II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 33 глава




Таза мæсты кодта, цард æмæ адæймаджы иудзинад Иунæг Стыр Аллах куыд сныв кодта, афтæ кæй нæ цыд, ууыл. Адæм Хуыцауы раз æмхуызонты, фæлæ Уæлладжы хæрзиуджытæ иуæй-иутæ сæ сæртыл сарыхъхъы бæсты дарынц æмæ дзы иннæтæн, куыдзæн стæг куыд аппарай, афтæ аппарынц, куы сæ бафæнды, уæд. Тазайæн йæ ахуыргæнæг куыдфæстагмæ старст, йæ ахуыргæнинаг стыр Аллахы амынд фæндагæй куы фæивгъуыйа, уымæй. Йæ былтæм-иу ын хъуыран бахаста, йæ дыууæ æнгуылдзы-иу уæлæмæ сдардта æмæ-иу адджын хъæлæсæй базарыд: «Быхс, мæ хъæбул, æмæ цы агурыс, уый дын лæвæрд æрцæудзæн». Стæй-иу йæ амынд ныддаргъ кодта: «Иунæг Хуыцау йæхæдæг у куыд не сфæлдисæг, афтæ нæ хъуыдыты сфæлдисæг дæр. Уый йæхæдæг у хæрзиуæджы денджыз, æмæ рæхджы фездах дæ чъылдым, дæ зæрдæйы дын гуырысхо чи фæзынын кодта, уыцы хъуыдытæм, цæмæй æцæг фæндагыл фæхæст уай!» Тазайы удмæ куыдфæстагмæ уæлтæмæны рухс ныккаст æмæ йæ зæрдæйы налхъуытау æрттывта хъуыраны дыккаг сурæйы амынд: «Æцæг Аллахы къухы стæм æмæ Аллахы ’рдæм хъуамæ скæнæм не ’ргом».

Сих Абди Хуыцау æмсæр лæг уыд, æмæ алкæй нæ фæцис йæ феныны амонд. Таза йын йæ рухс амындтытæм хъуыста иудадзыг æмæ йæхи амондджыныл нымадта, сихы хус уæлармæн пъа кæнгæйæ. Йæ зынаргъ къухдарæнтæй æнахуыр сæрзилæн хæрздæф калдис æмæ Тазайæн суанг йæ удмæ хъардта. Хъуыраны æмдзæвгæтæ-иу куы кастис, уæд-иу Тазамæ афтæ зынд, цыма заргæ кæны.

Иу хатт Мединæйæ æрхæсгæ рагон стæнхъ сæлвæста йе тарæй, стæнхъы кæрæттыл уыд фыст незаманаг бейт[5].

«Удæгас ма чи баззайа, уый йæхи цæстæй фендзæн имамы хицауады уæлахиздзинад», — амыдта бейт.

Хъуыды ма кæны Таза, сих фæйнæрдæм куыд ахъахъхъæдта, цыма искæмæй тарст, уыйау. Бейт Хуыцаумæ сдардта æмæ скуывта:

«О Аллах, æрмæст æй ды зоныс æмæ йæ дæ фæрцы мах дæр зонæм».

Имамы хицауиуæджы фæуæлахиз кæныны æмгъуыд ацы бейт амоны, зæгъгæ, дзырдта сих, фæлæ уыцы æмгъуыд номхуындæй никæмæн схъæр кодта, æмæ уыцы сусæгдзинадæй фесæфти Тазайæн йе ’нцойад.

Уыцы бон Таза йæ бархъомыс æнæхъæнæй Стыр Хуыцауы бар бакодта. Йæ уд рагон тæригъæдтæй ссыгъдис дæргъвæтин ламазы фæстæ æмæ йын фенцондæр ис, ныр æм йæ ком ивазыны йеддæмæ ницыуал цыд. Хуыцау йæ сусæгдзинæдтæй иу раргом кодта Тазайæн æмæ хуымæтæджы фыййауы йе ’ннæ цагъартæй равзæрста. Тазайы Хуыцаумæ минæвар æрвитын нал хъуыд, уымæн æмæ йæхæдæг ссис минæвар. Йæ иугæндзон куывды фæрцы адæмы бардзæй фæхицæн ис, нырæй фæстæмæ йæм йе сфæлдисæг лæудзæн æввахсдæр.

Таза рæстдзинад агуры æмæ йæ а тæригъæдджын зæххыл нæ ары. Цы гæнæн ма ис мæгуыр лæппуйæн, уæлæрвты йæ агурыны йеддæмæ?

Сихы зикртæй[6] никуы фæцух ис Таза, йæ комы фынк калгæ, сæнтдзæфау Хуыцаумæ схъиудта. Дины ахъаз-иу æй сафтид кодта бынтон. Уый хыгъд-иу йæ уд ссыгъдæг, йæ хъуыды-иу фæбæрзонддæр ис. Зикры нысан дæр уый уыд: адæймаджы уд хуымгæнд у, уыцы хуымгæнд хæмпæлгæрдæг æмæ каконæй хъуамæ рывд уа, цæмæй Иунæг Стыр Хуыцау йæ тауинаг сыгъдæг мæры байтауа.

Хъуыраны æмдзæвгæтæ æнæкæсгæйæ базыдта Таза, фосы фæдыл цæугæйæ сæ йæхимидæг зарыд. Йæ хъусы хъуытаззæлау зæлланг кодта сих Чæлхийы бейт, рагон стæнхъы кæрæттыл фыст чи уыд, уый:

«Удæгас ма чи баззайа, уый йæхи цæстæй фендзæн имамы хицауады уæлахиздзинад».

Æмæ ноджы сих Абдийы амынд:

«Аллах æмæ йе скæнгæ адæмы æууæнк ссар æмæ имам суай».

Цалынмæ ацы ныллæг нæлгоймаджы къуырф цæстытæм кæса, уæдмæ амондджын у Таза, йæ цæрæнбонтæ йын ныддаргъ кæнæд Хуыцау.

Стæй æрцыд стыр бæллæх æмæ æбуалгъы ми. Байрамы стырбоны урус-мартайнаг шайтан Хуыцау æмæ йæ пехуымпары зæххон цæджындзы рафæлдæхта æмæ нал ис пысылмонты ныфс сих Абди.

О Стыр Хуыцау, куыд бабыхстай ахæм æбуалгъ ми! Кæд ацы тæригъæдджын зæххыл æппæт дæ фæндæй æрцæуы, уæд дæ цæмæн бафæндыд æгас Кавказы зикргæнджыты сидзæрæй фæуадзын? Рæстуырнджытæн та фæзындзæн ног имам, фæлæ уал уыцы урус-мартайнаг дзиглойы туг хъуамæ ныккæла. Афтæ фæнды Иунæг Стыр Аллахы æмæ цалынмæ Таза йæ фæнд нæ сæххæст кæна, уæдмæ йын, о не Сфæлдисæг, йæ куывдтытæ йæ худæй уæлдæр ма суадз!

Дарго æмæ йын Эрсенойы хъæуты хæлæрттæ уыд — Арапхан æмæ Албаст. Уыдон дæр фыййæуттæ уыдысты æмæ сæрвæты базыдтой кæрæдзи. Æрзылдис сыл, йæ фæдыл сæ ракодта фæдисы. Бæстæ уалдзыгон хуры малы йæхи надта æмæ арв худтис, фæлæ Тазайы цæсгом нылхынцъ ис. Зæронд куырæтæй йе уонтæ ныхъхъил сты æмæ, стæгнизæй рынчынау, йæ уæнгтæ æндзыгæй хаста. Йæ хъоппæг цæстытæ ныттар сты æмæ йæ даргъ фындзы базыртæ, куынцы фæрстау, змæлыдысты. Бæх скъæргæйæ йæ роцъо размæ рацыргъ æмæ йе ’нгуылдзтæ хъамайы фистоныл нындæгъдысты. Арапхан æмæ йæм Албаст сдзурын нæ уæндыдысты, афтæмæй скъæрдтой йæ фæдыл. Чысыл доны был баурæдта йæ бæх. Йæ хъыримаг, йæ хъама систа æмæ сæ иуварс æрæвæрдта. Ихсыд æрчъитæ æмæ фæныкгъуыз зæнгæйттæ раласта, йæ къæхтæ уазал доны нытътъыста, сæхсадта сæ, уазал донæй йæ ных ахуылыдз кодта, стæй саргъæмбæрзæн чысыл гауыз донбыл байтыгъта, йæ уæлæ ронбæгъдæй æрзоныгуыл кодта æмæ йе ’рмттæ фæйнæрдæм айтыгъта, афтæмæй йæ бирæгъцæстытæ авгау асалдысты. Ламаз куы фесты, уæд æй Арапхан афарста:

— Кæйонг у нæ фæндаг?

Таза дæргъвæтин ламазы фæстæ йæ ком ивазынмæ бавнæлдта æмæ йæ дзуапп ныддаргъ ис.

— Иунæг Стыр Хуыцауы бафæндыд: Урус-Мартаны мын иу лæг уæлдайаг у, æмæ йæ ахсæв йæ цардæй фæцух кæнут, — загъта Таза.

— Ау, æмæ йыл цæмæн систа йæ къух йе сфæлдисæг? — фæджихау Албаст.

Хъуыраны сура йæхирдыгонау базарыд Экмырзæты Таза:

— Уæ цæсты гагуытау хъахъхъæнут Хуыцауы минæвæртты цæрæнбонтæ, уымæн æмæ уыдон тауынц тæригъæдджын бæстыл рухс æмæ æхцонад. Сих, муфти, кæнæ хадзымæ йе ’хсар чи райса æмæ рухстауæг цырагъ ахуыссын кæнынмæ чи бахъава, уымæн йæ цæрæнбонтæ ист æрцæуæд! — йæ къух йæ ныхыл авæрдта Таза.

— Аллах-бисмиллах! Чи у уыцы тæригъæдджын?

Таза уæлдæф йæ дзыхæй ацахста æмæ йæ роцъо размæ рассыдта цуркау. Ома уыцы хабар æгас дуне куы фехъуыста, уæд æй Арапхан æмæ Албаст куыннæ фехъуыстой.

— Иунæг Стыр Хуыцау загъта: цæстытæ дын уымæн радтон æмæ сæ уынай, хъустæ дын уымæн радтон æмæ сæ хъусай, тых дын уымæн радтон æмæ де знаджы цæвай!

— Стыр Аллах сегасæн æмхуызон хъустæ æмæ цæстытæ нæ радта! — бафиппайдта Арапхан.

Албаст æмæ Арапханы уырныдта Тазайы уæларвон миниуджыты æцæгдзинад æмæ-иу, йæ цæсгомыл æнæзæххон хуыз абадгæйæ, сæнттæ цæгъдын куы райдыдта, уæд-иу æм сдзурын нал уæндыдысты.

«Ау, уыдон дæр фынæй куы нæ вæййынц Тазайæ хъауджыдæр, уæд æм Стыр Хуыцау, комкоммæ æрдзырдта?» — хъуыды кодта Албаст.

Таза, цыма Албасты хъуыдытæ кастис, уыйау йæ цæстытæ иу тæпмæ ныццавта.

— Нæдæр фынæй уыдтæн, нæдæр хъал. Нæдæр хуысгæ кодтон, нæдæр цæугæ. Маргъау мыл базыртæ разад, æмæ Хуыцауы хæтæнты хæтыдтæн, æгас дуне йæ хабæрттимæ мæ уды мидæг бацыд, афтæмæй. О, стыр хъуыддаг у искæй хъуыды æмæ бархъомысы хицау суай! Мæнæн мæ цæсты раз дунейы сусæгдзинæдты дуæрттæ байгом сты æмæ мын дымгæ Уæлладжы фæндонæй мæ хъусты цагъта, чи æрцыд æмæ чи нæма æрцыд, уыцы хабæрттæ.

— О Аллах!

Таза барджынæй йæ къух ауыгъта, йæ хæлæрттæм нал каст æмæ та йæ цæстыты дзæгъæл монц ныббадт.

— Ничи мæм сдзырдта, никæмæ сдзырдтон. Мæ цæстыты раз ничи лæууыд, ницы уыдтон, ницы хъуыстон. Мæ уд æрцæуæг æмæ æрцæуинаг цауты дзаггарз фестад. Йæ бон бирæ у, мæ уд йæ фæхъхъау!

Арапхан æмæ Албастæн сæ хъуын арц сбадт.

— Мæ уд йæ фæхъхъау! — сфæлхат кодтой уыдон.

— Сихы сыгъдæг удмæ йæ къух чи райста, уый Уæллагæн æхцон нал у æмæ ахсæв зындоны хъуамæ ныххауа! Афтæ фæнды Иунæг Стыр Хуыцауы! Аллах-бисмиллах!

— Аллах-бисмиллах!

— Цалынмæ Алханты цъаммар Махмуды чъизи туг ныккæла, уæдмæ сихы сыгъдæг уд дзæнæты дуаргæрон хъизæмар кæндзæн. Ахсæв дзæнæтмæ хъуамæ бацæуа йæ уд!

— Бафæндæд Уæлладжы!

Ноджы ма иу хатт скодтой ламаз æмæ сæ бæхты фæцагайдтой Таза, Албаст æмæ Арапхан. Æхсæвæрафонмæ бахæццæ сты Хуыцауы мастисджытæ Урус-Мартанмæ. Сæ бæхты цæфхæдтæ нымæты уадздзæгтæй стыхтой, фæлæ æмыр æхсæвы уæддæр хъуыст уынæр.

***

Сабыр æхсæв уыд. Арв æрбацасæста. Мæйдар æхсæв ноджы ныссау.

Æхсæвы цъиу Алхантæм æрбауасыд. Хазу æрбаймысыд: Махмуд йæ фыды мардæй куы ’рбахаста, уæддæр афтæ æрбауасыд æхсæвы цъиу. Фыййагыл цæхæр раскъæфта, сау æхсæвы минæвары фæдыл æй афæйлыдта.

— Хæйрæджыты хай фæу, уый дын мæ ныхас!

Махмуд йæхæдæг йæ дзыхыл цъутта сæвæрдта, фæлæ йæ Хазу фехъуыста: лæппу йе знагæй йæ фыды хæс райста. Уæд-иу, йæ фыды рагон æхсаргард цыргъ кæныныл ирхæфста йæхи, ныр къуымы цавддурау бандзыг вæййы. Йæ зæронд мады нал фæуыны æмæ йын нал дæр йæ рафт-бафт фæфиппайы. Туг райсыны хабар Махмуды æмбæлттæ загътой Хазуйæн. Йæхицæй не ’нтыст ахæм ныхæстæ. Йæ фыды халдих уыд, дзурын нæ уарзта. Хазу йæ дæлфæдтæм æрбадт æмæ йын йæ хъуынтъыз цæсгоммæ скаст, фæлæ лæппуйы дзæгъæл цæстæнгас йæхирдæм не ’рбаздæхта. Йæ алывæрсты æрзылд, йæ фæтæн уæхсчытыл ын йæ къухтæ авæрдта. «О-о-о, Махмуд!» — ныллæг хъæлæсæй адаргъ кодта уыцы «о-о-о», Цæцæн-Мæхъхъæлы искæмæ сидгæйæ куыд адаргъ кæнынц сæ ныхас, афтæ.

Лæппуйы сæвджын уæхсчытæ дæлæмæ-уæлæмæ кодтой æмæ йæ Хазу базыдта: цахæмдæр мæт йæ зæрдæйы фæзынд æмæ йæ æвдæрзы.

Йæ сæнттæ уыцы иу ранмæ скъæрдтой Махмуды. Чи зоны, та сих Махмуды дæр йæ фыды фæдыл барвыстаид, уыцы афицер куы нæ уыдаид, уæд. Йæ ном дæр ын нæ базыдта, афтæмæй аивгъуыдта. Махмуд æй йе знаг æнхъæлдта, уый та шайтанау худтис æмæ хынджылæг скъæрдта. Йæ маст ноджы тыхджындæр рахсыст æмæ йæ фæдыл марынмæ срæуæг ис æвзидгæ.

— Æндонау фидар разынд, шайтанау худтис æмæ хынджылæг скъæрдта.

Хазу афтæ фенхъæлдта, Махмуд сихы кой кæны.

— Нæмыг æм æмгæрон нæ цыд, æмæ йæ кард нæ карста.

— Табу Хуыцауæн, мæ хъæбул, ды уымæй тыхджындæр разындтæ!

Махмуд йæ къух ауыгъта:

— Сихæй нæ зæгъын, нана.

— Уæдæ ма дæ кæимæ бахъуыд дæ тых бавзарын?

Цадæггай дзырдта, тохынайы арты æвзæгтæ йæ цæстыты симдтой.

— Сихæн йæ фæсдзæуинтæ йæ сæрыл рахæцыдысты æмæ мыл æрхъула сты, куыйтау. Уый сæ æрбасырдта, карды тъæпæн сæм аздæхта, къуыммæ сæ бассыдта. Стæй се ’хсæн шайтанау смидæг, фæйнæрдæм сæ апырх кодта.

— Кæмæй зæгъыс?

— Ирон афицерæй. Æз æм марынмæ æвзыстон, уый та мæ хынджылæг скъæрдта. Афтæ мын хъæуы, дзæгъæл къæбылайау дардтон йæ разы мæхи æмæ мæ цæстæй ницыуал уыдтон. Хуры тынтæ адæймаджы куырм кæй кæнынц, уый мæ айрох, нана, æмæ йæм комкоммæ скастæн. — Фергом кодта Махмуд йæ сæйраг сагъæссаг, фæлæ йæ Хазу кæм бамбæрстаид, уыцы «хур» Зарæ кæй уыд, уый. — Куы фæуынгæджы дæн, уæд йæ хъазын ныууагъта æмæ, ме ’фсымæрау, мæ фарсмæ слæууыд. Сæ кæрдтæ акалын кодта мюридтæн уыцы дæлимон. Кувджытæ схъомпал сты æмæ нæ се ’хсæн скодтой, Алхаститæ куы нæ уыдаиккой, уæд æй куыдзы мард ныккодтаиккой.

— Хуыцау хæрзиуæгджын у, мæ хъæбул. Хуыцау йе сфæлдисгæ адæмы развæндæгтæ йæхæдæг нывæнды, мад йæ сабийы развæндæгтæ куыд нывæнды, афтæ, — зæгъы Хазу.

— Мæ фыд мын кæй марын бафæдзæхста, уый зын сахаты ме ’фсымæр разынд. Чи у раст, нана, кæнæ нæ чи ардауы фыдвæндагыл?

— Иунæг Хуыцауы йеддæмæ йæ ничи зоны, мæ хъæбул.

— Иунæг Хуыцау йæ иу цæст бацъынд кодта, афтæмæй кастис æз æмæ афицеры хæстмæ.

— Афтæ ма дзур, мæ хъæбул. Иунæг Хуыцауы фæрцы дын бантыст дæ фыды туг райсын.

— Хуыцауы фæрцы æви брутаг лæппуйы фæрцы?! — Æнтъыснæгæй дзырдта Махмуд.

Хазу йæ комкоммæ афарста:

— Йемæ ма чи уыд?

— Йемæ?.. Йемæ ма уыд иу лæппу, — йе ’взаг ныссуйтæ Махмудæн. — Иу лæппу æмæ иу чызг. — Зæхмæ ныккаст æмæ йæ хъæлæс бынтон ныггуыппæг лæппуйæн. — Мемæ кафыд, нана, æмæ йын ницы базыдтон, зæд уыд æви чызг.

Хазуйы зæрдæ ныссæххæтт ласта, фæлæ ницыуал загъта. Махмуд дæр ныхъхъус ис. Цæцæйнаг чызг куы уаид, уæд, чи зоны, нæ бахъæуид Махмуды уыйбæрц хъынцъым кæнын. Алхан Хазуйы бæхыл куы авæрдта æмæ йæ куы аскъæфта, уæд æй зонгæ дæр нæ кодта. Æгæрыстæмæй йын йæ ном дæр никуы фехъуыста. Сау нымæты атыхтой Хазуйы, Селайы[7] хуызæн лæппу йæ бæхыл авæрдта æмæ фæтары ис. Фæдисонтæ йæ фæстейæ гæрæхтæ кодтой, фæлæ арвæрттывд нæмыгæй цырддæр рауад.

«Аирвæзæн мын нал ис, фæлæ мæ раскъæфæг зæронд лæг куы нæ разынид», — зæгъгæ, бæллыд Хазу. Нымæты зыхъхъырæй йæм скаст сусæгæй. Лæппуйы хурсыгъд цæсгомыл йæ цæст æрхаста, саудалынг цæстыты ферттывд суанг йæ зæрдæмæ бахъардта.

Стæй сын саби райгуырд, амонд æмæ сæм уарзт сæхи къахæй æрцыдысты. Афтæ у рагæй-æрæгмæ, афтæ уыдзæн нырæй фæстæмæ дæр. Райдианы мойаг æрцæуы, стæй та амонд æмæ уарзт. Алханы хъысмæтæй Хуыцау бахизæд алкæй, фæлæ сæ Хазуйы хуызæн амонд куы фæуид!..

Махмуды дзагъыр цæстытæм бакаст Хазу, афарста йæ:

— Цымæ цы бавæййы ирон афицерæн уыцы зæд?

— Нæ зонын, — цыбырæй загъта лæппу, цæхæры æрттывдмæ æдзынæг кæсгæйæ.

Цæцæйнæг чызг куы уаид, уæд æй раскъæфиккой. Уый фæстæ йæм уарзт æмæ амонд сæхи къахæй æрцæуиккой, Хазумæ куыд æрцыдысты, афтæ. Райдианы йæм Махмуд æрцæуид йæхæдæг, стæй та уарзт æмæ амонд. Фæлæ æндæр туг уыд æмæ, чи зоны, Махмуд дыккаг туджджын ссардтаид йæхицæн. Сегас та иумæ куы зилой иунæг лæппуйы фæдыл, уæд æй Стыр Хуыцау дæр нал бахъахъхъæндзæн.

— Махмуд, Урус-Мартаны бадын дын ницы пайда у, — зыр-зыр кодта Хазу.

— Уæдæ кæдæм фæцæуон мæ фыды артдзæстæй, нана?

— Де знаг дын кæм ницыхъом уа, уырдæм.

— Нырма Цæцæны мæ фыды ном нæ банымæг, æмæ йын йæ артдзæстмæ тыхæй чи æрбалæбура, ахæм нæй, — фидарæй загъта лæппу.

— Рæстæг ивы, мæ хъæбул, адæм дæр ивынц, — цахæмдæр æнкъарæн йæ уæлныхты систа Хазуйы.

Æхсидæвтæ басыгъдысты. Сæ рухс уыйбæрц нал ахадыдта талынг хатæны.

— Чи зоны, æгас Урус-Мартан фæуа лидзинаг, нана. Чи зоны, æгас ком, æгас цæцæн! — сæнттæ цагъта Махмуд.

Хазу фестад, фыртасæй хатæны дзаумæттæ дыдзы рухсмæ йæ цæсты раз схъомпал сты æмæ йæ сæр разылд.

— Кæй фыдæй ныл кæны уыцы бон? — тыхæй аныхъуырдта йæ комы къулты дон.

— Паддзах æмæ йæ фæсдзæуинты фыдæй.

— Паддзах æмæ йæ фæсдзæуинтæ рагæй архайынц ууыл, фæлæ сын нæ бантыст. Кæд та сын нæ бантысид ныр дæр, мæ хъæбул.

— Махмуд! — топпы гæрахау анæрыд æхсæвы æмырдзинады кæйдæр сидт.

Махмуд фæсыкк ис.

— Уæуу! — фыртасæй фестъæлфыд Хазу.

Махмуд лæмбынæг ныхъхъуыста. Хазу йæ ризынæй нал æнцад.

— О-о-о, Махмуд! — æрбадзырдæуыд та.

— Æз æм акæсдзынæн, сылгоймагыл куыдз дæр нæ рæйы, — дуарыл йæхи ныццавта Хазу.

Махмуд йæ мадыл иуварс ахæцыд.

— Райсом мыл Урус-Мартаны зарæг куыд раскъæрой!

Йæ фыды хорасайнаг æхсаргард систа. Хазу йын йæ армы Алханы рагон хъыримаг фæсагъта. Кæртмæ рауад, талынджы ахъахъхъæдта лæмбынæг, фæлæ дзы никæй федта. Кауы фалейæ бæх лæууыд. Йæ барæг никуы зынд.

«Кæд хорзæн æрбацыд, уæд йæ бæхы иуварс цæмæн фæуагъта?» — йæ зæрдæйы судзинау фæныхст уыцы хъуыды.

— О-о-о, Махмуд! — анæрыд та æхсæвы бæлццоны сидын, фæлæ сидæг нæ зынд. Хъæугæронæй чидæр бæх æрбацæйскъæрдта. Йæ цæфхæдты къупп-къупп æмыр талынджы фæйнæрдæм, авджы згъæлæнтау пырх кодта.

— Кæцы дæ?

— Таза, — райхъуыст кауы фаллаг фарсæй æнуд хъæлæс.

Чысыл фалдæр ма ноджы иу бæх фæфиппайдта. Уымæн дæр йæ барæг нæ зынд. Хъæугæронæй бæхы къæхты хъæр æввахсæй-æввахсдæр кодта.

«Фæйнæрдыгæй мæ милмæ систой. Чидæр ма сæм ноджы æрбатындзы!» — ахъуыды кодта Махмуд, стæй йæ бынатæй нæ фезмæлгæйæ загъта:

— Тазатæ бирæ ис цæцæны!

— Экмырзæты Таза дæн!

Экмырзæты Тазайы куыннæ зыдта Махмуд. Æнæауæрдон, нæрæмон зикргæнæг æмæ сихы хъузонтæй сæ иу кæй уыд, уый дæр зыдта, фæлæ фысымы æгъдау куыд амоны, афтæ йæм сдзырдта:

— Æгас нæм цу, Таза. Абонæй фæстæмæ мæ хæдзар дæ хæдзар уæд æмæ дын мæ риу фæндагæн дæттын. Мидæмæ нæм рацу, нæ цæхджын хойрагыл нын дæхи ма атигъ кæн.

Кауы уистæ ныкъкъæрцц-къæрцц кодтой. Фалейæ цы бæх лæууыд, уый цур дæр бæзмæлыд гуылмыз æндæрг, æмæ Махмуд базыдта: æрхъулагæнджытæ хъæугæронæй æрбацæуæгмæ кæй не ’нхъæлмæ кастысты æмæ батындзыдтой, цæмæй сæ ма æрбаййæфтаид.

— Æгас уыдтæ, ныр та хæрзтыл æмбæл дæ фыды бæстæм!

Топпы гæрах фæцыд. Топпыхос куы ныггуыпп ласта, уæд Тазайы бирæгъдзæсгом ферттывта талынджы. Нæмыг Махмуды галиу цонг ацарыдта. Хъыримаг йæ къухæй ахаудта. Рахиз къухæй йæ цæфмæ фæлæбурдта æмæ йæ мидбынат фæдзуццæг кодта.

Хазу рагæпп ласта хæдзарæй æрдиаггæнгæ:

— Мæ къонайыл мын дон ма ауадзут!

Каурæбынмæ бабырыд. Уырдыгæй йæ мадыл йæ хъæлæсыдзаг фæхъæр кодта:

— Хæдзармæ ацу, нана, уазджытæн фынг æрцæттæ кæн!

Фæндагыл цаппуалæй цы бæх æрбацæйуад, уый цæфхæдты къупп-къупп йæ сæры магъзы зæгæлтау ныхст. Йæ галиу къух нал бæззыд архайынæн. Рахиз къухæй хъыримаг кауы хуынкъæй адардта æмæ, куыддæр Таза бæхмæ сгæпп ласта, афтæ топпы гæрах фæцыд, фæлæ фæивгъуыдта. Топп сæргъæвыны фадат ын нал уыд. Хорасайнаг йæ рахиз къухы нылхъывта æмæ, кауы фаллаг фарс йæ бæхы чи кафын кодта, уый æрбасæррæтмæ æнхъæлмæ каст. Уалынмæ хъæувæндагыл чи æрбацæйтындзыдта, уый æрбахæццæ æмæ тæхгæ бæхæй комкоммæ йæхи кауы сæрты Махмуды кæртмæ æрбаппæрста. Тазайы æмбал æй æрбахста, фæлæ уый ныгъуылийау фæдзуццæг æмæ нæмыг йæ сæрты ’хситгæнгæ атахт. Фæстæмæ фестад, Тазайæн йе ’муд æрцæуыны фадат нæ радта, афтæмæй йæ дамбацайы дзыхæй арт рарæмыгъта æмæ та фæстæмæ аныгъуылд каурæбын. Тазайы бæх йæ фæстаг къæхтыл алæууыд æмæ йæ барæджимæ сæ тъæпп зæххыл фæцыд. Дыууæйæ йæм æрбаскъæрдтой сæ бæхты. Таза зæххæй уыцы иу схъиуд фæкодта гæдыйау æмæ йе ’мбалы фæсарц февзæрд. Кауы сæрты йæхи чи æрбаппæрста, уый сæ фæстейæ бахста, фæлæ сæ нæмыг нал баййæфта.

 

— Фæлидзынц! — Махмуды тæккæ фæсчъылдымæй фæцыд Хазуйы хъæр.

Фæйнæрдыгæй гæрæхтæ æмæ бæхты цæфхæдты хъæр сарæх сты. Хъæуы фæсивæд æнæхонгæ уазджыты фæдыл рафæдис кодтой.

Таза æмæ йе ’мбæлттæ алыгъдысты, фæлæ ма кауæн æддейæ иу бæх йæ мукъутæй мидæмæ æвнæлдта æмæ йæ барæгмæ мыр-мыр кодта. Хазу æмæ Махмуд каурæбын фæрсæй-фæрсмæ тъæпæнæй бадгæйæ кастысты кæрты æдзынæг лæууæджы æндæргмæ.

— Кæцæй февзæрдтæ, чи дæ? — фæрсы йæ Махмуд.

— Мамсыраты Темырболат, — загъта уый æмæ йæ дамбацайыл бафу кодта.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: