.

— Уый рæстуырнæг пысылмонты дзырдæй. Æнæуый та, дæуæн куыд дзурын, афтæ. Чи зоны, зæгъай: Куындыхаты Муссæ дывæлдах хъазт кæны. Раст у, дывæлдах хъазт кæнын, фæлæ мæ цытджын паддзахыл гадзрахатæй никуы рацæудзынæн. Кавказ ахæм фидар мæсыг у, Михаил Тариелович, æмæ хи дурæй куы нæ басæтта, уæд ын басæттæн нæй.

Иучысыл æмырæй фæлæууыд, стæй сагъæсгъуызæй загъта хицау:

— Тæрсын, мыййаг, Байрамы стырбоны мæсыгимæ дур дæр куы ныцъцъист уа!

— Уадз æмæ ныццъист уа... Иу лæджы цæрæнбон цы давы уыйас хъуыддаг алыг кæныны фæстæ?..

— Нæ мын æнтысы! — йæхи бынтон смæтгæнæг кодта уый.

— Дæумæ хабар чи æрхæсса, ахæмтæй цух нæ дæ, дæ бæрзондзинад, фехъуыстаис уыдоны фæрцы: «Стыр Аллах фæдисы сидт раппæрста уæларвæй комкоммæ Скъуыдкъохмæ. Уырдыгæй та йæ фидиуджытæ раскъæф-баскъæф кæнынц фæйнæрдæм!» Кæсыс, Михаил Тариелович, ацы фидар мæсыджы хи дур сдæн. Кавказ æгæр къуындæг у æмæ йæ чысыл куы нæ ссæрибар кæнæм, уæд дзы æфсæддон хахх нæ сырæздзæн.

— Бафæлвæрдтой ма чидæртæ.

— Афтæ нæ, Михаил Тариелович: ацу æмæ фæстæмæ æрбаздæх Туркæй. Зонын æй: уæдæй нырмæ мæ кæмæй фарстай, уыдон дæм æрбахуын кодтой. Уый æппæт аххосæгтæ иу инæлары æрбахурх кæнынæн фаг кæй сты, уый дæр нæу гуырысхойаг, фæлæ йæ хатыдтæн: хабархæсджытæй ды уæлдæр лæууыс æмæ ахæрынæй анхъæлмæ кæсын фæхуыздæр кæндзынæ, — тымбыл къух уæлæмæ сдардта æртхъирæнгæнæгау: — Иу цæмæйдæр дæ нæ фæсайдтой хабархæсджытæ: иу хæдоны стæм ныр Раздзогимæ æмæ мæ иу фæсидтмæ ныххæррæтт кæндзысты ирæй, цæцæнæй, мæхъхъæлæй.

Лорис-Меликов йæхи нал баурæдта:

— Уæдæ ма цæмæ у де ’нхъæлмæкаст?

— Байрамы стырбонмæ. Уыцы бон нын хъуамæ æрхæсса иу фехстæй дыууæ мард тæрхъусы. Уыцы бон хъуамæ асæтта мæсыг хи дурæй.

Бардзырды хъæлæсæй дзуры Лорис Меликов:

— Бæлвырддæр! Мæсыг хи дурæй куыд сæттынмæ хъавыс?

— Айразмæйы сусæг уынаффæйы цæстæнгасæй цæуын æз, — дзырдта Муссæ.

— Æмæ дæ кæйонг кæны уыцы цæстæнгас?

— Турчы онг.

— Кæй онг? — цымыдисæй афарста хицау.

— Турчы онг, фæлæ Туркмæ фæлидзæм, зæгъгæ, уый расидæн дæр нæй афтæ æвиппайды... Уыцы фарстмæ дæр къæпхæнгай хъæуы хизын... Йæ фыццаг къæпхæн уыдзæн Байрамы стырбоны «растад».

Хицау æм хъуыста æви нæ, уымæ йæ хъус нал дардта Муссæ:

—... Иу къахдзæф ма баззайдзæн Рубиконы онг, æрмæст иу къахдзæф. Цæцæнæй, мæхъхъæлæй, ирæй æрæмбырд уыдзысты... «Растады» сæргълæууæг Муссæ-сердармæ ма уыдзæн се ’нхъæлмæкаст. Стæй сæ кæрдтæ фæцъортт ласдзысты æмæ, пехуымпар сæ разæй, афтæмæй æргæвддзысты джауырты... Нырмæ йæхи æмбæхстæй цы раздзог фæдардта, уый дæр æрбацæудзæн уалынмæ, æппæты разæй уый сæлвасдзæн йæ кард, — æрцæвыны сæраппонд нæ, — тыхджындæр знаджы раз æй аппарыны сæраппонд...

Суанг Лорис-Меликовы кæсæнцæстыты онг бахаста йæ цæсгом:

—... Акалдзысты сæ, æнæмæнг сæ акалдзысты, дæ бæрзонддзинад! Æнæхъуаджы нæ абырыдтæн Раздзог æмæ йæ хæлæрттимæ иу хæдоны. Мæ бацыды сахат дæм развæлгъау фæбæрæг кæндзынæн... Æгас Сунжæйы алфамбылæйттыл æрхъула кæндзыстут... Иумæйаг растады сæргълæууæг æз дæн, æууæндынц мыл уыцы сæмпæрчъи раздзогтæ... Иугæр æз куы аппарон мæ кард мæхицæй тыхджындæр знаджы раз, уæд ма уыдонæн дæр цы гæнæн уыдзæн...

Хицау алыгъуызон хъуыдыты адзæгъæл ис, Муссæйы ныхæстæ ма йæм скуыддзæгтæй хъуыстысты:

—... Иугæр «растад» фæсыкк ис, уæд нын ды хал аппарыны бар ратдзынæ. Кæнæ растады раздзогтæн ауындзæн, кæнæ та Туркмæ алидзын. Уцмиев æмæ Атажукинимæ хъуыранæй ард бахордтам. Стæй бахъуыды бон хъонагъыл гадзрахатæй рацæуын хæххон адæмы æгъдауы нæй... Раздзог Бæтæхъо, Малсæгты Тепса æмæ Дзæрæхохты Алхаст дæр нæ фездахдзысты сæ чъылдымтæ, сау боны сæм йæ къух чи фæдардта, уымæ.

Лорис-Меликов æвиппайды фæзылд, æмæ Муссæ фæсыкк ис.

— Сих цы ран лæууы шахмæтты фæйнæгыл, уый æххæст нæ фиппайын уæддæр!

— О, дæ бæрзонддзинад, сихæн йæ кад стыр у Иунæг Аллахы цагъарты æхсæн. Байрамы стырбоны джауыртыл хъаймæты бон кæй хъуамæ æркæна, уымæн йæ иунæг æвдисæн сих Абди у адæм æмæ Хуыцауы раз. Уымæн бафæдзæхста уæллаг: ацу æмæ растуырнæг адæмæн бамбарын кæн, Муссæ-Алхас мæ фæдзæхстæй кæй здахы йæ кард, знон ын йæ сæрыл хæрзиуджытæ митау цы джауыртæ пырх кодтой, уыдоны ныхмæ. Бирæ алæмæты хъуыддæгтæ фæкодтой стыр Аллах æмæ йæ пехуымпар Мæхæмæт, уыдонæй иу хъуамæ æрцæуа Байрамы стырбон æмæ йæ сфæлдисджытæ æххæст кæндзысты Муссæйы къухæй, — афтæ уырны пысылмонты. Уадз æмæ сæ уырна. Куы дын зæгъын, Михаил Тариелович, йæ кад стыр у сих Абдийæн, фæлæ «растады» асиныл Муссæ-сердарæй иу къæпхæн дæлдæр лæууы уæддæр. Уымæн æмæ, Аллах уæларвæй комкоммæ Скъуыдкъохмæ цы фæдисы сидт раппæрста, уымæн йе ’ххæстгæнæг Муссæ-Алхас у, сих та йе ’вдисæн у æмæ йæ хъæрахстæй Хуыцау æмæ лæджы бадзырды рæстдзинад уырнын кæны. Ацы хъазты сихæн йæхи нæ фæнды æмæ йæ зонгæ дæр нæ кæны, афтæмæй мæ дзых æмæ мæ хъæлæс фестад, господин инæлар-лейтенант.

— Хорз!.. фæлæ æз фехъуыстон, уыцы къæрныхы куы бафæнды, уæд хъуыраны адджын æмдзæвгæты стухы пысылмонты зонд æмæ цæстытæ!..

— Ныр ын нал бантысдзæн, дæ бæрзонддзинад, ныр нал акæндзæн уыцы зарæг. Пысылмон лæг искæмæй туг куы дара, уæд ын уыцы туг æнæбафидгæ нæй, Абдийау къæрныхы иукъахвæндагæй сихы гауызмæ куы бахиза, уæддæр.

Хадзы Абди кæддæр къæрныхы фæндагыл кæй хæтыд, уый бирæтæ нал хъуыды кодтой, æмæ йæ зонгæ дæр стæмты йеддæмæ ничи кодта. Уыцы стæмтæй уыдис Лорис-Меликов дæр, фæлæ Алханты Алханы фæмарды хабарæн ницы зыдта æмæ йын æй ныр Муссæ радзырдта цыбыртæй. Йæ фырт Махмуд сахъгуырд у, Байрамы стырбоны йæ туджджыныл фембæлдзæн, стыр Аллахы фæндонæй хатт сихтæ дæр фæвæййынц тугвиддоны амæттæгтæ.

— Нырмæ куыннæ фембæлгæ фæцис уыцы къæбыла йæ туджджыныл?

— Уый йæ къæрныхы фæндæгтыл агуры, дæ бæрзонддзинад. Уæд хæрз чысыл уыд æмæ, зноны къæрных абон йæ сæрыл Хадзыйы сарыхъ кæй дары, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Афтæ у, Михаил Тариелович, пехуымпары закъæттæ æрмæст Махмуд æмæ йæ фыды хуызæттæн сты фыст æмæ йæ амæлæты хъуыддæгтæй дæр уыдон фæкуырм вæййынц!

— Дзæрæхохты Алхаст, æнхъæлдæн, йæ хицон у. Уый та?..

— О, Алхаст дардмæ кæсы, дæ бæрзонддзинад, æмæ йæ зоны, къæрных æмæ сихы фæмард иу кæй не сты, уыцы сих искæмæй туг куы дара, уæд дæр. Зоны йæ зæронд бирæгъ: Махмуд иунæг лæппу у æмæ, мыййаг, исты, уæд сихы басудздзæн, æрмæст Алханы мыггаджы нæ, фæлæ æгас Урус-Мартаны азар. Алхаст нæ амыдта йæ хæрæфырты фыртæн йæ туджджыны, фæлæ йын æй æндæр амонæг фæцис... Къæрных йе зноны авантюрæйы амæттаг фæуыдзæн, уый ныфс дæ уæд, дæ бæрзонддзинад.

Муссæ кастис облæсты хицауы цæстытæм æмæ йæ хатыд: нæ йæ уырныдтой йæ ныхæстæ. Науæд та йæ уырныдтой, фæлæ æххæст нæ!

— Байрамы стырбоны фæстиуджытæн дзуапп дæтдзыстæм æрмæст æз æмæ ды, Муссæ Алхазович, — сагъæсгъуызæй дзуры уый.

— Ды та цæмæн, Михаил Тариелович... Æз дæн æгасæй дзуапдæттæг, æз! Иу куырдиат, господин инæлар-лейтенант!.. — Йæ хъæлæс фæфæлмæндæр ис, цыма йæ ауындзæнмæ кодтой æмæ йæ фæстаг фæдзæхст дзырдта: — Цы нæ æрцæуы... Уæд та, дæ загъдау, æцæгдæр мæсыгимæ дур дæр ныцъцъист ис, уæд!.. Уæд мæ лæппуты стырбоны размæ ардæм... Дзæуджыхъæумæ!..

Лорис-Меликов фестъæлфыд, æмæ йæ Муссæ фенкъардта: дызæрдыг ма цæуыл кодта хицау, уый уыцы ныхæстæй фæтары ис.

Бацыд, Тæгиан-æлдары уæхскыл йæ къух æрæвæрдта.

— Аллах æмæ пехуымпар де ’ххуысгæнæг! — дзуры уый.

— Оммен! — Муссæ фездæхт æмæ дзуапмæ нал банхъæлмæ каст, афтæмæй дуарæй ахызт.

Лорис-Меликов уайтагъд дзæнгæрæджы бос æрбалхъывта. Уысммæ йæ разы февзæрдысты штабы хистæр, къæнцылары хицау, Дзæуджыхъæуы æфсæддон гарнизоны командæгæнæг, ноджы æндæр афицертæ.

— Дзæуджыхъæуы гарнизон йæ бынатæй ма фезмæлæд, афтæмæй цæттæйæ лæууæд. Фидиуджытæ фервитут æфсæддон зылды хицæуттæм, фæдисы лæуд скæнæд Байрамы стырбонмæ. Инæлар Туманов бынæттон уавæртæ сбарæд, афтæмæй архайæд æмæ æдзух йæ хъусдарды бын уæд мæнæ уыцы фæрстытæ: йæ цæст дарæд Дзæрæхохты Алхастмæ, Малсæгты Тепсамæ, бынæттон цæрджытæм. Ныр къордгай нæ цæудзысты стырбонмæ, фæлæ чердæм цæуой пысылмонтæ, уый уындзæн æмæ сæ фæдыл цæуæд. Сунжæйы хъæуы ’рдæм æрбалвасæд цадæггай, æнæфæфиппайгæйæ æфсæддон хæйттæ. Афтæ булкъон Нурид æмæ майор Ипполитов дæр. Бынæттон цæрджытæ куы фæтыхсынц, уæд хохы ’рдæм фæдарынц сæ хъус. Хæхты ’рдæм алæууæн фæндæгтæ иууылдæр æхгæд æрцæуæд. Сæйраг цæстæнгасы здæхт — Дзæуджыхъæу æмæ Сунжæйы хъæуы ’рдæм. Скъуыдкъохы дæр ма ныууадзæд фæсфæд.

Иунæгæй та аззад йæ сагъæстимæ облæсты хицау.

Сайгæ йæ кæны Куындыхаты Муссæ? Æмæ цы рамбулдзæн уыцы фæсайдæй? Имам Шамилмæ къаддæр æхсар нæ уыд, фæлæ цалдæр азы фæстæ басаст. Раст дзырдта Муссæ: ай-гъайдæр, ныххæррæтт кæниккой туземæгтæ йæ иу фæсидтмæ, фæлæ йæ фæстиуæг цы уыдзæн уыцы размæлдæн?.. Нæ, ам ма цыдæр ис æмбæхст. Куындыхы-фырт, чи зоны, йæхи æнхъæлы ацы драмæйы къухдариуæггæнæг. Фæлæ нæ! Æз дæн йæ къухдариуæггæнæг, æз, инæлар-лейтенант Михаил Тариелы фырт Лорис-Меликов!

Фыссæнтæ æрбайста йæхирдæм, арф ныхъхъуыды кодта. Кавказы æфсæдты штабы хицау Карцовмæ фыста фыстæг æмæ уым дывæлдах ныхæстæ зæгъæн нæ уыд, нæдæр фæсномыгæй фыссæн. Цы ныффыстаид, уымæн йæхæдæг уыд дзуапдæттæг, æрмæст йæхæдæг.

Гæххæттыл дыууæ ныхасы фæзынд: «совершенно секретно». Бахахх сæ кодта дыууæ хатты.

Йæ бæрзонддзинад А. П. КАРЦОВМÆ. Хæрзиуæгджын хицау, Алыксандр Петрович!»

Ноджы та бахахх кодта уыцы ныхæстæ, фыссæн сис иу тæппыл асалд æмæ йæ Михаил Тариелович фæфиппайдта: рызтис, фыссæн сис цы къухы уыд, уый.

«Нæ, Рубинконæй æнæахизгæ нæй!» — ферттывта йæ сæры æмæ рог сæрфт акодта йæ къух:

«...Инæлар Куындыхаты Муссæ мын æдзух куыд уырнын кæны, афтæмæй ацы хъуыддаг (Туркмæ алидзыны хъуыддаг. Фыстон ма дæм уый тыххæй) сабырæй кæй фæуыдзæн, уый гуырысхойаг нал у...»

Йæ къух та асалд иу тæппыл. Фæливгæ ма кæнæд уыцы козбау ирон, фæлæ, чи зоны, рæдийы йæхæдæг дæр... Зæххон лæг у, пехуымпар нæу. Фæлæ нæ! Муссæйы хуызæттæ афтæ æнцонæй нæ рæдийынц!

«...Куындыхы-фырты фидар ныфсæвæрдыл гуырысхогæнæн æрмæст уæд уаид, — рогæй та алыгъд фыссæн сис гæххæттыл, — уый йæхæдæг туземæгты уагахастимæ зонгæ куы нæ уаид, кæнæ та æгас Скæсæн Кавказы растад саразын æмæ растады сæргъ йæхæдæг ныллæууыны сæраппонд мах фæливгæ куы кæнид, уæд, Фæлæ ацы фæстаг хъуыды æз нымайын, бынтондæр æрцæуæн кæмæн нæй, ахæмыл, уымæн æмæ ныртæккæ нæ къухы цы хотыхтæ ис, уыдон ныхмæ цыфæнды хæрзвадат уавæрты дæр дыууæ азæй фылдæр растады сæргъ фæлæууыныл хъуыды сонтдзинад уаид. Сонтдзинад та, дæхæдæг куыд зоныс, афтæмæй Куындыхы-фыртæн йæ цæстмæ бахæссæн нæй, æмæ уый цы цытуарзаг у, уымæй йæ, цыбыр рæстæджы растады раздзогæй Туркмæ алидзын хъуыддаджы сæргъ лæууын пайдадæр кæй уаид, ууыл зæрдæ дарын хъæуы...»

Йæ къух ыл бафыста æмæ рог сулæфыд, цыма йе уæхскæй стыр уаргъ аппæрста, уыйау.

«Нæ, Рубиконæй æнæахизгæ нæй!» — фæлхат кодта йæхимидæг хъæбæр гæххæттыл сасм тадзгæ-тадзын.

XXII. ТУДЖЫАМÆХСТ СТЫРБОН

Æрфæны скъæрынæй нæ бацауæрста, уæддæр куыд дзырд уыдысты, афтæ изæрмæ не ’рбахæццæ ис Скъуыдкъохмæ. Æрвгæрæттæ фæбæлонгъуыз сты, кæцæйдæр сау цъиуы уасын хъуыст. Стыр кулдуар айразмæйау гуыдырæй æхгæд нæ уыд. Комкоммæ кæртмæ бацыд уæлбæхæй. Йæ размæ фæсдзæуинтæй чидæр рауад, Муссæ Гамзатимæ æхсæвыцъæхæй кæдæмдæр фæцыд, дзуры сыбар-сыбурæй, цыма бинонтæн райхъалæй тарстис.

Йæ зæрдæ куыддæр ныссæххæтт ласта, æвиппайды фæзылдта Æрфæны, Бруты ’рдæм фæцагайдта фæллад бæхы.

Ау, афтæ куы нæ уыдысты дзырдгонд. Скъуыдкъохы дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, зæгъгæ, йын куы дзырдта йæ мадыфсымæр. Фæлæ хæраймаг нæу! Уый йæм изæрмæ æнхъæлмæ каст, ныр та мæнæ сбон ис, æмæ уымæй Байрамы стырбон раздæр бахæццæ ис Скъуыдкъохмæ.

Хур бæндæны бæрц суад арвыл. Брутæй, æндæр хæттытау, нæ хъуыст фæрæты хъæр, нæлгоймаджы уынæр, æгæрыстæмæй куыйты рæйын дæр. Уынгтæ уыдысты цахæмдæр æнахуыр æмыр-æгуыппæг.

— Стырбоны хорзæх дæ уæд, мæ хъæбул! — уый йæм Æна дзырдта.

Йæ хъæлæс уыдис цахæмдæр æнтъыснæггонд, сагъæсæй йедзаг. Йæ къухтæ хъарм, фæлмæн. Никуы бафсæддзæн Темырболат уыцы армы узæлдæй.

«Стырбоны хорзæх дæ уæд!»

Уосмæнæй афарста йæ мады, бæхы рохтæ нырма дæр йæ къухты уыдысты, афтæмæй.

— Æмæ-гъа, мæ хур. Темырыхъоимæ кæдæмдæр фæцыдысты æхсæвыцъæхæй... Стырбонмæ, дам, цæуæм... Кусæрттаджы бæсты семæ гæрзтæ... Нæ зонын, чердыгон стырбон у...

— Æмæ ды та?.. Æмæ сылгоймæгтæ та?..

— Гъæй дæ бонæй уа!.. Мæн та чи ауагъта?.. Ды мын дзæбæх куы уаис, мæ хъæбул... Нырмæ цы арæзтай Скъуыдкъохы? — узæлы йыл Æна.

— Хæмæт хæдзары ис? Кæнæ Раздзогæй цы хъуысы, кæм ис?

— Чи ма баззад нæлгоймагæй хæдзары! Зарæ дæр йе ’фсымæримæ бæхыл фæцыд кæдæмдæр. Хъæуы сылгоймæгты йеддæмæ ничиуал баззад. Раздзогæй зæгъыс?.. Уый ныр иу къуыри уынгæ дæр ничиуал фæкодта.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: