СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 10 глава




— Ау, æмæ дын сын фенæн нæй? — фæрсы йæ Сатана.

— Куыннæ сын ис фенæн та! Мæнæ мæ кард дуарæй куы адарай, уæд сæ цурмæ тæлм адардзæни.

— Хорз, хорз, — зæгъгæ, загъта Сатана æмæ акуывта, стæй йæм дзуры:

— Гъеныр исты аминас кæн.

Бибыц хæрыныл балæууыди, стонг дæр куыннæ уыдаид! Сатана йын сусæгæй ронджы нуазæныл хуыссæджы хос ныккодта æмæ йын æй афтæмæй баназын кодта. Хæрд куыддæр фæцис Бибыц, афтæ хуыссæджы хос дæр йæ куыст байдыдта, Бибыцы уайтагъд хуыссæг ацахста. Сатана йæ æрхуыссын кодта уатыл, æмæ Бибыцæн йæ хуыр-хуыр ссыдис. Сатана йын йæ кард сласта æмæ Сосланы уæрмæй схизын кодта. Феддæдуар сты æмæ Бибыцы кард адардтой хуры ’рдæм, æмæ кард Бур айнæджы сæр лагъзы комкоммæ арвы ронау тæлм адардта.

Сослан уыцы тæлмыл æрмахуыр хъæрццыгъайы ацардыдта, æмæ хъæрццыгъа уайтагъд лагъзы æрхæццæ кодта. Бибыц уæддæр хуыррыттæй хуыссы.

Сослан лагъз байгом кодта æмæ ’ртæ бæлоны уырдыгæй систа. Йæхæдæг йæ хъæлæсы дзаг дуарæй бахъæр кодта:

— Чи куыдз, чи хæрæг, мæ хæдзары чи цы агуры?!

Бибыц фестъæлфыди æмæ æвиппайды йæ уатыл рабадти. Сослан ын йæ тыхы бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Ныдздзой-дзой кодта Бибыц æмæ йæ цонджы æнцой уатыл æрхуыссыд.

Дыккаг хъæр æм бакодта Сослан:

— Чи цы агуры мæ хæдзары, радде уæд!

Бибыц дæр ма йæхиуыл схæцыди, фæлæ йын Сослан йæ ныфсы бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Базыдта йæ Бибыц фыййауы æмæ ныккæрзыдта:

— Базыдтон дæ ныр — ды Сослан дæ! Зондæй мыл фæтых дæ, æмæ ма дын цы мæ бон у! Æвæццæгæн, мын мæ хистæр æфсымæры дæр барвыстай мæрдтæм!

Уалынмæ та йæм Сослан æртыккаг хъæр бакодта:

— Чи куыдз, чи хæрæг, æртæ хъæрæн мæнæн мæ разы куы никуы ничи фæлæууы!

Бибыц ма уатыл йæхи нызмæлын кодта, фæлæ йын Сослан йæ уды бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Æртæ хæлиуы ма йæ дзых фæкодта Тары фырт Бибыц, стæй уæд амардис.

Равзæрста Сослан Нарты фæсивæды хуыздæрты æмæ сæ акодта йемæ Тары фыртты бæстæм.

Ратардтой Нарт Тары фырттæн сæ фос, рахастой сын сæ хъæздыгдзинæдтæ æмæ сæ Æртæ Нартыл байуæрстой.

СЫРДОН СОСЛАНИМÆ ЦÆМÆН ФЕЗНАГ ИС

Сырдон йæ фырты мысанæн æрæвæрдта Нартæн æмæ сын загъта:

— Кæд æмæ мын мæ фырты фæцæф кæнат æмæ йæ амарат, уæд мæ ницы хъæуы, кæд æмæ йæ нæ фæцæф кæнат æмæ йæ нæ амарат, уæд мын хæдзарæн гал куыд радтат, афтæ.

— Хорз, — загътой Нарты фæсивæд æмæ ’хсын байдыдтой Сырдоны фырты. Алы бон дæр æй æхстой, фæлæ йын фæцæф кæнынæн ницы фæрæзтой. Бирæ бонтæ куы фæтухæн кодтой æмæ йæ куы нæ цæф кодтой, уæд сыл худæгæй мардис Сырдон, йæхи цæттæ кодта хæдзарæн гал райсынмæ. Уалынмæ, дын, сæм Нарты Сослан кæцæйдæр фæзындис. Нарты фæсивæд Сосланы куы федтой, уæд йæ размæ азгъордтой æмæ йын радзырдтой Сырдоны хъуыддаг. Стæй йæ алыфæрсты æрлæууыдысты æмæ йæ сусæгæй Сырдоны фыртмæ æхстбæрцмæ бакодтой. Сослан лæппуйы фехста, æмæ, — дæ балгъитæг афтæ, — иунæг æхстæн лæппу дзыхъмард фæци.

Бацыд Сырдон йæ фыртмæ æмæ йæ рахаста, ингæн ын скъахта æмæ йæ баныгæдта.

Уый тыххæй Сырдон æмæ Сослан знаг рахастой.

СОСЛАН БЕДУХАЙЫКУЫД ÆРХАСТА

Нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг Бедухайы куырдта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта. Авд азы йыл фæдзырдта Сослан — нæ йын сразы ис Челæхсæртæг йæ чызджы радтыныл.

Уæд иуахæмы Алæгатæ сцæттæ кодтой, хæрдæй, нуæзтæй цы хъуыдис, уый, æмæ сарæзтой стыр куывд. Æрхуыдтой Нарты адæмы сæ куывдмæ. Рабадтысты Нарт Алæгаты стыр хæдзары рæгъытæй. Иу рæгъы уæле хистæрæн Уырызмæг бадтис, иннæ рæгъы уæле — Хæмыц, æртыккаг рæгъы уæле та — Сырдон. Сæмбæлдис сæ куывды Хызы фырт Челæхсæртæг дæр.

Хæрынц æмæ нуазынц Нарты адæм, Алæгаты стыр куывды уæле дæлæмæ гаджидæуттæ уадзынц. Иудзæвгар куы абадтысты, уæд Сослан æмæ Хызы фырт Челæхсæртæг фæбыцæу сты, — алчи сæ йæхицæй æппæлы.

— Мæ фыдыстæн, æз дæуæй хуыздæр лæг дæн, — загъта Хызы фырт Челæхсæртæг. — Алцæмæй дæр мæ бон у демæ афæлварын. Цæй-ма, хæснагыл ракафæм, кæддæра чи кæй амбулид.

— Ракафæм! — загъта Сослан. — Цы ’вæрыс хæснагæн та?

— Кæд ды хуыздæр ракафай мæнæй, Сослан, — загъта Хызы фырт, — уæд æз ратдзынæн дæуæн мæ рæсугъд чызг Бедухайы. Ды та цы ’вæрыс?

— Кæд мæ ды амбулай, уæд æз та ратдзынæн дæуæн мæ номдзыд Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа, стæй мæ цирхъ, — загъта Сослан дæр. — Ракаф уал ды, хистæр дæ, иннæ ахæм — уазæг.

Фестадис Хызы фырт æмæ байдыдта кафын. Фыццаг хорз фæкафыдис зæххыл, стæй байдыдта кафын фынгыл — кæм цæхдон акалы, кæм та къæбæртæ аппары фынгæй зæхмæ. Афтæ фæкафыди æмæ сбадтис йæ бынаты.

Байдыдта кафын Сослан дæр. Уый дæр фыццаг зæххыл æркафыд. Дисы бацыдысты æгас Нарт, афтæ хорз скафыд. Стæй уыцы кафгæйæ схызтис фынгмæ. Иууыл диссаг та фынгыл уыдис йæ кафт: фынджы былтыл-иу цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр, иунæг къус нæ фезмæлын кодта йæ бынатæй; стæй йæм уыйæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ хæрдмæ арæзтæй бадардтой, æмæ уыдоныл кафын байдыдта, раст-иу сыл куыройы цалхау æрзылдис. «Мæнæ хæйрæг», — загътой, чи йæм кастис, уыдон. Афтæмæй бирæ фæкафыд æмæ сбадтис уый дæр йæ бынаты.

Алæгатæ рахастой Нарты цыппæрхъусыг Уацамонгæ, ронгæй йæ тæккæ дзагæй, æмæ загътой:

— Уацамонгæ йæ сæрыл чи сæвæра æмæ афтæмæй чи скафа, æнæ акалгæйæ, хуыздæр кафæг уый уыдзæнис.

Фыццаг æй сæвæрдта йæ сæрыл Хызы фырт Челæхсæртæг; ракафыди æмæ хорз куыннæ кафыд, фæлæ-иу ын нозтæй æркалдис. Сбадти йæ бынаты Челæхсæртæг. Ногæй та байдзаг кодтой цыппæрхъусыг Уацамонгæ æмæ йæ радтой Сосланмæ. Сæвæрдта йæ Сослан дæр йæ сæрыл æмæ байдыдта кафын. Ноджы диссагдæр кафт та ныр скодта Сослан, — Уацамонгæйæ иунæг æртах дæр нæ акалд. Куыннæ йыл фæдис кодтаиккой Нарт дæр. Кафт куы фесты, уæд Хызы фырт загъта:

— Быны сæфт фæут, сымах раст куы нæ зæгъат, хуыздæр нæ чи скафыд?

— Афтæ уæд, — загътой Нарт. — Хорз скафыдтæ, Хызы фырт, фæлæ Сослан дæуæй бирæ хуыздæр скафыд. Хæснаг Сосланы у.

Фестади мæстæйдзагæй Хызы фырт йæ бынатæй, абадтис йæ бæхыл æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ — Хызы фидармæ.

Дыккаг бон ацыдис Сослан æмбæлттимæ Хызы фидармæ, фæлæ фидары дуæрттæ фидар æхгæд разындысты. Базыдта Сослан, кæй фæсайдта Челæхсæртæг йæ дзырд, кæй та йын нæ дæтты Бедухайы.

Сфæнд кодта уæд Сослан Хызы фидар басæттын æмæ Бедухайы тыххæй рахæссын. Арвыста Сослан фидиуæг æмæ йын загъта: «Цæугæ æмæ Нартæн фехъусын кæ: абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны Хызы фидармæ ’фсады цæуæм, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа, уый уыдзæн лæппу-уацайрагæй иваргонд!»

Фехъусын кодта фидиуæг Сосланы ныхас æппæт Нартæн. Алчи цæттæ кæнын байдыдта йе ’фсæддоны.

Нартæн сæ хъомгæс иунæг лæг уыди, нæлгоймагæй йæ хæдзары æрмæст авдæнон сывæллон уыди, æмæ хъыг кодта: «Ныр æфсады цæуин, æмæ Нарты фосæн цы кæнон, хъомгæс цæуин, æмæ мын мæ иунæг хъæбулы иварæн исгæ кæндзысты...» Афтæмæй йыл æнæхъæн къуыри æхсæв бон нал кодта. Æгæр æмæ æгæр куы хъынцъым кодта, уæд æм йæ лæппу авдæнæй дзуры:

— Баба, цæуыл маст кæныс? Æз фæцæудзынæн Сосланæн æфсады!

— Æмæ мын ды æфсады цæуынхъом куы уаис, уæд æз мæгуыр уаин?

Уæд лæппу йæхи айвæзтытæ кодта æмæ йæ авдæны фæрстæ атыдта.

— Нана, тынг стонг дæн, — дзуры лæппу йæ мадмæ.

Уый дæр ын йе ’мдæргъ æмæ йе ’муæрх гуыл ракодта. Лæппу дæр æй ахордта æмæ, цы уыди, дыууæ уыйасы аци æмæ дзуры йæ фыдмæ:

— Ныр, баба, æз цæуын æфсады. Сослан искуы куы ’рфистæг уа, уæд ын æз йæ бæхы идоныл уæддæр фæхæцдзынæн.

Æфсæдтæ æмбырд кæнын байдыдтой æмæ тынг бирæ сысты. Хъомгæсы фырт гыццыл лæппу дæр сæ фæстæ цæуын байдыдта æмæ сæм ныххæццæ ис.

Сослан æй куы ауыдта, уæд æй фæрсы:

— Ды та кæдæм рацыдтæ?

— Дæуæн æфсады рацыдтæн, — дзуапп ын радта лæппу.

— Дзидзидай сывæллæттæ дзы нæ хъæуынц, — загъта Сослан, — афардæг у дæ хæдзармæ.

— Ма кæ, Сослан, — загъта лæппу, — истæмæн дын сбæздзынæн — искуы куы ’рфистæг уай, уæд дын дæ бæхы идоныл уæддæр фæхæцдзынæн.

— Мæ бæх тæрсаг у, æмæ дын йæ идон куы атона, уæд ма йын цæуыл ныххæцдзынæ?

— Уæд та йын йæ бецыккыл ныххæцдзынæн.

— Æмæ дын йæ бецыкк куы атона, уæд та?

— Уæд та йын йæ барцыл фæхæцдзынæн.

— Æмæ дын йæ барц куы атона, уæд та?

— Уæд та йын йæ дыууæ хъусыл ныххæцдзынæн.

— Æмæ дын йæ хъустæ куы атоной, уæд та ма йын цы кæндзынæ?

— Уæд та йын йæ къæдзилыл ныххæцдзынæн...

— Æмæ дын йæ къæдзил дæр куы атона, уæд та?

— Уæд та йын йæ фæстаг къахыл фæхæцдзынæн.

— Æмæ дын йæ къах дæр куы атона, уæд та ма йын цы кæндзынæ?

— Уæд та Нарты астæу ды æртыкъахыг, æнæбецыкк, æнæбарц, æнæкъæдзил, æнæхъус бæхыл дæ сæрмæ куы хæссай бадын, уæд æз уыцы худинаг куыннæ бауромдзынæн?!

«Ай хуымæтæджы лæппу нæ уыдзæни», — загъта Сослан йæхицæн æмæ йæ акодта æфсады.

Æфсæдтæ Хызы фидары размæ ссыдысты. Челæхсæртæг Сосланы ’фсады кой куы фехъуыста, уæд йæ фидары дуæрттæ ноджы фидардæр сæхгæдта, фидарæй æддæмæ цъиуызмæлæг нал цыди.

Хæцын байдыдтой Сосланы ’фсæдтæ Хызы фидарыл, фæлæ дзы къæртт, цъула нæ хаудис.

Уæд Сослан йæ бæх лæппумæ авæрдта, йæхæдæг хæцæг адæммæ бацыд. Лæппу бирæ фæкасти бæхы цурæй хæцæг адæммæ, стæй, хъæды ставддæр цы бæлас уыди, уый æртасын кодта, Сосланы бæхы йын йæ тæккæ цъуппыл фидар бабаста йæ цыппар къахæй, йæ сæр хæрдмæ, афтæмæй, æмæ бæлас суагъта. Бæлас бæхы уæлæмæ систа; лæппу йæхæдæг уайын байдыдта æмæ Сосланмæ схæццæ ис. Сослан æй куы ауыдта, уæд æй фæрсы:

— Мæ бæх цы фæци?

— Уæртæ дын æй бæласыл бабастон. Мацæмæй йын тæрс, нæ фæлидздзæни: фидар баст у; фæлæ мæн ауадз хæцынмæ.

Акастис Сослан хъæды ’рдæм æмæ йæ бæхы бæласы цъуппыл ауыдта. «Хорз лæгимæ сæмбæлдтæн», — хъуыды кæны Сослан.

Ныр лæппу нал уадзы Сосланы, мæн дæр ауадз хæцынмæ, зæгъгæ. Сразы ис Сослан дæр, цы гæнæн ма йын уыди!

Лæппу куы раст кодта, уæд загъта Сосланæн:

— Æз цæуын, Хызы фидары сæрмæ цы бæрзонд сау айнæг ис, уырдæм, æмæ йæ мæ зæвæтæй халдзынæн. Челæхсæртæг мæ фехсдзæнис Куырдалæгоны конд фатæй. Фат ме счъилыл сæмбæлдзæн, æмæ айнæджы сæрæй рахаудзынæн, фæлæ-иу мæ ды зæххыл æмбæлын ма ’руадз, афтæмæй-иу мæ авд суадоны сæрты ахæсс, æмæ уæд хуыцау цы зæгъа, уый уыдзæни: Хызы фидар дæр басæтдзынæн, Бедуха-рæсугъды дæр дын рахæсдзынæн. Уый нæ бафæрæзтай, уæд æз дæр сæфт, æмæ дæ хъуыддагæй дæр ницы рауайдзæнис.

Уыйадыл лæппу схызти сау айнæджы сæрмæ æмæ йæ йæ зæвæтæй халын байдыдта, афтæмæй Хызы фидары иу сых уыцы айнæджы хæлдæй фесæфта.

Уалынмæ йæ Челæхсæртæг суыдта æмæ йæ Куырдалæгоны арæзт фатæй сæхста. Фат къахы счъилыл сæмбæлд, æмæ лæппу куырисау айнæджы фарсыл ратылди. Сослан дæр йæ дыууæ цонгыл йæ сау нымæт айтыдта, афтæмæй лæппуйы æнæ зæхмæ æруадзгæйæ, рацахста. Куыд ын бацамыдта, афтæ йæ скъæфын байдыдта. Æртæ суадоны сæрты йæ куыд бахаста, афтæ йыл Сырдон зæронд лæджы хуызы, — йе уæхскыл къæссайы зæронд, йæ дæларм сагойы сæстытæ, — æрбамбæлди, кæдæмдæр тындзы.

— Кæдæм уайыс хæлæфæй, зæронд лæг? — фæрсы йæ Сослан.

— Нарт Хызы фидар басастой, æмæ ма мæ кæд уым исты фæуид, зæгъгæ, тындзын. Ды Нарты Сосланы хуызæн куы дæ, уæд уыцы мардимæ кæдæм цæуыс? Бедуха-рæсугъды дын куы фæхæссынц! — загъта зæронд лæг.

Нæ йыл баууæндыди Сослан æмæ та уайын райдыдта. Цыппæрæм суадоны сæрты йæ бахаста, æмæ уæд лæппу хидызмæл байдыдта. Фæуайы Сослан дарддæр. Фæндзæм суадоны сæрты куыд бахызти, афтæ лæппуйæн йæ зæрдæ тæпп-тæпп кæнын байдыдта. Хъуыди ма йæ ныр дыууæ суадоны сæрты бахизын, æмæ уæд лæппу бынтондæр райгас уыдаид. Фæуайы Сослан.

Æхсæзæм суадоны сæрты куыд бахызти, афтæ та йыл Нарты фыдбылыз Сырдон зæронд усы хуызы, сасир йæ къухы, афтæмæй æрбамбæлди.

— Ды Сослан куы дæ, уæд ацы мардимæ кæдæм уайыс? Нарт Хызы фидар куы басастой æмæ дын Бедуха-рæсугъды куы фæхæссынц! Æз дæр æд сасир уырдæм тагъд кæнын, кæд ма мæ дзы исты фæуид!

Фæтарстис Сосланы зæрдæ, ай ацы сылгоймаг дæр афтæ кæм зæгъы, уым æцæг уыдзæни хъуыддаг, зæгъгæ; бауырныдта йæ зæронд усы дзырд. Лæппуйы уым обауы сæр нымæтыл фæуагъта, йæхæдæг фæстæмæ уайын байдыдта æмæ йе ’фсæдтæм æрбахæццæ ис, Кæсы, æмæ æфсæдтæ бадынц, Сосланмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Сослан дæр ма йæ рæдыд бæргæ бамбæрста, бæргæ ма фезгъордта фæстæмæ лæппумæ, фæлæ йæ мардæй баййæфта: Сырдон ыл марды сыджыт бакалдта.

Уымæй йæ бон куы базыдта, уæд Сослан йе ’фсæдты арвыста сæ хæдзæрттæм. Йæхæдæг бацыдис æмæ фидары фарсмæ, дон цы суадонæй хастой, уый цур ныффæлдæхтис, йæхи мардæфсон скодта, æгасæй скæлм ис. Дондзаутæ Хызы фидарæй дон хæссынмæ рацыдысты æмæ федтой «марды». Фæстæмæ бацыдысты æмæ радзырдтой, иу рæсугъд лæг доны был амард æмæ скæлм ис, зæгъгæ.

Уæд Челæхсæртæг базыдта, уый Сослан кæй у, уый æмæ загъта:

— Уый мард нæ уыдзæн, æфсон скодта.

— Уæдæ йæм æз цæуын, хъуамæ йæ базонон, — загъта Бедуха.

— Ма ацу, æрцахсдзæни дæ, — дзуры йæм Челæхсæртæг.

— Уый мæнмæ нæ бавналдзæн, — загъта Бедуха æмæ рацыди суадонмæ. Йæ иу къухæй йæ цæсгом бамбæрзта, афтæмæй дон систа æмæ йæ схаста сæ хæдзармæ. Сослан йæхи ныффидар кодта, змæлгæ дæр нæ фæкодта.

— Уæ, уайых фæуай, мæ фыд, уыцы мардæй афтид стджыты йеддæмæ куы ницыуал ис, уæд, йæ мардмæ кæмæн нæ уæндыс, уымæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай? Мæн ма уымæй хуыздæр чи ахæсдзæн?

— Уый мард нæма у, — загъта Челæхсæртæг. — Цæут, уæхст сырх зынг скæнут æмæ йын уый йæ счъилы стъыссут. Уæхст йæ уæраджы сæрæй куы скæса, æмæ афтæмæй куы нæ фезмæла, уæд æцæг мард уыдзæн, æндæр мæ уый мæлæт нæ уырны.

Уæхст сырх зынг скодтой æмæ йын æй, Челæхсæртæг куыд загъта, афтæ йæ зæвæты стъыстой. Сослан дæр та йæхи ныффидар кодта æмæ, æгас у, уый нæ раргом кодта.

Кæй рарвыста, уыдон фæстæмæ куы баздæхтысты, уæд радзырдтой Челæхсæртæгæн, хъуыддаг куыд у, уый.

— Рахæссут-ма мæм, уæдæ, уæхст, — загъта Челæхсæртæг.

Уæхст æм бахастон. Райста Челæхсæртæг уæхст æмæ йæм сысмыста.

— Уыцы хуыцауы ’лгъыст ма æгас у, — загъта Челæхсæртæг.

— Уæ, гормон, — загъта Бедуха, — йæ къахы сындз кæмæн суайы, уый дзы куы ныхъхъæрзы, уæд йæ зæвæты тæвд уæхст кæмæн стъыстой æмæ уымæй «уæуу» чи нæ загъта, уымæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай, уымæй хуыздæр ма мæ чи ахæсдзæн?!.

Стæй рацыди Бедуха æмæ Сосланмæ йæхи хойгæ, дардæй мæрдæгъдау æмæ хъарæггæнгæ бацыди: «Уæ, мæгуырдæр фæуай, Сослан! Цы хъизæмарæй амардтæ! Уый дæ куы зыдтаин, уæд дæм цæугæдоны дæр мæхи бæргæ баппæрстаин. Афтæ æгадæй амæлынæн æвгъау бæргæ уыдтæ!»

Йæхи та ныффидар кодта Сослан, змæлгæ дæр та нæ фæкодта. Бедуха куы баздæхти фæстæмæ, уæд Челæхсæртæджы дæр уырнын байдыдта, æцæг мард у Сослан, зæгъгæ. Нал фæлæууыд æмæ араст ис Сосланмæ. Сослан не змæлыд, цалынмæ йæм æрбахæстæг ис Челæхсæртæг, уæдмæ. Фæлæ йæм куы æрбахæстæг ис, уæд йæхи нал баурæдта æмæ йæм фæгæпп ласта. Челæхсæртæг лидзынмæ фæци. Сослан æй фæсте сурын байдыдта. Гъа ныр фидары дуарæй фæмидæгæй уа, афтæ йæ Сослан цирхъæй æрхафт кодта æмæ йын йæ сæры фахс æрдавта, афтæмæй баирвæзт Челæхсæртæг мидæмæ. Мидæгæй радзырдта Сосланмæ:

— Фæлæуу иннæ абонмæ, уæд æз æмæ ды схæцдзыстæм, ныр та уал цæуын Куырдалæгонмæ мæ сæры фахс хуыйынмæ.

Хызы фырт Челæхсæртæг уæларвмæ ссыди æмæ Куырдалæгонæн æрхуы сæры фахс скæнын кодта. Куырдалæгон æрхуы сæры фахс куы сарæзта, уæд фæрсы Челæхсæртæджы:

— Æз æдде зæгæлтæ бахойдзынæн, фæлæ сæ мидæгæй та чи фæцъула кæндзæн?

— Мидæгæй сæ мæхи бар уадз: ды-иу æдде зæгæл куы бахойай, уæд-иу æз схуыфдзынæн, æмæ зæгæлтæ афтæмæй мидæгæй фæстæмæ тасдзысты.

Афтæмæй бахуыдта Куырдалæгон Хызы фырт Челæхсæртæджы сæры фахс. Æрцыди фæстæмæ Челæхсæртæг æмæ та царди йæ фидары.

Сæ хæсты æмгъуыды бон куы ’рцыди, уæд Сослан скуывта:

«Хуыцауты хуыцау, мæ хуыцау, кæд мæ истæмæн сфæлдыстай æмæ мæ амонд ис, уæд ахæм хур скæн, æмæ цæгæр сæр тъæппытæ куыд хауа, æрхуы сæр зынг куыд кæна!»

Рацыдис Хызы фырт Челæхсæртæг æмæ æнхъæлмæ кæсы Сосланмæ. Сослан æм æрæгмæгомау æрцыдис. Ахæм æнтæф скодта, æмæ бæстæ сыгъдис. Хызы фырт Челæхсæртæгæн дæр йе ’рхуы сæры фахс сзынг ис æмæ сæры магъз басыгъта, афтæмæй уыцы ран амард.

Сослан Бедухамæ бацыдис æмæ йын загъта:

— Дæ фыды дын амардтон, æмæ ныр ды мæн дæ!

— Æз разы дæн, — загъта Бедуха, — æрмæст мын мæ фыды мард бафснай.

Сослан стыр зæппадз саразын кодта, æмæ марды уым бавæрдтой. Стæй бацыдис Сослан Бедухамæ æмæ та йын загъта:

— Ныр та ма мын цы ’фсон кæныс, дæ фыды дын бафснайдтон?

— Мæ фыды мын кæм бафснайдтай, уый мын мæ дыууæ цæстæн фенын кæ, — загъта Бедуха, — æмæ нæ хуыцау хайыр фæкæнæд: ныр та ма дын кæмæй тæрсын!..

— Цом, фенын дын æй кæндзынæн, — загъта Сослан.

Ацыдысты. Бедуха йæ дысы болат хæсгард бамбæхста æмæ, йæ фыды мардмæ куыд ныккастис, афтæ йæ зæрдæсæр фæрæхуыста хæсгардæй æмæ мардæй йæ фыды уæлæ ныххауди.

Сослан уый дæр йæ фыды фарсмæ бавæрдта. Куыннæ йыл фæмаст кодтаид! «Бирæ мæстытæ федтон, фæлæ мын се ’ппæтæй зындæр ацы маст у», — загъта Сослан йæхицæн.

Сфæнд кодта бахъахъхъæнын йæ уарзоны мард æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы. Бады Сослан марды уæлхъус, хъынцъым кæны. Иубон кæсы, æмæ зæппадзы иу къуымæй калм рабырыдис æмæ йын йæ уарзоны мардмæ фæбыры.

Сослан цирхъ фелвæста æмæ дзы калмы ныцъцъыкк ласта. Калм дыууæ дихы фæцис, æмæ йæ фæстаг æрдæг уым баззад, йæ фыццаг æрдæг та фæстæмæ хуынчъы смидæг ис.

Бады та Сослан, хъахъхъæны. Иу заманы та кæсы, æмæ калм фæстæмæ ралæстис, йæ дзыхы цыкурайы фæрдыг, афтæмæй. Калм цыкурайы фæрдыг йæ лыгыл асæрфта, æмæ дыууæ ’мбисы баныхæстысты, афтæмæй уæртæ фæстæмæ фæлидзы. Сослан дæр æм фæцырд ис æмæ йæ цирхъæй ныццавта, бынтондæр æй амардта. Цыкурайы фæрдыг ын йæ дзыхæй райста æмæ йæ Бедухайы хъæдгомыл расæрфта — чызг уайтагъд райгас и. Йæхи айвæзтытæ кодта Бедуха æмæ загъта:

— Цæй бирæ фæфынæй кодтон!

Сослан дæр йæ разы лæууыд æмæ йæм дзуры:



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: