СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 2 глава




Трагедийæ равзæрди музыкæ! Уый у стыр хъуыдыдзинад Нарты кадджыты. Сырдон, цæмæй йæ фыддзинæдтæ барст æрцæуой, уый тыххæй бацыд Нарты ныхасмæ æмæ зæгъы: «Ай уын мæ лæвар, Нарт, æмæ мæ уемæ цæрын уадзут!» Нарт сразы сты.

Демон фыддзинæдтæ фæкодта, фæлæ фæстагмæ схъыг и фыддзинæдтæ кæнынæй. «И зло наскучило ему». Фæфæсмон кодта.

Хочу я с небом примириться.

Хочу любить, хочу молиться.

Хочу я веровать добру.

(Лермонтов)

Сырдон фæндыр кæй æрхъуыды кодта æмæ йæ Нартæн кæй радта, уый у стыр хъуыды Нарты эпосы: царды ис фыддзинад, фæлæ цас фæнды ахæсса уыцы фыддзинады дуг, уæддæр æй рæстдзинад басæтдзæн; Сырдон — фыддзинад — бирæ фыдбылызтæ фæкодта Нартæн, фæлæйæ фыдбылызтæ фæстагмæ йæхи сæрыл æртыхстысты, æмæ фæфæсмон кодта, æмæ сæргуыбырæй фидыд æркуырдта Нартæй. Нарт фыддзинадыл фæуæлахиз сты!

Ацæмæз, Маргъуыц, Сæууай, Арæхдзау, Сыбæлц æмæ иннæтæ — уыдон се ’ппæт дæр сты хицæн фæлгонцтæ, — æххæст æмæ индивидуализацигонд.

Афтæ ’ххæст сты Нарты кадджыты сылгоймæгты хуызтæ-фæлгонцтæ дæр. Сатанайы тыххæй бирæ ’рцыди фыст æмæ сæм æз ницы бафтауинаг дæн. Фæлæ зæгъын Акула æмæ Бедухайы тыххæй.

Акула — авд æфсымæры иунæг хо, арвы рухс æмæ зæххы фидауц. Нарты гуыппырсартæ бæллынц йæ уындмæ, фæлæ уый сæ къухы не ’фты. Зæронд Уырызмæгæн бантыст Акулайы рæсугъды Нарты симдмæ æркæнын. «Мемæ расим! Мемæ расим!», зæгъгæ, йæм Нарты гуыппырсартæ радыгай цæуынц, фæлæ дзы Акула кæмæ цы фау æрхæссы, кæмæ цы фау. Фæстагмæ йæм бацыд Батрадз. Уымæ ницы аипп ары Акула-рæсугъд, фæлæ йын йæ разы æвæры хæс: Нарты хистæртæй иуы, Уон зæгъгæ, йæ ном — уый ахаста Хъæндзæргæс — уæйыг; кæд Батрадз Уоны Хъæндзæргæсы уацарæй ракæна, уæд Акула сразы уыдзæн Батрадзимæ канд расимыныл нæ, фæлæ йæ цард бабæттыныл дæр.

Батрадз ацыд, Хъæндзæргæсы амардта æмæ Уоны æркодта Нарты бæстæм. Акула йæ ныхас нал фæсайдта.

Нарты адæмы ’хсæн куыннæ уыд, æвзонг чызджы зæрдæмæ чи фæцыдаид, ахæм гуырдтæ. Чи цы загътаид уынд æмæ кондæй дурæй гуырд Сосланæй, кæнæ Къандзы фырт хæрзконд Сæууайæ! Фæлæ Акула-рæсугъд йæхицæн къайæн равзæрста саудзагъд, къуыпных æмæ хорадзаст болат Батрадзы.

Бедуха — Сосланы ус. Дуне-дзыллæйы эпосты бирæ ис, йæ лæгыл иузæрдион чи уыд, ахæм сылгоймæгты фæлгонцтæ. Уыдон æхсæн Бедухайы фæлгонц йæхимæ æркæсын кæндзæн, Беатричейы фæлгонцау. Сослан мæрдты бæстæм куы бафтыд Аза-бæласы сыфтæ агурæг, уæд уым фембæлд йæ мард ус Бедухайыл. Сослан æй фæфæрстытæ кодта, мæрдты бæсты цы диссæгтæ федта, уыдонæй. Бедуха йын дзуаппытæ фæлæвæрдта. Уæд æй Сослан фæстагмæ фæрсы:

— Ардæм куы ’рбацыдтæн, уæд дæ сæр дæ гуырыл цæуыннæ уыд? Уый та цы диссаг у?

— Æмæ уый та куыннæ зоныс? — загъта Бедуха. — Мæ сæр æдзухдæр демæ вæййы. Æз дын ардыгæй бирæ æххуыс кæнын. Ардæм куы сфæнд кодтай, уæддæр дын фæндæгтæ мæ руаджы суæгъд сты. Ды дард балцы куы вæййыс æмæ дæ сæрмæ сау асæст куы фæцæуы, уæд дын уый дæр æз вæййын, цæмæй хурæй ма фæлмæцай. Хæсты куы вæййыс, уæд демæ чи фæхæцы, уыдонæн сæ сæрмæ тыгъдызæй куы ныллæууы, уæд уый дæр æз вæййын, де ’фсæдтæ кæд фæтыхджын уаиккой, зæгъгæ.

Ирд, хæдуагъд, аивдзинадæй æххæст, хæццæмæ чи нæ комы — ахæм сты, Нарты кадджыты цы адæймæгты фæлгонцтæ ис, уыдон. Нарты кадджыты ’хсæн иу дæр ахæм нæй, æмæ йæ сюжет зæрдæмæ кæмæн нæ фæцæуа, диссаг чи нæ уа. Хицæн кадæгмæ хъусгæйæ адæймаг ахæм уавæры бафты æмæ цалынмæ кадæг йæ кæронмæ ахæццæ уа, уæдмæ йæ кадæггæнæджы цурæй ацæуын нал æмæ нал фæфæнды. Цымæ куыд уыдзæн, цымæ цæуыл ахицæн уыдзæн, зæгъгæ, ахæм дисы бафты адæймаг. Кадæгмæ хъусгæйæ лæгæн йæ бар йæхи нал вæййы: кадæджы сюжет æй йæхимæ ласы. Мæнæ Калм хæфсмæ куы ныккæсы, æмæ хæфсæн йæ бон куыд ницыуал вæййы æмæ калмы дзыхмæ куыд бацæуы, раст афтæ вæййы адæймаджы хъуыддаг дæр Нарты кадджытæм хъусгæйæ. Нарты кадджытæй алы кадæг дæр, хицæнæй райсгæйæ, у сæрмагонд æххæст уацмыс, сюжеты элементтæ — райдиан, архайды нывæзт, кульминаци æмæ кæронбæттæн кæм ис, ахæм.

Нарты кадджыты сюжеттæ сты алыхуызон, Нарты кадджыты сюжеттæн се стыр миниуджытæй иу у уый, æмæ дзы тынг бирæ ис, æгас дунейы зынгæдæр эпосты æмæ поэтикон уацмысты цы диссаг, æгасдунейон элементтæ ис, айæмтæ. Зæгъæм: Уырызмæг æмæ Сохъыр уæйыг — Одиссей æмæ Полифем; Сослан æмæ Хызы фырт — Ахиллес æмæ Гектор; Уырызмæг æмæ Сатана Нарты куыд хуыдтой, уый — Калевалæйы чындзæхсæвмæ куыд хонынц, уый; Сослан мæрдты бæсты — Данте, «Божественная комедия», Нарты сау рувасдзармы кадæджы Уырызмæджы æмбисонд — Апулей, «Сыгъзæрин хæрæг», Ацæмæз — Орфей, кæнæ Вейнемейнен æ. а. д. Нарты кадджыты ис бирæ æгасдунейон мотивтæ: Батрадз у æндон, йæ тъангæй фæстæмæ, Сослан у æндон, йæ уæрджыты сæртæй фæстæмæ — Ахиллесы зæвæт; Уырызмæгæн йæ зæнæг йæхи къухæй бацыдысты мæрдтæм — Кронос хæры йæ цоты; Батрадз зæххы æмуæз дзæкъул исы — Микула Селянинович — «Тяга земли» æ. а. д.

Нарты кадджытæ сты æххæст композицион æгъдауæй. Алы кадæгæн дæр йæ хицæн хæйттæ кæрæдзимæ баст сты, куыд æмбæлы, афтæ алцы дæр дзы ис, аивады домæнтæм гæсгæ йын цы бынаты уæвын æмбæлы, уыцы бынаты. Æмæ йæ уыцы бынатæй куы фæиртæсын чындæуа, уæд кадæгæн йæ аивдзинад фехæлдзæн. Афтæ у алы аивадон уацмысы, æххæст уацмысы хъуыддаг дæр. Зæгъæм, Къостайы уацмыс «Сидзæргæс»-ы иу строфайæн йæ бынат аивгæйæ уацмыс æппæтæй дæр фехæлдзæн, строфа нæ, фæлæ дзы дыууæ стихы кæрæдзи бынæттæм куы ахæссай, уæддæр рауайдзæн афтæ. Лæмæгъ уацмысты хъуыддаг афтæ нæу: уыдоны ис ивдтытæ гæнæн — уый у сæ лæмæгъдзинадæн йæ тæккæ сæйрагдæр бæрæггæнæн. Нарты кадджытæй алы кадæг дæр у хæдуагъд: нæй дзы исты аппарæн, нæй йæм исты бафтауæн. Хуымæтæг, æнцон æмбарæн æмæ рæсугъд — уый у Нарты кадджытæн сæ композицийы бæрæггæнæн.

Нарты кадджыты мидæг архайджыты миниуджытæ бæрæггонд цæуынц дзыхы дзырдтæй нæ, фæлæ архайдæй. «Батрадз хъæбатыр у», «Батрадз раст лæг у», «Батрадз хиуыл хæцгæ у», зæгъгæ, ахæм бынат никуы ис Нарты кадджыты. Батрадзæн уыцы миниуджытæ æвдыст цæуынц йæ миты, йæ хъуыддæгты. Афтæ иннæты миниуджытæ дæр. Æмткæй зæгъын хъæуы уый, æмæ Нарты кадджыты сæйраг бынат ахсы архайд, ныхæсты фæрцы нæ, фæлæ архайды фæрцы æвдыст цæуынц цаутæ. Архайд цæуы тагъд, хохæй хохмæ къахдзæфгæнæгау. Нарты кадджытæн се ’взаджы хицæндзинад у уый, æмæ дзы ныхас даргъ нæу, фæлæ цыбыр æмæ сыгъдæг. Цыма æнæвдæлон уыдысты кадджытæн се ’рымысджытæ, уый хуызæн лыстæгдзинæдты кой нæ кæнынц. Хаттæй-хатт ныхас дæр йæ кæронмæ нал ахæццæ кæнынц — уый сæр нал фæхъæуы, уымæн æмæ архайдæн йæхицæй бæрæг вæййы, цы уыд æмæ цы уыдзæн, уый. Цæвиттон, афтæ у: «Дзырдтæн — уынгæг, хъуыдытæн — уæрæх».

Литературæ æмæ фольклорæн се ’рмæг у дзырд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæг цас хуыздæр уа, уыйас, æрмæгæй цы арæзт цæуы, уый дæр хуыздæр вæййы. Нарты кадджытæн се ’взагæн æмбал нæй: хъæздыг æмæ сыгъдæг, цыргъ æмæ æнцонæмбарæн, нывæфтыд æмæ ахорæнджын. Фæлæ иу хъуыддаг ис: нывæфтыд æмæ ахорæнджын дзырдтыл тынг рæдау не сты Нарты кадджытæ — дæттынц сæ бæрцæй, æмæ уымæ гæсгæ, сæ ахадындзинад кæны тынг бирæ. Йæ дзыккутæ тоны Дзерарсæ, йæ рустæ рæдувы, хъарæг кæны, æмæ йæ хъарæгæй арауынц хæхтæ; сырдтæ дæр ныхъхъус сты арф хъыгæй; згъалы хъарм цæстысыгтæ Дзерассæ дыууæ æфсымæрыл. Сæ астæу сбадти æмæ æмбисæхсæвмæ фæкуыдта Æхсары мардыл, æмбисæхсæвæй бонмæ та — Æхсæртæджы мардыл. Йæ тæригъæдæй мæрдты сæрмæ сбадти кæуындзаст сау мылазон мигъы сыг.

«Ныр сын цы ми кæнон: уадзгæ сæ кæнон, æмæ сын сæ хъамбул уæрджытæ, сæ цæхæр цæстытæ æмæ сæ сырх уадултæ сынтытæ æмæ рувæстæн хæрынмæ куыд ныууадзон, æвæргæ сæ кæнон, æмæ сын цы мадзал ссарон?» — зæгъы йæхицæн Дзерассæ...

Уыцы афон Уастырджи ратахт ре ’ртыкъахыг бæхыл... æмæ Дзерассæйы уæлхъус алæууыд æмæ йын зæгъы:

— Уæ, хурты хур æмæ арвы фидауц, уæ, мæ рухс дуне æмæ бæсты рæсугъд! («Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт»).

Нывæфтыд ныхæстæ, зпитеттæ, куыд загътон, афтæ, арæх не сты Нарты кадджыты, фæлæ дзы цы ис, уый æгъгъæд у: бæрцæй цы нæ уа, уым кад нæй, уым уæз нæй, уый цæсты нæ ахады. Нарты кадджыты нывæфтыд ныхæстæ, эпитеттæ, барæнтæ, метафорæтæ æмæ ’ндæр ахæмтæ сты сæ бынæтты, æмæ арæх кæд не сты, уæддæр сæ ахадындзинад у тынг æмæ тынг бирæ.

Нарты кадджыты ’взаг синтаксисы ’рдыгæй дæр у иттæг хорз — хуымæтæг, лæгъз, æнцрн.

Гъе, цæуыл æрдзырдтон, уыдон сты, æз куыд æмбарын, афтæмæй æмткæй Нарты кадджытæн сæ аивдзинадæн йæ сæйрагдæр æууæлтæ. Уыдонæй алкæцыйы тыххæй дæр ис бирæ зæгъæн, уыцы фарстатæй алы фарстыл дæр ис лæмбынæгдæр æрдзурæн...

Нарты кадджытæн сæ аивдзинад хъуамæ фæзына ирон литературæйыл. Цæмæй афтæ рауайа, уый тыххæй ирон фысджыты бамбарын хъæуы Нарты кадджыты аивдзинады сæйраг æмæ бындурон æууæлтæ. Нарты кадджытæй хицæн дзырдтæ исын, хицæн нæмттæ, эпитеттæ, барæнтæ, метафорæтæ исын, — уый æгъгъæд нæу, чи зоны æмæ пайда дæр не ’рхæсдзæн. Базонын, бамбарын хъæуы кадджытæн се ’взаджы Хицæндзинæдтæ кæрæй-кæронмæ æмæ сæ пайда кæнын хъæуы афтæмæй. Зæгъæм, Къостайы тыххæй. Къоста Уырызмæджы кой кæны, кæнæ Сырдоны кой, æмæ йæ уацмыстыл Нарты тæваг уымæй зыны, зæгъгæ, хъуыддагæн афтæ æмбарæн нæй. Къоста базыдта, бамбæрста Нарты кадджытæн се ’взаджы хицæн миниуджытæ — фæлгонцæй, сюжетæй, композицийæ, æвзаджы хаттæй æ. а. д. — æмæ афтæмæй фæзынди сæ тæваг Къостайы уацмыстыл. Райсæм Къостайы уацмыс «Хетæг». Уый, æнæмæнг, у фыст Нарты кадджыты уагыл, суанг ма йæ барст дæр у Нарты кадджыты барстыл, уый бындурыл арæзт.

Адæм æмхуызон кæм не сты æппæлынмæ!

Дзурынц — æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй.

Хорзæй фæзæгъынц: æппæлы йæ туджджынæй,

Чи та — йæ фыдæлтæй, чи та йæ чындзæй...

æ. а. д.

Дзырдтæ — сыгъдæг, хуымæтæг, синтаксис дæр афтæ лæгъз, æнцон — æмбарынæн дæр æмæ дзурынæн дæр. Хъуыды — йæ уагыл: сыгъдæг æмæ фæд-фæдыл. Йæ барст (размер) арæзт у Нарты кадджыты барсты бындурыл.

Рæнхъыты ис 11–12 уæнджы, 5-æм кæнæ 6-æм уæнджы фæстæ ис цезурæ. Уыдон сты Нарты кадджыты барстæн йæ сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ. Нарты кадджыты стихæй ацы уацмысы стихы ’хсæн ис æрмæст ахæм хъауджыдæрдзинæдтæ: а) Нарты кадджыты рифмæ нæй, ам — ис; б). Нарты кадджыты хъæлæсдзæфтæ иу уагыл æвæрд нæ цæуынц:

Нарты гуыппырсартæ ныхасы бабтысты,

Тæрхæттæ кодтой сæ адæмы тыххæй...

Къостайы уацмысы та сты иу уагыл:

Адæм æмхуызон кæм не сты æппæлынмæ!

Дзурынц — æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй...

Къоста Нарты кадджыты æвзаджы æууæлтæм тынг хæстæг кæй бацыди, уый ноджы тынгдæр бæрæг кæны йе ’ннæ уацмыс, «Уæлмæрдты», зæгъгæ, уымæй. Фæлгонцæй, дзырдуатæй, æвзаджы хъацæнтæй, барстæй æ. а. д. — ацы уацмыс у фыст бынтондæр Нарты кадджыты уагыл, Нарты кадджыты фæзмгæйæ нæ, фæлæ сæ уагыл. Уый дарын хъæуы зæрдыл!

Гъе, афтæ пайда кæнын хъæуы Нарты кадджыты формæйæ, сæ аивдзинадæй.

Дзанайты Иван [1]

УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ

ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫРАЙГУЫРД

Нартæн уæд сæ хистæр Уæрхæг уыдис.

Уæрхæгæн райгуырдис дыууæ лæппуйы, фаззæттæ. Иу дзы райгуырдис фыццаг кæркуасæны, иннæ та райгуырдис дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ.

Рухс хуры тынтæ ныккастис Уæрхæгмæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй — Донбеттыры, Нартæй та — Борæйы æмæ æндæрты.

Уæрхæджы уарзон лæппутыл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон: хистæрыл — Æхсар, кæстæрыл — Æхсæртæг. Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Удæвдзы Нарт сæвæрдтой сæ фынгыл, æмæ сын кодта диссаджы зарæг уадындз хъæлæсæй:

«Айс æй, аназ æй, хуыцауы хæларæй, Айс æй, аназ æй — ронджы нуазæн!»

Уæрхæджы хуынд уазджытæ иннабонæй-иннабонмæ минас фæкодтой, стæй уæд фæфардæг сты: Куырдалæгон абадтис цæхæр уады хъисыл æмæ ныппæррæст ласта уæларвмæ, хæдтæхгæ Пакъуындзæйау, Донбеттыр та фестадис æргъæуон цæхæр кæсаг æмæ ныцъцъыллинг кодта стыр фурды бынмæ; Нарт дæр фæфардæг сты хæтæны, стæронтау.

Уайтагъд айрæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг: бон рæзтысты уылынг, æхсæв та — уыдисн. Фæлæ тынг фыдуаг рацыдысты. Сарæзтой сæхицæн фæттæ æмæ ’рдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой — æрмийæ-иу æй æрæппæрстой.

Айхъуысти дунейыл, зæгъгæ, Нарты Уæрхæгæн рахъомыл и хъæбатыр фырттæ, фаззæттæ — Æхсар æмæ Æхсæртæг. Æхсар æмæ Æхсæртæг та цæмæн хуындысты? Уымæн, æмæ Æхсар, хистæр æфсымæр, уыд æхсарджын, Æхсæртæг та, кæстæр æфсымæр — Æхсарæй æхсарджындæр.

НАРТЫФÆТКЪУЫ

Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас; йæ дидинджытæ-иу æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы. Фæткъуы уыдис сызгъæрин фæткъуы, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыдис æлутоны хос адæмæн, иу адзал не здæхта фæстæмæ, уыййеддæмæ цы хъæдгом нæ дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыдис.

Бон-изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, æхсæв та-иу æй цыдæр адавта. Æмæ йæ хъахъхъæдтой радыгай Нарт; æмæ йæ ничи фæрæзта бахъахъхъæнын.

Уæд иу бон æрзылдис Уæрхæгæн йæхи рад. Æрбасидтис йæ фырттæм, Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ, Уæрхæг æмæ сын загъта:

— Ай уын фæндаггаг. Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ цæхæрадон бахъахъхъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн — йæ цонг æмæ сæ дыууæ михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нарты ’хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн, æнæ дарæгæй.

Цæхæрадон уыдис саджы сыкъатæй бæрзонд æхгæд — маргъ æрбатæхæн дæр æм нæ уыд.

Лæппутæ загътой:

— Ма тæрс, нæ фыд, мах ацæудзыстæм æмæ бæлас бахъахъхъæндзыстæм!

Уæрхæг сын загъта:

— Цæугæ бæргæ акæндзыстут, фæлæ тæрсын, фæстæмæ куынæуал æрцæуат — куы нæ йæ бафæразат бахъахъхъæнын.

Æхсар æмæ Æхсæртæг араст сты цæхæрадонмæ; цæхæрадоны астæу диссаджы фæткъуы бæласы бын æрбадтысты. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд кæстæр æфсымæр — Æхсæртæг загъта Æхсарæн:

— Æрхуысс уал, Æхсар, радыгай хъахъхъæнæм — æмбисæхсæвмæ ды бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та — æз.

Æхсар сразы ис æмæ ’рхуыссыди æмæ бафынæй ис. Æмбисæхсæв фехъал ис æмæ дзуры Æхсæртæгмæ:

— Хуыцау мын æй ныббарæд — æгæр афынæй дæн.

Æхсæртæг æм фæстæмæ дзуры:

— Нырма æмбисæхсæв нæу, æмæ уал хуысс.

Хуыссæгхъæлдзæг лæппу та ’рхуыссыд фæстæмæ æмæ та афынæй ис. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ ’рбатахтысты æртæ маргъы. Æхсæртæг бады, йæ фат æмæ йе ’рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ æвиппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бады æртæ ’хсинæджы. Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Æхсæртæг фехста, æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы ’ртæхтæ æркалдысты зæхмæ. Æхсæртæг райхъал кодта Æхсары æмæ йын загъта:

— Æхсинæг фæцæф кодтон фæткъуы бæласыл, æмæ мын цæфæй атахти. Мæнæ кæсыс йæ туджы ’ртæхтæм! Куы фæцæф ис, уæд ныллæджыты атахтис, æмæ мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй. Кæнæ йæ хъуамæ æрцахсон, кæнæ йæ фæдыл хъуамæ амæлон, æндæр гæнæн мын нæй.

Æрбамбырд кодта туджы ’ртæхты, батыхта сæ зæлдаг кæлмæрзæны. Кæлмæрзæн йæ фæснахы атъыста æмæ, куы ’рбабон ис, уæд загъта Æхсарæн:

— Æз ныр цæуын сæфты мæргъты фæдыл, æмæ цы зæгъыс?

Æхсар ын загъта:

— Æз дæр цæуын, ды кæдæм цæуай, уырдæм.

Араст сты æфсымæртæ æмæ цæуынц тугвæдыл, æмæ сæ уый бахаста денджызы былмæ. Уым фæд денджызы бынмæ ныххызтис.

Æхсæртæг загъта Æхсарæн:

— Æз цæуын денджызы бынмæ, ды мæм ам, денджызы был, æнхъæлмæ кæс, æмæ, кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх — мæнæй дын пайда нал ис; кæд урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы бонмæ банхъæлмæ кæс.

— Хорз, — загъта Æхсар æмæ баззад денджызы был, Æхсæртæг та йæ дзауматæ ’рбатымбыл кодта æмæ ныффардæг ис денджызы бынмæ.

ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД

Æхсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ æргъæу, йæ бын — цъæх авг, йæ сæр — сæууон стъалы.

Хæдзары бадынц авд æфсымæры, сæ уæле — сæ дыууæ хойы, — амæй-ай рæсугъддæртæ, сæ сæры хил сызгъæринау æрттивы.

— Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз! — загъта Æхсæртæг, хæдзармæ куы бахызти, уæд.

— Хорз дæ хай уæд! — зæгъгæ, йын загътой уыдон дæр æмæ сыстадысты, авд æфсымæры æмæ сæ дыууæ хойы, æмæ ’рбадын кодтой Æхсæртæджы; æрбадтысты сæхуыдтæг дæр авд æфсымæры, æртæйæ — Æхсæртæгæн йæ уæллаг фарс, цыппарæй та — йæ дæллаг фарс. Чысыл куы абадтысты, уæд æфсымæртæ бакастысты Æхсæртæгмæ æмæ йын загътой:

— Дæ хуызæн уазæг нæм нæ цæугæ ’ркодта, нæдæр нæм цæугæ ’ркæндзæн, æмæ дыл бацин кæнын бæргæ хъæуы, фæлæ мастыл стæм.

— Хуыцау уын маст ма зæгъæд, фæлæ цæуыл маст кæнут? — бафарста сæ Æхсæртæг.

Уыдон ын загътой:

— Æртæ хойы нын уыди æмæ сæ фыдбылызæн сахуыр сты Нарты цæхæрадонмæ. Уым иу бæласыл сызгъæрин фæткъуы задис; бон-иу арæгъæд ис, æхсæв та-иу сын æй радавта нæ хо Дзерассæ, æхсинæджы хуызы-иу бацыд, афтæмæй. Бæргæ йын дзырдтам: «Нартмæ фыдуаг фæсивæд ис, уыдонæй арвыл цъиу атæхын дæр нæ уæнды — ма цу фæткъуымæ». Фæлæ нæм нæ байхъуыста. Нарты Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзийы кæрдтыл бафтæнт, — ныр уыдон хъахъхъæдтой фæткъуы бæлас æмæ йæ фæцæф кодтой.

Уыцы рæстæджы уатæй райхъуысти хъæрзын. Æхсæртæг бафарста:

— Кæй хъæрзын у уый?

— Гъе уый, кæмæй дын зæгъæм, уый у — нæ хо Дзерассæ.

— Æмæ йын ницы хос и? — афарста æфсымæрты Æхсæртæг.

Æмæ йын уыдон загътой:

— Бæргæ йын ис хос.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: