II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 27 глава




— У-у-у-х, Хадзы Эффенди! — цымыдисы хъæр фæкодтой адæм.

Йæ тæрттæ Хуыцаумæ сдардта:

— О Аллах, дæу бафæндыд, цæмæй дæ иузæрдыг цагъар дæ дзыхæй дзура!

— Бафæндыд, Стыр Хуыцауы, бафæндыд! — нымбу ластой адæм.

— О рæстуырнæг пысылмонтæ! — фæбогъ ласта уый. — Хъусут лыстæггай æмæ цыдæриддæр фехъусат, уæ зæрдыл æй дарут, уымæн æмæ уый уыдзæн стыр Аллахы фæдзæхст. Йæ хорзæх уæ уæд, уастæн!

— Алла, Хадзы, алла! — хъуыст алырдыгæй.

— Сæнкъуыстой бындзарыл исламы бинаг цæджындз ацы цъаммар джауыртæ!

— О Хуыцау, дæ азар ныккал цъаммар джауырты сæрыл!

Йæ къух фæхъил кодта, адæм фæсыкк сты.

— О Стыр Хуыцау, дæхæдæг æвдисæн! Сау бон ныл ныккодта, фæлæ дæ иузæрдыг цагъартæ цъаммæртты раз æрзоныгуыл кæнынвæнд нæ кæнынц.

— Ал-лах, фехъуысæд дæм!

— Сæ комы тæфæй сцъаммар кодтой Стыр Аллах æмæ йæ пехуымпары арфæгонд зæхх. Нæ динæй нын хынджылæг кæнынмæ хъавынц джауыртæ! Салдаты кæндзысты исламы сахъгуырдты æмæ пиллон арты басудздзысты сыгъдæг чиныджы. О Хуыцау, ме ’взаг мын бахус кæн, кæд йæ зæгъынмæ арæхсын!.. Цыма æцæгдæр йе ’взаг ныххаудта, уыйау иудзæвгар æдзынæг алæууыд, стæй уыцы иу хъæр фæкодта: — О Аллах, дæу цы фæнды, уый дзурын дæ цагъартæн!.. Хуыйы сойæ байсæрдынмæ хъавынц пехуымпар Мæхæмæты сыгъдæг боцъотæ!

— Аллах, дæ цæхæртæ ныккал æнæдинты сæрыл!

Кæмдæрты кæрдтæ ферттывтой. Айхуызæн фыцгæ цæджджинаджы бын ма иу æхсидав куы фесхуыстаид, уæд йæ былтæй кæй акалдаид, уый фенкъардта Хадзы æмæ та йæ къухтæ æртхъирæнгæнæгау фæхъил кодта.

— Стыр Хуыцау æмæ йæ пехуымпар Мæхæмæт нын бафæдзæхстой: цæвут æнæдин джауырты, сæ къубæлттæ сын ракæнут, кæмдæриддæр сæ баййафат, уым! Сисут уæ кæрдтæ, тохы нæ разæй цæудзæн йæхæдæг урс бæхыл бадгæйæ.

— Кæм ис йæхæдæг!!! Цæмæннæ зыны нырмæ?..

Хадзы фæджихау ис уыцы фарстмæ. Уый сын пехуымпарæй дзырдта, уыдон та йæ кæмæй фæрсынц?

— О Аллах, цытæ хъусын!.. Ау, æмæ айæппæт тæригъæдджын адæмæн куыд равдиса йæхи! — Хуыцаумæ сиды Абди.

— Равдыста, равдыста!.. Зонæм æй, зонæм! — знæт денджызау, абухтой пехуымпары иузæрдыг цагъартæ.

Раздзог кæмдæр лæууыд адæмы æхсæн æмæ йæ æмбæрста: Хадзы пехуымпар Мæхæмæтæй дзырдта адæмæн, уыдон та йæ «Хуыцауы фæдисон Муссæ-Алхасæй» фарстой. Лæууыд, йæ зæрдæ æхцон хъыдзы кодта, Дзæрæхохты Алхаст ын кæй дзырдта, уый кæй нæ фæмæнг ис, уый тыххæй.

«Гъæйда, къуызыппа къæрных, кадджын лæг сдæ!» — хъуыды кодта Бæтæхъо, цæстæнгасæй Тепса æмæ Алхасты хъахъхъæнгæйæ.

Малсæгты Тепсайы цæстытæ цымыдис фестадысты, цыма æцæгдæр пехуымпарæн йæхи федта, уыйау. Дзæрæхохты Алхаст тарæрфыгæй лæууыд æмæ кастис æдзæмæй Хадзы Абдимæ нæ, фæлæ зæхмæ.

«Кæм ис Махмуд?.. Сæфдзæн лæппу, йæ туджджыны куы фена, уæд!.. Бындурзылд кæндзæн Алханы къона!» — сагъæс кодта йæхимидæг Алхаст.

Хадзыйы хъæрахст хъуыстис:

— Равдисдзæн йæхи, ай-гъайдæр, бахъуыды сахат!.. Хъаймæты сахат!

— Гъеныр у бахъуыды сахат! Абон у хъаймæты бон!.. Кæм ис нырмæ?..

Хадзы Абди стыхстис:

— О Аллах, радт мын хуыздæр зонд!.. Куы нæ йæ æмбарын, кæмæй зæгъут!..

Тепса æмæ Алхаст Раздзоджы тар цæсгоммæ бакастысты. Уый йæ хъæлæсыдзаг фæхъæр ласта:

— Раздзогты раздзогæй! Муссæ-Алхасæй!

— Кæм ис раздзогты раздзог?.. Ацæуæд нæ разæй! — абухтой адæм.

Цыма йæ къæхты бын зæхх ныфтыд, афтæ фæцис сих.

— О Аллах, цæмæн мын хъусын кæныс æбуалгъы ныхæстæ! — ныхъхъæрзыдта уый.

Уалынмæ ахæм хабар æрцыд, æмæ æгас адæм æрвдзæфау фесты.

Хадзыйы цы дыууæ мюриды хъахъхъæдта, уыдонæй сæ иу афæлдæхт æмæ æргæвст каркау йæ тыбыртæ бацагъта. Иннæйы дæр нырриуыгъдæуыд æмæ быруйыл сихы фарсмæ Алханты Махмуд февзæрд.

Адæм фергъуыйау сты, цы ацарæзтаиккой, кæнæ кæмæ байхъуыстаиккой, уый нал зыдтой.

Раздзогмæ нал фæкаст, афтæмæй быруйы ’рдæм йæхи байвæзта Дзæрæхохты Алхаст.

***

Махмуд фæфиппайдта, адæм афтæ цымыдисæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый, æмæ йыл дис бафтыд.

Адæргæй йæ уæнгтæ барызтысты, йæ цæф ын чи тыхта, уый дзы айрох ис.

«О Аллах, радт мын цыргъдæр зонд æмæ цæстытæ! Абди у, къæрных Абди, кæд ма исты зонын, уæд! Уæд Хадзы Эффенди нæ уыд. Абырæг Абди йæ хуыдтой адæм. О Аллах! — Ныртæккæ йæм ницыуал хъардта, ницыуал дæр уынгæ кодта Хадзы Абдийы йеддæмæ.

Цы зæгъдзысты адæм, цы зæгъдзæн Дзæрæхохты Алхаст? Зыдта йæ: уый дæр кæсы кæцæйдæр Хадзыйы тар цæсгоммæ. Кæмæн ис сихыл йæ къух фæхъил кæныны бар Хуыцауы йеддæмæ? Дурты бын æй нæ фæкæндзысты мæсты адæм!

«О Аллах, тугисыны сыгъдæг фæтк дæр де ’рымысгæ у! О, Аллах, æдзух дæуæн кувæг у Алханты Махмуд, фæлæ гъеныр ам йæ фыды туг куы нæ райса, уæд ыл къуыппæн зарæг скæндзысты æгас цæцæн! О Аллах, ныббар мын, кæд де скæнгæ фæтк æххæстгæнгæйæ исты фæрæдийон, уæд!»

Цæуы размæ, йæ риуæй гæрды адæмы, йæ цæсты раз æрбалæууыд рагон ныв...

...Уæд ма хæрз чысыл уыд Махмуд. Йæ фыд Алхан сахъгуырд уыд. Йæ хъæбатырдзинадыл дзурæг уыдысты æгас цæцæн-мæхъхъæл. Иу джауыры амарыны сæраппонд, зæгъ, иу зылды йеддæмæ не ’ркæндзæн йæ болат æхсаргард.

...Ирыстонæй йæ усы мадырвадæлтыл æрбацæйцыд Алхан йæ чысыл лæппу Махмудимæ. Йæ быны сынты базыры хуызæн саулохаг кафыд сахъ лæгæн. Йæ идоны къæбæлтæ дæндагæй æхсыдта, сæ къыбар-къыбур тар хъæды нæрыд. Хорз бæх уыд Хъара, йæ барæгау, уымæн дæр йæ ном æгас цæцæны ахъæр. Бирæ сахъгуырдты зæрдæ йæм бахъазыд, давынмæ дæр æм бирæ хъавыд, фæлæ нæ банымæг ис йæ хицауы ирд цæст нырма.

Махмуд чысыл уыд, кæм бауыдаид йæ бон Хъарайы хуызæн дымгæ-бæхы рохтыл хæцын. Чысыл мыдгъуыз кæсгон бæхыл бадтис лæппу, уый дæр-иу Хъарайы хынцмæ хатт тæссармæ асирдта.

«Кард æнæхъуаджы макуы сæлвас. Куы йæ сæлвасай, уæд та туджы хъуамæ сæвдыла», — дзырдта-иу сахъ Алхан.

Æцæгдæр æнæхъуаджы нæ асæрфтаид йе ’хсаргарды фистоныл йæ къух. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд, чи зоны, нæ рафтыдаид абырæг Абдийы къухæй.

Цыдысты æмырæй фыд æмæ фырт, тар хъæды æрмæст Хъарайы мыртт-мыртт хъуыст.

Дард кæцæйдæр къæрцц æрбайхъуыст. Алхан æй нæ равзæрста, ехсы къæрцц уыд æви дамбацайы æхст.

Цыдис сахъ лæг æмырæй, йæ сау рихитæ здухгæ.

Хъара йæ фæстæгтыл алæууыд, знæт мыр-мыр ныккодта, цыма йæ хицаумæ фæдисмæ сидтис.

«Гъæй, тæппуд, хуымæтæджы къæрццæй дæр тæрсгæ кæныс!»

Алхан Хъарайы хъазхъуыр æрбаздыхта, Махмудмæ зулдзастæй бакаст, ома тæрсгæ ма кæн, Алханты мыггагыл тæрсын нæ фидауы.

Хæрз æввахсæй дамбацайы гæрах фæцыд, гæрахы уæлвæд та бæхты цæфхæдты тъыбар-тъыбур æмæ къæрцц хъæр:

«Гъей, Алханты сахъ Алхан, æрхиз дæ бæхæй! Уымæн æндæр барæг хъæуы, дæ хуызæн сыстбæрзæйтæн æвгъау у!»

Хъуынджынхуд къуызыппа лæг йæ чысыл бæхы хæрз æввахс æрбаскъæрдта, Алханы риумæ дамбаца ныддардта. Алхан Хъарайы чысыл сæр йæ риуыл сныхæста.

Махмуд уæйлаг нымæты бын дамбаца сгары. Адæргæй йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, фæлæ йæ фыд ницыма загъта, æмæ уымæн чи радта хистæры разæй дзырды бар?

«Уæллæгъи, кæимæ дзурыс, уый нæ зоныс, æвæццæгæн, къæрных!..»

Йæ ныхас баххæст кæныны бон нал фæцис Алханы, уайтагъд дамбацайы гæрах фæцыд æмæ сахъ лæг йæ риумæ фæлæбурдта. Рахиз къухæй ма дамбацамæ авнæлдта, фæлæ Хъара мырмыргæнгæ йæ фæстæгтыл слæууыд, æмæ æгас Цæцæны номхæссæн барæг йæ бæхæй фæцудыдта.

«Гъу-у-у-у-х, джауыр!.. Сайдæй... хæрамæй!» — ныхъхъæрзыдта æмæ Хъарайы фарсыл æрзæбул.

Уайтагъд Махмуды дамбацайы гæрах дæр фæцыд, дзигло йæ цонгмæ фæлæбурдта. Схъомпал сты, лæппу хъандзалау фесхъиудта, Хъарайы чъылдымыл февзæрд. Йæ фыды дамбацамæ фæлæбурдта, йе уæхсчы сæрты иу æхст фæкодта, фæстейæ йæ чи сырдта, уыдоны.

«Хорз æхсыс, лæппу!.. Фæлæ ма... чысыл фалдæр куы... фæ-уы-да-ид дæ нæмыг!.. — скъуыддзæгтæй ма дзырдта Алхан. Ныр скъæр!.. Хъарайы нырма ничи... раййæфта!..»

Хъара дыууæ барæджы скъæфта. Сæ иу æрдæгмард бæгъатыр, иннæ та чысыл лæппу. Уæддæр адард ис дамбацайы фехсты дæрддзæгмæ, æмæ ма Махмудмæ Абдийы хъæрахст гæзæмæ хъуыст.

«Ссар уыцы къуызыппайы!.. Уый бирæ фыдмитæ фæкодта!..» — йæ ныхас йæ былтыл асалд Алханæн, Хъарайы фарсыл ауыгъдæй йæ уд систа.

...Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рауад, фæлæ Махмудæй нæ айрох сты йæ мад Хазуйы цъæхахст æмæ судзгæ цæссыг.

Æртхутæгау фæхоста йæ зæрдæйы маст, фæцагуырдта абырæг Абдийы, фæлæ йæ цыма зæхх аныхъуырдта. Хуыснæг сихы ном æмæ хадзыйы кадджын сарыхъы бын бамбæхстаид, уый æнхъæл та кæм уыд!

О Аллах, æрмæст дæуæн у дæ бон ахæм алæмæты хъуыддæгтæ кæнын, уæддæр дæуæн лæгъстæ кæны Махмуд!

Хадзы Эффендийы кой, ай-гъайдæр, хъуыста, фæлæ уый æнхъæл та кæм уыд æмæ Иунæг Хуыцау къæрных Абдийы сих Хадзы Абди Эффенди фестын кодтаид!

Хъуыдыйы рæстæг нал уыд. Хæрз æввахс бахæццæ Сихмæ.

Ацы мюридтæ йæ джиздарынц... Стæй йæ сусæгæй куы амара, уæд уый цы лæджы ми у.

Нæ йæ фæндыд, фæлæ æндæр гæнæн нал уыд. Мюриды кардæй æрсæрфта, дыккаджы дæр асхуыста, цæстныкъуылдмæ быруйыл февзæрд. Сихы ныкъкъуырдта æмæ йæм уæлейæ дæлæмæ дзуры:

— Гъе-гъей, къæрных Абди! Мæ фыды туг уал мын бафид, стæй сид пысылмонтæм газаватмæ.

Сихы дамбацайы гæрах фæцыд, Махмудæн йæ бухайраг йæ сæрæй атахт.

— Куыдзы фырт, дæ фыды фæдыл дæ барвитдзынæн! — лæмары уый фырмæстæй.

— Фæкъуыхцы дæ, къæрных, бафснай дæ дамбаца! — адæммæ фæзылд: — нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!.. Адæм, о адæм, æз мæ фыд Алханы туг агурын!.. Мæнæ уыцы къæрныхы къухæй чи рафтыд, уый туг!..

Абдийы ’рдæм йæхи ауагъта.

Адæм сæхиуыл фæйнæрдæм ахæцыдысты, тугпырхы зылд ацарæзтой.

Иннæ мюриды дамбацайы гæрах дæр фæцыд, Махмуд зæххыл акъуыбылой ис, фæлæ та гæдыйау йæ къахыл алæууыд. Абди гæппæввонг ссис, цухъхъайы дысæй ма гæзæмæ зынд чысыл хъамайы бырынкъ.

— Куыдзы фырт!.. Пехуымпарæн а бæстыл не сбæззыдтæ хæстонæн!.. Уым дæ уæддæр спайда кæндзæн! — дыгъал-дыгъул кæны æмæ Махмуды алыварс зилы.

— Батайæд-иу дын Алханы туг! — дамбацатæ ныннæмыны рæстæг нал уыд, цыргъæгтæй басырдтой кæрæдзи.

Æрдæбон цы мюриды асхуыста, уый æрбаскъæрдта йæхи, кардæй Алханы хъусы бырынкъ æрцамадта.

— Куыдзы фырт! Джауырты æмдзæхдон!

Хадзы Эффенди йæ хъама уыдта æмæ уæрæх уæлæфтауæны бынæй кард сæлвæста. Цæцæйнаг йæ цыппæртыл фæхæбæцц ис æмæ цыргъаг йæ сæрты атахт.

— Фæкъуыхцы та дæ, къæрных! — хъама галиу къухмæ æрбайста, кард сæлвæста уый дæр, æрдæбон йæ къухæй чи ахаудта æмæ йæм Зарæ кæй æрбахаста, уый. — Фод афтæ! Сархайæд та кæрдæны кард!..

Хъама йæ сæрмæ хидæвæрд акодта, кардæй йе знæгты басырдта.

— Гъæй, шайтан! — абухтой ныхмæлæуджытæ.

Æрхъула кодтой иунæг тохгæнæгыл, фæлæ иуырдæм асæррæтт ласта уый, хъама æмæ кардæй йе знæгты йæ разæй айста.

— Зон, къæрных, сасмæй арæзт не сты Алхантæ!

— Джауырты æмдзæхдон! Куыдзы фырт! — йæ сæт калдта Хадзы.

— Нæ арæхсыс хъама йæ раны ныссадзынмæ, къæрных!.. Кæс-ма! — Карды цæгатæй Хадзыйы уæхск фæцæф ласта, галиу къухæй хъама ауылдта мюриды ’рдæм. Æвзист бæрцыты рæнхъ кæм фæуд кодта, уым ныссагъд цыргъаг, мюрид ныццух-мух ласта. — Гъеныр фенæм, къæрных, кæддæра чи кæмæй у!

— Смаггæнаг куыдзы фырт!

Цыма тарф фынæйæ райхъал сты адæм.

— Фæдис, фæдис! Хадзыйы марынц! Хуыцауы минæвары марынц! — фæкъæртт ис чидæр хъæр кæнынмæ.

Махмуды зæрдæйы кардау ныссагъд уыцы хъæр.

— Мардзæн Хадзыйы ацы кæйдæр къæбыла!

Кæйдæрты къухты кæрдтæ ферттывтой æмæ сæхи æрбайвæзтой цæцæйнаджы ’рдæм.

— Уыцы Хадзы кæддæр хуыснæджы фæндæгтыл кæй рабыр-бабыр кодта, уый уæ айрох ис, æвæццæгæн!.. Æви йæ нæ зонут!.. — Йæ къухтæ йæ былтыл лулæйау сæвæрдта, афтæмæй хъæрахст кодта чидæр.

— Æбуалгъы ми, Хуыцауы минæвары кардæй марынц! — йæ хъæрахстæй не ’нцад фыццаг.

Æрхъула нарæгæй-нарæгдæр кодта æмæ дзы азмæлæн нал уыд.

— Гъæтт, куыдзы къæбыла!

Сæ кæрдтæ фæцъортт ластой Хадзыйы ном хъахъхъæнджытæ, чысыл ма бахъæуа, лыстæг къуыхтæ скæной Махмуды, фæлæ Дзæрæхохты Алхаст февзæрд кæцæйдæр, йæ иу къухы æхсаргард, иннæйы та æртæ æрмæрины дæргъæн хъама, афтæмæй.

— Бафснайут уæ кæрдтæ, туджджынтæ сæхæдæг фидаудзысты!

Мæцъисау ныззылдта æхсаргард, хъаугъагæнджыты йæ разæй ассыдта, Махмуд æмæ Хадзыйы йæ фæсчъылдым фæуагъта.

— Сомы уын кæнын пехуымпары боцъотæй, исчи уæ иу къахдзæф дæр куы ракæна размæ, уæд ыл йæ хур аныгуылдзæн! — бартхъирæн сæм кодта.

Тепса æмæ Бæтæхъо æрбалæууыдысты Алхасты фарсмæ, сæ къухты даргъ мæцъистæ, афтæмæй сæ риутæй ныццауæзтой адæмы уылæн.

— Иу къахдзæф дæр размæ куыд ничи ракæна!.. Кæннод йæ зынг бахуысдзæн! — февзыста мæцъисæй Раздзог.

— Гъæтт, пысылмонтæ, тохы уысм нæма ныллæууыд æмæ туджджынты сæхи адыл ныууадзут! — ныхъхъæрахст кодта мæхъхъæлон Тепса.

Нæ сæм байхъуыста иу бæрзонд бæзæрхыг лæг, кардæлвæстæй йæхи раскъæрдта Махмуды ’рдæм:

— Хуыцауы минæвары мары... кæйдæр къæбыла!.. Уæ цæстæй ракæсут, гъе, пысылмонтæ!

Алхаст йæ размæ фæцис, мæцъисæй йын йæ риу фæцæф ласта æмæ фæстæмæ ныццух-мух ласта.

— Дæхи уал бауром, Чæхки!

Уалынмæ Махмуд йæ туджджыны басырдта, фæлæ Хадзы йæхи фæтылиф кодта, пырх къухтæ кæрæдзийыл фæйнæджытау æрцагъта.

Æмдзæгъды хъæрмæ кæцæйдæр Хъадзыйы фæсдзæуинтæ фæзындысты, дамбацатæ фелвæстой, сæ кæрдтæ фæцъортт ластой. Гæрах бацайдагъ ис. Уыдон бирæйæ уыдысты, Махмуд та иунæгæй зылд се ’хсæн, цъилау. Кæрæдзийыл куы ныххуырстаиккой нæмыг, уымæй тарстысты, æвæццæгæн, мюридтæ. Дамбацатæ иуварс аззадысты куыддæр, кæрдтæ ма æрттывтой хурмæ. Фæсдзæуинтæй чидæр Хадзыйы къухы дамбаца фæсагъта, уый йæ мидбылты худгæ иуварс алæууыд æмæ, стыр фендагмæ кæсæгау, кастис иунæджы тохмæ.

— Уæллæгъи, зынаргъ уын слæудзæн Алханты туг! — абухта Махмуд.

Æндоны зæлланг, дамбацайы гæрах, мæсты лæджы дæндæгты хъыррыст æмæ хъæрзын схæццæ сты.

Раздзог адæмы урæдта æмæ йе ’мбæлттимæ Махмуды марынæй хъахъхъæдта, фæлæ йæ хъуыдытæ уыдысты æндæр кæмдæр.

Муссæимæ афтæ уыд сæ бадзырд: æмбисбонмæ пысылмонтæ сæ хæс фыстаиккой, стæй уалынмæ Муссæ йæхæдæг фæзындаид æмæ хæцæнгарз йæ куыст кæнын райдыдтаид.

Ныр æй фиппайдта: æмгъуыдæй раздæр фелвæстой пысылмонтæ сæ кæрдтæ æмæ Раздзог цы хъуыддагыл сагъæс кодта, уый сæраппонд нæ, фæлæ къæрных Абдийы цæрæнбонтæ хъахъхъæнынæн...

«Кæм ис гъенырмæ Муссæ!.. Йе ’рбацыдмæ бындзагъд кæндзысты кæрæдзи! Йæ сæры магъз ын æвдæрзта уыцы хъуыды.

— Фæстæдæрмæ фæцауæрдут уæ хъарутыл! Акалут уæ кæрдтæ!

— Æрхъæцмæ фæхъæцут, тохы æмгъуыд нæма ныллæууыд!

Чи ма сæм хъуыста!

— Сызмæстой бæстæ Махмуд æмæ къæрных Абди! — тыххæй ма хъуысы Алхастмæ Раздзоджы ныхас.

— Уалынмæ кæд йæхæдæг дæр зынид!.. Фидар фæлæууын хъæуы уæдмæ! — дзуры йæм цæцæйнаг.

Сих фиппайдта, йе знаджы йын цы адæмы уылæн ныссæндынмæ хъавыд, уый Раздзог æмæ йе ’мбæлттæ кæй урæдтой. Дамбаца систа, Бæтæхъомæ йæ ныддардта, фæлæ йын чидæр йæ цонг карды цæгатæй æрцавта æмæ йын фехсын нал бантыст.

Æвиппайды фæзылд Хуыцауы минæвар æмæ йæ цæстытæ фырдисæй ауæрæх сты.

Йæ цæсты раз æнæзонгæ лæппу лæууыд, æмæ уый уыдис Мамсыраты Темырболат.

***

Джихæй каст Темырболат лæгæй-лæгмæ тохмæ. Йæ маст рафыхт, Хадзыйы иуварс лæугæ æмæ йæ мидбылтыхудгæ куы федта, уæд.

«Иуварс лæугæйæ дын нæу, куыдз!»

Цы аразынмæ хъавыд, уый нæма зыдта, афтæмæй хъаугъагæнджытæм ивæзта йæхи.

Махмуд-иу мæлæты тæлыйæ куы ныцъцъелф ласта æмæ та-иу йе знæгты куы басырдта, уæд та-иу ын Хæмæт йæ дыс раивæзта:

— Бакæс-ма!..

Ай-гъайдæр каст Темырболат.

— Мардзысты йæ! — еусар кодта Зарæ.

Муссæ æрбалæууыд ныртæккæ йæ зæрдыл, — Хадзы Абдийы сæрыл сæ ныхас: «нæ разæй куы фæуа уыцы къæрных, уæд æрцæудзæн туджы зæйтæ!» Кæм ис гъенырмæ?.. Адæм уымæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ Хадзы Абди æмæ Махмуд сызмæстой бæстæ. Хъуымыхъхъæй скъæргæйæ куыд нывæста йæхимидæг, афтæ нал цыдис хъуыддаг. Раздзог æмæ йæ хæлæрттæ æрттæдæлармæй нæ бадтысты, фæлæ æнæхъæн æфсады ныхмæ цы бауыдаиккой... Зоны йæ Темырболат: æртæ сæргълæууæджы аргъуц уромы мæсты адæмы, уыййеддæмæ афонмæ Хуыцауы минæвары тыххæй Махмуды лыстæг къуыхтæ скодтаиккой.

«Дæ зæрдыл дар: кæд растад уа, уæд йæ сæргъ хъуамæ къæрных Абди ма лæууа, фæлæ мах!»

Уый дæр ын Муссæ куы дзырдта, уæд нырмæ кæм ис?.. Кæм быцæу кодтой Хадзы æмæ Муссæ кæрæдзимæ, кæм фæуыдаид сæ иу се ’ннæйы разæй!

Æргом ничи дзырдта ууыл, фæлæ йæ зыдтой: цалынмæ Муссæ æрбацыдаид, уалынмæ мачи хъуамæ сæлвæстаид йæ кард, фæлæ цæмæндæр сæмтъеры сты æмæ Бæтæхъоитæ сæ бауромынæн ницыуал фæразынц.

«Нæ разæй кæндзæн къæрных!» — хъуыды кодта уый, фæлæ куыд фæуыдаид сæ разæй, уый нæ хатыд.

Хæмæт та йын раивæзта йæ дыс:

— Бакæс-ма, Темырболат!

Махмуд абухта:

— Мæн сымахимæ ницы дзырддаг ис, æдзæсгом куыйтæ! — Мюридты иуырдæм ассывта, йæхи Хадзымæ байвæзта.

Æндонау фидар æмæ сæгуытау цæрдæг уыд лæппу, фæлæ йыл цалдæрæй æртымбыл сты, æмæ фæллайын райдыдта.

Темырболат фиппайдта: иу чысыл рæстæг ма, æмæ цæцæйнагæн нал баххуыс кæндзысты, нал дæр йæ хъæбатырдзинад, нал дæр дыууæ кардæй архайын.

Раздзог мæцъис ныззылдта, Дзæрæхохты Алхаст карды тъæпæнæй дзæхст ласта хъаугъагæнджыты чъылдымтæ, Малсæгты Тепса сылгоймæгты æд сабитæ ассывта йæ разæй.

— Ам лæугæйæ уын нал у! Цæугæут хæдзармæ, афтæ бафæндыд Аллахы!

Урус-Мартаны йæ разы бабадт Темырболатæн Махмуд æмæ йæ марынмæ хъавыд. Ныр та æрдæбон дæр фæныхæй-ныхмæ ис йемæ, фæлæ цæмæндæр йæ зæрдæ уæддæр хъармæй лæууыд уыцы хъæбатыр цæцæйнаг лæппумæ. Афтæ куы нæ уыдаид, уæддæр тохы искæй фарс хъуамæ фæхæца лæг æмæ, Муссæ йæ дæндæгтæ цы къæрных Абдимæ цыргъ кодта, уый æвварс куыд фæхæцыдаид!

«Ныннымæг хъæуы ацы хæст Муссæйы æрбацыдмæ æнæмæнг... Ацы къæбæда Махмуд дæр сайы, фæлæ къæрныхы æвварс куыд фæуон!» — Йæхи байвæзта, уæдмæ Хæмæт йæ разæй фæцæйкодта. Темырболат ын йæ цонг ацахста.

— Фæлæуу!.. Зарæйы акæн ды! — дзуры йын уый.

Абдийы уæлхъус февзæрд.

— Къæрных куыдз! — ныдздзырдта сихы хъусы.

Кæлмдзæфау фестъæлфыд уый.

— Куыд бахастай дæ ныфс Хуыцауы минæвармæ, цъаммар джауыр! — йæ комы фынк акалд Хадзыйæн.

Темырболат æй ныкъкъуырдта æмæ сих Махмуды ’рдæм ацухмух ласта.

— Искæй хылмæ кæсын хорз зоныс, Хуыцауы минæвар. Бафæлвар ма дæхæдæг! — Йæ фæсонтæ йын карды тъæпæнæй ныцъцъыкк ласта.

— У-у-у-х, куыдзы фырт! — фырмæстæй йæхи ныкъкъæдз ласта фæндыры хæрæгау.

— Карды ком дын ма аирвæзæд, лæппу! — фæдзæхсы йæ Бæтæхъо.

Ныззылд Темырболат. Кæуылдæр йæхи ныххуырста, кæмæндæр йæ фарсæй йæ дамбаца стыдта, кæйдæр къух карды тъæпæнæй фæцæф ласта æмæ цыргъаг, зæлланггæнгæ асхъиудта. Стæй та ноджы, ноджы.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: