II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 44 глава




— Æцæг фæндагамонæг нæ сæрмæ ис, — йæ цæстытæ уæлæмæ сзылдта Таза. — Дæ фарнæй хайджын кæй кæныс, уый ма мын зæгъ, Берд.

— Дæу æмæ Цомахъы, — кæд ын лæппуйы цæхгæр дзуапп æхсызгон нæ уыд, уæддæр уаз хъæлæсæй загъта Берд.

Таза дыууæ даргъинагмæ бакаст: «Дæу æмæ Цомахъы! Æмæ мæнæн Цомахъы фарнæй ис а бæстыл фæцæрæн?» Йе ’мбæлттыл ахаста йæ цæст æмæ, Алханты Махмуды куы ауыдта, уæд Темырболат æрлæууыд йæ зæрдыл. Кæм ис ныр уыцы рухсдзæсгом брутаг лæппу, цæмæннæ æрбацыд Тазамæ? Ныр хъæуы Тазайы уыцы лæппуйы мæлгъæвзаг, ныртæккæ, æнусыккон зæронд лæджимæ ныхас кæнгæйæ. Берды хъоппæг цæстыты бынты къæлæттау ауындзæг ссывтытæм кæсгæйæ, Таза бандзыг вæййы æмæ дзурынмæ нал фæцарæхсы. Дзурынмæ нæ арæхсы Таза æмæ нæ уæнды, кæннод зæгъид Бердæн: Ойшиев Цомахъы хуызæн хæдмæлхортæ нæ сисын кодтой Тазайæн мастисæн кард. Цомахъ æрмахуыр къæбыла у, æмæ ам Тазайы ныхмæ лæууыны бæсты ацæуæд æмæ уæртæ Гамар-Дучы рагъыл йæ хицауы арм йæ дæрзæг æвзагæй басдæрæд. Лæгау дæм дзурын, Берд, æмæ дæ бауырнæд: Таза йæхи цæстæй федта æцæг Хуыцауы, Тазайæн æдзух йемæ ис, йæ уды мидæг ис æцæг Хуыцауы уарзт. Таза удæгас уæвгæйæ уыцы Хуыцауы цагъар уыдзæн, йæ уарзтæй йæ ничи фæхицæн кæндзæн, паддзах нæ, фæлæ дунейы тыхджынтæ йæ ныхмæ куы рацæуой, уæддæр. Куы амæла, уæд схуысдзæн йæ фыд Экмырзæйы фарсмæ æмæ уым дæр цагъарæй баззайдзæн йæ Хуыцауæн.

Таза Берды цæсгоммæ фæкомкоммæ, уый йæм йæ цæстытæ ныццавта, Киса йæ тæккæ къæхты цур бадт æмæ йæм ахæм каст кодта, цыма йæ фыццаг хатт федта. Систы сæртæй æрхызтысты хæстонтæ, æввахсдæр æрбалæууыдысты æмæ бандзыг сты Тазайы æрхæндæг ныхасмæ хъусгæйæ.

— Дзур, лæппу, æз дæм хъусын! — загъта æрæджиау Берд.

Дзур, дам, лæппу! Ау, Таза дзургæ кодта, æви йæ сагъæсты аныгъуылд? Дзур, дам, лæппу! Кæм аныгъуылд Таза, кæм? Ау, йæ сæр афтæ сдзæгъæл ис, æмæ йæм дзырдæй сагъæсы ’хсæн арæн скæныны фаг зонд нал ис?

— Дæ ныхас баххæст кæн, æз дæм хъусын, лæппу! — дыккаг хатт загъта Берд.

— Цы зæгъон, æз дзурын нæ зонын!.. Паддзахы афицертæ нæ кæрæдзийыл ардауынц, цæмæй нæ иу къухæй не ’ннæ къух чъепп кæнæм. — Гамар-Дучы рагъмæ ацамыдта Таза. — Стæй ралæудзысты æмæ зæгъдзысты: мах цы гæнæг стæм, марæн кард уæхи къухæй рауагътат уæ хурхыл!.. Уе ’цæг Хуыцауыл уæхæдæг систат уæ къух æмæ Стамбулмæ уæхи фæндæй цæут!.. Цы зæгъон, Берд, Таза дзурынмæ нæ арæхсы дæ хуызæн уæздан лæджы раз!.. Таза зоны рæстуырнæг лæгæн тæригъæд кæнын, Хуыцау æмæ зæххæн табу кæнын... Фосмæ зилын... Таза Туркмæ нæ лидзы æмæ йе ’цæг Хуыцауы дзæгъæлæй нæ уадзы. Таза никуыдæм цæуы, уый хъахъхъæндзæн йæ фыды ингæн, Ганайты Актулла заргæ цы сыджытмæ бацыд, уый... Æз дзурын нæ зонын, Берд...

Фæсыкк ис. Берд хъуыдыты аныгъуылд. Æнхъæлдта, æвзонг лæппу йе ’цæг фæндагæй фæиппæрд, зонд ын бацамондзынæн æмæ йæ къæбæда митæ ныууадздзæн, зæгъгæ, фæлæ йын йе сныхас æмæ йæ хъуыдытæ йæ зæрдæ бакъуырдтой æмæ йын йæ хуылф æгасæй басыгътой.

— Цы домыс? — фæрсы Тазайы.

— Таза домгæ ницы кæны. Таза йæ Хуыцау æмæ йæ зæххыл йæ къух нæ исы æмæ сæ хъахъхъæндзæн, зыбыты иунæгæй куы баззайа, уæддæр!

— Цомахъæн цы зæгъон?

— Цомахъæн зæгъ: Хеттеш-Корты фахсæй ахъуытты уæд æмæ Тазайы дзурын бауадзæд, йæ зæххæй йæ фæиппæрд кæнынмæ чи хъавы, уыдонимæ. Æз фæдæн мæ ныхас.

— Мæнмæ дæр ницыуал ис дзырддаг. Дзырддаг та мæм цы уыд... Хуыцауы амындæй чи архайы, уымæн лæджы зонд амонын цæмæн хъæуы?.. Хуыцау дæ ма фæиппæрд кæнæд дæ фыд Экмырзæйы æцæг фæндагæй! — даргъинæгтæм баздæхт. — Цы фехъуыстат, уый Цомахъæн зæгъдзыстут! Ноджы йын зæгъдзыстут: Берды Хеттеш-Корты дзырддаг нæ уыд!

Аздæхт Берд, Цомахъмæ цæугæ дæр нал ныккодта, афтæмæй. Бæхыл дæ ныддавдзыстæм, зæгъгæ, хатыдысты йæм йе ’мбæлццонтæ, фæлæ йæ къух ауыгъта æмæ йæ хæдзармæ йæ зæрдæ судзгæ ахаста.

***

Кæмдæр арф комы сæрмæ цæргæс зилахаргæнгæ уасыд. Цæугæдонæн йæ уынæргъын хъуыст.

Таза бæхты фæсфæд бамбæхсын кодта æмæ йæхионты та хъуынавæрд систы фæсаууон бамбæхста. «Цомахъ куы нæ уыдаид, уæд Веденойы хицау ныр Гамар-Дучы рагъыл афтæ æнцой нæ бадид. Бады йæхицæн æнцад-æнцойæ æмæ сæм кæсы, цæцæйнаг цæцæйнаджы куыд дзæхст кæны, уымæ!»

— Таза, минæвæрттæ нæм æрбацæуы! — йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта Умаханты Киса.

Таза лæмбынæг ныккаст.

— Уыдон минæвæрттæ не сты. Уыдон хæдмæлхортæ сты!

Киса гуыбыр-гуыбыр размæ ауад æмæ бырцæй дæлæмæ ахъæр кодта:

— Ей, пысылмонтæ! Умаханты Киса дæн æз. Иумæ цы цæхх æмæ кæрдзын фæхордтам, уый нын туг фестæд, кæрæдзимæ кард куы ныддарæм, уæд!.. Цомахъы ныхæстæм ма хъусут, аздæхут фæстæмæ уæ хæдзæрттæм æмæ нæ бауадзут дзурын, уæртæ нæм Гамар-Дучы рагъæй чи хъавы, уыимæ!

Дæлейæ топпы гæрах фæцыд. Нæмыг Кисайы уæлдзарм худ аскъæфта. Фæстæмæ агæпп ласта, егъау къæйы аууон æрæмбæхст æмæ ныхъхъуыста.

— Киса, Киса, удæгас дæ? — сиды йæм Таза.

Уый та сгæпп ласта бырцмæ æмæ, йæ къухтæ йæ былтыл хæтæлау авæргæйæ, дæлæмæ ахъæр кодта:

— Ей, Шамхал, куыдз дын бахæрæд дæ кæрдзын!.. Афтæ ма фенхъæл, Киса дæ нæ базыдта. Райсом ма мæм нуазæн цы цæсгомæй дæтдзынæ!.. Дæхæдæг мын куы дзырдтай, Турчы зæххыл куыдз йæ фист нæ калы...

Гæрах комы анæрыд. Кисайæн йæ хъыримаг йæ къухæй ахауд æмæ йæхæдæг уыцы иу дыдагъ фæцис. Таза фæтарст, æвæццæгæн æй амардтой, зæгъгæ. Йæхиуыл рахæцыд, куыддæр йæ къах авæрдта, афтæ дæлейæ Арсаныхъойы ауыдта сцæйцæугæ. Уалынмæ Киса фестад, йæ иу къухæй хъыримаг йæ бæхбæттæнмæ ныббыцæу кодта.

— Арсаныхъо-о-о, дæ цæргæ-цæрæнбонты æвзæр куыдзау сусæгæй хæцыс!.. Æз нырма удæгас дæн!.. Айс мæ лæвар! — Кисайы гæрахмæ Арсаныхъо йæ артæнтæм дыууæ къухæй фæлæбурдта æмæ фæдзуццæг ис. Дæллæгтæ размæ феггуырстой, рагъæй сæ гæрæхтæ кодтой. Таза кæмдæр прапорщик Мамайты Хатуйы суыдта æмæ йæ милмæ систа. Уый уыцы æмрастæй йæ ных бæласмæ куы бахаста æмæ йыл æй уæлейæ дæлæмæ куы æрхафта, уæд базыдта, зæрдæдзæф кæй фæцис, уый.

Гæрахмæ бæхтæ старстысты æмæ сæ пыррыкк тар хъæды нæрыд. Таза Арапханы цурмæ бабырыд æмæ йын йæ хъусы дзуры:

— Бæхтæм Цомахъ ма фæраздæр уæд, кæнæ сæ бæттæнтæ ма атонæнт. Бахъæудзысты нæ!

Хазуты Тазука æмæ йе ’фсымæр Саган-Гирей фæрсæй-фæрстæм хуыссыдысты. Наибы раззæгтæ сæм комкоммæ æрбацæйцыдысты. Саган-Гирей йæ разы къæйдур фесхуыста. Лæбурджытæ фæйнæрдæм фæпырх сты, фæлæ дзы æртæйы ныййæфта æмæ сæ ныцъцъист кодта. Дур комы ’рдæм гыбаргыбургæнгæ тылдис, уынæргъгæ æмæ оффытæгæнгæ бæлæстæ хаудысты йæ разæй.

— Таза-а-а, дæ къухтæ сдар, афтæ дын хуыздæр уыдзæн! — æрбайхъуыст наибы хъæр.

Дыууæ æфсымæры æмæхст фæкодтой наибы.

— Таза, аирвæзæн дын нал ис! — йæ хъæрæй не ’нцад Цомахъ.

Æрдæбон Киса цы дуры цъуппæй сидтис, уымæ ныр та Таза сгæпп ласта. Йæ цæхæркалгæ кардыл уæлæмæ схæцыд, афтæмæй ныхъхъæр кодта:

— Ей, пысылмонтæ, мæ фыдимæ иумæ куы цыдыстут паддзахы ныхмæ, уæд ныр мах цы хылаг ис!.. — топпы гæрах ын аныхъуырдта йæ ныхасы кæрон.

Стæй сарæх сты топпы гæрæхтæ, бæхты мыр-мыр, нæмыгæй саст бæласы цæнгты хъыррыст, комы уынæргъын. Киса Тазайы уæлхъус слæууыд æмæ йын, фырмæстæй йæ цæстытæй цæхæртæ калгæ, дзуры:

— Кардæй сæм балæбурæм, кæннод, Гамар-Дукыл чи бады, уыдон дæр сагайдзысты...

— Æгæр бирæ сты! Цалынмæ нæм нæмыг ис, уæдмæ сæ топпæй цæвæм.

Æвиппайды фегуыппæг ис Хеттеш-Корт, Дзæгъæл нæмыджы къуыззитт нал хъуыст. Бæхтæ дæр бамыр сты. Рагъыл чи бадт, уыдон байрадысты:

— Æвæццæгæн, сæ бон базыдтой æмæ фæстæмæ аздæхтысты!

— Нæ, æрдæгвæндагæй фæстæмæ чи аздæхы, ахæмтæй нæу Цомахъ! Æвæццæгæн, цыдæр ног хин æрымысыд уыцы дымысдæр!

— Таза, мæлæты агъоммæ ма иу куывд скæн дæ Хуыцаумæ! — фатау аныхст кæйдæр сидт хохы æмырдзинады.

Стæй сæ сæрмæ арв иу æрттывд фæкодта. Цыма хæхтæн, сæ ком фегом æмæ сæ хуылфæй Хеттеш-Кортыл цæхæр æркалдтой, уыйау ныннæрыд. Къуыс-къуыс, цъæхснаг æхситт æмæ æфсæйнаджы къуырма дзыгъал-мыгъулæй айдзаг сты кæмттæ. Тæмæнкалæг тымбыл къопп ниугæ ратахт уæлдæфы, йæ дымгæ хъæды къохы иу гæрз ацарыдта, алфамбылай æрвæрттывдау ныррухс кодта æмæ Хеттеш-Корты фахсыл йæ дзæхст фæцыд.

Таза сармадзаны нæмыг никуы федта йæ цæстæй, фæлæ зæрдæаивæй базыдта: иу-дыууæ ахæм судзгæ къуыбылойы ма куы сæмбæла Хеттеш-Кортыл, уæд сын сæ мыггаг быныскъуыд скæндзысты, æмæ Харачойыл арт бандзардзысты.

— Лæппутæ! Цалынмæ ныл дыккаг къуыбылой раппарой, уæдмæ иутæ бырцы алвæрсты æрзилæнт æмæ сæ бæхтыл абадæнт! Наибы пъæлицæйæ уæ разы чи фæуа, уыдон кардæй бахсæдут æмæ Харачойы хъæдмæ уæхи айсут!

Йæ бынатæй куы ничи фезмæлыд, уæд Таза йæ хурхы сæртæй ныхъхъæр кодта:

— Тагъд цæугæ уæ бæхтæм!.. Киса, Махмуд, Саган-Тирей, мах сæ разы фæлæууæм æмæ сæ бауромæм!

Сæ бæхтыл абадтысты æмæ хъæды апырх сты растадонтæ. Хеттеш-Корты рагъмæ æппæты разæй Арсаныхъо баппæрста йæхи, фæлæ дзы куы никæй баййæфта, уæд фæджихау.

— Цомахъ, фæсайдта нæ фыййау!.. Ахъуызыдис Таза!

Сæ фæдыл бауадысты. Хъæды хуылфæй стæм гæрæхтæ хъуыст. Тазайы йæхионты марынмæ йæ зæрдæ нæ тардта, фæлæ йæ уæгъд куы нæ суагътой, уæд сæм æрбаздæхт æмæ сын Хул-Хулауы былыл хæст бацайдагъ. Стæй уырдыгæй дæр сæхи ахибар кодтой, Герендучы хохы цъупмæ ссыдысты, æмæ сæ фæдыл уынæр куы нæуал хъуыст, уæд иучысыл æрбадтысты.

Даргъхæтæл хъыримаг йæ уæрджытыл тæссармæ æрæвæрдта, афтæмæй йе ’мбæлтты астæу тымбылцъæгæй бадтис. Харачойæ лæппутæ сæ фæтæджы ныхасмæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ уый бамыр æмæ йæ цæсгом искæмæ бакæсын нæ хъæцыд. Зондæй йыл фæтых сты хицæуттæ, хохæгты йыл бафтыдтой æмæ Тазайæн йæ сæнтты мæсыг хи дурæй басæттынмæ хъавынц. Топпы кæсæны знаджы бæсты дæхионы куы уынай, уæд зæрдæйы маст сысгæ кæны, æмæ хъару дæр ныддихтæ вæййы. Дæлæ йæм, Хеттеш-Кортмæ чи лæбурдта, уыдон, кæд æндæргъуызон дарæс скодтой, уæддæр Ходаты Арсаныхъо æмæ Мамайты Хатуйы хуызæн куыйтæ не сты. Таза æрра куыдз нæу: æмæ растæй-зылынæй алкæмæ къæпп нæ кæны.

— Æппынфæстаг мын мæ къухмæ мастисæн хотых ме ’фсымæрты марынмæ нæ ныссагъта.

Тазайы ныхæстæ æмыр хъæды иунæгæй ауындзæгæй аззадысты, уымæн æмæ йын дзуапп ничи радта. Æвиппайды Киса фæгæпп ласта:

— Æрбацæуынц! — фæхъæр кодта æмæ, хус сыфтæрты сыбар-сыбур кæцæй хъуыст, уырдæм топп ныддардта.

Фестадысты, бæлæсты аууæтты амбæхстысты. Таза йæ бынатæй нæ фезмæлыд æмæ раздæр кæдæм каст, уырдыгæй йæ цæстæнгас нæ фæиртæста.

— Киса, уый Гази у, Гази! Æрбауадз æй, кæддæра цахæм бæрæг æрбахæссы къулер! — цыма фынæй уыд, ахæм хъæлæсæй загъта Таза.

Сау хабар æрбахаста Гази: Паддзахы афицер хъазахъхъæгтимæ Харачоймæ æрбацыд. Хъæууынгты кæуыл фæхæст ис, уыдоны йæ разæй ассывта æмæ сæ Веденомæ атардта. Райсом, дам, Таза, йæхи къахæй куы нæ æрцæуа Веденомæ, уæд, дам, цы уыдзæн, ууыл уæхæдæг ахъуыды кæнут... Семæ акодтой Умаханты Киса, Багаты Ногъай-Гирей, Сенгиты Мадас, Тегирты Елсан æмæ Хамиты Тагиры бинонты дæр.

Пысылмонты фæстаг имам фырмæстæй йæ амонæн æнгуылдз йæ дæндæгтæй фелхъывта, йе ’рмттæ уæлæмæ сдардта, афтæмæй бандзыг. Йæ галиу къухыл туг æрзæй кодта, йæ уадулыл та тæвд цæссыг. Куы йын фенцондæр, уæд, тохмæ цы судзгæ æхсаргардæй сидтис, уый фæцъортт ласта, йе ’мбисы онг æй зæххы ныссагъта æмæ йыл иуырдæм цæхгæр фенцад. Цъæл æхсаргарды зæлланг сæ æрвдзæфау фæкодта.

— Таза æрра куыдз нæу! Таза йæ туг, йе стæг йæхæдæг нæ хæры! Имам Таза йæхи къахæй цæуы Веденомæ æмæ йе ’мхæстонтæн фæдзæхсы: апырх ут Харачойы хъæды æмæ æнхъæлмæ кæсут хуыздæр бонмæ, хуыздæр сидтмæ! — загъта, æхсаргарды æмбис йæ къухы даргæйæ.

— Æз дæр демæ цæуын, Таза! — загъта Алханты Махмуд амæ йæ фарсмæ балæууыд.

— Нæ-æ-æ! — ныббогъ ласта Таза. — Таза иунæгæй цæуы! Афицеры æрмæст Тазайы сæр хъæуы. Тазамæ Веденойы йеддæмæ никуы ничи æнхъæлмæ кæсы, фæлæ дæумæ Урус-Мартаны дæ мад æнхъæлмæ кæсы... Дæумæ Бруты хъæуы иу хорз лæппу æнхъæлмæ кæсы... Æз дæр æм æнхъæлмæ кастæн, фæлæ нæ фæндæгтæ нæхи бар нал сты, Махмуд...

Йемæ никæй ауагъта Таза. Йæ бæхыл абадт æмæ Веденомæ иунæгæй ныццыд. Гарнизоны кæртмæ уæлбæхæй куы бацыд æмæ йæ куы базыдтой, уæд ыл уайтагъд æрхъула сты. Йæ хæцæнгæрзтæ йын байсынмæ хъавыдысты, фæлæ Таза йе ’мбисыл саст æхсаргард фæцъортт ласта:

— Æмгæрон мæм чи æрбацæуа, уымæн æй йæ тæнты ныссадздзынæн!.. Таза йæ гæрзтæ сисдзæн æрмæст Головачевы раз!

Цæцæйнаджы сонт цæстæнгасæй фæтарстысты хъазахъхъ, цалынмæ се ’муд æрцыдысты, уæдмæ се ’хсæнты ацыд Таза æмæ, цъæл æхсаргард йæ къухы, афтæмæй булкъон Головачевы хатæны смидæг. Булкъон æй ахæм хуызы куы ауыдта, уæд йæ дамбацамæ фæлæбурдта.

— Фæлæуу! Таза дын никуыдæм аирвæздзæн! Бафснай дæ дамбаца æмæ имамы фæстаг уынаффæмæ байхъус! — дзырдта Таза цæцæйнагау.

— Иу къахдзæф дæр куы ракæнай, уæд дыл æй суадздзынæн!

Уатмæ æртæйæ æрбагæпп кодтой æмæ Тазамæ фæлæбурдтой. Таза сæ фæйнæрдæм ныкъкъуырдтытæ кодта, æмæ булкъонмæ куы фæкаст, уæд йæ цæст андæгъд, дамбацайы мæнгвæдæг йæхирдæм цы æнгуылдз æлвæста, ууыл. Цæстныкъуылдмæ стъолы аууон фæдзуццæг, нæмыг ниугæ йæ сæрты атахт æмæ дурыл сæмбæлд. Фæгæпп ласта. Ногæй та æхсаргарды æмбисыл уæлæмæ схæцыд.

— Паддзахы афицер! Таза йæ тох фæцис, фæлæ йæ зон, Кавказы адæм се ’ппæт нæ алидздзысты Туркмæ! Уый дын æз дзурын, Экмырзæты сидзæр Таза, имам Таза! Кавказ уæддæр йæ бынаты баззайдзæн æмæ йæм райсом, чи зоны, стыр Уæрæсейы байзæддаг хъонагъæй æрбацæуа æмæ нæ байзæддæгтæ кæрæдзимæ æфсымæртау нуазæнтæ радтой!.. Уæд дæуæн дæ цъаммар стæгдар зындоны æхсидгæйæ ныххаудзæн.

Тазайы къухы дамбаца куыд февзæрд, уый нæ фæфиппайдта Головачев. Комкоммæ йæм æй ныддардта æмæ хъазахъхъæгтæн йæ цæстæй амыдта, æввахс куыддæр æрбацæуат, афтæ уæ хицауыл саутæ скæндзыстут, зæгъгæ. Булкъонæн йæ русты дагътæ ныггæлиртæ сты æмæ йæ ком бахус.

— Хæцæнгарз бафснай, æмæ дæ цы хъæуы, уый зæгъ!

— Куы дын загътон, Головач, Таза йæ хæст фæцис, уымæн æмæ йæ зæххы сæрибардзинад сабиты удтæй не ’лхæны. Æз мæ кард æрæвæрынмæ æрбацыдтæн, фæлæ йæ зон: Таза Веденомæ иунæгæй æрбацыд æмæ йе ’мбæлттæ та хъæды баззадысты... Изæрмилты сабитæ сæ хæдзæрттæм куы нæ бахæццæ уой, уæд дын, хъæды кæй ныууагътон, уыдон дæ уд æрбаскъуындзысты. Таза йæ хæст фæцис, Таза йæ хотыхтæ æвæры дæ разы! — загъта уый æмæ йæ саст æхсаргарды æмбис дамбацаимæ булкъоны раз æрæвæрдта.

Куыддæр афтидæй аззад, афтæ йыл сæхи ныццавтой, йæ къухтæ йын сыздыхтой æмæ йæ булкъоны раз бастæй слæууын кодтой.

— Головач, æз мæ ныхас загътон! — æрбадзырдта ма йæм дуарæй мидæмæ, куы йæ акодтой, уæд.

Уыцы хабар æрцыд Муххаремы мæйы дæсæм бон, Туркмæ фыццаг къорд куы алыгъд, уымæй æртæ боны раздæр.

VII. БÆТÆХЪОЙЫТАУРÆГЪ ÆМÆ НОДЖЫИУ САСТ ÆХСАРГАРД

Цахæмдæр хингонд згъуыды февзæрд Темырболат æмæ йын уырдыгæй æддæмæ рацæуын нал бантыст. Кæйдæр цæст йæ фæдыл зылдис æмæ йын йæ къахдзæфтæ нымадта. Кæй цæст уыд, кæй? Чи систа Темырболаты уд милмæ? Дзургæ йæм ничи кодта, фæлæ уыцы цæст æдзух йæ удæй æнкъардта. Цы йæ хъæуы, аудгæ йыл кæны æви дзы джидзæг скъæры? Махмудимæ куыд бадзырдтой, афтæ Тазайы растады æмгъуыдæй иу бон раздæр Гæбаитимæ æхсæвыгон ахъуызыд, фæлæ Мæхъхъæлы арæнтыл хъазахъхъæгтæ сæ разы слæууыдысты цырæгътимæ. Сæхи фæиувахс кодтой, фæлæ та уым дæр сæ разы судзгæ цырæгътæ февзæрд. Стæй рахизæрдæм фесхуыстой сæ бæхты. Уым дæр судзгæ къул сæ разы пиллон калдта. Æвæццæгæн, мæ цæстыл фыны митæ уайынц, зæгъгæ, хъуыды кодта Темырболат, Судзгæ цырæгътæ сæм æввахсæй-æввахсдæр лæстысты æмæ æрхъула къуындæгæй-къуындæгдæр кодта. Цырæгъты тыбар-тыбурмæ гæзæмæ цы рихиджын цæсгæмттæ ферттив-ферттив кодта, уыдонмæ каст Темырболат æмæ хатыд: уыцы æппæтуынæг цæстытæ йын йæ балцы хъуыддагыл дон ауагътой, æмæ йæм райсом æнæхъуаджы æнхъæлмæ кæсдзысты Таза æмæ Алханты Махмуд. Цыма йыл егъау æрттиваг сарыхъхъ ныддæлгом чындæуыд æмæ йæ быны мæлдзыгау куыд рафт-бафт кодта, уымæ исчи йæ мидбылты худгæ каст, афтæ фенкъардта йæхи. Мæйдар æхсæвы, æхсидæвты йеддæмæ, ницы зынд. Фæстæмæ фездæхта Æрфæны, бæстæ куы бамыр, уæд Гæбаиты бафæдзæхста, дардыл æрзилæм æмæ Тазамæ Дагъыстанæй æрбацæуæм, зæгъгæ. Уым дæр та сæ разы февзæрд цырæгъты арт: «Цымæ мæн хъахъхъæнынц, æви Æлдадты зæронд Бæтæхъойы?.. Куы йын загътой, дæ хатæн дын раивтам, уыййеддæмæ сæрибар нæ дæ, зæгъгæ!»

Суанг райсоммæ фæрафт-бафт кодта, Уосмæн æй цыма нæ фиппайдта, афтæ дардта йæхи. Стæй райсом æхсæвыцъæхæй æнæнхъæлæджы Муссæ æрбацыд Гамзат æмæ дыууæ хъахъхъæнæджимæ. «Дысон ууыл дæр не ’рхæцыд хуыссæг, æвæццæгæн, уый дæр судзгæ цырæгъты цæст хъахъхъæдта!» джихæй каст йæ мадыфсымæрмæ Темырболат.

Уосмæн уайтагъд скъæтæй далыс ракодта æмæ йын йæ хурхыл кард сæвæрдта, фæлæ йын æй Муссæ йæ къухæй байста:

— Уæдмæ лæууыны фадат мын нæй, ме сиахс!

— Фæлæуу-ма, нæ цæхджын хойрагыл нын сомы ракодтай?

Гæрæны фаллаг фарс лæууыд Темырболат æмæ йæм уырдæм хъуыстысты Муссæиты ныхасы скъуыддзæгтæ. Кæстæры хæс дзы цыма рох фæцис, уазæджы размæ нæ рауад, йæ бынаты лæугæйæ баззад.

Фæсхохæй хур йæ тынтæ сыгъдæг арвмæ ныццавта. Æрвгæрон сырх-сырхидæй æрттывта.

Фæскулдуар хъарагъултæ лæууыдысты: «Æвæццæгæн, дысоны фыдфынтæ ногæй мæ цæстытыл уайынц!» Кæрчыты хъа-хъа, стурты богъ-богъ, сæгъты уасын цыд кæртæй. Хъуг йæ сынæр цæгъдын фæуагъта, æмæ йын æна йæ дæнгæл фæздоны бын цы къæрта æрæвæрдта, уый сдæрдта. Йе ’фсымæры цинæй дзы хъуг дуцын айрох ис! Абон æм иннæ бонты хуызæн нæ каст. Муссæ æмæ Уосмæн цалдæр хатты йæ кой скодтой, стæй йæм йæ фыд фæсидтис йæ номæй: «Болат!» Æна йе ’фсымæры æфцæджы ныттыхст, куы йæ суагъта, уæд Темырболат рудзынгæй йæ мады уадултыл цæссыгтæ ауыдта. «Мæ сагъæстæ» йын йæ разы ризгæ куы æрæвæрдта, уæдæй нырмæ йæ цæмæндæр Муссæйыл хъуыды кæнын нал фæндыд. Тыргъмæ æрбацыдысты цадæг ныхасгæнгæ:



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: