II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 34 глава




***

Чылауи бæлæстæй гæзæмæ зынд Алханты къæсы æндæрг. Фæздæгдзонæй фæздæг калд. Мидæмæ куы бацыдысты, уæд Темырболат йæ гæрзтæ Хазумæ радта æмæ Махмуды куырæты дысыл уæлæмæ схæцыд. Топпы нæмыг цонджы фæлмæны алиуырдта, рæмбыныкъæдзы дæлейæ туг лæсæн кодта:

Хазуйæ фыртасæй уазæг айрох, донæй йедзаг æрхуы аг бауæларт кодта, цæмæй хъарм донæй Махмуды цæф æрæхсадтаид. Темырболат йæ уырзæй нылхъывта цъиуы цæсты йас цæф æмæ тугæн рахъарыны фадат нæ лæвæрдта. Суадз æй, куыдз къуылыхæй нæ мæлы, уый хуызæн цъæррæмыхстытæ арсы хъуыны мæлдзыгæй хъауджыдæр не сты, зæгъгæ, дзырдта Махмуд, фæлæ йæ цæстытыл зынд: нæмыг кæмдæр нуар бацагайдта, æмæ йын йæ рис тыхæй урæдта.

Топпыхос ныххоста Хазу, сау-сауид ссадæг цæфы уæлæ байзæрстой æмæ йыл æддейæ фæлмæн цыхт сæвæрдтой, афтæмæй йæ бабастой Темырболатимæ. Цыма се ’взæгтæ ныхъуыргæ акодтой, уыйау бамыр сты уазæгæй, фысымæй. Æниу ма Темырболаты æнæнхъæлæджы февзæрды цур ныхасæн цы ахъаз уыд. Махмуд йæ мадæн уазæджы нæ бацамыдта, фæлæ Хазу аивæй хатыд, йæ фырты ирвæзынгæнæг чи уыд, уый. Арф, мыдгъуыз цæстытæ сагъæсæй йедзаг, даргъ сæрыхъуынтæ фæтæн ныхыл æркалдысты. Фæйнæрдæм ивæзт даргъ æрфгуытæ, гæзæмæ схъæл фындзы рагъ æмæ даргъгомау цæсгомы æнтъыснæг æнгæс сæхиуыл æууæндын кодтой адæймаджы. Йæ уæлæ, афицеры дарæсы бæсты, айдагъ куырæт уыд, фæлæ йæ Хазу фæхатыд: Махмуд ын кæмæй дзырдта, уый кæй уыд. Йæ фырты цæф тыхта æмæ куыдта. Цæссыг ын йæ хъуыр æрбахгæдта.

— Чи æрбахаста дæ кæртмæ тыхæй æрбацæуынмæ йæ ныфс? — æрæджиау афарста Темырболат.

— Харачойæ фыййау Экмырзæты Таза, — загъта Махмуд.

— Йæхицæн дыууæ туджджыны ссардта Экмырзæты Таза, йæ дзырддаг нæ дыууæимæ уыдзæн нырæй фæстæмæ, — Махмуды цæфы тыхст бæстонгæнгæйæ дзуры Темырболат. — Цы йæ хъуыд?

Дзуапп ныкъкъуылымпы ис, Хазу къæсы дыдзы рухсмæ рафт-бафт кодта æмæ цыдæр агуырдта. Æвиппайды йæ уынæр фескъуыд, æмæ мигæнæнты дзыгъал-мыгъул нал ссыд.

— Зикргæнæг у Таза, æнæауæрдон зикргæнæг. Æвæццæгæн, сихы сæрыл хæцыд, бирæ уарзта йæ сæрхъызойы, — загъта Махмуд уæзбынæй æмæ та Хазуйы рафт-бафтæй байдзаг къæс. — Багъæцæд, куыдзы мард æй ныккæндзынæн рæхджы. Ме ’фсымæр, ды цырддзаст æмæ фидардзонг дæ æмæ мыл хæс сæвæрдтай, фæлæ Экмырзæты Тазайы мæхæдæг ныххолы кæндзынæн, мæ кæртмæ хуыснæгау кæй æрбахъуызыд, уый тыххæй, — арт схъаугæ, æртхъирæн кодта Махмуд.

— Дыууæ æфсымæрæн сæ хæс иумæ фидгæйæ у, фæлæ ныл ныртæккæ Экмырзæты Тазайæ стырдæр хæстæ ис, Махмуд. Алхаститæ мæ дæ ныфсæй рарвыстой цæцæнмæ, Махмуд дын баххуыс кæндзæн, зæгъгæ, — цæхгæр загъта йæ хъуыды Темырболат.

Махмуд андзыг, æрдæгсыгъд фатхъæд æхсидав сыф-сыф кодта йæ къухы, стæй йæ арты баппæрста æмæ йæхи уыцы иу раст фæкодта.

— Ралыгъдысты ахæстонæй? — тыхæй ма сулæфыд уый.

— Нæ, лидзгæ нæ ракодтой. Уырдæм сæм бацыдтæн. Муссæ æмæ Садуллæйы нæ федтон, хицау сæ этапыл арвыста Калакмæ.

— Кæд фæдисы æртытæ кæнгæйæ у, уæд ныртæккæ цæуын. Экмырзæты Таза мын никуыдæм аирвæздзæн.

— Фæдисы æртытæй нæ адард кодтой паддзахы фæсдзæуинтæ æмæ Хуыцауы минæвæрттæ. Дæхæдæг æй нæ фиппайыс, Махмуд? — арты рухсмæ йæ цæсгом ссыгъд Темырболатæн.

— Цæцæны дæр тохы сидты бæсты моллотæ æмæ хадзыты адджын хъæлæс хъуысы. Мæхъхъæлы дæр афтæ.

Хазу лæппуты размæ æртыкъахыг фынг æрхаста, йæ уæлæ йын авæрдта арахъхъы дурын, хæлтъамæтæ, уæлхæдзары фæздæгмæ чи ныссау, ахæм фæхсын.

— Де ’фсымæры хæдзары къæбæр асæтт, дæ нывонд фæуон. Ацы ’хсæв Махмуд Хуыцау æмæ дæ номыл хъуамæ кувид, — йæ сæр бакъултæ кодта ус.

Махмуд хæлтъамæ систа, йæ уæлæ йын цæхх айзæрста, сыкъайыл уæлæмæ схæцыд æмæ скуывта:

— Кæрдзыны фыдæх ссарæд, адæмы æвзæрыл чи ардауы æмæ нæ æнæхистæр кувæг чи фæкодта, уыдон.

— Оммен!

Махмуд йæ дзыппæй бур-бурид ихсыд гæххæгт систа æмæ йæ Темырболатмæ радта. Темырболат Муххамед Насераты прокламаци базыдта æмæ йæм фырмæстæй йæ фысымы ныхæстæ рæстмæ нал хъардтой.

— Брутмæ дæр æй æрбахаста молло. Раст цыма кæрæдзийы дзыхæй дзурынц Хуыцауы минæвæрттæ. Урс дзул æмæ мыды кой нæ фæкæнынц уæдæ?

Махмудыл цыма уазал дон бакалдæуыд.

— Урс дзул, мыд æмæ райдзаст кувæндоны Хуыцауы хæс фидын, — загъта уый.

— Æмæ дæм цы фæнд ис?

Махмуд йæ сæр къулыл бавæрдта æмæ, цармæ кæсгæйæ, ныллæг хъæлæсæй загъта:

— Хуыцауы минæвæртты ныхмæ дзурын зын у, ме ’фсымæр, уымæн æмæ уый пысылмон лæджы цæсты æбуалгъ ми у.

Чидæр адæмы хъуыддаг йæ къухмæ æрбайста, Махмуд. Сæ артдзæстытæй сæ фæхауæггаг кæнынмæ хъавы æмæ йæ Хуыцауы æфсон кæны. Ацы тулгæ къуыбары ныхмæ куы ничи фæлæууа, уæд райсом Стамбулы ’рдæм атулдзæн, æмæ уыцы чидæр адæмæн сæхи дзыхæй зæгъын кæндзæн, Туркмæ кæй лидзæм, уый Хуыцауы фæндон у, æмæ йæ ныхмæ рацæуæн нæй, зæгъгæ. Хуыцауы ныхмæ æз дæр нæ сидын, ме ’фсымæр, Хуыцауы номæй адæмы фæсайынмæ чи хъавы, уыдон ныхмæ хъæр кæнын хъæуы. Уый у мæ ахсæвы балцы сæр, Бæтæхъоитæ дæр мын уый фæдзæхстой.

Нырхæндæг сты. Хазу æмырæй хъуыста нæлгоймæгты ныхасмæ.

— Ды зæгъыс, Хуыцауы фæндон нæ, фæлæ паддзахы фæсдзæуинты æмæ Хуыцауы минæвæртты æмвæнд!.. Уыдон тæссаг ныхæстæ сты, фæлæ Махмуд гæбæр куыдз уаид, цыфæнды тæссаг уавæры дæр йе ’фсымæры фарсмæ куы нæ фæлæууа, уæд. Знон кæрæдзимæ кардæй лæбурдтам. Абон æфсымæртæ систæм. Кæмæн у йæ бон ахæм алæмæт скæнын Хуыцауы йеддæмæ!.. Æз цæттæ дæн, ме ’фсымæр, фæлæ цæмæй райдайон æмæ куыд бавналон, Хуыцауы номæй адæмы сæр чи зилын кæны, уыдонмæ?

Кæртæй чидæр фæсидт. Ныхасгæнджытæ фæхъус сты. Фысымтæ хицоны сидт базыдтой æмæ, Хазу дуармæ куы ахызт, уæд Темырболат загъта:

— Дæ цонг куы нæ риссид, уæд тæккæ ахсæв Ичкеримæ ацæуиккам. Цæцæны ’хсæн хъарабулахъты мыггаг сегасæй знæтдæр сты æмæ, миты къуыбарау, фессæндынц. Экмырзæты Тазайæ цыдæртæ æрыхъуыстон. Уый дæр та уырдыгæй змæнтдзæн, фæлæ кæй кас змæнтдзæн фыййау?!

— Цæй цонджы цæф у, ме ’фсымæр! Иучысыл цъæррæмыхст у, æндæр ницы! Тæккæ ахсæв ахиздзыстæм Ичкеримæ.

Хазу æрбацыд æмæ лæппутæн расидтис, кæрты Султи, Джебраил æмæ Юсуф æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ. Махмуд Темырболатмæ бакаст.

— Махæн нæ фæндæгтæ ничиуал ахицæн кæндзæн, ме ’фсымæр! — загъта Темырболат.

— Дæ мад дæ хурæй бафсæдæд æмæ дын æнæуæрст адæмæй хорз амонд схай кæнæд Стыр Хуыцау, мæ хъæбул, — баузæлыд ыл Хазу.

Бæхтыл абадтысты. Урус-Мартанæй ахызтысты фондзæй: Махмуд, Темырболат, Юсуф, Джебраил æмæ Султи.

VIII. СТАМБУЛ ЧИ НÆ ФЕДТА, УЫЙ НЫРМА НИЦЫФЕДТА

Зæронд нау æй фæуыгъта æмæ, иугæндзон каютæйы сынтæгыл уæлгоммæ хуысгæйæ, цармæ каст. Тымбыл рудзынджы авгыл денджызы уылæнтæ сæхи дæрæн кодтой, æмæ сæ пырхæнтæ науы балкъонмæ калдысты. Дардыл æрзил æмæ æгас хæдзар ссарай, зæгъгæ, зæгъы æмбисонд. Исчи йæ куы федтаид, уый тасæй Анапайæ Батуммæ иу зæронд бæлæгъыл ныццыд. Уырдыгæй иу бон æмæ иу æхсæв та Трапезундмæ фæцыд. Самсуны сахары куыддæр йæ къах сур зæххыл æрæвæрдта, афтæ йæ хъустыл бæрзонд азанхъæргæнæныл лæууæг моллойы сидт аныдзæвд. Уыцы сидын æмæ йæ стыр базары хъæлæба бынтон æндæр дунейы февзæрын кодтой. Уыцы дуне, пысылмон динæн йæхийау, уыд рагон æмæ халасæвæрд.

Стæй та зæронд бæлæгъ хъеллаугæнгæ араст æмæ разæй зындис, сау мигътæ йæ уæлæ кæмæн нытътъæпæн сты, уыцы тызмæг денджызы цъар. Егъау уылæнтæ йæ æхсныфау рауил-бауил кодтой. Зилдухæны цæллахъхъ наухъилы онг æххæстис. Муссæ каст, хохы йас уылæн æмвæтæнæй куыд рацæйлæст, уымæ. Йе рагъ, карды комау, цыргъ уыд, йæ фæрстæ-иу фæтыппыр сты, анæрстис-иу, цыма улæфгæ кодта, уыйау. Бæлæгъ фæдисы уаст ныккодта. Бæзджын фæздæджы къуымбилтæ суагъта. Йæ гуыр хъыррыстгæнгæ рахизæрдæм баздæхта æмæ уылæн йæ бырынкъыл цыхтау алыг. «Ацы зæронд хъебре бынтон æдылы нæу, йæ астæуыл æй ачъепп ласта». Боцмæн, дзæнгæрæг цæгъдгæ, бæлццæтты балкъонæй атæрынмæ хъавыд, фæлæ Муссæ гæзæнхъæдыл анцой кодта æмæ цымыдисæй кастис, науы згæ къултæ, арты æвзæгтау, цы уылæнтæ сдæрдтой, уыдонмæ.

— Эффенди-ага, молло ламазмæ сиды! Тагъд Истамбулмæ[8] бахæццæ уыдзыстæм æмæ, фадат нæ уæвгæйæ, чи зоны, райсомы ламаз дæ къухæй аивгъуыйа! — туркаг йæ разы коммæгæс сабийау лæууыд æмæ йæм æнхъæлмæ каст.

«Истамбул у, Истамбул!» — загъта йæхимидæг Муссæ.

Босфоры донбакæлæн йæ мидбылты худтис. Денджыз нал хъызыд ам. Хур йæ ацудасгъуыз кæрдæн аппæрста æмæ тæнæг мигъты фæлмæй фæхицæн. Туггъуыз мигътæ кæмдæр дард æрвгæроныл рæдзæ-мæдзæ кодтой. Тарцъæхбын денджызыл арт сирвæзт, æмæ йæхимидæг сыгъдис. Рог уылæнтæ кæрæдзийы фæдыл цыдысты æмæ зæрингъуыз тынтæ сæ мидæг, арвы ронау, ныкъкъæдз-мæдзытæ сты. Стыр Аллахы динæн йæ сæрыл цъæх-цъæхид мигъы фæлмæй фæлыст кæрдæн ныккодта. Бæрзонд азанхъæргæнæнтæн сæ цъуппытæ уыцы æрвгъуыз фæлмы мидæг сфардæг сты æмæ дардæй афтæ зындысты, цыма пылы стæгæй конд уыдысты. Муссæ бирæ хæттыты фехъуыста уыцы дзæнхъайы хуызæн бæрзонд систы таурæгътæ, фæлæ ныртæккæ йæхи цæстæй цы уыдта, уый цыфæнды таурæгъæй рæсугъддæр уыд. Æвæццæгæн, Стамбулы сахар æнæ уыцы азанхъæргæнæнтæ, æцæгдæр, ницы уаид!

Наулæууæны кусджытæн сæ чъылдымтыл æртæтигъон базтæ, афтæмæй сгæр-гæр кодтой. Муссæ каст уаргъхæсджыты стонг цæстыты фердæхтмæ æмæ хъуыды кодта: «Уыдон, æвæццæгæн, фæцух сты урс дзул æмæ мыдæй!»

Мæзджытæй йемыдзаг горæт рафт-бафт кодта. Хур иу бæндæны бæрц суад, фæлæ ныридæгæн дурастæрдæн йæ тæф калдис.

— До-о-он! Уа-зал дон! Аргъуыд дон! — цъæхснаг хъæлæсæй сидтысты, сæ бæгънæг буæрттæ æрхуыйау кæмæн æрттывтой, уыцы донуæйгæнæг лæппутæ.

Наулæууæнæй горæтмæ рахизæны сарæх сты базаргæнджытæ. Чи æхсыр уæй кодта, чи — халсар. Фæсдуар иу куырм лæг лæууыд. Йæ зæронд хызын суанг йæ фæкъæдзгæнæнтæм æххæст. Йæ къух радаргъ кодта æмæ адæммæ сидтис: «Балхæн, эффенди, балхæн!» Муссæ фæджихау, йæ къухы куы ницы зыны, уæд цы уæй кæны, зæгъгæ. Æввахсдæр æм бацыд, мыдадзау бур-бурид армытъæпæнтыл æрдутæ куы ауыдта, уæд ыл дис бафтыд. «Балхæн, эффенди. Уыдон хуымæтæджы хъуынтæ не сты. Уыдон пехуымпары боцъотæ сты!»

Мамæлайы къæбæр курын, сайын æмæ хинмитæ, стыр фæндæгтыл бæлццæтты стигъын, лæг марын, кæнæ чысыл адæмты ныхмæ хæст расидын æмæ сæ ныддæрæн кæнын, уыдон иууылдæр Иунæг Стыр Аллахы цытæн рæзтысты пысылмон дунейы. О Аллах, кæд æцæг афтæ хъомысджын дæ, уæд дæ сæйраг нидæны цæмæн ис, уыйæппæт гæвзыччытæ?

Хур æнауæрдонæй æндæвта. Баязиды мæзджыты цъуппыл цыма арт сирвæзт, уыйау æрттывта. Муссæ йæм куы фæкаст, уæд йæ тæмæн цæстытыл, карды комау, аныдзæвд. «Хуыцау æмæ хурмæ комкоммæ кæсæн нæй! — ферттывта йæ сæры.

— Уазал дон! Аргъуыд дон! — йæ тæккæ цурæй фæцыд донуæйгæнæг лæппуйы сидын.

— Ей, цас кæныс иу кæхцы дзаг аргъуыд дон? — фæурæдта йæ Муссæ.

Лæппу йæм скаст, йæ разы æцæгæлон кæй лæууы, уый базыдта æмæ йæм бахудт.

— Иу æрхуы суари мын радт æмæ дæ кæд фæнды, уæд суанг сихоры ламазмæ нуаз сæкæрау адджын дон!

Муссæйæн йæ фырттæ æрбалæууыдысты йæ зæрдыл, Одессæйы чи ахуыр кодта, уыдон: «Ныр уыдонæн дæр аргъуыд дон уæй кæныны йеддæмæ æндæр куы ницы фæрæз уаид, уæд куыд кæниккой». — Лæппуйы армы лыстæг æхца фæсагъта æмæ йæхи айста уырдыгæй.

«Уый та дын дзæнæты бæстæ!» — туасау фæныхст уыцы хъуыды йæ зæрдæйы æмæ йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта, афтæмæй ма йæм бафтыдта: «Мах дзы кæд скæниккам нæхи дзæнæт!.. Æмæ æз дæр, уæртæ пехуымпары боцъотæ чи уæй кодта, уый уавæрмæ куы ’рхауон, уæд та?» Ныртæккæ фæстæмæ куы фездæхид æмæ, Турчы хицауадимæ нæ бадзургæйæ, фæстæмæ куы афардæг уаид! Одессæмæ ныццæуид, йæ лæппуты фенид æмæ уырдыгæй Скъуыдкъохмæ бацæуид!.. Гъе-гъе, Муссæ, ахæм сæрхъæн ми дæ гæрзтæхæссæг Гамзат дæр нæ бакæнид. Ардыгæй аздæхын æнцон у, Кавказы арæнтæй бахизын æмæ дын уым цæрын фæзындæр уыдзæн. Инæлары цин дын æрмæст дæ хъæбатырдзинады тыххæй нæ радта паддзах. «Туземец» уæвгæйæ Кавказы хъуыддæгты дæхиуыл хæцын кæй фæрæзтæй æмæ æрмæст иуырдæм цæхгæр кæй нæ ахæцыдтæ, фыццаджы райдианы, уый фæцыд йæ императорон бæрзонддзинады зæрдæмæ. Турчы хицауадимæ æнæбадзургæйæ фæстæмæ аздæхын йæ фæдыл цы расаид, уый æрмæст ды нæ, фæлæ дæ гæрзтæхæссæг Гамзат дæр æрхымпырид.

Ахæм бæрзондмæ дæ чи сæргъæвта, уый та дæ бынмæ дæр æрисдзæн, йæ коммæ куы нæ кæсай, уæд. Дæхи хъахъхъæн, дæ хивæнд митæ ныммар дæ хуылфы æмæ дыууæйы æхсæнты цу, цæмæй дæм, иуырдæм цæхгæр атасгæйæ, иннæ фарс ма фæкъæпп кæна. Стæй ацы «дзæнæты бæсты» дæхицæн æцæг дзæнæт куы скæнай, уæд — дæхæдæг æмæ дæ лæгдзинад!

Халичæй[9] уддзæф радымдта, сæрды дзæгæрæг æнтæфы зæронд Стамбул, æвæццæгæн, уымæй хаста йæхи. Дурастæрдыл Хуыцауы минæвар уæзбын къахдзæфтæй фæцæйцыд. Сыгъзæрингъуыз сарыхъ чысыл иуварс фæзул кодта, цæмæй хидæйдзаг сæрыл уддзæф сæмбæла æмæ сæрибарæй сулæфа буар. Фалейæ сылгоймаг йæ цæсгомæмбæрзæн хызыл уæлæмæ схæцыд. Мыдадзгъуыз цæсгом Халичы уддзæфмæ бадардта. Муссæйы куы ауыдта, уæд хызчъилтæ кæрæдзимæ æрбассывта æмæ нарæг уынджы фæзилæны сисы аууон балæууыд.

Нарæг дурастæрд уынгты сæрмæ, уæладзгуытæ ауындзæгæй лæууыдысты. Балкъæтты бынты æндæрджытау хылдысты сихоры дзæгæрæгæй тыхст бæлццæттæ. Урс сарыхъджын молло хæрæгыл фæцæйцыд, Хайуан ма гæзæмæ зынд уæйыг лæджы бын. Йæ бохъхъуыртæ йæ риуыл æрдыдагъ сты Хуыцауы минæварæн. Кæмдæр бæрзонд азанхъæргæнæны цъуппæй ламазмæ сидтысты. Сидынмæ хæрæг ныууоцани. Йæ хицау ын йæ тæнтæ схуыста æмæ йыл йæ нард былтæй цъыррытт-цъыррытт кодта. Цалынмæ уый дæр нæ ныууасыд æмæ йæ тыппыртæ не суагъта, уæдмæ йæ къах нæ авæрдта.

«Дыууæ хæрæджы» уасынмæ йæ мидбылты бахудт бæлццон æмæ йæ фæндаджы кой бакодта. Султан Баязиды ном Турчы тынг уæрæх хъуыст уыд. Уый ном хастой наутæ, аргъуантæ, уынгтæ. Муссæ цы уынгыл фæцæйцыд, уый дæр султан Баязиды уынг уыд.

Æвиппайды фескъуыд нарæг уынг. Стыр фæзуаты бæстастæу лæууыд, йæ цъуппыл ног мæй кæмæн уыд, ахæм урс бæстыхай.

Баязиды мæзджыт! Ноджы та, Баязид!

Йæ фарсмæ урс чъырæйцагъд минарет бæрзонд сфардæг.

Дардмæ цырагъау æрттывта. Минареты цъуппæй фидиуæг сидтис:

— Хъусут, рæстуырнджытæ, хъусут!..

Фидиуæджы сидты цыдæр уæларвон миниуджытæ уыд æцæгдæр. Мæзджыты къулты æнгæс æмæ сконд уыд рог, цыма сæ сисамайæг уæлдæфæй самадта. Цъæхгомау дурты мозаикæйыл араббаг бафыстыты къæлæсытæ чысыл таргъуызæй æрттывтой. Мæзджыты худ кæм райдыдта, уым æрвгъуыз дурты хъулон-мулон нывтæй конд æнæаскъуыйгæ къуыпрадаргæ хахх æртыхта сисамайæг. Уый йын лæвæрдта рог, хæрзконд æнгæс. Йæ бакаст уыд уаз æмæ йæ фенæгыл æфтыдта æнæзæххон æнкъарæн. Хуыцауы нидæны стыр дуæрттæ сæ фæсхъусты онг байтыгъдæуыд. Мидæгæй моллойы хъæлæс нæрыд æмæ дзæнхъайы зæлланг дзырдты хицæн мыртæ кæрæдзийы мидæг амæста.

— Ол-ло-о-о! Ол-ло-о-о! — нæрыд мæзджыты хуылфы.

Бацæуæны ацудасгъуыз дзæнхъа ранæй-рæтты фæмил ис. Муссæ æркаст чъизи тæппытæм æмæ йæ базыдта, уыдон кувджыты былты фæдтæ кæй уыдысты. Мæзджытæн йæ алыварс дæр дзæнхъадурæй астæрд нарæгвæндаг æртыхст.

Æгас пысылмон дунейы Хуыцауы хæс фидыны сахат уыд ныртæккæ. Муссæмæ кæй равдæлдаид! Сусæг минæвармæ Портайы «бæрзонд дуарыл» йæ сæрæй сæнцайыны фæнд нæ уыд. Раздæр уал Бадилаты кадджын Иналыхъы хъуамæ фена. Мæзджыты фаллаг фарсмæ ахызт. Зæронд Стамбулы уынг та йæ былтæ æрбассывта. Сусæг минæварыл цъиуызмæлæг нæ фембæлд. Алчидæр Аллахы нидæны ламаз кодта.

О Стамбул, æрвгъуыз мæзджыты æмæ митау урс азанхъæргæнæнты сахар. Дæу чи нæ федта, уый нырма никуы ницы федта!

***

Баязиды уынджы æстæм хæдзары цардис Бадилаты Иналыхъ.

Муссæ кулдуарыл баст бæттæн раивæзта. Кæртæй дзæгæрæджы зæлланг фæцыд. Дуар куы фегом, уæд доны сæх-сæх райхъуыст. Фæсдзæуин йæ разы лæууыд æмæ йæм йæ сæгъдзæстытæ ныццавта.

— Бадилатæ ам цæрынц? — афарста иронау.

Фæсдзæуин йæ къухтæ батылдта, ома дæ не ’мбарын, эффенди.

«Ацы цыппар азы дæргъы бынтон куы стуркаг ис Иналыхъ!» — ахъуыды кодта Муссæ æмæ та афарста тыхамæлттæй туркагау:

— Иналыхъ ам цæры?

Фæсдзæуины къæрис цæсгомыл мидбылхудт ферттывта æмæ йæ дзых суанг йæ фæсхъустæм афаст.

— О эффенди, ам цæры Иналыхъ. Достамазы фæстæ йæ цæстытæ æрцъынд кодта фæлмæн сынтæгыл.

Уазæг æнæхонгæйæ кулдуарæй бахызт.

— Райхъал кæн дæ хицауы, — бардзырд дæттæгау загъта.

Туркаг йæ дзых æрбассывта:

— Эффенди! Мæ хицау смæсты вæййы, йæ хуыссæг ын йе ’мбисыл куы аскъуынынц, уæд.

Муссæ йын йæ цонгыл фæхæцыд, кæрты ’рдæм æй ассыдта.

— Уынджы мæ цы ныддардтай? Цом мидæмæ, æз æй мæхæдæг райхъал кæндзынæн, кæд ды нæ уæндыс, уæд.

— Нæ, нæ, эффенди!.. Цы зæгъон мæ хицауæн, чи йæм саккаг кодта ацы дзæгæрæджы?

— Зæгъ дæ магуса хицауæн, ирæй дæм цыты уазæг æрцыд, зæгъгæ!

Фæсдзæуин мыстулæгау фæкуыси хæдзары. Муссæ кæрты иунæгæй аззад. Цыхцырæгмæ фæкомкоммæ. Дзæнхъайæ конд тымбыл къæйыл сæ къæдзилтыл бадтысты æртæ фыранчы. Сæ хъæлæстæй арф донуатмæ дон мызтис. Йедзаг донуаты бынæй хъулон-мулон тыччытæ æрттывта. Доны рыг калдис. Бæрзонд æмбондæй хъулагонд кæрт сатæг кодта.

Уазæг ныллæг бандоныл бадт æмæ æнхъæлмæ каст. Фысым никуы зынд.

«Æвæццæгæн, уыцы евнух йæ хицауы райхъал кæнынмæ нæ бауæндыд».

Иналыхъы хуызæн куыйтæн нард холы баппар, æндæр сæ ницы хъæуы. Сæ цæргæ-цæрæнбонты се тæрттæ хъилæй дардзысты æмæ сæ Хуыцауы ном стаудзысты, ахæм нард холы æхсыныны фадат сын кæй радта, уый тыххæй. Раджы дæр нæ тахтис бæрзæндты Бадилайы фырт. Муссæ æрмæст уыцы «нард хайыл» нæ тох кæны!

Муссæйы фыд Алхаст æмæ Бадилаты Иналыхъы фыд Куыцыкк æрдхæрдтæ уыдысты. Балцы бирæ хæттыты фæцыдысты иумæ. Сæ фыртты дæр-иу семæ акодтой. Æнустæм нæхæдæг нæ лæудзыстæм нæ байзæддаджы уæлхъус. Уадз æмæ сæхæдæг дæр исты феной, зæгъгæ. Муссæ ма Павловскы кадетты корпусы ахуыргæнинаг куы уыд, уæд иу хатт хæдзармæ æрцыд æмæ сæ дыууæ Дыгурмæ уазæгуаты ацыдысты. Кæсæгæй дæр æрбацыд Куыцыкмæ уæджытæ. Дымгæйау чи тахт, ахæм бæхтыл бадтысты сахъ лæппутæ. Кæрæдзимæ дугъ скъæрынæй быцæуыл схæцыдысты. Чи фæразæй уыдаид, уымæн сгуы æмæ кады нуазæн лæвæрдтой хистæртæ. Зынггъуыз уырсыл бадтис Иналыхъ. Хайуаны цæстытæ артау сыгъдысты. Муссæ йæ бæхы саргъ систа æмæ æнæсаргъ хайуаныл абадт. Иналыхъ Муссæйы йеддæмæ никæмæй тарст, æмæ йæ саргъ исгæ куы федта, уæд барад:



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: