СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 11 глава




— Бирæ, бирæ!

Ракодта Сослан Бедухайы зæппадзæй æмæ йæ ’ркодта сæхимæ. Байдыдтой цæрын иумæ ус æмæ лæгæй Сослан æмæ Бедуха æмæ цардысты хъæлдзæгæй, кæрæдзийы уарзгæйæ.

СОСЛАН САТАНАЙЫЗЫНДОНЫЦАДÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА

Иуахæмы Сослан дард балцы цæуын сфæнд кодта æмæ араст ис Хурыскæсæны ’рдæм. Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй арвæй зæххы астæуты фескъæфы.

Нартæй чидæртæ Сосланмæ мæсты уыдысты. Хъуыды кæнын байдыдтой, йæ зæрдæ йын тынгдæр цæмæй фæриссын кæнæм, цы фыд ын скæнæм, зæгъгæ, æмæ сæ фæнд ууыл ахицæн ис: «Йæ мад Сатанайы йын цæрдудæй мæрдтæм барвитæм — зындоны цады йæ баппарæм». Барвыстой Сатанамæ: «Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны дын цæрдудæй зындоны цады æнæ ныппаргæ нæй, æмæ дæм тæригъæдæй цы ис, уыдоныл уæдмæ фæкув».

Куыд нæ бауынгæг уыдаид Сатанайæн йæ зæрдæ. Нырдиаг кодта, йæ цæстысыг ставд цæппузырæй нызгъæлдта. Хъуыды кæнын байдыдта Сатана, ме ’нæныййаргæ лæппу Сосланæн цы амалæй фехъусын кæнон, зæгъгæ.

Мадзалджын дæр куыд нæ уыди! Æртæ мыдамæсты ракодта, доны былмæ ныццыди æмæ, Сослан цы дурæй райгуырдис, уыцы дурыл сбадти. Скуывта Сатана: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Бады, æнхъæлмæ кæсы.

Уалынмæ иу хъæрццыгъа æрбатæхы йæ сæрты. Сатана дзуры хъæрццыгъамæ:

— Уæ уæлæ хъæрццыгъа, Сосланмæ мын Хурыскæсæнмæ фæдисхъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын де знæгтæ цæрдудæй мæрдтæм æрвитынвæнд скодтой æмæ тагъд æрбахæццæ у, зæгъгæ, уæд дын стыр лæвар ракæнин.

— Ноджы фыддæр фыдтæ куы уынид Сослан! Алы ком, алы адаг сырды мардæй байдзаг кæны, уæддæр ма мæ холы хæргæйæ æхсгæ фæкæны, — загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис.

Уалынмæ ’рбатахти йæ сæрты хъуахъгæнгæ халон. Сатана та уымæ дæр мæлгъæвзагæй дзуры:

— Гъæйтт, ставдбæрзæй сау халон, Хурыскæсæнмæ мын сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг куы фæцæуис Сосланмæ, дæ мады дын зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын, мыггагмæ дæ зæрдыл кæй фæдарай, ахæм лæвар ракæнин.

— Куыннæ дын фæцæудзынæн, Сатана, сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг, дæ фырт Сослан комы дзаг сырдтæ куы ныццæгъды, уæд мын уыдонæй никуы ницы ныууадзы æмæ! — загъта халон. — Фыддæр фыдтæ ма дын куы уынин!

— Хауæггаг фæу, — ралгъыста йæ Сатана, æмæ халон атахтис.

Бады Сатана, кæуы, кæй ма фервитон фæдисхъæргæнæг, зæгъгæ, катайы бацыд.

Уалынмæ нарæгбæрзæй дзæгъындзæг йæ разы абадт æмæ цъыррыкк-цъыррыкк кæны. Сатана та уымæ дæр дзуры:

— Сослан Хурыскæсæны ’рдыгæй ис, æмæ мын æм фæдисхъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын цæрдудæй зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын стыр лæвар ракæнин.

— Сосланæн мæ цæст уый фена! — загъта дзæгъындзæг. — Дæхæдæг дæр ма йæ хъуыды кæндзынæ, дæ кæркдонæй дын карчы айк куы раскъæфтон, уæд мæ уисойæ куыд ныххафт ласта, уый. Никæд мæ ферох уыдзæнис уый мæ дунейыл дæр, тыххæй ма дзы аирвæзтæн.

Уæд Сатанайы раз ныцъцъыбар-цъыбур кодта зæрватыкк.

— Цы кæныс, мæ ирвæзынгæнæг, цæуыл кæуыс? — дзуры зæрчатыкк Сатанамæ.

— Цæуыл ма дын кæуон, — загъта Сатана, — не знæгтæ мæ майрæмбоны зындоны цады удæгасæй æппарынц; ме ’нæныййаргæ фырт дард балцы ис, æмæ мæ сæрыл дзурæг нæй.

— Кæд дæ мæ сæр истæмæн хъæуы? — дзуры йæм зæрватыкк. — Иухатт мын мæ цъиуты гæдыйы дзыхæй куы байстай, æхсыры цады сæ куы цынадтай, афтæмæй сæ мæ ахстоны куы нывæрдтай, уый ма мæ зæрдыл лæууы.

— Уæдæ мын Сослан Хурыскæсæны афæдзбалцы ис, æмæ мын æм фæдисхъæргæнæг куы фæцæуис, дæ мады дын де знæгтæ зындоны цады æппарынц майрæмбоны, æмæ мæм тагъд фæзын, зæгъгæ.

— Уæ номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдисхъæргæнæг куыннæ фæуыдзынæн! Æз куыд ферох кæндзынæн, хорз Сатана, дæуæн дæ дзæбæхдзинæдтæ, — загъта зæрватыкк, — фæлæ мыл куы нæ ’ууæнда, уæд ын цы кæндзынæн?

Сатана йæ къухдарæн фелвæста æмæ йæ зæрватыччы хъуырыл бакодта.

Айтыгъта уæд зæрватыкк йæ базыртæ æмæ тæхынтæ байдыдта Хурыскæсæнмæ. Авд къуыри æмæ авд бонмæ Нарты Сослан йæ мигъæмдзу бæхыл кæдæм фæхæццæ ис, уырдæм зæрватыкк Бонвæрноны скастмæ фæхæццæ ис.

Иу ран, пыхсбыны, Сослан цъæх нæууыл хуыссы йæхицæн æнæ мæтæй. Зæрватыкк ын ссардта йæ бынат. Бæласы цъуппыл абадтис æмæ уырдыгæй мин æвзагæй ныууасыди:

— Гъæйтт, Нарты номдзыд нæрæмон Сослан, дæхицæн цъæх кæрдæгыл цы дзæбæх хуыссыс! Дæ уарзон мад Сатанайы дын майрæмбоны де знæгтæ удæгасæй зындоны цады æппаргæ куы кæнынц, æмæ уый йæ цæстысыгтæ цæппузырæй куы калы, хуры тынмæ æнхъæлмæгæсæгау дæ фæзынынмæ æнхъæлмæ куы кæсы!

Сослан æм дзуры:

— Адæмы лымæн зæрватыкк, дæ ныхас дын æмбарын, фæлæ дыл цæмæй баууæндон?

Зæрватыкк йæ хъуырæй Сатанайы къухдарæн фелвæста æмæ йæм æй æрæппæрста. Куыд нæ базыдтаид Сослан йæ мады къухдарæн! Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæхыл уыциу æппæрст йæхи бакодта æмæ фæцагайдта уырдыгæй. Цас рауади, хуыцау зоны, афтæ кæсы, æмæ иу ран фæндагыл иу мæгуыр лæг ныффæлдæхтис æмæ уæлæмæ стын нал фæразы.

— Гъæйтт, Нарты Сослан, æз де уазæг! — дзуры лæг Сосланмæ.

Сослан æм йæ бæхæй æргæпп ласта æмæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, цы дæ хъæуы? Цæмæй дын баххуыс кæнон?

— Стонгæй мæлын, æмæ мæ фервæзын кæ, — загъта лæг.

Сосланмæ, тагъд куыд кодта, уымæ гæсгæ хæринагæй ницы фæцис, фæлæ йæ сæрмæ не ’рхаста стонг лæджы зæфцы фыдæй мæлынмæ ныууадзын, — хъæды фæмидæг ис æмæ дзы уайтагъд саджы мард рахæццæ кодта лæгæн. Арт ын акодта, стæй йын хæрзбон загъта. Мæгуыр лæг дæр ын раарфæ кодта, уæдæ цы. Йæ бæх ныццæлхъытæ ласта Сослан æмæ уайын байдыдта йæ фæндагыл.

Цæйбæрц та ауадис, чи зоны, фæлæ та кæсы, æмæ иу цæргæс йæ дзæмбыты сывæллон рахæссы. Сослан фат фелвæста æмæ фехста цæргæсы. Цæргæс æд сывæллон донмæ æрхаудис. Рагæпп ласта Сослан йæ бæхæй æмæ сывæллоны донæй райста æмæ йæ йемæ рахаста. Хъæугæрон сывæллоны мады, йæхи тыдта, афтæмæй баййæфта. Йæ сывæллоны йын радта. Мад ын раарфæ кодта, мæгуыр сидзæргæс ус дæн, иунæг ацы сывæллон мын ис, æмæ мын æй ды фервæзын кодтай, зæгъгæ.

Цæуын та байдыдта Сослан дарддæр йæ фæндагыл. Бахæццæ ис Нарты хъæумæ, фæлæ йын æгæр байрæджы ис: йæ бацыдмæ йын йæ мады цæрдудæй зындоны цады ныппæрстой.

Бæргæ ма багæпп кодта йæ фæстæ Сослан, фæлæ ницыуал: нал æй ссардта. Раздæхтис фæстæмæ цадæй Сослан æмæ йæ хæрæмтты карз бафхæрдта.

Уый фæстæ, мæрдты Барастырæй ракурон, кæд мын мæ мады фæстæмæ радтид, зæгъгæ, араст ис мæрдты бæстæм. Мæрдты дуармæ бацыдис æмæ дуар бахоста.

Мæрдты Барастыр æм йæхæдæг рацыд, æмæ дзы Сослан йæ мады курын байдыдта. Барастыр ын загъта:

— Тæригъæдджын хъуыддæгтæ дæр бирæ кæныс, фæлæ, дæ мадмæ фæдисы цæугæйæ, стонг лæджы адзалæй кæй фервæзын кодтай, стæй мæгуыр сидзæргæсы сывæллоны цæргæсы ныхтæй кæй байстай, уымæ гæсгæ дын дæттын дæ мады.

Рауагъта Барастыр Сатанайы. Сослан æмæ Сатана фæстæмæ ссыдысты Нартмæ æмæ та цæрын байдыдтой дзæбæхæй.

СОСЛАН КОСЕРЫКУЫД РАКУЫРДТА

Иу изæр Сослан Нарты хъæуы уынгты уæлæмæ фæцæуы. Иу тигъмæ схæццæ ис, æмæ дзы лæппу-фæсивæд лæууынц. Сосланы нæ уынынц æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»

Дыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр лæууынц лæппу-фæсивæд æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»

Æртыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр та лæууынц фæсивæд æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»

«Мæ хуыцауыстæн, адоны мын æнæ бавзаргæ нæй», — загъта Сослан æмæ æрæмбырд кодта фæсивæды иу ранмæ.

— Гъей мардзæтæ! — дзуры сæм Сослан. — Уарбийы ’фсæдтæ Хызыны ’фцæгыл ссæуынц, æмæ сын сæ ис, сæ хæзна байсæм. Алчи уæ æд фæндаггаг, æд хæцæнгарз райсом боны цъæхыл рæвдзæй куыд рацæуа, афтæ.

Сразы сты фæсивæд. Сослан сæ разæй, фæсивæд йæ фæстæ, афтæмæй араст сты æмæ фæцæуынц. Хызыны ’фцæгмæ схæццæ сты. Акастысты уырдыгæй, æмæ Уарби дæлæ комы ссæуынц гыбаргыбургæнгæ. Нарты фæсивæдæй Уарбийы ’фсадмæ чи акæсы Хызыны ’фцæгæй, уый фæстæмæ лидзæг фæвæййы: æфсæдты гыбар-гыбурæй фæтæрсы. Фæстæмæ фæкаст Сослан, æмæ иунæгæй аззад — иууылдæр алыгъдысты йе ’мбæлттæ. «Гъей куыйтæ! Уæдæ иу æхсæв хъæбæр куы дзырдтат, уæд ныр цы фестут?» — загъта Сослан; йæхæдæг Уарбийы ’фсадимæ хæцын байдыдта. Байста сын сæ ис, сæ хæзна, — хорздзинадæй сæм цыдæриддæр ссардта, уыдон, æмæ сæ ’рхаста Нарты хъæумæ.

Нарты хъæуы змæлæг нал ис. «Куы цыдтæн, уæд сæ дзæбæхæй куы ныууагътон, уæд ныр цы фесты?» — зæгъгæ, хъуыды кæны Сослан. Иу нæуæг чындз донмæ рацæйцыди, æмæ йæ фæрсы Сослан:

— Мæ хъæу, мæ дзыллæ цы фесты?

Ницы йæм дзуры чындз: уайсадгæ йæм кодта.

— Дæ хуыцауы тыххæй, уыцы æфсæрмытæ ныууадз, фæлæ-ма мын зæгъ, нæ адæм цы фесты? — дзуры та йæм Сослан.

— Косер-рæсугъд йæ тæхгæ мæсыджы сбадти æмæ арвыл ныллæууыди æмæ дзырд радта: кæй фат мæм схауа, уый — мæ мойаг, зæгъгæ, æмæ адæм уымæ кæсынмæ ацыдысты.

Уæдæ искæй фат раздæр куы схауа, зæгъгæ, Сослан уыциу тахт аласта, адæм кæдæм ацыдысты, уырдæм. Уæлгоммæ æрхуыссыдис адæмимæ Сослан быдыры. Фат фелвæста æмæ йæ фехста — Косер-рæсугъдæн йæ цæугæ мæсыджы дуары уæллаг тарвазы ныссагъдис. Дыккаг фат фехста, æмæ уый та рудзынджы уæллаг тарвазы ныссагъд. Равнæлдта Косер æмæ фæттæ йæхимæ байста. «Мæ хур акæнæд, адон дыууæ дæр иу лæджы фæттæ сты», — загъта Косер æмæ йæ мæсыг æруагъта зæхмæ, дзыллæйы ’хсæнмæ.

— Адон кæй фæттæ сты, уый мæ мойаг, хæстæг мæм æрбацæуæд, — дзуры Косер.

Фырцинæй Сослан мæсыджы фæмидæг ис.

— Фæлæуу, æрра, фæлæуу, æрра! Мæсыгæн ницы бамбардзынæ, куыд æй суадзын хъæуы, куыд æруадзын, — дзуры йæм Косер.

Сослан нæ байхъуыста. Уæд Косер фыддæрадæн мæсыг уæлæмæ суагъта, йæхæдæг зæххыл баззади. Сослан хæрдмæ фæтæхы. Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ Косер дæр мæсыджы ис; агуры йæ, фæлæ йæ нæ ары. «Уæдæ мæ уыцы налат фæсайдта!» — загъта мæстыйæ Сослан йæхицæн. Уалынмæ мæсыг дæр арвы хæд бын ныллæууыди. Уыцы мæстыйæ ралиуырдта Сослан мæсыджы сæрæй æмæ зæхмæ куы ’рхæццæ ис, уæд æй бынмæ йе ’мбæрц ныттыдта — авд дæлдзæхы фæци æмæ хæйрæджытæм ныххаудта.

Дунейыл дзæбæхдзинадæй йын цы нæ хæссынц хæйрæджытæ, ахæм нæй, фæлæ уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр кæны Сослан.

— Уæ, нæ хорз уазæг, — дзуры йæм хæйрæджыты ’лдар, — дзæбæхдзинадæй нæм цы ис, уыдон дын куы ’вдисæм, уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр куы кæныс?

— Æз ахæм лæг дæн, — загъта Сослан, — æмæ йе цуан куы нæ кæнон, йе хæцгæ, уæд цæрын нæ зонын!

Уалынмæ æрбайхъуысти, хæйрæджыты рæгъау фæтардæуы, зæгъгæ.

Хæйрæджыты ’лдар дзуры:

— Дзындз-аласайы йын раласут нæ уазæгæн, æмæ йæ бавзарæм, кæддæра, дзыхæй куыд дзуры, лæгæй дæр ахæм лæг у. Фæдисы мачи ацæуæд йæхи йеддæмæ.

Сбадтис Сослан Дзындз-аласайыл æмæ ацыдис фæдисы иунæгæй хæйрæджыты рæгъауы фæстæ. Æрбатардта фæстæмæ рæгъау æд тыхгæнджытæ.

— Амæн ауадзæн нал ис: ай хуызæн лæг мах бæсты никуы ис, — загъта хæйрæджыты ’лдар.

Æмæ ракодта уæд йе ’ртæ уарзон чызджы Сосланмæ æмæ йын загъта:

— Ме ’ртæ чызджы дын бинонтæн дæттын. Ахæм рæсугъдтæ никуы ссардзынæ ды, дæ цæрæнбонтæ амондджын æмæ хъæлдзæгæй арвитдзынæ семæ.

Бирæ фæхаттис Сослан, бирæ федта чызджытæ дæр, фæлæ уыцы чызджытæй фыдуынддæр чызг никуы федта йæ цæрæнбонты. Уæддæр хæйрæджыты ’лдары зæрдæ балхæныны тыххæй загъта:

— Бирæ бауарзтон дæ чызджыты, мæ хорз æлдар, фæлæ мын Нарты бæсты æртæ усы ис. Нæ фидауынц уыдон æппындæр сæ кæрæдзиимæ: æдзух дæр загъд æмæ хыл кæнынц. Нæ мын бафидаудзысты дæ буц чызджытимæ дæр, æмæ дын æнамонд фæуыдзысты.

— Уæд та дæ цы ис, цы бон хъæуы махæй? — фæрсы йæ хæйрæджыты ’лдар.

— Æрмæст мæ дзыллæйыл куы сæмбæлин, æндæр мæ ницы хъæуы сымахæй, — загъта Сослан.

— Ацæут æмæ йын дыууæ зæронд дзабыры рахæссут! — загъта æлдар йæ адæмæн.

Ацыдысты æмæ йын дыууæ зæронд дзабыры æрбадавтой.

— Адон дæ къæхтыл бакъуыр æмæ ныккув хуыцаумæ: «Хуыцæутты хуыцау, уæдæ мæ нæ дуармæ фестын кæн!»

Сослан дзабыртæ йæ къæхтыл бакъуырдта æмæ скуывта — уадидæгæн йæ тæккæ дуармæ фестади.

Сатана йæ куы ауыдта, уæд ныццин кодта: «Хуыцау, дæ рынтæ дын бахæрон, мæнæ ма мæ лæппу кæцæйдæр фæзынди».

Косер куы базыдта, Сослан фæстæмæ ссыдис, уый, уæд хъуыды кæны йæхимидæг: «Цымæ ма мæм фыццаджы зæрдæ дары?» Йæ мæсыджы та сбадт æмæ та арвæй зæххы астæумæ сдзæхст ласта.

— Сатана, цы бакæнон ныр? Уыцы налаты тыххæй авд дæлдзæхы куы фæдæн, уæд афтæ сбадон мæхицæн? — дзуры Сослан Сатанамæ.

— Уымæн дын æз уынаффæ бакæндзынæн, — загъта Сатана. — Æз дæ зилгæ дымгæ фестын кæндзынæн, æмæ йæм афтæмæй балæуу.

Сатана йæ зилгæ дымгæ фестын кодта Сосланы, æмæ афтæмæй, гъæйдæ-мардзæ, зилгæ-зилгæ фæцæуы уæлæмæ. Мæсыг кæм лæууыд, уырдæм схæццæ ис æмæ рудзынгæй мæсыджы фæмидæг ис. Уыцы ран дымгæ фесæфт — Сослан фестад.

— Гъæ, мæнæ налат, ныр та ма мын кæдæм ирвæздзынæ?! — дзуры Сослан Косер-рæсугъдмæ.

— Æмæ æз цы кодтон, аххос дæхирдыгæй куы уыд! Æз ардæм дæр уый тыххæй куы ссыдтæн ныр, æмæ ма мыл иузæрдион уыдзынæ æви нæ, уый базонон.

Бафидыдтой уым Сослан æмæ Косер-рæсугъд. Мæсыг баздыхтой æмæ йæ зæхмæ æруагътой.

СОСЛАН МÆРДТЫБÆСТЫ

Иу изæр куы уыди, уæд Сослан бадти Нарты Ныхасы. Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис.

— Цæуыл æнкъард дæ, Уырызмæг? — фæрсы йæ Сослан.

— Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуыма сæмбæлд, — загъта Уырызмæг. — Ацы бон хъамылы уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ. Æхстбæрцмæ йæм бацыдтæн, ме ’рдын æм фæцарæзтон, æмæ, гъа ныр фехсон, куыд загътон, афтæ мæ фæттæ иууылдæр фæпырх сты, иу дæр дзы нал аззадис мæ фатдоны. Уæд мæ цирхъ фелвæстон æмæ йæ басырдтон, фæлæ та йæ æрцæвон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ цирхъ мæ къухтæй асхъиудта, æмæ иунæг хуыцау зоны, цы фæци; саг дæр фестадис æмæ алыгъди. Бæргæ ма азгъордтон йæ фæдыл, фæлæ ма ацу æмæ йæ ды ссар: уайтагъд æрбадæлдзæх и! Саг та — ахæм саг, æмæ йæ хъуын уыди сызгъæрин.

Уыцы ныхæсты фæстæ Сосланыл хуыссæг дæр нал æрхæцыдис, æхсæв-бонмæ йæ фæрстыл ратул-батул фæкодта. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куы фæхицæн сты, уæд йæ пæлæз йæ уæхсчытыл баппæрста, райста йе ’рдын, йæ фатдон, йæ цирхъ æрбаста æмæ хъамылты дæлæмæ фæуайы, Уырызмæг ын саг кæм бацамыдта, уырдæм.

Хур куыддæр скастис, афтæ йæ тынтæ сарæзта сагмæ. Саг æнцад хуыссы æмæ сынæр цæгъды. Хуры тынтæ сагæй фæстæмæ здæхтысты лыстæг хæрдгæ ’ндæхтæй æмæ цæстытæ къахтой, афтæ æрттывтой. «Уæдæ ацы сырд мæ къухы куы бафтид, уæд ма Нарты бæсты мæнæй кадджындæр кæм уаид!» — загъта йæхицæн Сослан. Хъуызын байдыдта, халæй халмæ хъуызæгау, æмæ йæм бахæццæ ис æхстбæрцмæ. Фат æрдыны авæрдта, хуыцау, уæдæ мын ацы сырды мæ къухты бафтын кæ, зæгъгæ, скуывта æмæ ныхъхъавыдис сагмæ. Гъа ныр æй фехсон, куыд загъта, афтæ кæсы, æмæ йæ фæттæ фæпырх сты — иу дæр дзы йæ фатдоны нал аззад. Саг йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыдис. Уæдæ ай худинаг куы кæндзынæн, зæгъгæ, фелвæста Сослан йæ цирхъ æмæ сагмæ фæуайы. Саг айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ уыциу гæпп фæласта æмæ йæ ных Сау хохмæ сарæзта. Уæдæ дæ æз уæддæр афтæмæй нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ, Сослан дæр йæ фæдыл уайы.

Схæццæ ис саг Сау хохмæ æмæ иу лæгæты дуарæй фæмидæг ис. Уый уыдис авд уæйыджы хъан — Хуры чызг Ацырухс.

Сослан дæр йæ фæдыл уыцы лæгæты смидæг ис æмæ уыны авдæддæгуæлæ галуан, кæронæй дзы уазæгдон. Уый та уыдис уыцы авд уæйыгæн сæ галуан. Бацыдис Сослан уазæгдонмæ æмæ бандоныл æрбадтис. Къулыл ауыгъд уыдис хуыйысæр фæндыр; райста йæ Сослан æмæ диссаджы цæгъдтытæ кæны. Афтæ рæсугъд цагъта, æмæ йæ цагъдмæ сырдтæ æмæ мæргътæ ’мбырдтæ кодтой, галуаны къултæ змæлыдысты, хæхтæ йын хъырныдтой.

Йæ цæгъдынмæ дыууæ гыццыл лæппуйы рауадис. Сослан уæддæр йæ цагъд нæ уадзы æмæ дзуры: «Æз дæн Нарты Сослан, æмæ мæнæн йе хæрд куы нæ уа, йе хæст, уæд цæрын нæ зонын».

Лæппутæ авд æддæгуæлæйы сæрмæ уæйгуытæм суадысты æмæ дзурынц:

— Нæ уазæгдоны ис иу уазæг, фæндырæй цæгъды æмæ дзуры: «Æз дæн Нарты Сослан, æмæ мæнæн йе хæрд куы нæ уа, йе хæст, уæд цæрын нæ зонын».

Уæйгуытæ рарвыстой лæппуты Сосланмæ æмæ сын загътой:

— Ауайут æмæ йын зæгъут: «Кæд дæ хæрд, нозт хъæуы, уæд дын Æнамæ бадзурæм, кæд дæ хæст хъæуы, уæд та дын Дадамæ бадзурæм».

Лæппутæ дæр фæстæмæ æрцыдысты æмæ йын афтæ радзырдтой.

— Ныртæккæ та хæрдæй цы кæнын, — загъта Сослан, — фæлæ кæд гæнæн ис, уæд мæ хæст хъæуы.

Ссыдысты та лæппутæ уæйгуытæм æмæ сын загътой Сосланы дзуапп. Уæд уæйгуытæ дæр рацыдысты æддæмæ æмæ цыргъ кæнынц, сæ мады гуыбынæй семæ цы кæрдтæ рахастой, уыдон, — хъавынц Сосланы аргæвдынмæ. Кæрты уыдис кусартгæнæн дынджыр фынг. Сосланы уыцы фынгмæ раластой, гъæ, куыдзæй цы куыдз райгуырди, уæдæ нын нæ саджы дæр хизынмæ ды нал уадзыс, зæгъгæ, æмæ йæ фынгыл равæрдтой. Иу дæр ыл йæ кард æрхæссы, иннæ дæр — авдæн дæр фехæлынц сæ кæрдтæ — иу дæр ыл дзы нæ хæцы. Уæд суагътой Сосланы æмæ загътой, цом, нæ хъан Хуры чызг Ацырухсы бафæрсæм, зæгъгæ.

Бацыдысты Хуры чызгмæ æмæ йын дзурынц:

— Иу уазæг нæм ис; йæхи хоны Нарты Сослан; æргæвдæм æй, æмæ йыл нæ кæрдтæ нæ хæцынц.

Хуры чызг уыцы ном куы фехъуыста, уæд загъта:

— Кæд Сослан у, уæд уый мæ мойаг у.

Уæйгуытæ йæ фæрсынц:

— Æмæ цæмæй базондзыстæм, Сослан у æви нæ, уый?

— Сосланæн йæ дыууæ уæны астæу ис æрдзæй рахæсгæ сау стъæлф. Сбæгънæг æй кæнут, æмæ кæд ахæм стъæлф уа йæ дыууæ уæны астæу, уæд уый, æцæгæйдæр, Сослан у.

Рацыдысты уæйгуытæ Сосланмæ, рабæгънæг æй кодтой, æмæ йæ чъылдымыл, растæндæр дыууæ уæны астæу, разындис æрдзæй рахæсгæ сау стъæлф. Загътой Ацырухсæн, уазæгæн йæ дыууæ уæны астæу кæй ис æрдзæй рахæсгæ сау стъæлф.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: