II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 32 глава




Йæ масты къуыбар йæ хъуыры фæфидар Темырболатæн.

— Господин вахмистр, дæ хынджылæг ныууадз æмæ хъарагъулты сæргълæууæджы бацагур, йæ бæрзонддзинад мæм æнхъæлмæ кæсы! Хынджылæг, «мамусямæ» куы ныццæуай, уæд кæндзынæ! Кæд ма дын ныццæуын бантыса, уæд!

Темырболаты тызмæг хъæлæс уайтагъд ауазал кодта вахмистры хынджылæг кæныны монц. «Хатыр», зæгъгæ, йæ цырыхъхъыты зæвæттæ кæрæдзийыл бакъæрцц кодта æмæ талынджы фæтары ис.

Уайтагъд фæстæмæ æрбаздæхт вахмистр, йемæ иу дæргъæлвæс капитаны æрбакодта. Цæст рæстмæ не ’взæрста, фæлæ капитанæн йæ хус цæсгомы тигътæ бæрæг дардтой талынджы. Цыргъ роцъо, размæ къуыпп уадултæ æмæ йын йæ тæнæг былтæ йе ’нгæс тызмæгдæрæй æвдыстой. Вахмистр цырагъыл уæлæмæ схæцыд æмæ Темырболат капитаны даргъ фындз ауыдта.

— Кæм ис дæ сидæн гæххæтт, господин корнет? — æнгуылдзы стæвдæн дæндæгтæ æмæ сырх-сырхид мылытыл ноджы ныттæнæг сты сыфтæры хуызæн былтæ.

Темырболат базыр-зыр кодта, цыма йемæ лæг нæ дзырдта, фæлæ, сыджыты мидæг йæ фыдтæ кæмæн æртадысты æмæ йæ царм йе стджытыл кæмæн нындæгъд, ахæм лæджы сæргæхц. Фергъуыйау, иуырдыгæй, капитанæн йæ уындæй, иннæрдыгæй та, æнæнхъæлæджы фарстæй.

— Сæрмагонд хъуыддаджы фæдыл кæй арвиты, уыдонæн сегасæн сидæн гæххæттытæ нæ дæтты йæ бæрзонддзинад.

Тæнæг былтæ кæрæдзийыл андæгъдысты æмæ сæхтæджы хуызæн цæстытæ сæ къуырфыты схъомпал сты.

— Кæмæй дæ?

— Корнет Мамсыраты Темырболат, инæлар Куындыхаты Муссæйы хæрæфырт.

Муссæйы коймæ сæхтæджы хуызæн цæстытæ сæ къуырфыты асалдысты æмæ уæллаг был, бæхы былау, мылыйæ фæхицæн.

— Чысыл фæгæдзæ кæн, господин корнет! — йæ хус уд æмæ ма йæ зæрдæйы цы хъарм аззад, уый ралæмæрста уыцы ныхæстимæ æмæ тæлтæг зылд фæкодта.

Стыр кулдуар хъысхъысгæнгæ байгом æмæ, Темырболат мидæмæ куы фæцæйцыд, уæд, капитаны уæнтæхъил чъылдыммæ кæсгæйæ, хъуыды кодта: «Муссæйы ном нырма ахады!..»

Капитан, цыма тæхгæ скодта, уыйау асиныл рог суад. Вахмистр йæ цырагъы рухс разæй цæуджыты къæхтæм дардта æмæ сæ тыхæй æййæфта. Тамакогъуыз цармæй æмæхгæд бæрзонд дуары цур фескъуыд Темырболаты хъуыдыты хал. Хатæнмæ бацæугæйæ, уыцы дæргъæлвæс, йæхи айвазгæйæ, йæ рахиз къух йæ къæмисæнмæ куы схаста, уæд цæхæрадоны быдыргъы хуызæн ссис.

Æнгуз фæйнæгæй конд стъолы фаллаг фарс, арф къæлæтджыны бадт Лорис-Меликов, цырагъы фæлурс рухс ын йæ цæсгомыл мæрдгъуыз сæвæрдта. Хатæны къултæ æмæ дзаумæтты фæлмæн хуыз Темырболаты нуæртты æндыгъдад фæфæлмæндæр кодта. Стъолы гуыбынджын къæхтæ куыддæлæмæ фæлыстæг сты, стæй та æвиппайды фæуæрæх сты æмæ сæ кæрæттæ астæрдыл, фæранчы ныхтау, ныссагъдысты. «Йæ бæрзонддзинады буц инæлæрттæ хæстмæ дæр семæ хæссынц сæ бухъхъ цард æмæ, Кавказы «туземецтæ» сæ туджы кæй мæцынц, уый уыдонмæ нæ хауы!» — хъуыды кодта Темырболат, арф къæлæтджыны хуылфæй ма йæ уæхсчытæ кæмæн зындысты, уымæ кæсгæйæ. «Ацу!» — зæгъгæ, дзы рантыст иунæг дзырд æмæ капитан феддæдуар ис, йæ хицау ын иу бакаст дæр не саккаг кодта, афтæмæй. Йæ сæрыл уæлæмæ не схæцыд, фыста æмæ фыста. Йæ сисы хъинцъ-хъинцъ æмыр хатæны афтæ хъуыст, цыма дзæнхъайы къæрттæй æрхуы аджы фарс хафтæуыд. Ацы хатæны ныр дыккаг хатт фембæлд ацы галдзæст инæларыл. Фыццаг æй куы æрбакодтой, уæд Муссæ хæдзары уыд, фæлæ ныр куыд уыдзæн, цы уыдзæн...

— Дæ кæйныхдзинад мæ зæрдæмæ цæуы, господин корнет, фæлæ цахæм уавæры бахауид облæсты сæйраг командæгæнæг, алчидæр æм ахæм цыбыр рæстæджы дыууæ хатты куы цæуид, уæд? — йæ сæрыл уæлæмæ не схæцыд, афтæмæй загъта Лорис-Меликов.

— Мæхи фæндæй фыццаг хатт æрбацыдтæн, господин инæлар-лейтенант!

Уыцы дзуапп ын нæ уыд æхсызгон, уымæн æмæ дзы нæ уыд, æфсæддон службæйы закъон цы хистæр-кæстæры æгъдау æмæ цыт домы, уый. Йæ сæрыл та уæлæмæ кæй не схæцыд, уымæй йын бамбарын кодта, хуыздæр аргъ дын нæ кæнын, зæгъгæ.

— Цæмæн æрбалæбурдтай æхсæвыгон?

Темырболат йæ хъустæ фæхъил кодта: «Æцæг мын „æрбалæбурдтай“ загъта, æви мæ сайгæ кæнынц мæ хъустæ?» Стъолы асыччы цыдæр агуырдта Лорис-Меликов, цахæмдæр гæххæтт, къыбаркъыбургæнгæ йæ къухы аууæрста æмæ йæ бырондоны ныррæцыгъта.

— Муссæйы хъуамæ фенон, кæнæ та... æз дæр ам баззайон! — цæхгæр загъта Темырболат.

— О-о-о! — йæ архайын фæуагъта Лорис-Меликов æмæ йæ цæстытæ корнеты цæсгоммæ ныццавта. — Ме ’нхъæлгаст нæ фæмæнг ис, господин корнет. Уыцы къæйныхдзинад куы нæ басæтта, уæд дын райсом инæлары пъагæттæ рамбулдзæн. Ахæм къæйныхдзинад дæ тагъд паддзахы бæрзонд хатæнмæ дæр батæрдзæн!

— Муссæйы хъуамæ фенон! — хивæнд сабийау загъта Темырболат.

— Æфсæддон ард бахордтай, господин корнет? — йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта хицау.

— О!..

— Бунтгæнджыты фæдзæхстæй Цæцæн, Мæхъхъæл, Хъуымыхъхъ æмæ Дагъыстаныл куы æрзылдтæ, уæд та кæцы ардбахæрд æххæст кодтай?.. Мæ зæрдæмæ цæуы дæ къæйныхдзинад, фæлæ Муссæ æмæ Османаты Садуллæйы этапыл Калакмæ арвыстон Кавказы æфсæдты сæйраг командæгæнæгмæ.

Темырболат ма цы загътаид, уый нал зыдта. Лорис-Меликов æм кастис æмæ хъуыды кодта: «Цыдæр хабар та æрцыд, æвæццæгæн, æнæуый ацы хъуымызбыл ардæм не ’рбацыдаид. Æнæхъуаджы нæ дзырдта Муссæ, иудадзыг ыл идон дарын хъæуы, зæгъгæ!.. Цы ’рцыд, уый базондзыстæм, фæлæ ахсæв ардæм кæй æрбафысым кодта, уый хабар йæ мадыфсымæры хъæуы!»

Иуæй-иу дзырдтæ, фыццаг фехъусгæйæ, æдых æмæ æнæахадгæ фæкæсынц адæймагмæ, фæлæ куыдфæстагмæ зæрдæйы, какон сындзау, баныхсынц. Иннæтæ та, змисбыдыры æнтæфау, æрбаулæфынц адæймагыл, йæ улæфæнтæ йын ахгæнынц æмæ, кæд уыцы дуджы бафæраза, уæд сæ тых байсысы, срог вæййынц, уымæн æмæ сæ фæсчъылдым разыны, сатæг кæцæй æрбадымы, ахæм зæххы гæппæл.

Этапыл арвитыны хабар Темырболатыл дзæккорау сæмбæлд, æмæ йæ сæр разылд, фæлæ йын Лорис-Меликовы ныхасыздæхт йæ зæрдæйы фæзынын кодта гуырысхо: «Кæд этапы хабар æцæг у, уæд облæсты хицау мæнæн цæмæн дзуры йæ сусæг хъуыддæгтæ? Чи зоны, мын ацы галдзæст барæй афтæ загъта, цæмæй йын йæ фæстæ æцæг хъуыддæгтæ бамбæхса!..»

— Кæд Æлдадты зæронд Бæтæхъо йæ аххосаджы фиддæн фиды, уæд ма æз уæлбикъон дæн? — йæ маст нал урæдта Темырболат.

— Цард иуæй-иутæ куыд тызмæг æнхъæлынц, афтæ нæу. Цард ауæрдын дæр зоны, лæг аххосджын куы уа, уæддæр. Цард ауæрды дзæгъæл æмæ æнæсæрфат уæрыччытыл, бауырнæд дæ, господин корнет!

— Уæд та мын Æлдадты зæронд Бæтæхъойы фенын кæн, — быцæу ныхасæй ам кæй ницы рауадаид, ууыл йæ зæрдæ даргæйæ фæлмæн загъта Темырболат.

Лорис-Меликов сидæн дзæнгæрæджы бос æрбайвæзта æмæ та хатæнмæ уыцы дæргъындзæг капитан æрбацыд.

«Гъеныр мын мæ дæлдымæг скъуырдзысты!»

Цæмæй зыдта Темырболат, хицау ын йæ фæдыл сусæгæй хъусдарæг кæй арвитдзæн æмæ йæм къулы хуынкъæй кæй хъусдзæн, уый.

— Бахизын кæн корнеты! — схъуыр-хъуыр кодта Лорис-Меликов.

Стæгдары хуызæн капитан æй йæ разæй ахстау акодта. Талынг ныккæндмæ ныххызтысты. Сæ разæй цырагъы рухсы фæлурс фæлм ивылд. Цырыхъхъыты къуырма къупп-къупп уымæл къулты ’хсæн нæрыд. Царыл сæ гуылмыз æндæрджытæ хъеллау кодтой. Æфсæйнаджы уазал дзыгъал-мыгъул Темырболаты зæрдæ фæцъæррæмыхст кодта.

«Хъоргъы дуар!»

Æфсæйнаг хызыл рахæцыд дæргъындзæг капитан, мидæгæй цы хъæдын дуар уыд, уый дæр бакодта, æнуд тæф сын се ’мбудæнтæ ныццавта.

Хъахъхъæнджытæй иу йæ разæй бахызт. Цырагъ къускы мидæг бавæрдта.

— Табуафси, мидæмæ рацу! — цыма адæймаджы уынæр дæр уымæл ссис, афтæ фæкаст Темырболатмæ.

Цырагъы рухс бандзыг. Къулы фаллаг фарс цыдæр къуыс-къуыс кодта.

— Дæс минуты дын ис рæстæг! — згæ дуары зиллонау фæхъыррыст кодта капитан æмæ йыл дуар рахгæдта.

— Лæппу, цы дæ ’рбахаста ардæм?

Темырболаты зæрдæ ныссæххæтт ласта. Йæ къах дзурæджы ’рдæм авæрдта æмæ фырцинæй фæхъæр кодта:

— Дада!

— Дæхи ма скъуыр!

Йе ’нгуылдз фæсмыныл аныдзæвд. Донластау æм дыууæ къухæй фæлæбурдта. Йæхирдæм æй раивæзта. Йæ риумæ йæ нылхъывта.

— Дада, нæ дæ уынын талынджы.

— Чысыл куы абадай, уæд дæ цæстытæ ацахуыр уыдзысты æмæ мæ фендзынæ.

Цырагъы рухсмæ йыл рахæцыд æмæ талынджы тыхæй равзæрста зæронд лæджы даргъ боцъотæ, хъуынджын æрфгуытæ, уымæл æмæ чъизийы чи нычъчъиу, уыцы рихитæ. Талынгæй ма ноджы дыууæ æндæрджы рахицæн.

— Марчолды[4], лæппу!

— Салам-алейкум, лæппу!

Базыдта Малсæгты Тепса æмæ Дзæрæхохты Алхасты. Се ’ртæ йæ æмхуызон Муссæйæ афарстой. Темырболат сын куы загъта, Муссæ æмæ Садуллæйы облæсты хицау Калакмæ этапыл арвыста, зæгъгæ, уæд фæджихау сты. Цыма йæ ныгæнынмæ хъавыдысты æмæ йæ зæгъинæгтæ йемæ дæлзæхх кодтой, уыйау ныддодой кодта Темырболат:

— Сæфæм, дада. Нырмæ Кавказы хæцæнгарзæй басæттынмæ хъавыдысты, ныр та йæ Хуыцауы тыхæй ныцъцъист кæнынмæ хъавынц.

— Чи? — æмхъæр фæкодтой талынг хъоргъы ахстытæ.

— Паддзахы уæлбикъон инæлæрттæ æмæ моллотæ.

— Инæлæрттæ æмæ моллотæ?

— Хъæутыл зилынц Хуыцауы минæвæрттæ, Турчы султаны сидт кæсынц адæмæн, Туркмæ лидзыныл сæ ардауынц.

— Ау, нæ тыбыртæ цæгъдын нын уый æрхаста? — ныддодой кодта Бæтæхъо. — Цæцæн æмæ Мæхъхъæлæй цы хъуысы?

— Хъуыбады дзырдта, уым дæр, дам, ссынц моллотæ се ’взæгтæ. Кæй хъæуы Стамбул, дада? Кæцæй æрхаудта уыцы хъуыды, уый ничи зоны! Науæд кæй зондæй сидынц Хуыцауы минæвæрттæ адæммæ?

— Мæн дæр уый судзы: кæй зондæй сидынц моллотæ адæммæ? — ныккатай кодта Дзæрæхохты Алхаст.

— Зæххыстæн, моллотæ адæммæ Хуыцауы номæй кæй сидынц, уый тынг æвзæр хабар у! Стæй кæд уыцы сидджыты ничи хъыгдары, уæд уый та ноджы æвзæрдæр, — дзуры Малсæгты Тепса.

Ныхъхъус сты, царæй хæлынбыттырты базырты тыбар-тыбур æрбайхъуыст. Бæтæхъойæн йæ сæр ныууæззау. Йæ хъуыдытæ ныттар сты: Дæ тыбыртæ цæгъд ацы цыппар къулы ’хсæн, цы дзы рауайдзæн! Тепса раст зæгъы: Хуыцауы минæвæртты кæй ничи хъыгдары, уый мæгуырау хабар у. Чи зоны, паддзах æмæ йæ фæсдзæуинты дæр уый фæнды, цæмæй пысылмонтæ Туркмæ алидзой æмæ сын Кавказ уæгъд бынатæн баззайа. Кæд паддзахы æхсинылæгтæ уыцы хъуыды дины кусджытимæ иумæ скъобор кодтой, уæд мæгуыр адæммæ, иуæрдыгæй, хъаймæтæй æртхъирæн кæндзысты, иннæрдыгæй та — уазал Сыбырæй. А ирæттæ, чи зоны, уыйбæрц нæ бакуырм уой, уымæн æмæ сæ фылдæр чырыстонтæ сты, æмæ пысылмон йæ чырыстон хæстæгæй ныфс æвæрдзæн уæддæр. Цæцæн æмæ сын Мæхъхъæлы æнцондæр архайæн уыдзæн, уым адæм иууыл пысылмон диныл хæст сты. Куы сæ сызмæлын кæной, уæд уыцы змæлд зæй фенкъуыстæй хъауджыдæр нæ уыдзæн æмæ йæ ницыуал бауромдзæн. Йæ разæй ассивдзæн Иры пысылмонты дæр æмæ дзæгъæл баззайдзысты нæ уæзгуытæ.

— Кæд дæ дзырд раст у, уæд моллоты дзыхæй æрцæудзæн, нырма чи нæма æрцыд, ахæм фыдми, — зæгъы сусæг хъæлæсæй Бæтæхъо. — Чи бамбарын кæндзæн адæмæн, молло æмæ паддзахы инæлар иумæ цы хъуыддагыл хæцой, уым Хуыцауы фæндон нæй, зæгъгæ?

— Дада, æз хъæр кæнин, фæлæ мын Муссæ æнцад бадын æмæ æнхъæлмæ кæсын фæдзæхсы йæ фыстæджы, — зæгъы Темырболат.

— Цæй фыстæджы? — фæджихау Бæтæхъо.

— Уырдыгæй йæ сусæгæй æрбарвыста, — йæ къухæй къулы фаллаг фарсмæ ацамыдта Темырболат. — Йæ фæстæ цы хабæрттæ æрцыд, уыдон нæ зоны Муссæ, æндæра æнцад бадын нæ фæдзæхсид. Æз расиддзынæн æгас дунейæн, моллотæ Иунæг Стыр Хуыцау нæ, фæлæ паддзахы фæсдзæуинты фæндæй кæй сайынц адæмы Стамбулмæ.

Бæтæхъойæн йæ галиу æрфыг схъазыд, æмæ йе ’фсæрты къæрцц-къæрцц нал урæдта. «Цæмæн фæдзæхсы æнцад бадын?»

— Арæхстгай хъæуы, лæппу. Афтæ æргом куы сидай, уæд дæ агæрах кæндзысты. Зæйцæуæн ныртæккæ Цæцæн-Мæхъхъæлы бæстæ у. Хуыцауы минæвæрттæ уырдыгæй райдайдзысты сæ хурхы сæртæй уасын, цæмæй фенкъуыса дины зæй æмæ адæмы йæ разæй Стамбулы ’рдæм ахафа. Йæ разы уым хъæуы слæууын; уым хъуамæ ныттæрай хъæргæнджыты хурхыты къуыбылой, цæмæй бамыр уой, æмæ ма фенкъуыса зæй. Фæлæ дæ бон цы бауыдзæн иунæгæй!

— Махмуды бацагур, уый дын баххуыс кæндзæн, — уæззауæй загъта Дзæрæхохты Алхаст. — Расидут адæмæн: уый Стыр Аллахы фæндон нæу, уый сайтаны сайæн митæ сты, уымæн æмæ сайтанæн æнæарт, æнæфæнык лæджы сайын æнцондæр у.

— Господин корнет, де ’мгъуыд фæцис! — гуыдырæй уæззау дуар æрбахоста хъахъхъæнæг.

— Æз ныртæккæ Урус-Мартанмæ ацæудзынæн, Æрфæн мæм кулдуары цур æнхъæлмæ кæсы.

— Дæ дарæс раив, уый тыххæй дыл уæлдай бæллæх ма ’рцæуæд, — уый зæгъыны бон ма фæцис Малсæгаты Тепсайы. Хъахъхъæнæг мидæмæ æрбацыд, къускæй цырагъ райста æмæ Темырболаты уæлхъус удхæссæгау слæууыд.

— Цу, уæдæ, мæ хур! — йæ фæдыл ма радзырдта Бæтæхъо.

***

Брутмæ нал ныццыд, уæд æмæхсæвæджы нæ бахæццæ уыдаид Урус-Мартанмæ. Йæ мундир раласта, къуыбылойау æй стыхта æмæ йæ саргъы гоппыл бабаста, айдагъ хæдоны баззад. Базы бын æмбæхст дамбаца систа, йæ ронбасты йæ ныссыдта æмæ Æрфæны фæцагайдта.

Рахизæрдыгæй митæмбæрзт хæхты цъуппыты къæдз-мæдзытæ хаххы фæлм Æрфæны фæды дыдзы рухсмæ гæзæмæ зындис. Галиуæрдыгæй ницы зынд æхсæвы рæдзæмæдзæгæнаг талынджы йеддæмæ. Æрфæн нарæг къахвæндагыл йæхи барæй цыд. Агайын æй нæ хъуыд. Йæхæдæг тындзыдта æмæ цъассыты сæрты сæррæтт кодта. Æвиппайды фæлæууыд. Йæ чысыл хъустæ фæхъил кодта. Йæ пыррыкк нарæг комы анæрыд æмæ кæмдæр æнæбын арфы ныссæфт. Æвæццæгæн, сырд, кæнæ та æмбæхст адæймаг банкъардта. Зæвæтæй йæ бацагайдта барæг. Хайуан йæ фæстæгтыл алæууыд. Лæг ын, йæ идон æрбалвасгæйæ, йæ чысыл сæр йæ риуыл æрбаныхæста æмæ, бæхы къæхты тæккæ раз къардиуы гом хъæлæс куы ауыдта, уæд йæхимидæг ахъуыды кодта:

«Цæстныкъуылды йеддæмæ нæ хъæуы адæймаджы бабынæн!» Бæхы фæурæдта, къардиуы хъæлæсмæ ныккаст дыккаг хатт. «Муссæ дæр йæ къух куы ауигъа мыййаг? Йæ хæцæнгарз æмæ йын йæ цыт чи систа, уыдонимæ цæрын æй куы нæуал бафæнда æмæ Ирыстонæй цæуынвæнд куы скæна, уæд цы уыдзæн?»

Бæхы рох феуæгъд кодта. Æрфæн фатау атахт нарæг къахвæндагыл.

Комы гуыбын уыджы уынæргъынæй айдзаг. Æрфæн фыртасæй ныппыррыкк ласта æмæ йæ цæфхадæй зæхх ныххоста. Йæ сæрмæ æмуырдыг цы къæдзæхтæ слæууыди, уыдонмæ скаст Темырболат. Кæцæйдæр тæдзынæджы цъыкк-цъыкк хъуыст. Кæд ыл сегас рахæтой, уæд ма иу фæндаг ис Темырболатæн æмæ йын уыцы фæндагмæ ничи дары бар. Æдзух æй йемæ хæссы, йæ уд æмæ йæ зæрдæйы. Æвæццæгæн, адæймагæн йемæ райгуыры æмæ, йæ цардвæндаг куы схæццæ вæййы, уæд йæ сæр сдары æмæ йын æрымысын кæны йæ ном «мæлæт» кæй хуыйны æмæ бынтон æнæпайда кæй нæу. Сæрхъæнтæ æмæ тæппудты йеддæмæ алчидæр хъуамæ зона мæлæты лæггæдтæй спайда кæнын, уымæн æмæ йæ къæдзилæй цы цардвæндаг уромай, уымæй мæлæт бирæ хуыздæр у. Ибонты йын Хъуыбады Хъазийы фæзмыдта: цард, дам, адæймаг æмæ дины иудзинад у. Нæ, цард уый нæу! Цард у адæймаг æмæ йæ райгуырæн къуымы иудзинад! Æрдз æмæ йе сфæлдисгæ адæймаг сæхæдæг сты хуыцæуттæ. Афтæ куы нæ уаид, уæд Иунæг Стыр Аллах йæ цæхæртæ хъуамæ ныккалид, Чырыстимæ чи кувы, уыдоныл. Афтæ куы нæ уаид, уæд ныртæккæ арв йе ’мбисыл хъуамæ афæдид æмæ Темырболаты сæрыл тæвд цæхæр æмæ фæнык ныккалид. Йæ сæрмæ скаст Темырболат, фæлæ дзы ницы федта, писийау сау-сауид талынг йеддæмæ.

Кæмдæр куыдз срæйдта фæсус хъæлæсæй. Уасджытæ сæуæхсидмæ сидтысты. Хæдзæрттæ гæзæмæ разындысты талынджы. Æрфæн йæ цыд фæсабыр кодта. Рухсы цъыртт никуыцæй зынд. Алфамбылай æдзæрæджы хуызæн уыд. Ранæй-рæтты мæйдар æхсæв ноджы фæбæзджындæр ис, фæлæ Темырболат хатыд, уыцы сау-сауид цыппæрдигъонтæ хæдзæрттæ кæй уыдысты.

Османаты Садуллæты кæрт бамыр. Каурæбынæй куыдзы цæстытæ, æхсæвы хъæндилтау, æрттывтой.

Ацафон Алханты Махмуды хæдзарæй кæй бафæрсон, зæгъгæ, хъуыдытыл фæцис Темырболат. Уалынмæ йæм ехсы цъæхснаг цъыкк æмæ куыдзы тæригъæддаг хъыс-хъыс æрбайхъуыст. Ныхъхъуыста. Æхсæвы æмырдзинад æртæ бæхы цæфхæдты хъæр рæмыгъта. Дзедыры къутæр, теуайы къуыпрагъау, зындис фæсвæндаг. Йæ алыварс æрзылд. Бæхæй æрхызт æмæ фæсвæд æрæмбæхст. Ног хуымгæнды тæф ын йе ’мбудæнтæ бахъыдзы кодта æмæ дзы йæ балц айрох ис. Барджытæ йæ рæзты ныссыллынг ластой, уадау. Куыйтæ хуыссæгхъæлдзæгæй арвмæ дзæгъæл рæйд нал кодтой. Æртæ бæхджыны сæ фæдыл хъомпал æмæ хъæлæба æрбахастой.

— О-о-о, Махмуд! — æрбайхъуыст Темырболатмæ дæлейæ сидын.

Темырболат уайтагъд йæ бæхыл абадт æмæ, сидын кæцæй æрбайхъуыст, уыцырдæм атындзыдта.

— Ма-а-а-хмуд! — фæсидтис ноджы уыцы хъæлæс. Хъæууынджы бæхы знæт мыр-мыр æмæ топпы гæрах ныййазæлыд.

Темырболат йæхи нал баурæдта æмæ, знæт уынæр кæцæй хъуыст, уыцырдæм баскъæрдта Æрфæны.

VII. ЭКМЫРЗÆТЫТАЗА ÆМÆ УРУС-МАРТАНЫÆХСÆВ

Ичкерийы зылдæй никуы ахызт Экмырзæты Таза, йæхицæн фосæй ницы уыд æмæ кæмæндæр фыййауæй хырхта чысылæй нырмæ. Чиныг кæсын нæ зыдта, фæлæ хъуыранæн табу кодта, уымæн æмæ йын йе ’мдзæвгæтæ моллотæй хъуыста. Иу бакастæй тызмæг æмæ зыкъуыритæ уыд Таза, фæлæ уыцы тызмæгдзинады мидæг змæлыд фæлмæн, лæгуарзон уд. Хæрз чысылæй фæсидзæр ис, йæ фыд Экмырзæ йын ницы ныууагъта æмæ лæппу баззад уæзæджы къæйыл бæгъæмвадæй. Чифæнды уæд лæппуйæн йæ ахуыргæнæг: молло, сауджын, философ, сих, æфсадфæтæг æви кадæггæнæг, уæддæр йæ царды æхсæнмæ-æхсæнты æнæразыдзинад фæзыны æмæ уæд æцæгдзинады бындур бацагуры. Уæд райдайы йæ ахуыргæнæджы æвастæй дзуапп агурын: цæмæн ис иутæн бирæ, иннæтæн та цъус, кæд æмæ хъуыран амоны, Стыр Хуыцау дын цы радта, ууыл хæц æмæ фылдæр ма дом, зæгъгæ, уæд? Молло амыдта, уыцы агурын хорзмæ кæй нæ расайдзæн, уый. Йæ цæстытæ-иу æрæхгæдта, йæ былтæ-иу «сыгъдæг чиныджы» чъизи цъарыл нымдæй авæрдта æмæ-иу адджын хъæлæсæй базарыд: «Лæмбынæг хъус дæ Хуыцауы амындмæ æмæ æцæгдзинадыл фембæлай!» Таза бузныг уыд йæ Хуыцауæй, кувыны фаг хъару йын кæй радта, уый тыххæй, фæлæ йæ куывд йæ ранмæ афтæ æрæгмæ кæй хæццæ кодта æмæ тæригъæдджынты куынæггæнæг стырбон кæй нæ ныллæууыд, уымæй йæ зæрдæйы цахæмдæр гуырысхо фæзынд. Мæсты кодта.

Ахуыргæнæг-молло разы нæ вæййы, йæ ахуыргæнинагæн цы амоны, уыййеддæмæ ма ноджы æндæр исты куы фæагуры, уæд. Кæд Экмырзæйы фырты зындоны æхсидгæ аджы фыцын нæ фæнды, уæд æцæгдзинады иунæг суадонæй басæттæд йæ дойны æмæ йын уый æнус-æнустæм апырх кæндзæн йæ гуырысхо. Иунæг стыр Аллах уыны, лæг цы саразы, уый нæ, фæлæ цы хъуыды кæны, уый дæр. Ма фæсайды уæд Таза æмæ шайтаны фæндагыл ма ныллæууæд, кæннод дзæнæты дуæрттæ йæ разы æхгæд уыдзысты æмæ æнус-æнустæм зындоны æхсидгæ аджы фыцдзæн.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: