II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 35 глава




— Фæстейæ баззайынæй тæрсыс, мæ хæлары къуындзих?

— Дæхи æнæхъуаджы куы нæ буц кæнис — тызмæгау ын загъта уый.

— Кæд нæ тæрсыс, уæд дæ бæхы саргъ цæмæн систай?

— Бæх хæрæг нæу, æмæ йæ дугъы куы скъæрай, уæд ыл уæлдай уаргъ ма хъуамæ сæвæрай.

Саргъы уæз сисын бæхæн цас фæахъаз уыдаид, фæлæ йемæ быцæуыл чи ныллæууыд, уый хъæппæрис басæттынмæ хъавыд хинæй. Иналыхъ фергъуыйау, саргъы уæзæй дугъ рамбулынмæ чи хъавы, уымæн ма ноджы исты бантысдзæн, зæгъгæ. Хъуыды кодта йæ къуымых зондæй Муссæйы иугъæдон архайд æмæ йæ цæстыты сусæг ферттывд æцæг фæтæрсын кодтой Иналыхъы: «Ацы хин цыдæр сусæг ми зоны æмæ мын æй нæ хъæр кæны!» Стæй кæсгон æлдары чызгыл дзырдта, æмæ йæм йæ амонды хай адæмы ’хсæнæй кастис. Дугъы фæстейæ куы баззадаид, уæд ын, чи зоны, нал бакуымдтаид.

— Уæд та дæ бæхы цæфхад ахауыны ’фсон дугъы куы нæ рацæуис, Муссæ! — сусæгæй йын лæгъстæ кодта.

— Хорз, Иналыхъ, дæ хатырæй йын йæ цæфхад рафтаудзынæн.

Хæдзармæ куы рацыдысты, уæд Муссæйæн йæ фыд бауайдзæф кодта:

— Лæппу, дæ комдзаг дын æрвыл хатт афтæ куы исой, уæд стонгæй ныммæлдзынæ.

Алхастæн æй не схъæр кодта, дугъы сгуы æмæ кады нуазæн Иналыхъæн лæвар кæй бакодта, уый.

Иналыхъ никуы зынд. Муссæ æрбамæсты.

Рагон бæстыхай йе ’мбисыл ахицæн чындæуыд. Йæ галиу æмбис уыд æхгæд æмæ йæм бакæсæн никуыцæй уыд.

«Æвæццæгæн, гарем уыд раджы кæддæр, æмæ йæ Иналыхъ афтæмæй ныууагъта! Кæдæм фæлыгъд йæ хицау æмæ цæмæн ныууагъта йæ къона авд хохы фалейæ æрцæуæг æцæгæлон лæгæн? Гæвзыччы бон ыл æркодта, æви йæ цард фæуæрæхдæр ис?» — хъуыды кодта Муссæ.

Фæсдзæуин рацыд.

— Эффенди, мæ кадджын хицау афтæ зæгъы: ацы тæвды уазæгмæ чи бæллы, уымæн йæ мæрдтæ иу хæрæг бахæрæд, фæлæ кæмæ æрбацæуа æмæ йæ кæртæй чи аздаха, уый мæрдтæн та дыууæ хæрæджы фæлдыст!

— Табу Хуыцауæн, Иналыхъ зондыл фæхæст ис!

Зилгæ асиныл уæллаг хатæнмæ схызтысты. Йæ разы йын дуар байтыгъта фæсдзæуин, фæлæ хатæны хуылфы дзаумæтты йеддæмæ йæ цæст ницæуыл схæцыд. Дыккаг дуар бакодта туркаг. Ноджы та афтид хатæны астæрдыл ссыд Муссæйы цырыхъхъыты къуыпп-къуыпп.

«Æвæццæгæн, авддуары фалейæ ис йæ хатæн!» — бахудт уазæг йæхимидæг.

Æртыккаг дуар байтыгъта фæсдзæуин æмæ уазæджы раз йæ сæр æруагъта дæлæмæ.

Фæлмæн сынтæгыл фæрсылæй бадтис хæдзары хицау, тымбыл баз йæ дæларм скодта, афтæмæй. Æнтæфы йæ цæсгом цæхæрайау ныссырх.

— Уый æцæг паша куы сдæ, Иналыхъ! — дуарæй бахизгæйæ загъта Муссæ.

— Кæдæй уæдæй ма лæджы хуызæн лæг уынын мæнæ-æ-æ! — ныддис кодта Иналыхъ æмæ Муссæимæ кæрæдзийыл ныттыхстысты.

Муссæйы фенд ын тынг æхсызгон уыд. Сфæлмæцыд æцæгæлон сахары æнæ хицонæй. Йæ уæлæ уыд хæдзарыдарæн атлас хæлаф, йæ къæхтыл — схъæлфындз фæлмæн дзабыртæ. Раздæрау йæ сæр æртæтигъон нал уыд. Йæ дæллагхъуыр æмæ йæ русты фиу фæбæзджындæр æмæ йын ратыппыр сты, фæлæ къæмисæнтæ мидæмæ цъистæй баззадысты. Быныл даст сæр æмæ рустæ фырлæгъзæй æрттывтой. Кæрæдзимæ æввахс цæсты къуырфытæ дзæбæх æвдыстой, Иналыхъыл зонд тынг кæй нæ уæз кодта. Муссæйы бухайраг худы æмæ цухъхъайы æлвæстæй куы федта, уæд хорзау нал фæцис æмæ, хатыр ракургæйæ, йе схъæлфындз фæлмæн дзабырты гом зæвæттæ тъæптъæпгæнгæ хатæнæй ахызт.

— Бынтон æрцыдтæ, Муссæ? — афарста йæ Иналыхъ, фæстæмæ æрбаздæхгæйæ.

— Нырма нæ, — йæ къух ауыгъта Муссæ æмæ йæ зæрдæ чысыл фæрогдæр, Иналыхъ йæ туркаг дарæс кæй раивта, уымæй.

— Ды мæнау куырмæджы нæ рацæудзынæ, рагацау уал басгарынмæ æруадаис, — комкоммæ скаст уазæджы цæсгоммæ Иналыхъ.

— Æрмæст бинонтимæ куы цæуин, уæд бæласы бын дæр æрæнцаин мæ бынаты бардуагимæ, — загъта сагъæсгъуызæй Муссæ.

Фысым фæхъыг ис, фæлæ йæ нæ равдыста.

— Ды рагæй дæр лыстæджытæй нæ луарыс! Кæй мæт ма кæныс?

— Дæ сыхаджы хъизæмармæ куы кæсай, уæд дын йæ иувæрсты ахизæн нæй, Иналыхъ! — Цармæ скаст, тулдз хъæдæрмæгæй конд мыдадзгъуыз хæдзары мигæнæнтыл ахаста йæ цæст. — Дæуæн цы у, Хуыцауы цæхæрадоны ныххаудтæ.

Иналыхъ æм аивæй бакаст, кæддæра цас раст дзуры, зæгъгæ. Йæхæдæг дæр æй фелхыскъ кодта:

— Хуыцау загъта: цы фæразыс, уый сæккой кæн!

Муссæ дзы йæ цæстытæ фæсагъта.

«Цъингуыр уыдтæ æмæ цъингуырæй баззадтæ, Иналыхъ!» — ахъуыды кодта. Æргомæй та загъта:

— Фæразгæйæ æз дæр хæхтæ нæ афæраздзынæн, дæуæй хъауджыдæр, фæлæ нæ Хуыцау, иу куырисы æфсиртау, иумæ баст фæкодта æмæ уыцы бастæй сбырæн нæй.

— Кæимæ уæ сбаста хъысмæт иумæ?

— Ныр æртиссæдз азæй фылдæр дины сæрыл чи хæцы, уыдонимæ. — Æрхæндæгæй загъта Муссæ.

Иналыхъ йæхиуыл рахæцыд, æвæццæгæн мæ мæ хъустæ сайынц, зæгъгæ. Муссæ йæ хъысмæт уыцы адæмы хъысмæтимæ, иу куырисы хæтæлтау, иумæ баст кæм хоны, уым, æвæццæгæн, Уæрæсейы цыдæр ног хабар æрцыд.

— Уыдон донæн уыцы фарс сты, демæ цы агурынц, Муссæ?

— Ныртæккæ негас дæр донæн йæ иу фарс стæм, Иналыхъ.

— Дæ ныхасмæ гæсгæ Байрамы стырбоны хабæрттæ æцæг сты, уæдæ?! — ныддис кодта Иналыхъ.

— Ардæм дæр æрхæццæ сты?

— Уыдон æрхæццæ сты, фæлæ ды куыд æрхæццæ дæ?

— Талынг æхсæв æмæ фæсвæндæгтæ — мæ цæдисон.

Иналыхъ гуырысхо нал кодта уазæджы ныхæстыл.

— Талынг æхсæв æмæ дын фæсвæндæгтæ фæстæмæ цæугæйæ нал сбæздзысты, Муссæ! Искæйтимæ арæны сæрты рахиз-бахиз æнцон нæу.

— Кæд мæ дæ ног хицауы хорзæх уа, уæд мæ уыдæттæ нал бахъæудзысты, Иналыхъ, — йæ армытъæпæнтæм фæлладгъуызæй кæсгæйæ, схæцсхæцгæнгæ дзырдта Муссæ. — Фæнды мæ æви нæ, уæддæр мæ фæндаг ардæм хъуамæ скæнон. — Иугæр æз куы цæуон, уæд бабирæ уыдзыстæм, æнхъæл дæн.

— Æз раджы дæр зыдтон, нæ фæндаг ардæм кæй цыд, уый, — барадис Иналыхъ. — Стыр султаны дæлбазырмæ хъуамæ æрæмбырд уой Кавказы пысылмонтæ. Амыты куы сбирæ уæм, уæд нæ бæстæйы тыххæй хъыг дæр нал кæндзыстæм. Боныфæстагмæ, Турчы зæххыл дæр ис дыккаг Ир саразæн.

Иналыхъ ын йæ риссаг нылхъывта æмæ фырдудагæй йæ сæвджын уæхсчытæ уæлæмæ ссыдысты. Муссæйæн Уæрæсейы хицауадимæ иумæйаг кæй ницыуал уыд, уый бауырныдта туркаг ироны, хæлæг æм кодта: «Ды та уыцы лыгъдæй дæхицæн пайдатæ скæндзынæ, Туркмæ дæхицæн лæггадгæнджытæ æрыскъæрдзынæ æмæ сыл дæ арм дардзынæ».

Иналыхъ сдыгъуырццæг. Кæд Байрамы стырбоны аххосаг Муссæмæ хауы, уæд Туркмæ куыд раирвæзт. Науæд йæхæдæг раирвæзæд, фæлæ йæ бинонтæ цы баисты йæ фæстæ? Уыцы хабæрттæй йæ лæмбынæг нæ фарста, уымæн æмæ йæ йæ зæрдæйы бынмæ нæ ныккæсын кодтаид уазæг. Æппæт дæр не сфæлдисæджы къухы ис. Уый куы бафæнда, уæд султан Абдул-Азиз Иналыхъæн ныфс бавæрдта æмæ иу мæй, кæнæ та мæй æмæ æрдæджы фæстæ туркаг ирон Зонгулдачы вилайеты паша суыдзæн.

— Кæд дæ бæстæ феныны сæраппонд азилын фæнды, уæд æз демæ ацæудзынæн. Цæрыны фадæттæ кæм хуыздæр сты, уый нырма æз дæуæй хуыздæр зонын, — æнæнхъæлæджы загъта фысым.

— Бузныг, Иналыхъ. Стамбулæй æддæмæ нæ цæуын. Мæ фæндаг комкоммæ Портайы бæрзонд дуармæ хъуамæ скæнон, — тызмæггомау загъта Муссæ.

Иналыхъ, æцæг туркагау, йæ къухтæ уæлæмæ сдардта:

— О, Портайы бæрзонд дуæрты бон бирæ у, сæ хорзæх дæ уæд!

— Хуыцауæй арфæгонд у, Иналыхъ. Кæд нæ сæ хорзæх уа, уæд фервæздзысты нæ удтæ æмæ мæн дæр нал бахъæудзæн талынг æхсæв æмæ фæсвæндæгты сæр.

Уатмæ муэдзины сидын æрбайхъуыст. Фæссихоры ламазмæ сидтис Хуыцауы минæвар.

— Иналыхъ, мæ мæрдтыл кæуынæн бахъуыдтæн æмæ дæ фæрсгæ дæр нæ акодтон. Куыд цæрут, кæд ницæуыл хъыг кæнут, уæд хорз!..

— Знон мæхæдæг дæр бахызтæн Бæрзонд дуарæй мидæмæ, — сæрыстырæй загъта туркаг ирон.

— Хъаст кæныны сæраппонд бацæуынæй дæ Хуыцау бахизæд!

— Нæ, уыдæттæй дзы ницы ис! Зонгулдачы вилайеты паша йæ царыхъæдтæ бахордта. Ферох дзы ис, йæ сæрмæ Хуыцауы хæдивæг кæй лæууы, уый. Æгæр хæдбарæй цæры æмæ султанæн æхцон нал у. — Иналыхъ йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ бахудтис, цыма йæ ныхасæй йæхæдæг æфсæрмы кодта. — Стыр хицауы къæлæтджынмæ мæ фыд дæр никуы ивæзта йæхи, æз та йæм æппын нæ тæхуды кæнын. Иунæг Стыр Хуыцауы бафæндыд æмæ султаны хицауадæн æнæфтиаг цы паша ссис, уый къæлæтджын ды бацахс, зæгъгæ. Цыма ууыл куыдтон æхсæвæй-бонæй! — Йæхæдæг кæй цыдис лæгъстæмæ, уый не схъæр кодта Иналыхъ.

«Хъазгæ нал кæны Куыцыккы фырт!»

— Мах дæр лæгтæ кæй стæм, уый сын фенын кæн!

Хуыцаубон баизæр ис. Суанг æмбисæхсæвмæ фæбадтысты уазæг æмæ фысым. Райсом Турчы хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрмæ хъуамæ бацæуон, зæгъгæ, ахицæн кодта Муссæ сæ даргъ ныхас.

Хуыссæнуаты ’рдæм йæ разæй фæсдзæуин фæцæйцыд. Йæ къухы цырагъ тыбар-тыбур кодта. Абоны дзæгæрæг нырма не ’рысыст, фæлæ фырвæлладæй уайтагъд афынæй. Фыны дæр æм муэдзины цъæхснаг хъæлæс хъуыстис, цырагъау сыгъдæг минаретты цъуппытæй фæйнæрдæм зæлланггæнгæ чи æнхъæвзæн кодта æмæ пысылмонты удтыл, хæлуарæджы тынау, чи тыхст, уыцы цъæхснаг хъæлæс.

Иналыхъ нырма фынæй уыд, зноны фæсдзæуины уынæр дæр никуыцæй хъуыст. Муссæ йæ къахфындзтыл кæртмæ рахызт. Наулæууæны ’рдæм акодта йæ фæндаг. Минаретты цъуппытæ æрвгæроныл джебогъты бырынчъытау зындысты. Босфоры цъæх-цъæхид донмæ хур нæма ныккаст. Цырагъау æрттиваг минареттыл фæздæггъуыз фæлм æртыхст. Фæцæйцыд сусæг минæвар, йæхинымæры сæ нымадта æмæ дис кодта: макуы бабын уат, кæд куыд рæсугъд стут сæумæрайсом! Æниу æй чи зæгъдзæн, сихорафон къаддæр у сæ тæмæн, зæгъгæ? Науæд зæрæхсиды фæлурс уæлдæфы ноджы тыхджындæр не скалынц сæ хуыз? Уæддæр райсомы сахаты сæ бакаст алæмæт у. Цыма зыбыты бæгънæг сылгоймаг фæлмæн сынтæгыл хуыссы, дзæнхъайы хуызæн буар æмæ къуыприутыл фæздæггъуыз тæнæг хыз æрæмбæрзта æмæ хыз уæларвон æнгæс лæвæрдта буарæн.

Денджыз, цæхмондаг галау, сдæрдта Халичы донбылгæрæтты. Уылæнтыл рæдзæ-мæдзæ кодтой, цалдæр азы размæ Синопы бухтæйы хæсты уырыссаг адмирал Нахимовы флот цы наутæ дæрæн кодта, уыдон: Сау ахорæн æмæ писийæ ахуырст наутыл урс дамгъæтæй фыст нæмттæ æрттывтой. Муссæ каст туркаг æмæ англисаг æвзагыл фыст зæронд дзаггæрзты нæмттæ æмæ йæ хъуыдыты агуырдта, Синопæй ма тыххæйты чи раирвæзт, уыдон: «Таиф». «Меджидис». «Саик-Шады». «Нусрет-Бахи». Ныр Кавказы донбылгæрæттæй ластой хуыздæр амондагур мухаджирты æмæ, цалынмæ Турчы донбылгæрæттæм æрбахæццæ вæййынц, уæдмæ сæ уаргъы фылдæр æмбис Сау денджызы æхсидгæ уылæнты акалынц.

Баязиды мæзджыты минаретæй моллойы хъæр райхъуыст. Фалейæ дæр ын чидæр дзуапп радта æмæ чысыл фæстæдæр æгас Стамбулы азанхъæргæнæнтæ кæрæдзимæ сидтысты. Исламы дин куы фæзынд, уæдæй нырмæ уыцы сидт йе ’мбæлццон у. Пысылмон дунейы сæумæрайсом уый æрцæуын кæны йе ’муд. Æмбисбон ын уый фæзынын кæны йе уæнгты Иунæг Стыр Хуыцауæн табу кæныны бархъомыс æмæ йæ изæры дæр уый барвиты хуыссæджы дунемæ. Цыдис гаккæй пысылмон дуне æнусты фæндагыл æмæ йемæ уды хæлцæн хаста муэдзины сидт.

Муссæ уæлæмæ скаст, йæ разы бæрзонд дуæрттæ лæууыдысты, сæ сæрмæ ног мæй æмæ Оттоманты мыггаджы империйы тырыса ауыгъд.

Ау, нырма ардæм цæуинаг куы нæ уыд, уæд æй Стыр Хуыцау æрбахаста? Сахатмæ æркаст æмæ бæрзонд дуары хæцæныл чъызгæ рахæцыд.

Уæрæх уыдысты Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Али-Пашайы хатæнтæ. Сæ мидæг дугътæ скъæрæн уыд. Бæрзонд цармæ кæсгæйæ, лæг йæхимæ дзиглойы йас каст. Дæргъдымбыл æрдынцары бын хæрз ныллæг сыбар-сыбур дæр ехсы къæрццау нæрыд. Мозаикон дзæнхъа астæрдыл хъулон-мулон гауыз байтыгъдæуыд. Игæргъуыз хъæдæрмæгæй арæзт стъолы уæлхъус зæронд чиновник бадтис æмæ йæ ком ивæзта. Æвæццæгæн, Али-Пашайы секретарь у, зæгъгæ, ахъуыды кодта Муссæ. Рагон сæудæджеры хуызæн уыд, сау худы цъуппыл ауыгъд боцкъо йæ ныхыл ратул-батул кодта. Муссæйы куы ауыдта, уæд йæ нард цæсгомыл райстбавæрд мидбылхудт ферттывта æмæ æрбацæуæгæн йæ сæрæй акуывта.

— Сыгъдæг къæсæры сæрты дæ къахæрбайст хорз уæд æмæ дæ хъуыддæгтæ дæхи фæндиаг, эффенди-ага!

— Дæ райсомтæ дыл дзæбæхæй æруадзæд Иунæг Стыр Хуыцау æмæ дæ йæ хæрзиуджытæй хайджын кæнæд æрвыл хатт, — арфæ йын ракодта Муссæ дæр.

Зæронд лæг, цыма нырма гъеныр райхъал, уыйау скаст Муссæмæ. Æвæццæгæн ын йæ туркаг ныхасыл фæдис кодта. Цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ Муссæ йæ разæй фæцис:

— Йæ бæрзонддзинад йæ хатæны ис?

Зæронд æй æххæст нæ бамбæрста.

— Куыд загъта, фæрныгты фæрныг? Зонды къуыбарæй мæ фæрсыс?

— О, зонды къуыбарæй дæ фæрсын.

Йæ даргъ рихиты цъуппытæ йæ фæсхъусты авæрдта туркаг.

— Нырмæ йæ цы баурæдтаид хæдзары! Саад-разам сæумæрайсомы ламазы хæд фæстæ цы хъуыддæгтæ саразы, уыдон нымайы стыр Аллахæн хайыл.

— Зæгъ Саад-разамæн: Хуыцауы фæндонæй йæ рухс цæсгом феныны сæраппонд денджызы сæрты рахызтæн.

Секретарь фæджихау:

— Фæндæгтæ иууылдæр сыгъдæг сахар Хайдар-Пашамæ цæуынц. Уыцы фæндæгтыл цæуæг бæлццæттæ сегас мæ хицауы фенын куы æрдомой, уæд æхсæвæй-бонæй кабинеты хъуамæ бада. Саад-разам тынг æнæвдæлон у, æмæ дын а къуыри йæ рухс цæсгом феныны фадат нæ фæуыдзæн, фæрныгты фæрныг. — Муссæ хуымæтæджы бæлццон кæй нæ уыд, уый базыдта йе ’нгæсæй æмæ йæ ныхас фæфæлмæндæр кодта. — Æз бафæрсдзынæн Саад-разамы æмæ йын демæ лæгæй-лæгмæ ныхас каныныны фадат кæд фæуыдзæн, уый бæрæг дын рахæсдзынæн. Уыцы хæрзиуæджы дын бацæудзынæн.

«Куыд уадзы Али-Паша уый хуызæн зæронд хъебрейы æмгæрон! Хъуыр-хъуыр кæны, чъынды æфсинау».

Муссæ йæ фæхатыд: æндæр мадзал куы нæ æрымысыдаид, уæд ацы зæронд евнух йæ дзырд нæ басастаид.

— О фæрныгты фæрныг! Дæ кадджын Саад-разам мæнмæ æнхъæлмæ кæсы, æмæ меджлис та — æз æмæ Саад-разам цæуыл хъуамæ бадзурæм, уымæ. Ацы къуыри мын Али-Пашайы рухс цæсгом феныны фадат куы нæ фæуа, уæд иннæ къуыри меджлисы нæ уынаффæ нал бахъæудзæн æмæ кадджын министры та — йæ зæронд секретарь, — йæ сыбар-сыбурмæ æртхъирæн фæхæццæ кодта Муссæ.

Туркагæн йæ хъуынджын æрфгуытæ фæйнæрдæм алыгъдысты æмæ йæ цæстытæ ракъуыпп сты. Али-Паша æцæгдæр меджлисы рабадтмæ цæттæ кодта йæхи йæ кабинеты. Чи йæ зоны, цы бæрæг хæссы ацы хивæнд æцæгæлон лæг Саад-разаммæ!

Æвиппайды фестад зæронд лæг, йæ хицауы кабинеты дуары ’рдæм фæцæйцыд, фæлæ йæ Муссæ ацахста:

— Зæгъ зонды къуыбарæн: Кавказæй инæлар Куындыхаты Муссæ æрцыд, зæгъгæ!

— Хорз, Муссæ-бей!

Цæстыныкъуылдмæ фæстæмæ фездæхт æмæ, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтындзгæйæ, уазæгæн дуары ’рдæм ацамыдта.

Али-Пашаимæ нырма кæрæдзи никуы федтой, фæлæ рагон хæларау, суанг дуары онг йæ размæ рацыд. Цыма Дзæуджыхъæуæй æхсæвыгон куы рахъуызыд, уæдæй нырмæ уымæ æнхъæлмæ каст. Йæ къух ын дыууæ къухæй нылхъывта, фæлмæн къæлæтджыныл æй æрбадын кодта. Зынаргъ къухдарæнтæй фæлыст æнгуылдзæй дуармæ ацамыдта Али-Паша.

— Мæ зæронд секретарь мæ æгæр хъахъхъæны, Муссæ-бей. Æгæр дæ кæд нæ бафæлмæцын кодта.

— Кæд исты фæрæдыд, уæддæр, йæ хицауыл иузæрдыг кæй у, уый тыххæй.

— Сомы кæнын пехуымпары боцъотæй, Муссæ-бей, уырдыгæй нæм ацы змæст уавæрты чи æрхауы, — йæ къух цæгатырдæм адардта Али-Паша, — уый мæрдты бæстæй æрыздæхæгыл банымайæм. Уый æрмæст мæ хъуыды нæу, уыдон стыр зонды къуыбар Абдул-Азизы ныхæстæ сты, — загъта Али-Паша.

«Адон сегас зонды къуыбæрттæ куы сты», — йæ мидбылты бахудт Муссæ.

Паддзахæдты æмахастыты уавæр домдта, цæмæй Муссæ, Стамбулмæ æрцæугæйæ, Турчы хицауады минæваримæ фембæлыны агъоммæ, уырыссаг консулимæ баныхас кодтаид, фæлæ йæ балц сусæг уыд, æмæ йæ мачи хъуамæ зыдтаид. Уый ам уыд Уæрæсейы паддзахы минæвар нæ, фæлæ Кавказы хæххон адæмты æрвыст лæг. Чи зоны, уыцы галдзæст Лорис-Меликов Муссæйы сусæгæй Ахалцихыл æндæр минæвар рарвыста æмæ йе ’рцыдмæ ацы хатæны ныхас дæр бакодтой.

Цары æрвдымбылы бын хæрз чысыл уынæр дæр нæрыд. Фыдæлтыккон дзаумæттæ кабинеты къуымты, музейы экспонаттау, лæууыдысты.

Али-Пашайы фыссæн стъолы къæхтæм аивæй куы бакаст, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд, Лорис-Меликовы кабинеты цы уæззау стъол уыд, уый. Йæ уæлвæйнæджы тæккæ хæдбынмæ гогызы бохъхъырау æвиппайды фæтыппыр сты йæ къæхтæ. Бохъхъырты гуыбынтыл фыранчытæ ныкъкъæпп ластой сæ дзыхтæ. Куыддæлæмæ фæлыгъдысты, стæй та уайтагъд апæлæхсар сты, æмæ афтæ зындысты, цыма цыппар сырды сæ фæйнæ къахыл лæууыдысты. Кæд, мыййаг, Лорис-Меликовы фыссæн стъолимæ иу фирмæйы арæзт сты, зæгъгæ, хъуыды кодта Муссæ. Али-Пашайы къæлæджыны æнцойгæнæныл æнæхъæн хæсты эпизоды орнамент бафтыдæуыд. Йæ разы ацудасгъуыз дзæнхъайæ конд дыууæ чысыл скъульптурон уарты лæууыд, сæ дыууæ дæр хъенлæууæг æрра бæхтыл бадтысты. «Ам дæр та Баязид!» Иннæмæ дæр ныккаст лæмбынæг: «Уый ницы фос у!» — загъта йæхинымæр султан Абдулл-Азизы базонгæйæ.

— Кавказы адæмты ныфсы фæстаг мæсыг ма Турчы стыр султаны хицауад у, æмæ дæм æз æрцыдтæн Уæрæсейы хицауады минæвары цармы тыхтæй нæ, фæлæ пысылмон лæджы хуызы, цæмæй дæ уæздандзинадимæ æргом ныхасы мæ зæрдæйы дуæрттæ байтындзон æмæ дзы цы хъизæмар фыцы, уый дæхи цæстæй фенай, — куы загъта Муссæ, уæд Али-Паша иунæг дзырд сæппæрста:

— Уыдзæн.

— Кæд уыдзæн? — цæхгæр афарста Муссæ.

Али-Паша къулыл ауыгъд сахатмæ скаст æмæ стыхст:

— Муссæ-бей хуыцаубон райсомы бæсты сабаты изæрæй куы ’рбахæццæ уыдаид Стамбулмæ, уæд Европæйæ дипломаттæн фембæлыны дзырд нæ радтаин æмæ йæ æнæхъæн къуыри æнхъæлмæ кæсын нал бахъуыдаид.

— Дæ бæрзонддзинад, европæйæгтимæ ныхас кæнынæн уыйас рæстæг нæ бахъæудзæн.

— Иннæ бонтæ та меджлисы рабадтæн бахъæудзысты. Нæ дыууæтæн дæр цымыдисаг цы фарст у, ууыл талф-тулфæй ныхасгæнæн нæй, Муссæ-бей!

— Уæдæ кæд фæуыдзæн кадджын пашайæн мемæ ныхас кæныны фадат? — комкоммæ йæ бафарста минæвар. — Нæ уавæрты иу бон, иу сахат дæр цы нысан кæны, уый зоныс дæхæдæг!

— Зондджын лæгимæ ныхас кæнын алы хатт дæр æхцон у, фæлæ мын хуыцаубонмæ фадат нæ фæуыдзæн. Мæ секретарæн бафæдзæхсдзынæн æмæ дын боны дыууадæс сахатыл мæ хатæны дуар гомæй дардзæн, — нал бацауæрста цурон ныхасыл Али-Паша.

Муссæ ницыуал загъта. Фысымæн йæ къух райста æмæ Портайы бæрзонд дуарæй рахызт.

***

Али-Паша йæм хуыцаубоны æцæгдæр зыбыты иунæгæй æнхъæлмæ каст. Муссæ йæм куы бацыд, уæд зæронд секретарæн бафæдзæхста, исчи мæ куы агура, уæд ын зæгъ, мæ хицау ам нæй, зæгъгæ, æмæ дуар мидæгæй сæхгæдта.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: