II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 30 глава




— Ау, æндæр фæндаг нал ис?

Дзуапп ын ничи радта, Муссæ цавддурау бадтис æмæ сæнтдзæфау дзырдта:

— Ноджы ма нын иу фæндаг дæтты Лорисы-фырт. Уыцы фæндаг нæдæр ахæстоны талынг хъоргъмæ цæуы, нæдæр горæты фæзуаты арæзт ауындзæны бын къæппæвæрд бандоны ’рдæм, нæдæр Сыбырмæ...

— Уæдæ кæдæм цæуы? — йæхирдæм æй æрбайвæзта Дзæрæхохты Алхаст.

— Стамбулы ’рдæм.

Ныхъхъус сты, рæстæг дæр йæ цæуынæй банцад æмæ ныссалд. Муссæ талынджы адæргæй йæ бæрцагъудтæ нымадта:

«Æгайтма талынг у!»

Бæтæхъо дæр нал бæллыд боны рухсмæ. Ныр та йæхиуыл æркъуырдта йæ къах, йæ мидхъуыдыты, Сыбыры уазал фæндагыл цæугæйæ, Муссæйыл куыд æркъуырдта, афтæ: «Æгъи, Бæтæхъо, мæ цæстыдзаг дын федтон!» Йæ хуылфы цыдæр ссыгъд сусæг артæй, йæ цъыс-цъыс никæмæ хъуыст, йæхи йеддæмæ. Ахæм рис ма ноджы кæддæр бавзæрста, стæй йын æй рæстæг ныкъкъуырма кодта, æмæ дзы айрох. Ныр та йын Стамбулы кой ардуанау ахафта йæ хъизæмар уд æмæ тугæрхæмы хуыдуг кæны йæ зæрдæ... «Æгъи, Бæтæхъо, мæ цæстыдзаг дын федтон!» О, ныр æй æрбаймысыд: Стамбулы кой фыццаг хатт моллойæ фехъуыста Бруты ныхасы. Иу лæппу фæлыгъд уæд ныхасæй, молло уæддæр бадт ныхасы æмæ цадæггай ивæзта йæ хъуыды.

«Стамбулы ’рдæм!»

Ау, уыцы зарæг ичъийау сæ фæдыл бафтыд? Алчи йæ йæхи зондæй самоны æви Лорисы-фырт æмæ моллотæм иу ахстонæй æртæхы Стамбулы зарæг? Кæнæ уазал Сыбыр, кæнæ та Стамбул! Цы хъауджы сæ ис? Райгуырæн бæстæй æддæмæ цæуæг фæндæгтæ иууылдæр æмхуызон сты!.. Гæбайы та фервитид, фæдисы æртытæ та сыскъæрид хæхты цъуппытыл, фæлæ кæм ис Гæба, кæнæ Мамсыраты Темырболат?.. «Æгъи, мæ цæстыдзаг дын федтон, Бæтæхъо, ацы талынг хъоргъы!» Чи зоны, раст нæ архайдтам... Чи зоны, пысылмон дины сæрыл гæрæхтæ чи кæны, уыдонæн сæ хъæрахст мæ удмæ дæр бахъардта æмæ мæ раст фæндагæй фæиппæрд кодта!.. Ау, Лорисы-фырты хуызæттæй конд у æппæт Уæрæсе? Нæй уый гæнæн... Лорисы-фырты хуызæттæ махмæ дæр ис... Сæ иу мæнæ мæ фарсмæ. Муссæ... Паддзах цинтæ, хорзæхтæ дзæгъæлы нæ калы... Ехх, ныр дæ цæсгоммæ бакæс, Муссæ... Цымæ дæм дæ зæрдæ сдзырдта адæмы рис æви сын фыддæр исты бæллæхтæ нывæндыс?.. — Бæтæхъойы сæры иу хъуыды иннæйы ивы. — Чи зоны, райсом Кавказмæ мæ хуызæттæй конд кусæг Уæрæсе æрбацæуа, йæ хотыхы бæсты мæм йæ уæзæгæвæрд къух радта æмæ зæгъа: «Байрай, Бæтæхъо!» Уæд ма дзы цæмæн хъæудзæн хæцæнгарз, тох æмæ Стамбул... Бæтæхъойы уырны: искуы æнæмæнг æрбацæудзæн æцæг Уæрæсе, зæхкусæг Уæрæсе! Æфсымæрау ын йæ къух райсдзæн æмæ йæ бафæрсдзæн: «Алæ-ма, цæуыл тыхсыс, Бæтæхъо?»

Муссæ йæ афтид бæрцагъудтимæ архайдта æмæ йæхинымæры худтис:

«Хорз æхсидав уын баппæрстон уе ’хсæнмæ! Уыдзæни арт Тæгиаты гуылы бынмæ!»

— Уый мах зарæг нæу, Муссæ!

— Мах зарæг нæу, Бæтæхъо, фæлæ кæй уæрдоны бадай, уый зарæг хъуамæ кæнай! — балхъывта сагъæсты уачъи Муссæ.

— Мах никæй уæрдоны бадæм, — йæ маст нал баурæдта Тепса.

Бæтæхъо ныхъхъус и.

— Цы зæгъыс, Бæтæхъо? — фæрсы йæ Тепса.

— Бæтæхъо ницыуал зæгъы, Тепса. Бæтæхъойæн йæ ныхас ацы цыппар къулæй æддæмæ нæ айхъуысдзæн.

Егъау гуыдыры сæртæг дзыгъал-мыгъул ссыд, æмæ дуары зыхъхъырæй рухсы таг æрбадаргъ.

— Куындыхаты Муссæмæ йæ бæрзонддзинад инæлар-лейтенант Лорис-Меликов сиды! — æрбадзырдта гом дуарæй мидæмæ хъарагъулты хистæр.

Муссæйы сæ разæй акодтой, æмæ та хъоргъы чи бадт, уыдон сæ уæззау сагъæстимæ аззадысты.

IV. ТУГГЪУЫЗ РЫГ

Муссæ æхсæвыгон ацыд æмæ фæстæмæ дæр æхсæвыгон æрбаздæхт. Кæдæм ацыд, уый ничи базыдта, инæлар Лорис-Меликовы йеддæмæ. Нæ йæ базыдта Османаты Саад-Уллахъ дæр.

Сусæг минæварæн йæ ахастыл зынд, Кавказы æфсæдты генералон штабы хицау Карцовимæ йæ фембæлдæй тынг разы кæй уыд, уый. Терчы облæсты хицау Лорис-Меликов ын уыцы æхсæв сусæгæй цы фыстæг арвыста, уымæн дзуапп дæр æрбахæццæ ис йæ хæд фæстæ. Хæрз цыбыр уыд сусæг телы мидис, йæ сусæг хъуыды йын Лорис-Меликовы йеддæмæ ничи равзæрстаид, искæй къухмæ куы бахаудтаид, уæддæр: «Стыр кънйаз Михаил разы у инæлар Къ-йы дзырдыл. Егъау æнтыстытæ уын уарзы мæ цæст. Цас — фылдæр, уыйас — хуыздæр. Карцев А. П.»

Арфæ сын кæй кодта, уый йын æхсызгон уыд, фæлæ йæм афтæ фæкаст, цыма дзы кæмдæр Муссæйы æндæвдад змæлыд æмæ йæ уыцы хъуыды сызнæт кодта. Талф-тулфы фыст уыд, цыма йæ автор искуыдæм тагъд кодта. «Цас фалдæр, уыйас — хуыздæр». Цы уыд уыцы «фылдæры» хуылфы? Турчы хицауад лыгъдæтты кæм хъуамæ æрцæрын кæна, уыцы бынаты дæрддзæг, хъуыддæгты размæ феггуырсын, æви рæстæг ныддаргъ кæнын? Æрбакалдта йын йæ размæ цъæмæлтæ æмæ сæ хъуамæ æвзара! Дзæнгæрæджы бос æрбайвæзта, хъахъхъæнæгæн бардзырд радта, Куындыхаты Муссæ æмæ Османаты Саад-Уллахъы æрбакæн, зæгъгæ.

Муссæ æмæ Садуллæ хицæнтæй æрбацыдысты Лорис-Меликовы кабинетмæ. Ныхæй-ныхмæ куы аззадысты, уæд наиб хицаумæ чъызгæ скаст, гæды куыдзмæ куыд скæсы, афтæ. Йæ боцъотæ æмæ йæ рихитæ спыхцыл сты цæцæйнагæн, æбæрæг уавæр æй сдыгъуырццæг кодта æмæ, йæхи куыд равдыстаид, уый нал зыдта: облæсты хицаумæ наибау сдзырдтаид, æви æцæг ахст у æмæ йæм ахæстау кастаид? Муссæмæ бакаст, уый дæр рыгъд æмæ хъуынтъызæй лæугæ куы ауыдта, уæд сæнтдзæфау срæцыгъта:

— Ас-салам-алейкум, балшой начальник!

Муссæйы пыррыкк ныннæрыд стыр уаты. Лорис-Меликов йæ мидбылты худгæ бакаст наибмæ æмæ загъта:

— Алейкум-салам, господин майор!

Садуллæ йæ армытъæпæнтæй йæ былтæ фелхъывта æмæ йæхи фæгæмæлгонд кодта. Ома куыд фæрæдыдтæн æмæ куыннæ фæцарæхстæн хицауæн æфсæддон салам радтынмæ, фæлæ дыууæ инæлары худгæ куы федта, уæд уый дæр йæхи нал баурæдта æмæ хатæн се ’ртæйы худынæй байдзаг.

— «Ба-а-ал-шой начальник!» — йæ цæссыгтæ сæрфгæ худтис Лорис-Меликов.

— «Ба-а-ал-шой начальник!» — йæхи нал урæдта Муссæ.

Кæсæнцæстыты æвгтæ сæрфæн хæцъил агъуды бафснайдта хицау. Пенснейы сыгъзæрин фæлгæты сæрты ракаст йæ дæлбартæм, ома фаг уæд худынæн.

— Стыр балцы хæд размæ абадын амоны æгъдау! — загъта уый.

Муссæ зыдта уыцы стыр балцы мидис, фæлæ наиб ницы хатыд æмæ джихæй каст куы сæ иумæ, куы се ’ннæмæ.

— Кæдæм цæуæм, Михаил Тариелович?

— Стамбулмæ, — хынджылæджы хуызы загъта Лорис-Меликов.

Наиб фырдисæй йæ цæстытæ фæирд кодта. «Стыр балцы» кой кæнгæйæ Лорис-Меликовы зæрды цы уыд, уый аивæй фæхатыд Садуллæ, фæлæ ахæм хуыз равдыста, цыма йæм йæ зондджын хицауы хъуыды базоныны фаг зонд нæй. Уый уыд провинциалон хин лæджы ахаст, ома, кæсыс, де ’нæнхъæлæджы мийæ мæ сæр куыд разылд? Раст зæгъгæйæ, наиб, йæ разы чи лæууыд, уыдонæй къаддæр хин нæ уыд, фæлæ Муссæйау йæ хиндзинад æмырдзинады фæлмы стухынмæ нæ арæхст æмæ-иу ын, æнæхсæст митæ кæнгæйæ, амыты-уымыты йæ къæдзил сдардта, цæмæй йемæ дзурæджы сæр разылдаид æмæ мауал равзæрстаид фыруарзондзинадæй гуырымыхъдзинад. Лорис-Меликовæн афтæ кæй загъта, «ас-са-лам-алейкум», зæгъгæ, уый дæр уыдис йæ уды миниуæг нæ, фæлæ развæлгъау цæттæгонд хин ми. Лорис-Меликов «Стамбулмæ» кæй загъта, уый сын бамбарын кодта балцæн йæ иумæйаг нысан. Йæ мидисмæ, йæ хуылфмæ бакæсыны амал сын нæ лæвæрдта, фæлæ Муссæ бынтон ныммыр кодта йæхи, Садуллæ та «фырдисæй» йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ, цы зыдта, уый йæхи мидæг хынцыдта: «Муссæ æцæг Стамбулмæ кæй цæуы, уый сæ дыууæйы цæстытыл зыны, фæлæ мæн та кæдæм ласы ацы хъонагъ!.. Гъæй, «бальшой начальник», дæ дæндæгтæ мæм ныззыхъхъыр кæныс, афтæмæй мæ «гаспъадин майор» хоныс, фæлæ мыл æууæндгæ нæ кæныс æмæ мæ дæ фæдыл ласыс, цæмæй мæ иудадзыг, баст куыдзау, дæ цæсты раз дарай!.. Мæ сусæгæй Тæгиан-æлдары æхсæвыгон кæдæмдæр арвыстай æмæ афтæ æнхъæлыс, Садуллæ ницы зоны, зæгъгæ! Нæ, мæ хур, наиб Саад-Уллахъ сусæг фæдисоны йæ бæхы цæфхæдты къæрцц-къæрццæй дæр базоны. Уæ сусæгдзинад уын куы ахъæр кæнон, уымæй тæрсут æмæ мæ уæ фæдыл дæр уымæн ласут, нæ!.. Фенæм, кæддæра уæ сусу-бусуйæ цы рауаид!»

Лорис-Меликов æмæ Османаты Садуллæ сæхи дуары ’рдæм ластой, фæлæ Муссæ фæстиат кодта, цыдæр ма йæ урæдта æмæ йæ раиртасыны сæраппонд йæ хъуыдытæ куы асгæрста, уæд та дзы Темырболаты фæлгонц ссардта.

— Михаил Тариелович, кæд гæнæн ис, уæд иу чысыл фыстæг афысдзынæн стыр балцы размæ æмæ йæ исчердæмыты «сусæгæй» бынатмæ хъуамæ фæхæццæ кæнон, æнæнхъæлæджы загъта, уый.

— Чи у, кæмæ фыссыс, уый?

— Мæ хæрæфырт, корнет Мамсыраты Темырболат.

— А-а-а, — багуым-гуым кодта облæсты хицау æмæ йæ амонæн æнгуылдзæй йæ фындзыхъæлмæ кæсæнцæстытæ нылхъывта. — Тæрсгæ ма кæн, дæ хæрæфыртыл де ’рыздæхынмæ ницы бæллæх æрцæудзæн!

Дис кодта Муссæ: йæхи фырттæм не ’хсайдта йæ зæрдæ, фæлæ йæ хæрæфыртмæ!

— Йæхи бæллæхы мæт мæ уый бæрц нæй, дæ бæрзонддзинад!.. Ахæмтыл иудадзыг идон куы нæ дарай, уæд æндæр искæмæн куы сбæллæх кæной, уымæй тас у!

Стъолы фарсмæ æрбадт Муссæ, уæдæй нырмæ цы хъуыды кодта, уыдон зыгъуыммæ рафæлдæхта, афтæмæй сæ æрæвæрдта гæххæттыл:

«Темырболат!

Лæг хуыздæр сомбоны ныфсæй цæры. Ды дæр Бруты бад æмæ æнхъæлмæ кæс хуыздæр сомбонмæ, ныртæккæ хуыздæр амал нæй. Арв ныннæрыд, фæлæ арвы цæф нæма фестæм. Æнхъæлмæ кæс, æндæр ницы. Кæд нæм Хуыцау æркæса, уæд та дæ бахъæудзæн фидиуæджы фæндагыл цæуын Хъуымыхъмæ, Кæсæгмæ! Уæдæ быхс æмæ быхс!

Къ. М.»

Фыстæг иронау фыст уыд, уырыссаг дамгъæтæй, фæлæ йæ Муссæ Лорис-Меликовмæ бадардта:

— Михаил Тариелович, ахст лæгæн йæ фыстæг цензурæ басгары.

Кæй нæ сцыбæл ис æмæ йæ кæй нæ айста, уый хъыг уыд Муссæйæн, фæлæ йæм «æнæхин» худт бакодта: «Хатт дæхи хъæддых дарын зоныс!»

Кæртмæ рацыдысты æмæ æхгæд каретæйы сбадтысты. Сæ фæдыл æнæхъæн взвод цыдис.

Стъалытæ фæфæлурс сты, кæцæйдæр куыйты зивæг рæйын хъуыст. Бæхтæрæджы ехсы цъæхснаг цъыкк æмæ бæхты цæфхæдты къупп-къупп, топпы гæрахау, нæрыдысты æхсæвы æмырдзинады.

Муссæ æмæ Лорис-Меликов каретæйы къулыл бавæрдтой сæ сæртæ æмæ рæдзæ-мæдзæ кодтой. Сæ ныхмæ бадт наиб. Сæ алы фезмæлд сын хъахъхъæдта, йæ къухтæ йæ цухъхъайы дысты батъыста æмæ сæ кæрæдзийыл æлхынцъæй йæ риуыл сæвæрдта, афтæмæй. Сæуæхсиды дидингъуыз тынтæ мидæмæ нæма хъардтой, талынджы сын сæ цæсгæмттæ нæ уыдта. Чердæм цыдысты, уый дæр нæ фиппайдта цæцæйнаг æмæ йæхи хорз не ’нкъардта. Чи зоны, йæ искуы горæтæн æддейæ агæрах кæной дæлæ уыцы æфсæддонтæ! Иу æмæ дыууæ хатты не ’рцыд ахæм æбуалгъы цаутæ! Наиб Хадзы-Мурат, дзæнæты бадæд æмæ йæ сыгъдæг уд Иунæг Стыр Аллахы хæтæнты хæтæд, имам Шамилимæ куы фæхъаугъа, уæд урсыты афицертæм бафснайдта йæ сæр, фæлæ йæ фæстагмæ кæйдæр гадзрахаты азар басыгъта. Чи зоны, Садуллæ дæр йе ’ууæнчы амæттаг фæуа æмæ йæ искуы куыдзы мард ныккæной. Ацы æхсæвы фæндагæн йæ кæрон æцæгдæр Стамбулмæ кæй цæуы, ууыл гуырысхо нæ кæны, фæлæ ма Муссæйы Садуллæ æмæ Лорисы-фырт та цæмæн хъæуынц? Ау, Алхазы-фырт йæхæдæг не ссардтаид йæ фæндаг?.. Науæд уыйæппæт æфсæддонтæ цæмæн хъæуынц?.. Ома ацы хъоппæгдзæст хицау Саад-Уллахъы дæр Стамбулмæ арвитынвæнд кæна?.. Куыннæ стæй! Уыйбæрц ыл нæма æууæндынц падишахы пъагонджын сихтæ æмæ йæ сусæгæй Турчы кадджын султанмæ баминæвар кæной!.. Чи зоны, Саад-Уллахъыл искуы, куыдзы мардау, сыджыт бакалой æмæ сæхæдæг сæ фæрныг Стамбулы балцы кой бакæной. Нæ, ахæм хъуыддаг саразын дæр ын ницы пайда у. Стамбулы балцы къæдзилыл баст цауты мидæг наиб Саад-Уллахъы ном чысыл нæ сахаддзæн. Сæ дыууæ иумæ куы цæуиккой, уæд, чи зоны, наибы дæр семæ аласиккой, фæлæ сын иумæ ацæуæн нæй Туркмæ. Уæд ма Кавказы та чи схъаудзæн Туркмæ лидзыны арт! Хъыг у Саад-Уллахъæн, иудадзыг æй, хъыггаг куыдзау, бастæй кæй дарынц æмæ йыл кæй не ’ууæндынц, уый. Бафæрсид сæ, фæлæ бафæрсын хи схъæр кæнын у.

— Пятигорскæй фалæмæ дæхæдæг ссардзынæ дæ фæндаг, Муссæ Алхазович! — æнæнхъæлæджы багуым-гуым кодта Лорис-Меликов.

Садуллæ йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ цъынддзæстæй байхъуыста: «Кæсыс, сусæгæй бадзырдтой æмæ иу скойæ дæр æмбарынц кæрæдзи!..»

Бæхтæ уыцы иугъæдонæй уадысты. Каретæйы цæлхыты сæмæнцæгты тъупп-тъупп бæхты цæфхæдты уынæримæ схæццæ ис.

— Михаил Тариелович, æз мæхæдæг ссардзынæн фæндаг, фæлæ сымах кæдæм скæндзыстут уæ балц?

— Кисловодскмæ... Де ’рбаздæхынмæ наибы æмбæхстæй дарон? Стæй уым бадын дæр ницы пайда у ныртæккæ! Туземецты зæрдæ уæм уырдæм куы ’хсайа, уæд, чи зоны, цы ’рбафæнд кæндзысты! Никуы фехъуыстай: цæст кæй нал уыны, уый зæрдæйæ дæр айрох вæййы! Чи зоны, уæ ныр дæр агурой, фæлæ сын зæгъдзысты: йæ императорон бæрзонддзинады бардзырдæй растады фæтæгты этапыл Калакмæ арвыстой!.. Де ’рбаздæхынмæ Садуллæ Дзæуджыхъæуæй иуварс фæлæудзæн, афтæ хуыздæр у!

— Иуварс лæугæ нæ, фæлæ дыууæ лæджы хæс хъуамæ сæххæст кæна! — бафиппайдта Муссæ.

— Æз цæттæ дæн, фæлæ хатт иу иннæйы бынаты нæ фæахады, Муссæ! — йæ цæстытæ æууæрдгæ, загъта наиб. — Стамбулмæ лидзыны хабар ног нал у, фæлæ ныртæккæ знæт адæмыл, арвы цæфау, куы сæмбæла, уымæй тæрсын!.. Адæм дæ коммæ кæсынц æмæ сын ды хъуамæ бауырнын кæнай, Стамбулмæ лидзыны фæнд Иунæг Стыр Хуыцауæн йæхицæй кæй рацыд, уый, — цыма йæ тарф фынæйæ райхъал, уыйау йæ ком ивазгæ, дзырдта Садуллæ.

Муссæ нырма сæ иумæ бакаст, стæй та се ’ннæмæ. Лорис-Меликов йæ дæллаг был æхсыдта æмæ æмырæй хъуыста. Наибæн йæ фындзы æхситт цыд. Наиб æмæ облæсты хицау цы фарстыл сагъæс кодтой, уый Муссæ Байрамы стырбоны агъоммæ скарста æмæ снывæста, фæлæ та, йæ ацыды фæстæ, куы банымæг уыдаид, уымæй тарст.

— Хорз уаид, Туркмæ алидзыны агъоммæ мын иу-дыууæ боны Скъуыдкъохы абадыны фадат куы фæуид, уæд!

«Æз ын бæлвырдæй бамбарын кодтон, йæ алыгъдыл паддзах кæй не сразы уыдзæн, уый!.. Уæддæр æй йæхæдæг скарста!» — Муссæмæ æдзынæг кæсгæйæ, хъуыды кодта Лорис-Меликов.

— Уыцы дыууæ боны ма дын цы ратдзысты?

— Дыууæ боны нæ, фæлæ Скъуыдкъох хъæуы мæн! — фыдуаг сабийау хивæндæй загъта Муссæ. — Уырдыгæй мæм хуыздæр зынынц бæстæ æмæ адæм.

Лорис-Меликовæн йæ зæрдæ фæцъæррæмыхст Муссæйы фæстаг дзырдтæй, уымæн æмæ дзы куыддæр айрох ис, лæджы бæллиц æмæ къонайы уарзт цы дзырдты фæфиппайдта, уыдон Муссæйы дзыхæй кæй схаудтой, уый.

— Дæ хæхтæ æмæ дæ адæммæ мах цæст дæр баххæсдзæн, — фыдæнæнгæнæгау ын загъта.

— Раст загъд мын нæ фæцис, дæ бæрзонддзинад, æмæ йæ куыд загътон, афтæ йæ бамбæрстай ды дæр, — йæхи бынтон æнæхин скодта Муссæ. — Садуллæйæн йæхи равдисæн нæма ис ныртæккæ... Мæнæн та... Мæнæн та Скъуыдкъох æмæ адæм, Хетæг цы зæххы гæппæлыл лæууыд, уымæй хъауджыдæр не сты æмæ мæм къох йæхи къахæй хъуамæ æрцæуа.

— «Хетæг къохмæ нæ, фæлæ къох Хетæгмæ» æви «Мæхæмæт хохмæ нæ, фæлæ хох Мæхæмæтмæ?»

— Цы хъауджыдæр сæ ис! — Муссæ каретæйы рудзынгæй акаст æмæ скæсæны туггъуыз хуызтæм йæ цæстытæ фæцъынд сты. — Хорз уаид, ме ’рбаздæхынмæ адæм Турк æмæ Стамбулы хъуыды куы нæ аппариккой æмæ æдзух ууыл куы дзуриккой!

— Дзургæ йыл кæндзысты, фæлæ йыл чердæм дзурдзысты! — гуырысхогæнгæ загъта наиб.

Лорис-Меликов лæмбынæг ныккаст, къуымы гæвзыккау чи батымбылтæ ис, уымæ. Йæ дæллаг был дæндагæй фелхъывта æмæ загъта:

— Гуырысхо кæнын нæ хъæуы, господин майор! Муссæ Стамбулæй куы раздæха, уый фæстæ ма йыл Турчы хицауад дæр афтæ куы дзурид!

Галы цæсты хуызæн тымбыл рудзынгæй хуры туггъуыз тынтæ æрбакалдысты æмæ, каретæйы чи бадт, уыдонæн сæ цæсгæмттæ сырх адардтой.

— Ныртæккæ нæ ирвæзыны хос уый бæргæ у, господин инæлар-лейтенант!.. Кæннод æз æмæ Муссæ æцæгдæр хъоргъы хъуамæ нымбийæм, уымæн æмæ нын æддейæ бынат нал уыдзæн!

Садуллæйы рæтъузæн ныхæстæм Муссæйы уæнгты уазал ахъардта: æцæгдæр ын дзыллæйы ’хсæн нырмæ цы бынат уыд, уый нал уыдзæн.

— Чысыл хъуыддагыл нæ ныххæцыдыстæм, кънйæзтæ!.. Искуы йын нæ сомбоны фæлтæртæ аккаг аргъ скæндзысты!

— Мæ разæй цыдæр хæрдзынæ! — иронау загъта Муссæ.

— Куыд загътай?

— Мæ хъуыды зæгъынмæ мын ды фæразæй дæ, зæгъын!

Муссæ каретæйы фæстаг рудзынгæй дзагъырæй каст — цыппæрдзæлхыджы чъилæй фæндаг фæстæмæ згъордта. Йæ сæрмæ рыг мигъау ныллæууыд, хуры зæрин тынтæ йæ мидæг, тугамæхст æрцытау, аныхстысты.

— Садуллæ, цæцæн æмæ мæхъхъæлы дины лæгтæм фервит æмæ сын бамбарын кæн: Иунæг Стыр Хуыцауы уæ сæр бахъуыд — нæ сыгъдæг дин нын сыла-нæла Чырысти йæ къæхты бын сæууæрдынмæ хъавы! Не Сфæлдисæг нын иунæг раст фæндаг амоны æмæ йыл пехуымпары æххуысæй рæхджы куы нæ ныллæууæм, уæд нæм, чи зоны, нæ ирвæзынгæнæг йæ чъылдым фездаха æмæ нæ джауырты ныхмæ фæуадза! — фæдзæхста Муссæ наибæн.

— Иунæг Стыр Хуыцау дæм хъусæд! — скуывта цæцæйнаг.

Тылдис цыппæрдзæлхыг рыгвæндагыл, йæ фæдыл хъазахъхъæгтæ сæ бæхты цаппуалæй скъæрдтой.

V. ХУЫЦАУЫМИНÆВАР

Æнæнхъæлæджы цахæмдæр барæг æрбацыд Скъуыдкъохмæ. Йæ цæсгом басылыхъхъæй тыхт уыд, æрмæст ма йæ цæстытæ æрттывтой. Стыр кулдуары цур баурæдта йæ бæх. Молломæ æрвыст дæн, зæгъгæ, багуым-гуым кодта, стæй бамыр.

Афæхъо йæ размæ рауад, мидæмæ йæ хуыдта, дæ фæллад нæм суадз, зæгъгæ. Уазæг æгомыгæй йæ сæр банкъуыста, æмæ Афæхъо бамбæрста, æнæхъуаджы йæм кæй хаты.

— Чи дæ рарвыста молломæ? — йе ’фсымæрмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ, тызмæггомау афарста Афæхъо.

— Хуыцау, — æхсидавау срæцыгъта уыцы иу дзырд, стæй йæ дзурæнтыл цъутта сæвæрдта.

Афæхъо федзæм ис, уалынмæ Хъази рауад гуыбыр-гуыбыр. Уазæг моллойы армы цавæрдæр гæххæтт фæсагъта. Хуыцауы минæвар араббаг дамгъæтæй фыст гæххæтмæ æркаст, стæй йæ сæрыл схæцыд æмæ, йæ разы æнахуыр уазæджы куынæуал ауыдта, уæд йæ къухтæ хæрдмæ сдардта:

— О Хуыцау, кæд фыны дæн, уæд мын мæ фын хорзмæ расай!

Афæхъо араббагау кæсын нæ зыдта, фæлæ йæ цымыдис цæстæнгас Хъазийæн гæххæтт йæ тары атъыссын кодта. «Æвæццæгæн æй Муссæ æрбарвыста, фæлæ йе ’фсымæры бæсты ацы зæронд хъебремæ цæмæн æрвиты гæххæтт! — хъуыды кодта Афæхъо, йæ зæрдæ мæстæй айдзаг, молло фыстæг кæм атъыста, уырдæм йæ цæстытæ ныццавта.

— Хуыцау загъта: дæ хай цы нæу, уый ма дом! — фыдæнæн ын йæ цæсты раз гæххæтт стылдта Хъази.

— Кæй æрвыст у?

— Дæхи хъусæй йæ куы фехъуыстай!

— Пуй! — нытту кодта Афæхъо æмæ молломæ йæ чъылдым фездæхта.

Ныртæккæ йæ Скъуыдкъохæй фæсурид, фæлæ Муссæйы фæхъыг кæнынæй тарстис æмæ йæхи урæдта. Цæмæн дары Муссæ ацы æмбыддзых моллойы йæ дæлбазыр? Ау, йе ’фсымæрæй йын уый фæхуыздæр ис?.. Æвæццæгæн, ацы зæронд йе ’взаг цыбыр кæй дары, уый тыххæй йын бары æппæт!.. Ныр кæдæй-нырмæ æнкъары Афæхъо зынджытыл бадæгау йæхи! Муссæйы хабарæй искæй бафæрсынмæ дæр нæ уæнды! Ацы зæронд Хъази та йæхицæн æнцад бады, æппæт зонæгау, æмæ читт дæр нæ кæны.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: