II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 38 глава




Уый уыд лыгъды фарсты иу бæллæх. Дыккаг та уыд курдаг адæмы фарст. Турчы Курдистан у Оттоманты империйы «Кавказ», æмæ мухаджиртæ уыдонмæ æввахс куы ’рцæрой, уæд цы скъобор кæндзысты, уый ничи зоны. Лорис-Меликовы зæгъын фæндыд: мухаджиртæ курдты цур куы нæ æрцæриккой æмæ нæ арæнтæм сæ иу дæр æввахс куы нæ уаид, уæд хорз рауаид, зæгъгæ, фæлæ ницы загъта.

— Мухаджиртæ кæм æрцæрдзысты, уый стыр ахсджиаг фарст нæу, дæ бæрзонддзинад, æмæ йæ дипломатты бæрны бакæнæм, — йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта Муссæ.

— Цал хæдзары айсдзæн Турчы хицауад?

— Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр зæгъы: стыр султанæн æгас Кавказы пысылмонты айсын дæр у йæ бон!

— Сæ арвитыны æмгъуыдæй та цы загъта кадджын Али-паша?

— Мухаджиртæн нæ арæнтæ алы хатт дæр гом сты, зæгъгæ, фæлæ уыцы фарстмæ нæхæдæг хъуамæ æркæсæм: фæззæджы, кæнæ сæ зымæджы куы афæндараст кæнæм, уæд сын агуринаг уыдзысты фосы холлаг æмæ сæхицæн афæдзы хæлц. Мæнмæ гæсгæ, уалдзæджы цъæхыл хъуамæ араст уа фыццаг къорд!

— Дæхæдæг та сын цал хæдзары балидзыны ныфс бавæрдтай уалдзæджы?

— Фондз мины, куыд бадзырдтам, афтæ, — цыма уæййаг фосыл дзырдтой, ахæм дзуапп ын радта Муссæ.

Фондз мин хæдзары алидзыны коймæ Лорис-Меликов схъæлдзæг, фæлæ йын йæ зæрдæ иу хъуыдыйæ цъист кодта: ацы æгæнон туземецтæ Муссæйы коммæ хорз кæсынц. Растдæр зæгъгæйæ йын сайын хорз комынц, æмæ мыййаг исты фыдбылыз Хуыцау ма зæгъæд...

— Цæуыл ма тыхсыс, Муссæ Алхазович?

— Михаил Тариелович! — схæцсхæцгæнгæ райдыдта Муссæ. — Стамбулмæ куы цыдтæн, уæд нæм аивæй уыд уыцы фарстыл дзырд, фæлæ та дын уæддæр йæ кой хъуамæ ракæнон... Цæмæй лыгъды хабарæн йæ ардыггаг фарс лæгъз рауайа, уый тыххæй мæхи дæр мухаджирты разæй Туркмæ лидзын бахъæудзæн. Йæ хъуыды цадæггай æлвисæгау кодта. — Бауырнæд дæ, Михаил Тариелович, æргом дын зæгъын, мæ алидзыны сæйраг рахæцæн йæ императорон бæрзонддзинады иузæрдыгдзинад у.

«Дзур, дзур, инæлар! Мæн уырны, императоры службæйыл йæ фыруарзтæй дæ къух кæй исыс, уый! Гъы, афтæ дæр ма дзы вæййы: фыруарзтæй къух сисын?»

— Уавæртæ, цыт æмæ цинтыл æвиппайды къух сисын æнцон нæу, фæлæ мæ рæнхъон салдатæй инæлары онг чи схъомыл кодта, уымæн мæ кæронмæ лæггад кæнын фæнды. Алы хъуыддаг дæр нывæндтæ фæдомы, йæ абузын ын чи байсысын кæны, ахæм нывæндтæ. Кæд мухаджирты разæй Туркмæ алидзон, уæд мæ сразæнгард кæндзæн мæхи нывонд скæныны хъуыды, æндæр ницы.

— Мæн нæ фæнды, Муссæ Алхазович, æз дæ фæндоны ныхмæ дæн, фæлæ дын дæ куырдиат сæххæст кæныныл бацархайдзынæн. Ахсæв кæм баулæфдзынæ? — афарста йæ цæхгæр.

— Камерæйы.

Лорис-Меликов тынг фæдисау, фæлæ уый уыдис бардзырд æмæ йын æнæсæххæст нæ уыд.

— Муссæ Алхазович, дæ фæстæ иучысыл æнæзæрдæмæдзæугæ хабар æрцыд Ичкерийы зылды. Дæ хæрæфырт дзы куы нæ уаид, уæд дын æй нæ дзурин!..

Муссæйæн йæ ныхы нуæрттæ сызмæлыдысты.

— Дæ хæрæфырт нырма удæгас у, хъуыддаг уый мидæг нæй! Молло Кудзуты Бæчи пысылмонтæм Туркмæ сидтис, дæ хæрæфырт æмæ йе ’рдхорд цæцæйнаг лæппу та йæ ныхмæ дзырдтой. Адæм нæ фæбыхстой Хуыцауы минæвары ныхмæ дзурын æмæ змæнтджыты дуртæй ныммарынмæ хъавыдысты, фæлæ кæцæйдæр Харачойæ фыййау Экмырзæты Таза фæзынд æмæ сæ йемæ акодта, мæ туджджынтæ сты æмæ сыл мæхæдæг стæрхон кæндзынæн, зæгъгæ.

— Цахæм тæрхон сын рахаста?

— Цахæм тæрхон сын рахаста, уый ничи зоны, фæлæ дæ хæрæфырт æмæ йе ’рдхорд сæ хæдзæртты сты. Туркмæ лидзыны хабар змæлгæ кæй кæны, уый нын Харачойы цау равдыста, фæлæ йæ апп Экмырзæты Таза кæй у, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы.

Хатæны уæлдæф ныууæззау, Муссæ йæ разы стъолмæ дзагъырдзастæй каст. Лорис-Меликов йæ дзурынæй нал æнцад:

— Таза уыд сихы æмархайæг æмæ æнувыд зикрист. Йæ уды сæрхъызойы марæджы æхсæвыгон топпæй йæ артдзæстмæ бахста, фæлæ йын куыддæрты аирвæзт, стæй уыцы марæг бафтыд йæ къухы æмæ йæ удæгасæй ауагъта! Ацы мийы логикæ нæ уынын, Муссæ Алхазович!

— Ацы зикристтæн, сæ Хуыцауы ахæсты уæвгæйæ, сæ адæймагдзинад фесæфы æмæ дæлимонты хуызæн свæййынц, фæлæ дзы куы фæхицæн вæййынц, уæд та сæм се ’рдзон миниуджытæ æрыздæхынц, Тазайы хабары диссагæй ницы ис. Цымыдисаг у, иучысыл рæстæджы дæргъы дæр Тазайы йæ Хуыцауæй фæиртасын кæй бон бацис, уый! Ахсæв камерæйы сбон кæндзынæн, фæлæ уый фæстæ æнæмæнг Мамсыраты Темырболаты хъуамæ фенон! — фидарæй загъта Муссæ æмæ сæ уынаффæ ууыл фæцис.

***

Дыккаг бон Муссæмæ хабар æрбахастой: Брутæй æнæхъæн делегаци æрбацыд дæ фенынмæ, корнет Мамсыраты Темырболат дæр семæ ис, зæгъгæ, Муссæ, хус стæгдар, капитаны раз йæ къухæй уæлдæф ракарста æмæ карзæй загъта:

— Иууылдæр сæ фæстæмæ аздахут, корнеты йеддæмæ!

— Де ’фсымæр Афæхъо дæр семæ ис, уый дæр аздахæм?

— Æз загътон — иууыддæр!

Иу сахатæй фылдæр фæбадт Темырболат йæ разы. Муссæйы æнцъылдтытæ дарæс фенгæйæ ма. йæ зæрдæйы дыдзы сыгъд цы ныфс кодта, уый дæр банымæг. Йе ’нæдаст рустæ æмæ йын йæ бур-бурид цæсгоммæ каст, афтæмæй кодта Харачойы хабæрттæ. Дæу йеддæмæ ныртæккæ адæм никæмæ байхъусдзысты, моллоты ныхмæ дæ дзырды йеддæмæ никæй дзырд акæрддзæн, зæгъгæ, дзырдта йын. Сæ зонд сын сызмæстой æмæ сæ фæкуырм кодтой, ахæм сæрзилæны лæг зынгмæ дæр фæлæбурдзæн.

— Æз дæм афтæ куы фыстон, æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ, уæд дæ Цæцæнмæ цы ахаста? — афарста йæ Муссæ.

— Дæу Калакмæ этапыл куы арвыстой, уæд мæ Бæтæхъоитæм хъоргъмæ бауагътой. Уыдон мын бафæдзæхстой, хабæрттæ базон, зæгъгæ.

— Æмæ цы базыдтай, кæд кæны Таза растынвæнд?

— Тазайы растад дæр ныртæккæ арсы хъуыны мæлдзыг у, фæлæ кæд чысыл ныхдуртæ сæвæрид Туркмæ лидзыны хабæртты раз! Афæззæджы дзы ницы уыдзæн, нæдæр зымæджы. Кæд лидзой, уæддæр уалдзæджы...

«Гъе, гъе, мæ хуры чысыл, ды куы разындтæ, Тазайы йæ Хуыцауæй чи фæхицæн кодта, уый! Уый рæстæгмæ у, Таза та йæ Хуыцаумæ æрыздæхдзæн, фæлæ дæумæ дæр тых разынд, мæ хæрæфырт!»

Темырболат зæрдæрыстæй дзырдта æмæ дзырдта:

— Кæд Хуыцауы азар ис, уæд фыццаджы райдианы Хъази æмæ Бæчийы хуызæтты хъуамæ басудза, уымæн æмæ нæ бæстæ æхцайыл уыдон ауæй кодтой. Моллотæ хъазæнхъул кæмæй сарæзтой, уымæн цæмæн хъуамæ снывонд кæнæм нæ цард, нæ хъуыдытæ, нæ хæхтæ, нæ бæстæ?..

— Бæтæхъойы исчердæм фен æмæ йын бафæдзæхс: хъоргъы дуар ныххойæд, сæ хъæрæй цар стонæд æмæ ма басабыр уæд, цалынмæ сын мæн равдисой, уæдмæ. Стæй кæд нæ фембæлдæй исты равзæра, æмæ ацы мигъæмбæрзт дунейы исты равзарæм нæ куырм цæстытæй, уæд дæумæ дæр фæбæрæг кæндзыстæм, — загъта Муссæ Темырболатæн, куы йæ рацæйфæндараст кодта, уæд.

— Хорз! Цалынмæ сæ фенон, уæдмæ мæ къах нæ авæрдзынæн ардыгæй! — йæ уд йæ хъуырмæ ссыд, афтæмæй, фæстæмæ-фæстæмæ цæугæйæ, дзырдта Темырболат.

Дыккаг бон Бæтæхъоитæ æцæгдæр ахæстоны хæринагхæссæджы дæлдымæг скъуырдтой. Йæ хъæдурдзæхдонимæ йæ камерæйæ ратардтой. Сихорыл дæр нæ бакуымдтой хæлц. Тымбыл къухæй дуар хостой æмæ хъæр кодтой:

— Муссæйы кæд маргæ нæ акодтат, уæд нын æй равдисут!

Фæсахсæвæрты хъарагъултæ Муссæйы æрбакодтой. Быдыргъы хуызæн бæрзонд капитан йæ разæй ныккæндмæ ныххызт. Кæдæм æй кодтой, уый зыдта, фæлæ куыддæр сфæлмæцыд ацы æгады куыстæй. Хæлуарæджы тын йæ тæккæ дзыхы комкоммæ фæцис. Йæ сæр царыл скъуырдта æмæ талынджы хæлынбыттыры базырты пæр-пæр айхъуыст.

— Пуй! — нытту кодта æлгъæй.

— Дæ зæрдæмæ нæ цæуынц не ’гъдæуттæ, мæ хæлар? — æгуыппæджы айхъуыст мæхъхъæлоны ныхас.

Ницы йæм сдзырдта, йæ къухтæ размæ даргæйæ, талынджы чъызгæ акъахдзæф кодта.

— Ам хуыздæр бынæттæ хæлынбыттыртæ бацахстой, — уый та Дзæрæхохты Алхасты хъæлæс уыд.

«Кæм ис зæронд Бæтæхъо, йæ уынæр цæмæннæ хъуысы? Чи зоны, ацы цъымарайы нæ бафæрæзта æмæ амард!.. Æмгъуыдæй раздæр йæ уд ма сисæд, уæд та йæ ног нывæст аразын бахъæудзæн. Тепса æмæ Алхаст сæ дзыллæты ’хсæн дзырддзæугæ лæгтæ сты, фæлæ сæ сидт, Бæтæхъойы сидтау, дард нæ хъуысы», — хъуыды кодта Муссæ. Йæ цæсгомыл кæйдæр хъарм комытæф аныдзæвд, йæ русыл ын чидæр йæ арм æруагъта.

— Муссæ куы дæ! — кæмдæр уымæлы айсæфт зæронд лæджы уынæр.

— Чи дæн æмæ цы дæн, уый мæхæдæг дæр нал зонын, Бæтæхъо.

Ныры хуызæн раст ныхас никуы загъта Муссæ: чи уыд æмæ цы уыд, уый æцæгдæр ничиуал зыдта.

«Ацы талынджы ныхас кæнын хорз у. Ам дын де ’нгас æмæ дæ уды рис ничи фæфиппайдзæн. Де уон ризын ма бауадз, дæхи ныддур кæн æмæ хъус. Дæ зæрдæ дын исты куы бацагайа, уæд де уæнгты æлхынцъ феуæгъд кæн æмæ, къулыл банцой кæныны ’фсон, базмæл».

— Уæдæ, дам, кæнæ Сыбыр, кæнæ Стамбул, и?

— О!

— Æмæ ды цы хъуыдыйыл ныллæууыдтæ?

— Сымах цы хъуыдыйыл ныллæууат, ууыл ныллæуудзынæн æз дæр...

— Уæд та уыцы Стамбулмæ искæйты куы арвитиккам, æмæ йæ куы фениккой! — æвиппайды загъта Дзæрæхохты Алхаст.

«Гъе, гъе, феввахс кæнын!» — уымæл къулыл йæ чъылдым ахафта Муссæ.

— Цыма дæ артдзæсты цур бадыс, ахæм ныхæстæ кæныс, Алхаст! Нырма уал дын æддæмæ ацæуын æмæ хур фенын бантысæд! — йæ сæнттыл ын уазал дон ауагъта Бæтæхъо. — Ды цы зæгъыс, Муссæ?

Муссæ æвиппайды йæ къухтæ фæйнæрдæм айтыгъта, æртæ зæронды талынджы рацагуырдта æмæ сæ йæхирдæм æрбассыдта:

— Кæд мæм райсом уыцы галдзæст фæсида, уæд æй базондзынæн: «Сыбыр кæнæ Стамбул» зæрдæбынæй загъта, æви нæ фæлваргæ кæны!.. Кæд йæ фæндон æцæг афтæ рауайа, уæд Байрамы стырбонæн йæ тæригъæд æнæхъæнæй мæ сæрыл хъуамæ ’рæнцайа!.. Æгайтма дзы лæгмард не ’рцыд! Иу къæрных Абдийы холы у, æмæ уымæн йæ фæдыл сæхæдæг зылдысты!.. Æз уæ цыма сайгæ кæй фæкодтон æмæ уæ мæ зондыл хинæй атардтон, уый йæ куы бауырнид... уæд аххосаг æнæхъæнæй мæн хъуамæ фæуа. Сымах та уæ хæдзæрттæм ацæуиккат æмæ, хуыздæрæй цы ис, уый кæниккат, Сыбырæй дæр æмæ Стамбулæй дæр!.. Негасы бæсты нæ иу фесæфæд. Уымæй дæр ма сæ бафæлварæм!

— Уый нæ уыдзæн! — карзæй загъта Алхаст.

— Хуыцауыстæн, искæй тугæй æлхæд амонд мæн нæ хъæуы!

— Дæ сынтæг, дам, куыд у, дæ къæхтæ, афтæ адаргъ кæн! — йæ ныхас фæсагъта Муссæ. — Нæ уын кодта Темырболат Цæцæны хабæрттæ?.. Фæсивæдмæ æркæсын хъæуы, мæ хуртæ, кæннод быцæуы къахыл куы ныллæууой, уæд Стамбул нæ, фæлæ Сыбыр дæр ардыгæй аззайдзæн!..

Дуары къæс-къæс ссыд, æмæ Муссæйæн йæ ныхас йе ’мбисыл аскъуыд. Дуары ныллæг фæлгæты мидæг капитан ныггуыбыр, афтæмæй æнхъæлмæ каст Муссæйы рацæуынмæ. Къæсæрæй ма фæстæмæ бадзырдта сусæг минæвар:

— Дæ зæрдыл дар, Бæтæхъо: талынг хъоргъы бадын æмæ Сыбырмæ æнхъæлмæ кæсынæй уæддæр Стамбул хуыздæр у!

Дыккаг бон сæумæрайсом камерæйы дуар бакодтой æмæ Бæтæхъоитæн расидтысты, æддæмæ рацæут, зæгъгæ. Зæронд лæгтæ базыдтой: Муссæ йæ дзырд сæххæст кодта æмæ сын сæ аххосæгтæ дæр йæхимæ айста. Нæ куымдтой, мах æнæ Муссæ нæ цæуæм, зæгъгæ. Цыппæрдзæлхыгтыл сæ тыхæй сæвæрдтой, сæ хæдзæрттæм сæ фæластой æмæ сæ бафæдзæхстой: облæсты хицауы фæндæй уын уæ хатæн цы раивтам, уыййеддæмæ уæхи сæрибар ма фенхъæлут æмæ æвастæй хæдзæрттæй æддæмæ ракæсынвæнд ма скæнут, зæгъгæ.

Муссæ йæ хæсы кæронмæ хъавгæ цыд, фæлæ йæ уый фæстæ Лорис-Меликов йæ разы æрхæндæгæй бадгæ куы федта, уæд ын загъта:

— Муссæ Алхазович, ныр дæхæдæг дæр Скъуыдкъохмæ ныццу, дæ бинонтæ дæм æнхъæлмæ кæсынц.

Сусæг минæвар йæ сæр банкъуыста:

— Цалынмæ Æлдадты Бæтæхъо мæн тыххæй дæумæ не ’рбаминæвар кæна, уалынмæ мын Скъуыдкъохмæ ацæуæн нæй.

Лорис-Меликов йæ арф къæлæтджыны нымпылд: «Ацы хинæн йæ алы къахдзæф развæлгъау нымад у!»

— Æмæ сын сæ хæдзæртты бадын куы бафæдзæхстам, уæд ма сæ ардæм цы ’рбахæсдзæн?

— Æууæнк сæ æрбахæсдзæн, дæ бæрзонддзинад, æууæнк! Уыдон æууæнк æмæ ингæны йеддæмæ ницы бауромдзæн. Æууæнк куы нæ уа, уæд нæдæр ардæм æрбацæудзысты, нæдæр Туркмæ!

Лорис-Меликов ницыуал загъта.

Цалдæр боны фæстæ Терчы облæсты хицауы къæнцылары кулдуары цурмæ æнæхъæн къорд æрбацыд. Сабитæ, сылгоймæгтæ, æвзонг лæппутæ. Мæхъхъæл, ир, цæцæн. Разæй лæууыдысты Бæтæхъо, Алхаст æмæ Тепса. Сæ ныстуан хицаумæ барвыстой æмæ домдтой: кæд нæ ахæстонæй суæгъд кодтай æмæ нын Туркмæ лидзыны бар дæттыс, уæд нын Муссæимæ баныхас кæныны бар дæр радт. Чи зоны, уый дæр немæ рацæуа, кæннод та негасы дæр фæстæмæ хъоргъмæ бакæнут.

Лорис-Меликов фырмæстæй йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл къæрцц-къæрцц кодта. Туркмæ лидзыны хъуыддæгтæ, ай-гъайдæр, домдтой ацы минæвары æрбацыд, фæлæ йæхимидæг иу æмæ дыууæ хатты нæ бабæллыд: Гъæтт, Муссæйы æнхъæлцау куы фæмæнг уаид æмæ йæ туземецтæ куыдзы хъуыды дæр куы нæ ’ркæниккой! Мæсты кодта, æртхъирæнæй чи нæ фæтарст æмæ та дæлæ сæхи къахæй цы æнæсæттонтæ æрбацыд, уыдонмæ. Мæсты кодта йæхимæ, Туркмæ лидзыны хуъыддæгты рохтæ йын йæ къухæй сусæг минæвар кæй айста, уый тыххæй.

Муссæйы «ссæрибар» кодта æмæ йæ къанвоимæ Скъуыдкъохмæ арвыста, йæ хæдзары алыварс ын хъарагъултæ баурæдта æмæ адæмы ’хсæн ахъæр кодтой: стырбоны уды зиан куы ’рцыдаид, уæд Муссæйы йæ хæдзары цыты ахстæй бадын æмæ Стамбулмæ йæхи цæттæ кæныны бæсты афонмæ Сыбырæй фæфалейæ кодтаиккой.

Цæмæй зыдтой адæм, уыцы хъарагъултæ Куындыхаты Муссæйæн йæ зынаргъ уд кæй хъахъхъæдтой, уый.

***

Бæтæхъоиты Муссæимæ цæуын нæ ауагътой. Баныхас кæныны фадат сын нæ фæцис, афтæмæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты.

Темырболат дæр Брутмæ ацыд. Цыдæр æнтъыснæг ыл бафтыд æмæ йæ иунæгæй баззайын фæндыд.

Мамсыратæ æмæ Куындыхатæ, иуæрдыгæй, цин кодтой, «сæхион сæхирдыгæй кæй фæцис», ууыл, иннæрдыгæй та, хъахъхъæнджытæм кæсгæйæ, сæ масты дзæкъултæ нытыппыртæ сты.

Скъуыдкъохы кулдуары фæйнæ фарс æфсæддонтæ гуымирытау куы алæууыдысты, уæд Афæхъо фæджихау.

— Цæуыл дис кæныс, лæппу, уазджыты мидæмæ акæн! — бауайдзæф ын кодта Муссæ.

— Куыйтæ сыл куы бандзарин, уæд куыд уаид, Муссæ?

— Нæ куыйтæ дæр нырæй фæстæмæ Терчы облæсты бардзырдмæ гæсгæ хъуамæ цæрой.

Йæ бинойнаджы Одессæмæ йæ фыртты цурмæ арвыста Муссæ, цæмæй ацы змæстытæй дард лæууыдаид. Стæй, лидзыны фарст куы æрбæстон уа, уæд сæм фæсиддзынæн æмæ иумæ æрбацæудзысты, зæгъгæ.

Тохынайы фатхъæд æхсидæвтæ къæрцкъæрцгæнгæ сыгъдысты, рæхысыл ауыгъд цæнгæт агæн йæ тæф калдис. Хатæн хуызджын гауызтæй сфæлыстæуыд. Цыппар къулыл фæйнæ пæлæхсарсыджын саджы сæр уыд ныхæст, сæ мукъутыл сын цармы бæсты игæргъуыз замс баныхæстæуыд, цæмæй дæндæгтæ стыгъдæй ма зындаиккой. Афтæ зындысты, цыма сырдтæ сæ сæртæ къултæй мидæмæ æрбатъыстой æмæ хæдзары хабæрттæм цымыдисæй хъуыстой. Артдзæсты рахиз фарс къулы æмбис бацахстой æвзист бæрцджын сау цухъхъа, сыгъзæрингъуыз æндахæй конд æгънæджытæ æмæ сæхтæгуæттæ кæмæн уыд, ахæм сырх æрттиваг куырæт, сау-сауид уæйлаг нымæт, даргъхæтæл хъыримаг, æвзист рон æмæ йæ уæлæ ауыгъд æвзисткæрддзæмджын æхсаргард хъамаимæ. Уыдон Алхасты дзаумæттæ уыдысты. Иннæ къулыл æрцауыгъдæуыд, подпоручикы пъагæттæ кæуыл уыд, ахæм зæронд цухъхъа, зæринхæцæнджын дамбаца æмæ рагон драгунты бурфистонджын кард. Уыдон та уыдысты Муссæйы æвзонгадыл дзурæг дзаумæттæ æмæ сæм сæ хицау февналын никæй уагъта. Алхазы дарæсы тæккæ бынмæ уыд, хæдзары хистæры мæлæты фæстæ æдзух афтидæй чи лæууыд, ахæм рагон нывæфтыд къæлæтджын.

Муссæ дуары галиу фарс, рудзынджы цур цъынддзастæй бадтис æмæ цæуылдæр сагъæс кодта. Æна йæ фыды афтид къæлæтджыны цур лæууыд æмæ йе ’фсымæры æнтъыснæг цæсгомæй йæ цæстытæ нал иста. Фæсдзæуин фынг æрбахаста, Гуыцыр æмæ йæ Темырыхъойы раз авæрдта. Тæвд уæливыхтæ æмæ арахъхъы дурын февзæрд йæ уæлæ. Афæхъо æнæхъæн уон, йæ тæф калгæ, æрбахаста æмæ йæ тæбæгъы æрæвæрдта. Фынджы алыварс æрбабадтысты. Ацы бынатæн йæ хицау уæддæр Алхаст æмæ йæ афтид къæлæтджын уыдысты. Фыдызгъæлы хæрздæфæй байдзаг хатæн, Гуыцыр æмæ Темырыхъо, Алхасты афтид къæлæтджынмæ кæсгæйæ, куывтой, цыма дзы бар куырдтой, уыйау.

— Муссæ, хъахъхъæнгæ нæ кæдмæ кæндзысты, хъахъхъæнгæ? — кæртмæ кæсгæйæ афарста Афæхъо.

— Цалынмæ ардыгæй фæздæг кæла, уæдмæ.

— Уæ, сæ артдзæстытæ банымæг уой! — нылгъыста сæ Куындыхон.

Уæздан арæзт сыкъайæ дыууæ рæгъы ракодтой, уæддæр фынджы алфамбылай бадджытæ нæ фæхъæлдзæгдæр сты. Сæ зæрдæтæ сын хъыдзы кодта Туркмæ лидзыны хъуыды, фæлæ агуырдтой æфсон, зæрдæ фæфидаргæнæн дзырд, æмæ сын Муссæ хъуамæ ссардтаид.

— Цы фæнд уæм ис, мæ сыхæгтæ? — цъынддзастæй афарста Муссæ.

— Æнæ дæу цы хъуамæ сфæнд кодтаиккам? — сыкъа бынныуæзт акодта Уосмæн æмæ йæ уырдыгыстæгмæ радта.

Муссæ йæ уырзæй дзулы къæбæр аууæрста, йæ дзыхы йæ баппæрста.

— Æз ма цы дæн, ме сиахс!..

Ныхъхъус сты Алхасты афтид къæлæтджынау.

— Гъомæ Туркмæ фæндаг мах гæрдæм? — йæ комдзаг йæ дзыхы, афтæмæй æрæджиау загъта Гуыцыр. — Мах разæй йæм лыгъдысты Албегатæ, Тугъантæ, Хъаныхъуатæ, Дыгуры Бадилатæ æмæ дæлæ сæхицæн хъанты цард кæнынц.

— Фæстæмæ чи æрбаздæхт, уыдон та? — бафиппайдта Уосмæн.

Гуыцыр уæныстæг йæ ныхæй ахафта. Ссыгъдæг ын кодта йæ «артдзæст», йæ «фæндаг», йæ «арв», йæ «зæхх».

— Нæ фæндаг сыгъдæг у, кæд уæ нæ уырны, уæд æм уæхи цæстæй æркæсут!.. Нæ артдзæст, хуры цæстау, æрттивы. Нæ уæзæг дæр райгонд у. Не скъæттæ бонæй-бонмæ фосæй дзагдæр кæнынц!.. Уосмæн, цæуыл ма дыгъуырццæг кæныс?

— Кæд мæм фæрсынмæ æрбацыдыстут, мæ сыхæгтæ, уæд уын æз афтæ зæгъын: мæ фыд Алхаз искæй барфыстæй нæ цард æмæ æз дæр нæ фæцæрдзынæн. Кæнæ мын уыдон ракæндзысты мæ къубал, кæнæ та сæ æз бахсындзынæн дæндагæй!.. Ахъуыды-ма кæнут уæхæдæг: нæ хъус иудадзыг хæцæнгарзмæ куы дарæм, уæд цæмæ æрхаудзыстæм?..

Афæхъойæн цыма ныртæккæ йæ разы лæууыд бынтон æцæгæлон лæг, цыма йæ никуы федта, ахæм цæстæй йæм каст. Муссæ йемæ схъомыл, фæлæ йын йæ зæрдæйы бын никуы ссардта. Æддейæ дзы иу Муссæ уыд, мидæгæй та цалдæр æндæр æмæ æндæргъуызон Муссæйы. Искæмæ дзы куы бавналы, уæд йæ къухы аззайы бынтон æндæр Муссæ. Айразмæ йемæ цæуынвæнд скодта, фæлæ йæм уый йæ цæстæй февзыста: «Дæ бынат хъармæй дар, уым мæхæдæг сфаг уыдзынæн!» Æууæнчы хабарæй дзы ницы уыд, цыдæр бæллæхæй йæ хъахъхъæдта, цыма æнæдæндаг саби уыд. «Мыййаг куы байрæджы кæной, уæд-иу мæ агурыныл ма схæц, хæдзары бад!» — бафæдзæхста йын æмæ афардæг. Стæй уый фæстæ Скъуыдкъохмæ сæхи æрбаппæрстой Темырболат æмæ Æлдадты Гæба. «Муссæ кæм ис? Муссæ нæма разынд?» Цы сын загътаин? Муссæ мæн, йе ’ххуырстæй хъауджыдæр, фæрсгæ ницæмæй кæны, зæгъгæ? Сыстад йæхæдæг, нырма уал Цæцæнмæ æрбацыд Муссæйы куыстуатмæ, стæй та Дзæуджыхъæуы æфсæддон штабмæ. «Муссæ æнæ дæу ссардзæн Скъуыдкъохмæ фæндаг», — загътой йын æмæ йæ фæстæмæ рарвыстой. Афæхъо аивæй хатыд: ацы сусæг хæлбурцъы фæсчъылдым цыдæр хъуыддаг абухы æмæ йæ тæккæ астæу лæууы Муссæ. Æвæццæгæн, йе ’фсымæр зынгимæ хъазы, æмæ тæрсы, мыййаг æй куы басудза. Ахæм цæсгом равдисы, цыма æппæтыл дæр разы у, фæлæ æцæг разы у?.. Афæхъо нæу разы фыдæлты æгъдæуттыл дур ныффæлдахыныл, нæдæр йе ’фсымæры ныхы дагътæм дæлейæ уæлæмæ кæсыныл. Кæдмæ хъуамæ зила се ’хсæн мигъ, кæрæдзимæ сæ комкоммæ бакæсын чи нæ уадзы, ахæм мигъ?.. Муссæ йæ хъус кæдæмдæр кæй адардта æмæ йæ сæ артдзæст уыйбæрц кæй нал æндæвта, уый дæр хатыд Афæхъо æмæ мæсты кодта. Кæд æрхаудзысты хъуыддæгтæ иуырдæм æмæ ма кæд æрбынат кæндзæн сæ артдзæсты, Алхаст мæрдтæм йемæ цы фарн ахаста, уый? Æвæццæгæн, никуы, уый дæр ын Муссæйы æнгас амоны!



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: