II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 28 глава




— Лæппу, æрра сдæ?

Уый йæ фыд Уосмæн уыд. Уымæн дæр йæ къухы мæцъис æмæ, Махмудмæ йæхи чи ивæзта, уыдоны урæдта.

«Цæмæн байрæджы кодта нырмæ Муссæ!»

Стырбон афтæ кæй ма хъуамæ райдыдтаид, уый æнкъардта Темырболат. Афтæ йæ нæ нывæста Муссæ. Афтæ нæ фæнд кодта Раздзог. Уый сæраппонд нæ рацыдысты ардæм Уосмæн æмæ Темырыхъо, уый сæраппонд не скъæрдта йæхæдæг Æрфæны Хъуымыхъхъæй Цæцæнмæ. Цæцæнæй Мæхъхъæлмæ.

Тырысатау æрттывтой карды цъуппытыл урс кæлмæрзæнтæ, мардыл кæуæгау хъуыст фæйнæрдыгæй сылгоймаджы цъæхахст, фæлæ нал карста дины тых, æдых разынд ацы хатт фыдæлты фарн дæр.

Махмуды мидбылтыхудт фæфиппайдта Темырболат, йæхæдæг дæр бахудт цæцæйнаг лæппумæ:

— Къæрных Абди дæу, йæ фæсдзæуинтæ мæн æмæ æгъгъæд фæуæд тугпырхæн! — дзуры йæм цæцæйнагау.

— Мæн мæ туджджыны йеддæмæ нæдæр йæ фæсдзæуинтæм ис хъуыддаг æмæ нæдæр... дæумæ!

— Алла! Алла! — абухта адæмы денджыз, фæлæ æвирхъауы хабарæй сæ сæртæ разылдысты æмæ, кæй фарс фæхæцыдаиккой, уый нал зыдтой.

Темырболаты цæфæй Хадзыйæн йæ кард ахаудта æмæ цыргъаджы ’рдæм йæхи байвæзта, уый йыл фæхъæр ласта:

— Уыцырдæм нæ, куыдзы фырт!

Хадзыйы кард йæхæдæг фелвæста, мюридты æхсæнты алиуырдта нæмыгау æмæ Махмудмæ фæсидтис:

— Цæв ацы куыйты уисойы къуыдырæй!

— У-у-у, сайтан, хынджылæг скъæрын дын кæд нал бантысид!

Дыууæйæ фæхастой сæ кæрдтæ. Кæнæ сæ иу хъуамæ ныффастаид Темырболаты сæр, кæнæ се ’ннæ. Цæцæйнаг фæфиппайдта ироны тæссаг уавæр æмæ, æрдæбон йæ туг нуазынмæ кæмæн хъавыд, уый йын ныр йæ зæрдæ батавта.

— О Аллах!.. Уый та цæмæн хъуамæ фесæфа Алханты сæрыл!..

Иу уысм, иу цæстныкъуылд, æндæр нæ! Бынты йæхи аскъæрдта Темырболат, хæрз æнгом сæм бацыд æмæ карды ком афтид уæлдæф «æркарста». Сæ иуæн йæ мукъутæ тымбыл къухæй фæцæф ласта, иннæмæн йæ цонджы хъулыл карды тъæпæн æруагъта.

— Гъæй, сайтан, гъæй, сайтан!

Махмуды дæндæгтæ та ферттывтой.

— Гъе-гъей, Абди-къæрных, дæхи хъахъхъæн! Дæ сæры къуыдыр дын кувæндоны цъуппыл æрцауындздзæн а лæппу! — хъæр кæны уый.

Хицæнæй аззад Хадзы, йæ къухты хæцæнгарз нал уыд. Махмуд йæ хъама фелвæста æмæ йæм æй баппæрста.

— Хæц ыл, куыдз, æмæ афтæ ма зæгъ, афтид къухæй мæ æрæййæфта!

Сих хъама ацахста æмæ йæхи баскъæрдта Махмудмæ, фæлæ йæм уый æхсаргарды бырынкъ фæдардта æмæ цыргъаг суанг йæ фистоны онг афардæг Хъадзыйы гуыбыны.

— Фæдис! Фæдис!

— Хуыцауы минæвары амардтой!

— Хадзы Абди фæмардис кæйдæр къæбæдайы къухæй!

— Цæвут æй! Ныммарут æй дурты бын!

— Нывондау æй ныргæвдæм Хадзыйы риуыл!

Сæхи раскъæрдтой пехуымпары иузæрдыг цагъартæ, сагъдау лæууæг цæцæйнаг лæппуйы сыхырнайау хъуамæ ныххуынчъытæ кодтаиккой, фæлæ æрвнæрдау айхъуыст æртæ раздзоджы хъæр:

— Æрбацæуы!.. Муссæ-Алхас æрбацæуы!

Миты къуыбарау, фæтымбыл сты адæм, кæрæдзи балхъывтой æмæ кард атилæн нал уыд.

— Муссæ-Алхас æрбацæуы!.. Уæ кæрдтæ ныссадзын уæ нал бахъæудзæн! — Муссæйы ’рдæм амонгæйæ хъæр кодта Раздзог.

Адæмæй сихы мард цыма рох фæцис, Раздзог сын кæдæм амыдта, уыцырдæм ныггуылф ластой.

«Табу Хуыцауæн, Махмуд фервæзт!» — æхцонæй сулæфыд Темырболат. Адæм æй хæрдмæ систой, ауындзæгæй аззад, йæ къæхтæ зæххыл нал цыдысты, кæй зæрдыл ма лæууыд туджджынты хъаугъа.

— Æрбацæуы, йæхæдæг æрбацæуы Муссæ-Алхас!

— Ныр хъуамæ ныллæууа хъаймæты бон!

— Ныр æрбахаста Муссæ-Алхас йемæ Тохы бон!

— Бирæ цæрæд нæртон лæг! — хъæр кодтой иронау.

— Алла, алла, Муссæ-Алхас! — нæрыд цæцæйнагау.

— Дик-хил! Дик-хи-и-и-л, Муссæ-сердар! — абухтой мæхъхъæлонау.

Бирæйæ нæ уыдысты: Муссæ æмæ Гамзат, Чысыл Цæцæны наиб Османаты Садуллæ æмæ йæ дыууæ фæсдзæуины.

Тугвиддæны амæттæгтыл схæцыд Муссæйы цæст. Абдийы дæргъæй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ барухс.

— Чи бахаста йæ ныфс ме ’рбацыдмæ кард сæлвасынмæ? — фæхъæр ласта уый.

— Дик-хил, Муссæ-сердар, Хуыцау æмæ дæ фæдзæхстыл гадзрахатæй ничи рацыд!.. Уыдон тугвиддæны амæттæгтæ сты!

— Нæ разæй ацу, Муссæ-сердар, нæ кæрдтæ æлвæст сты æмæ сæ кæрддзæмты нал ныссадздзыстæм!

Сыгъзæринæй фæлыст саргъыл къахæй слæууыд Муссæ:

— Сыгъдæг хъуыранæй ард бахордтам Аллах æмæ йæ пехуымпары раз! Чи басаста уыцы сомы? — Дзæккоры йас тымбыл къухыл уæлиау схæцыд.

— Сих Абди æмæ Алханты къæбæда Махмуд! — цалдæрæй иумæ ныхъхъæр кодтой.

— Цы фесты хъаугъагæнджытæ?

— Æбуалгъы ми, Муссæ-сердар!.. Кæйдæр къæбæдайы къухæй æнусмæ йæ фыды бæстæм бацыд Хуыцауы минæвар!.. Æбуалгъ ми!..

Муссæ, цыма æцæгдæр нырма ныр фæфиппайдта сихы мард:

— О Хуыцау, цы уынынц мæ цæстытæ!.. — сонтау фæбогъ ласта: — Кæм фæтары ис фыдгæнæг!..

Уайтагъд йæ агурыныл фесты, фæлæ йæ цыма зæхх аныхъуырдта.

— Чи бахаста йæ ныфс кувæндоны бын йæ кард сæлвасынмæ? — хынцфарст кодта Муссæ.

Иучысыл фегуыппæг сты адæм, стæй та фæбогъ ластой:

— Фыдызнаджы Хуыцауы азар баййафдзæн!.. Махæн та æрæджы кæны! Ацу нæ разæй, цалынмæ ма хур уæлиау ис, уалынмæ.

— Алла, Муссæ! Алла, наиб Саад-Уллахъ!.. Ацæут нæ разæй!..

Кафыдис сыгъзæринæй фæлыст бæх къуындæг зылды. Темырболатмæ ма гæзæмæ хъуыстысты йæ мадыфсымæры ныхæстæ:

— Не ’взæгтæ нын нæ комæй стонынмæ хъавынц!.. Нæ динæй нын хынджылæг скъæрынц, уыдон та гъенырмæ æрхастой сæ тугисын!..

— Хуыцауы азар ныккæлæд, дæ амынд фæндагыл чи нæ цæуы, уый сæрыл! — æрттывтой æлвæст кæрдтæ хурмæ.

— Фосыл бирæгъ куы ныццæвы йæхи, уæд ма уыдон фæтымбыл зонынц!.. Адон та хъаймæты бон Хуыцауы минæвармæ райстой сæ къух!.. О Стыр Хуыцау, ныббар сын!..

— О Стыр Хуыцау!..

— Хъуамæ ныцъцъæл уа стыр Аллахы фæрцы тыхгæнæг!.. Æрæджы кæнын нал хъæуы, о пысылмонтæ!..

— Æрæджы кæнын нал хъæуы, о пысылмонтæ!

— Ардыгæй райдайдзыстæм тыхгæнæджы дæрæн кæнын!.. Ахсджиаг хæсты хайад нæ райсдзæн, Хуыцау æмæ мæ сомы чи басаста, уый!..

— Хъоды йыл бакæндзыстæм, куыйтæн æй бахæрын кæндзыстæм, ныр та цæугæйæ у, о Муссæ-сердар! — хъæр кæны Малсæгты Тепса.

— Ардыгæй Дзæуджыхъæумæ уынæр хъуысы. Уыцы уынæрæй мах хъуамæ фæразæй уæм!

— Фæразæй уæм, фæразæй!

— Æниу æнафоны сызмæстат быламыхъ, æмæ уæ кæрдты дзæхст, чи зоны, хъуысгæ дæр ныккодта уырдæм!

— Уынæрæй фæразæй уыдзыстæм, ацу нæ разæй, Муссæ-сердар!..

— Сылгоймæгтæ æмæ сабитæ кувæндоны дæлбазыр баззайæд, нæхæдæг æлвæстæй ахæссæм нæ кæрдтæ!

— Уынæрæй цырддæр! Дымгæйæ цырддæр!

— Ардыгæй хъуамæ райдайа хъаймæты бон дзир-дзур кæнын!.. Дамбацайы гæрах, фынккалгæ бæхы знæт мыр-мыр æмæ фæдисоны сонт хъæрмæ фескъуыд Муссæйы ныхас:

— Хъазахъхъ!.. Хъазахъхъ æрбацæуынц!

Саргъыл йæхи æруагъта Муссæ, æхсаргарды фистон ацахста.

— Цытæ лæхурыс?

— Хъæугæронмæ æрбахæццæ сты, сармадзаны дзыхтæ ацырдæм сæрæзтой!

Раздзог рагæпп ласта размæ:

— Кæсын нал хъæуы, Муссæ!

Схæццæ сты, чи цы дзырдта, уый нал зыдта.

— Нæхи сыл ныххуырсæм!.. Дымгæйæ цырддæр, уынæрæй цырддæр!..

Дыккаг фæдисон дæр æрбаппæрста йæ бæхы:

— Тарскæйы æрбадтысты хъазахъхъ! — тыххæй ма сфæрæзта уый.

Муссæйæн йæ хуыз фæцыд. Ноджы та фæдисон:

— Хъазахъхъ — Аздыйы!..

— Хъазахъхъ — Цорыйы!..

Темырболаты уæнгтæ срызтысты, тæфсæгæй рынчынау.

— Хъазахъхъ — Базоркины!

— Хъазахъхъ сæхгæдтой хохмæ цæуæн фæндæгтæ.

Æвиппайды фестъæлфыд Муссæ:

— Ауæй нæ кодта чидæр! Æрæджы кæнын нал хъæуы!

Сæ бæхтыл абадтысты Раздзог, Дзæрæхохты Алхаст, Малсæгты Тепса. Сæ бæхтыл абадтысты, æрдæбон ма Махмуды туг баназынмæ чи хъавыд, уыдон иууылдæр æмæ мард сих æмæ йæ фæсдзæуинтæ рохуаты аззадысты.

— Гъæтт, йæ сæрыл худ чи дары, уый гъеныр равдисæд йæ хъару! — фæхъæр кодта Бæтæхъо.

Дзæуджыхъæуы ’рдæм фæтъæбæртт ластой.

— Алла, алла! Дик-хил, Муссæ-сердар! Бирæ цæр, кадджын Муссæ!

Мусæ Бæтæхъойы бæхы рохтæ ацахста æвиппайды.

— Фæлæуу, Бæтæхъо!.. Акæс-ма! — горæты ’рдæм ын ацамыдта ехсы хъæдæй.

Уыцырдæм ныккастысты лæмбынæг сегас дæр.

Фæндагæн йæ рыг калдис æмæ барджытæ нæма зындысты æххæст.

Комкоммæ æрбаппæрстой сæ бæхты. Инæлар Туманов Алыксандры базыдта уайтагъд Муссæ. Йемæ чи цыд, уыдоныл дæр афæлгæсыд «раздзогты раздзог».

Кæрæдзийы ныхмæ æрлæууыдысты дыууæ инæлары æмæ иудзæвгар æдзынæг фæкастысты кæрæдзимæ.

— Де ’хсаргард райхал æмæ мæм æй радт, цытджын инæлар! — æрæджиау загъта Туманов.

— Уыцы æхсаргард мын ды нæ радтай, цытджын инæлар, æмæ йæ байсын дæр дæ къухы нæй! — æгуыппæгæй дзуры Муссæ.

Раздзог сагъдау лæууыд, судзинтау ныхстысты йæ зæрдæйы дыууæ инæлары ныхæстæ.

— Чи дын æй радта, уый бардзырд æххæст кæнын æз.

— Уыныс дæхи цæстæй, цытджын инæлар: уыцы бардзырд æххæстгæнæг нал дæн æз!

— Уæд дæ фыдракæнды амæттаг фæуыдзысты, кувæндоны бын цы сабитæ баззад, уыдон!

Раздзог кард фæцъортт ласта æмæ дзы, Тумановы æрсæрфон куыд загъта, афтæ йæм Муссæ йæхион фæдардта.

Бацыд, комкоммæ ныккаст зæронд лæджы змæст цæстытæм:

— Кæйдæр фыдæй фæкъуыхцы стæм, Бæтæхъо! — тыххæй хъуыст Муссæйы хъæлæс. — Хатт æрцæвынæй æнæрцæвын хуыздæр у!..

Дурдзавдау лæууыдысты Дзæрæхохты Алхаст æмæ Малсæгты Тепса.

Кадджын минæвар та сдзырдта:

— Дæс минуты æнхъæлмæ кæсын, стæй мæ бæсты сармадзантæ дзурдзысты.

Муссæ йæ цæст раздзогтыл ауагъта, уый фæстæ æнæдзургæйæ сыгъзæринæй æмæхгæд кæрддзæм райхæлдта йæ астæуæй æмæ сæ æхсаргардимæ хицæнтæй Тумановы бæхы къæхты бынмæ баппæрста.

Темырболатæн йæ цæстытæ атарытæ сты уый фенгæйæ.

— Гъæй, куыд фесæфтыстæм, гъе! — ныхъхъæрзыдта.

Раздзоджы ныхмæ слæууыд Муссæ æмæ йæм æнхъæлмæ каст, кæддæра уый та куыд кæнид, зæгъгæ.

Афтид кæрддзæм баппæрста Бæтæхъо инæлары къæхты бынмæ, æлвæст кард йæ къухы баззад, афтæмæй иуварс алæууыд.

Тепса æмæ Алхаст дæр уый бафæзмыдтой æмæ æлвæст кæрдтимæ Раздзоджы фарсмæ слæууыдысты.

Кæрддзæмты рæдзагъд стырæй-стырдæр кодта, Муссæйы уæнгты фыццаг хатт фæзынд тасы æнкъарæн.

— Бæтæхъо!.. — лæгъстæ йын кодта уынгæг хъæлæсæй, — Æнахъомтæй йедзаг у алфамбылай!.. Тъымы-тъымамæ æлгъыстаг фæуыдзыстæм! — фæкъуыхцы ис, стæй та сдзырдта: — Зонын æй, йæ аппарын зын у, фæлæ та кæд йæ сисын фенцондæр уаид... Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы...

Раздзоджы æнцъылд русыл иунæг цæссыг æрбырыд, стæй бацыд æмæ афтид кæрддзæмты рæдзагъдыл æлвæст кард нытътъæпп ласта.

Тæгиан-æлдар æхцонæй сулæфыд.

Афтæ асаст мæсыг хи дурæй æмæ адæмы æхсæн та фæзынд Куындыхаты Муссæйы сусæгвæнды мæнг таурæгъ.

Фыццаг чиныджы кæрон

ДЫККАГ ЧИНЫГ

ФЫЦЦАГ ХАЙ.
СУСÆГ МИНÆВАР

I. СУСÆГ БАЛЦЫХÆД РАЗМÆ

Уынгтæ адæмæй байдзаг сты. Бæхджын хъазахъхъæгтæ сæ тыхæй урæдтой. Ахстытæн сæ разæй фæцæйцыд Муссæ бæгъæмсар æмæ ронбæгъдæй. Уый фæдыл та Бæтæхъоитæ цыдысты, сæ развæндагмæ æнкъардæй кæсгæйæ. Муссæ фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ, инæлар Тумановы къухы йе ’хсаргард куы ауыдта, уæд йæ сæры иу хъуыды ферттывта: «Гъæтт, дæуæн дæ мукъутæ ныххаф!»

Кæмттæй горæтмæ талынг милтæ æрбацæйхъуызыдысты. Муссæ йæ фæдыл цæуæг хъахъхъæнджыты бæхты цæфхæдты къупп-къуппимæ самыдта йæ хъуыддæгтæ: мыййаг хъазахъхъ адæмы æгæр куы бафхæрой, æмæ йæ ном æлгъыстаг куы фæуа! Йæ хъустæ уыцы цъæхснаг æхситт ныккодтой, цыма йæм исчи тавиц хаста: «Дæ аххос у! Дæ аххос у!» Фестъæлфыд. Йæ къахдзæф дæр ферхæцыд. Уыцы тавиц æм фæкаст Темырболаты хъæлæсы хуызæн. «Дæ аххос у! Дæ аххос у!» — нæрыд йæ хъусты. Йæ хъустæ аууæрста æмæ, Бæтæхъойы ихсыд цухъхъамæ æдзынæг кæсгæйæ, йæхи рæстытæ кæныныл схæцыд: хорз, дæ дзырд фæуæд, фæлæ цы фиу стыхтаиккам нæ тохæй! Скъуыдкъох мæ мыггаджы фаг куы уыд, уæд ма цы мæ уæлфад гал лæууыд, цæмæн бацагуырдтон ацы фæндаг, уымæй мæ цæмæннæ фæрсыс?.. Дæ цахъхъæнæй мæнмæ дæр дуне дзæнæты хуызæн кастис, адæм та — зæдты хуызæн. Зæдты нæ, Нарты Батрадзы хуызæттæ! Фæлæ стæй цард йæхæдæг æрхæцыд дæлæмæ уыцы тæнæг, æрвгъуыз хызыл, æмæ йæ фалейæ Батрадзтимæ иумæ Сырдонтæ дæр разындысты, мæ хуры чысыл. Ныртæккæ лæгмæ Сырдоны зонд æмæ хиндзинад хъуамæ уа, цæмæй царды сæргъы цы Мукаратæ лæууы, уыдонимæ цæрын бафæраза. Нæ, нæ, мæ хур, дæхи Батрадзы хуызæн сыгъдæджытыл ма банымай! Уый алкæй дæр фæфæнды, фæлæ ма царды Сырдонтæ дæр хъæуы. Æз дæр дæ цæстæй кастæн знон цардмæ. Æмæ дæм сиды, йæ хотых йæхи къухæй чи систа, бæхджынты разæй фистæгæй цы фондзæмæдыууиссæдзаздзыд Муссæ фæцæуы, уый. Æрхæц дæлæмæ уыцы æрвгъуыз хызыл, бакæс цаутæм Сырдоны цæстæй. Сайæн гуккутæ сты Турчы Султан æмæ йæ дзæнæты бæстæ, стыр Уæрæсейы паддзах æмæ йæ хæрзиуджытæ дæр. Æцæгдзинад стæм æз æмæ ды, ацы цъаммар цардмæ дыууæ фæлтæры цæстæй чи кæсы, уыдон. Иуæй-иу сæрхъæнтæ хуыцæуттæ æмæ бардуæгты уæлæрвты агурынц, дæ хуызæн сæнтдзæфтæ та сæ йæ бæсты æмæ йæ хæхты гуыбыны ссарынц, иунæгæй куы аззайынц уæд, фæлæ æз æмæ ды зонæм: æппæт дæр адæймагæн йæхицæй кæнгæ у. Адæймаг кæдæм фæцæуа, уым скæнæн ис райгуырæн æмæ динæн. Цард йæ хуыз афтæ кæм аива, уым уæларвон Хуыцау æмæ райгуырæн бæстæ дæр ивынц. Дзурынц дын, Муссæ йæ райгуырæн бæстыл гадзрахатæй цæуы, адæмы йемæ сайы æмæ Турчы дыккаг Ирыстон саразынмæ хъавы, зæгъгæ? Уадз æмæ дзурæнт...

— Бирæ цæрай, Муссæ! — фехъуыст æм кæйдæр хъæлæс адæмы ’хсæнæй. Муссæ фестъæлфыд, Темырболаты фæлгонц айсæфт йæ хъуыдытæй. Аивæй дзурæджы рацагуырдта, æмæ уыцы агурыны дæргъы йе ’рдæбоны сагъæстæ æцæгдзинады ныхмæ хъен слæууыдысты. Æрлæмæгъ ис, йæ уæнгты хъару асаст. «Ау, æцæг мæ уыцы дзидзидайы фæлгонц æрæхсæста? — хъуыды кодта. — Цæй, цæй, уый ницыгæнæг у! — фæфидар кодта йæхи. — Цыты обаумæ гауызтыл цæугæйæ нæу!»

— Бирæ цæрай, Муссæ! — фехъуыст æм дыккаг хатт, фæлæ та уæддæр нæ базыдта сидæджы. Йæ рахиз цонгыл уæлæмæ схæцыд, уыцы иу æппæрст æй æркодта дæлæмæ, æмæ ныр бæстон фæтары сты Мамсыраты Темырболат æмæ уый фæдыл баст хъуыдытæ.

Æфсæддон гарнизоны кулдуары цур Османаты Садуллæ æмæ Бæтæхъоиты фæхицæн кодтой. Муссæ сæ фæдыл кæсгæйæ аззад, фæлæ йæм куы нæ фæкастысты, уæд та йæ цонг уæззау ныттылдта æмæ инæлар Тумановы разæй Лорис-Меликовы кабинетмæ бацыд.

Хицау йæ бынатæй нæ фезмæлыд, æрмæст йæ хæрзхуыз цæсгомыл мидбылхудт, мæрдты хурау, ферттывта.

Цырагъы фæлмæн бургомау рухсæй байдзаг хатæн. Туманов къулыл ауыгъд паддзахы къамæн æфсæддон цыт радта æмæ Муссæйы æхсаргард хицауы раз чъызгæ æрæвæрдта, цыма йын асæттынæй тарст, уыйау. Нæ йæм скаст уæддæр. Чи зоны, фынæй бацис, зæгъгæ, ахъуыды кодта Туманов æмæ йæм лæмбынæг ныккаст. Лорис-Меликовы уазал æнгас æй фæфыдæнхъæл кодта æмæ йæм ныр бандæвта, развæлгъау нывæст хъуыддаджы, цумайы лæппуйау, кæй архайдта, уый. Фергъуыйау, Муссæмæ бакаст, фæлæ уый лæууыд ахст лæгау нæ, фæлæ уæлахизхæссæг æфсадфæтæгау.

— Рынчын дæ, мыййаг, господин инæлар-лейтенант? — фæрсы Туманов.

Муссæйæн йæ былтæ фæзылын сты, æмæ, къæлæтджыны чи бадт, уый йын йæ мидбылхудт фæфиппайдта.

— Османаты Садуллæ æмæ Бæтæхъоитæ ахæстоны сты! — дзырд расайыны сæраппонд та загъта Туманов.

Лорис-Меликов йæхиуыл размæ рахæцыд, йæ цæнгтæ радаргъ кодта, дæсныфæрсæгау пыхцыл къухтæ стъолыл авæрдта.

— Алыксандр Георгиевич, райсом дæ сæумæцъæхæй Грознамæ цæуын бахъæудзæн, — зæгъы уый.

Æрбамæсты Туманов. «Сургæ мæ кæны йæ хатæнæй!» — сыгъта йæ уыцы хъуыды.

— Кæд мын бар ратдзынæ, уæд ахсæв ацæудзынæн!

— Нæ, ахсæв дæ фæллад суадз æмæ райсом сæумæцъæхæй ацу. — Йæхи бараст кодта къæлæтджыны Лорис-Меликов.

— Хорз!

— Дæ хорзæхæй!

Лорис-Меликов æмæ Муссæ хатæны иунæгæй баззадысты. Уазæг æрбацæуæнмæ æввахс лæууыд æмæ йæхинымæры йæ фысымы æнарæхст митыл худтис. «Гъæй, мæ хуры чысыл, ахæм æнарæхст митæ кæныс æмæ дæ, æгæрыстæмæй Туманов дæр фæфиппайдта!»

Лорис-Меликов фестад, Муссæйы нуарджын къух ахъаззаг нылхъывта æмæ йыл къæлæтджыны ’рдæм ахæцыд.

— Абоны митæй, æвæццæгæн, дæ зæрдæ хæццæ кæны, Муссæ Алхазович! — Æвиппайд царвау атад.

— Æгæр дæр ма йæ схæццæ кодтаиккой, дæуæй мæ ныфс куы нæ уыдаид, уæд. Хуыцауыстæн, Михаил Тариелович, куы мыл æрхъула сты, уæд мæ дæ ныфс бахъахъхъæдта!

— Дæу æмæ Османаты Садуллæйы хæрзиуæг нæ ферох кæндзысты цытджын паддзах æмæ Уæрæсе!

Муссæ йæхимидæг базмæлыд: «Гъæй, мæ хуры чысыл, Уæрæсейы мын мæ сæрыл бомбæйау ныццавтай! Уый зæгъгæйæ нæу, мæ хуры чысыл!»

Лорис-Меликов æхсаргард систа стъолæй æмæ йæ Муссæмæ балæвæрдта:

— Айс дæ кард!

Муссæ йæхи бынтон æнæхин скодта:

— Уæд сæ, дæлæ хъоргъы чи бады, уыдонæн дæр хъуамæ радтæм! Фæлтау уал æз дæр æнæ кардæй сæ фарсмæ æрбаддзынæн! — загъта уый.

Цыма йæ къæхты бын зæхх аскъуыд, афтæ фæцис облæсты хицау. Йæ тугдадзинты йын ихæн ауагъта карз æцæгдзинад нæ, фæлæ уыцы æцæгдзинады мидис, уымæй раздæр Муссæ кæй фæфиппайдта, уый. Æцæгдæр ма чи баууæндыдаид Муссæйыл, райсом æй æд гæрзтæ горæты уынгты куы федтаиккой, уæд? Талынг уаты арацу-бацу кодта. Йæ рæдыд бараст кæныныл бацархайдта хицау:

— Æфсадфæтæг хæст æнæ тугæй куы рамбула, уæд ын цырт æвæрын хъæуы! Туземецтæ сæ хæцæнгæрзтæ акалдтой æмæ дæлæ хъоргъы бадынц. Уый чысыл хъуыддаг нæу, Муссæ Алхазович! — Цыллæ рудзынгæмбæрзæныл иуырдæм ахæцыд. Кæртмæ акаст. Инджынау, ахст талынджы рæдзæ-мæдзæ кодта горæт. — Ацы хабæртты фæстæ бæндæны дыууæ кæроны нæ къухы сты, господин инæлар! Нæ бон у раздзогты удæгасыл мауал нымайæм.

Муссæ йæм хæрдмæ скаст.

— Нæ, Михаил Тариелович! Иугæр уымæ куы æрцæуа хъуыддаг, уæд мæн дæр уыдонимæ хъуамæ фесхойай былæй. Уымæй дæр нæ фесæфид бæстæ, фæлæ та уæд хæцæнгарзмæ цæуы хъуыддаг!

Лорис-Меликов Муссæйы уæхскыл йæ арм авæрдта æмæ ахæм лæуд скодта, цыма къулмæ дзырдта:

— Кæдмæ ма нæ бахъæудзысты змæнтджытæ?

Муссæ къæлæтджыны базмæлыд æмæ йæ уæлхъус лæууæгмæ скаст.

«Гъе-гъе-гъе, мæ хуры чысыл, кæсыс, цы у политикæ! Цæрдæг æм куы нæ лæууай, уæд æнæууæнк, сайæгой бæхау, йæ барæджы цъыфдзастмæ фехсы, мæнæ гъеныр дæу куыд фехста, афтæ. «Кæдмæ ма нæ бахъæудзысты змæнтджытæ?» Æмæ йæ дæхæдæг нæ зоныс?»



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: