СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 15 глава




Уæд мæрдтæй Сосланмæ рацыдис Кæфты-сæр-Хуыйæндонæлдар æмæ йæм дзуры:

— Йе, Сослан! Мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ мемæ куы уаис, уый мæ фæнды.

— Цæй-ма, цы сгуыхты фæдæ, цæй тыххæй дын ис дзæнæт? — фæрсы йæ Сослан.

— Æз кæрдзындæттон уыдтæн, æмæ мын уый тыххæй ис дзæнæт.

— Дæхи куы аласис, дæ кæфы смаг калгæ, мæн дæуимæ цæугæ чи фена, уый мын цы зæгъдзæн?!.

Рацыдис æм мæрдтæй уæд мæгуыр лæджы гал.

— Йе, Сослан, мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ мемæ куы уаис, уый мæ фæнды, — дзуры йæм гал.

— Цæй-ма, цы сгуыхты фæдæ? — фæрсы уый дæр Сослан.

— Мæгуыр лæджы гал уыдтæн, — дзуапп ын радта гал, — алы лæджимæ дæр цæдисæй фæкуыстон; сихоры хæрдыл-иу хицауы галæн — хос, мæнæн та — фæлхæрдтæ. Гъе уыдæтты тыххæй мын ис дзæнæт.

— Ацу, — загъта Сослан, — дæу дæ бæрзæй хордта, ныр æз та демæ цæуон! Галы йеддæмæ куы ницы дæ.

Уæд æм рацыдис мæрдты бæстæй мæгуыр лæджы фырт.

— Сослан, лæппу дæн, нæ дæм уæндын, фæлæ мæнæн мæрдты дзæнæт ис, æмæ мемæ куы уаис, уый мæ фæнды.

— Ды та цы сгуыхты фæдæ, цæмæн дын ис дзæнæт? — бафарста та уый дæр Сослан.

— Æз мæ мадæн иунæг лæппу уыдтæн, — радзырдта лæппу, — æмæ мæ æртæ хъал барæджы сæ хуыцауы хъалæй амардтой. Куы мардтæн, уæд мæ мадæн загътон: «Мæ гæрзтæ мын мемæ цæвæр, стæй мын-иу уыимæ æртæ сабатæхсæвы сабатизæртæ скæн». Æд гæрзтæ мæ бавæрдта, æртæ сабатæхсæвы мын сабатизæртæ скодта. Фыццаг хатт куы ахаста сабатизæр, уæд хуыцау уыцы æртæ хъал барæджы уæлмæрдты кæрæтты æруагъта. Мæ мад устытæм дзуры: «Уæртæ уыцы барджыты æрбаздахут, мæ фырты карæнтæ сты, хорз сæ фенут». Æрбаздæхтой лæппуты. Хорз сæ федтой. Араст сты лæппутæ; фæцæуынц. Сæ иу иннæтæм дзуры: «Ныр æз куы нæ уыдаин, уæд уын ацы минас кæм уыдаид?» Алчидæр сæ йæхицæй æппæлы, мæ фæнд дзы уыд, мæ фæнд дзы уыд, зæгъгæ, æмæ хъазгæ фæцæуынц. Уыдон базыдтой, дыккаг сабатæхсæв дæр та сабатизæр кæндзысты, уый, æмæ та æрбацыдысты сæ хъал бæхтыл уæлмæрдтæм. Хæрз æмбисонды уынд та сын уæд фæкодтой. Хæрз хъæлдзæгæй та уæд афардæг сты хъазгæ, худгæ, ай нæ къæхты фæллой у, зæгъгæ. Æртыккаг сабатæхсæвы дæр та æрцыдысты ууылты. Зыдтой, сабатизæр та дзы кæй уыдзæнис, уый. Хорз та сæ федтой мæ рухсаджы тыххæй, æмæ та араст сты, фæцæуынц хъазгæ æмæ худгæ, фыццаг æхсæвтæй тынгдæр. Мæн мæ ингæны къæйтæ нал баурæдтой, стыдтон сæ хæрдмæ æмæ æртæйы дæр амардтон. Гъе уый тыххæй мын ис дзæнæт.

— Уæдæ æз демæ цæуын, — загъта Сослан, — мæрдтæй рацæугæйæ йæ туг чи райста!

Стæй уæд йе ’фсымæртæм дзуры:

— Йе, Уырызмæг æмæ Хæмыц, ингæн мын скъахут æмæ мын-иу дзы иу рудзынг Хурыскæсæны ’рдæм ныууадзут, хур мæм-иу дзы райсомæй куыд кæса, афтæ, иу рудзынг — йæ тæккæ астæу, хур мæм-иу дзы æмбисбон куыд кæса, афтæ, æртыккаг рудзынг — Хурныгуылæны ’рдыгæй, уырдыгæй та-иу мæм изæрырдæм куыд кæса хур, афтæ; мæ фæттæ мын-иу цæвæрут мемæ æд æрдын. Фæлæ ма иу хъуыддаг: цалынмæ Балсæджы Цалхæй мæ туг ист æрцæуа, уæдмæ мын нæй æрæнцой, æмæ мын мæ туг чи райсдзæнис?

Нарт иууылдæр сæхи фæстæмæ аластой: йæ ныфс сæ ничи бахаста Балсæджы Цалхмæ.

Уæд Сосланæн йæ хæрæфырт æрбалæууыд æмæ загъта:

— Сослан, Балсæджы Цалхы æз дæуæн дыууæ дихæй цыртæн куы нæ ныссадзон, уæд ме ’мбæлтты ’хсæн мауал ацæуон!

Сослан уый куы фехъуысга, уæд ингæны йæхи нывæрын кодта.

Куыд бафæдзæхста, афтæ йын йемæ нывæрдтой йе ’рдын æд фæттæ æмæ йын йæ ингæнæн сарæзтой æртæ рудзынджы.

Иу къорд бонтæ йыл куы рацыдис, уæд Уырызмæг æмæ Хæмыц загътой Сырдонæн:

— Сосланы бæх æгæр хъал кæны æнæ бадтæй, дæ хорзæхæй, абад-иу ыл.

Гæтæджы фырт гæды Сырдон, цыма йæ нæ фæндыдис, уыйау кæуын, æрдиаг кæнын систа:

— Мæ хæдзар фехæлд, уый зæгъын та мын уæ зæрдæ куыд тæры?! Ме ’фсымæры бæхыл!..

— Нæй гæнæн, Сырдон, бакоммæ кæс!

Цыма йæ нæ фæндыди, уыйау та скодта йæхи, фæлæ сын разыйы дзырд радта æмæ бадын райдыдта бæхыл. Куы-иу фæцæйцыдис бæхмæ, уæд-иу афтæ:

— Уæ, дæуыл та мын чи бады, мæ зæрдæ дыл бадын нæ комы! Хъæугæрон-иу куы фæцис, уæд-иу бæх иуырдæм, иннæрдæм аскъæрдта, йæхæдæг та-иу афтæ бакодта:

— Гъе, цы ма дын фенон, Сослан, дæ бынтæ мæнæн баззадысты!

Иубон та Сосланы бæхыл сбадтис æмæ йыл ацыдис уæлмæрдтæм. Уым æй Сосланы ингæны алыварс ратæр-батæр систа.

— Гъе Сослан, цы ма дын фенон, дæ буц бæх мæнæн баззадис, — хъæр кæны Сырдон Сосланы ингæны ’рдæм. Ацы бон дын дæхиуыл дæр бæхбадт куы нæ скæнон, зæгъгæ, бæхæй рахызт æмæ Сосланы ингæныл, раст астæурудзынгыл бæхбадт æркодта.

Куыддæр рудзынгыл æрбадтис, афтæ йæ бынæй Сослан фатæй сæхста, æмæ, — дæ фыдгул афтæ, — фат растæндæр сæры астæуæй сгæпп ласта. Сырдон уым ныммардис.

— Дæуæй уал мæ маст систон, — загъта Сослан. — Гъеныр ма Балсæджы Цалхæй мæ туг ист куы ’рцæуид, уæд æрæнцаин.

Сосланæн йæ хæрæфырт Куырдалæгонмæ ссыдис æмæ йын загъта:

— Æфсæйнагæй мын егъау мæцъис сараз.

Куырдалæгон ын стыр мæцъис сарæзта. Лæппу мæцъис рахаста æмæ Балсæджы Цалхмæ фервыста:

— Хызы быдырмæ мæм хæццæ кæн, фæнды мæ демæ схæцын, æмæ æмбæхсгæ ма бакæн!

— Æз кæддæриддæр цæттæ! — æрæрвыста йæм фæстæмæ Балсæджы Цалх.

Рацыдис дын лæппу йæ дынджыр мæцъисимæ Хызы быдырмæ. Балсæджы Цалх дæр ыл йæхи рауагъта гуыргуыргæнгæ, зилгæ-зилгæ.

Лæппу Цалхмæ фæцырд ис, йе ’фсæйнаг мæцъисæй йын йæ фæрчытæ ныххырхта — иу дæр дзы йæ уæлæ нал аззадис.

Фæтарсти Балсæджы Цалх, йæхи ацц фестын кодта æмæ фæтæхы. Лæппу дæр йæхи хъæрццыгъа фестын кодта æмæ йæ фæсуры. Сурынтæ йæ байдыдта. Балсæджы Цалх та дзы фæтарстис æмæ цъæнутджын фæтæнмæ йæхи баппæрста.

Лæппу дæр та йæхи лæг фестын кодта, йæ къухтæ кæрæдзиуыл æркъуырдта. Къухтæй уыйбæрц цæхæр акалдис, æмæ фæтæн æмсыгъд скодта.

Балсæджы Цалх та фæтарстис; йæхи хъæддаг карк фестын кодта æмæ фæтæны стахти. Сосланы хæрæфырт æй ауыдта, йæхи цæргæс фестын кодта æмæ та йæ фæсуры. Балсæджы Цалх куы суынгæг ис, уæд ратахтис Нарты хъæумæ æмæ къулыбадæг усы хæдзары смидæг ис.

Лæппу дæр та йæ ауыдта, йæхи та лæг фестын кодта æмæ усмæ бацыд.

— Ам дæ хæдзармæ цы хъæддаг карк æртахт, уый цы фæцис? Тагъд мын æй зæгъ, æндæра дæ æд сывæлæттæ басудздзынæн! — дзуры лæппу.

Ус фæтарстис æмæ йын радзырдта:

— Уæлæ уæлмæрдмæ ссыдис, æмæ дзы нæуæгдæр цы мард ис, уый ингæнмæ ныххызтис.

Лæппу йæхи богъа фестын кодта. Уæлмæрдты нæуæгдæр цы ингæн уыдис, уымæ бацыдис æмæ йыл абухын байдыдта. Бынæй йæм Балсæджы Цалх дзуры:

— Æнæрай дæ фæуа дæ хицау! Æз ам Сосланы хæрæфыртæй æмбæхст дæн, æмæ мæ цæуылнæ ныууадзыс!

Йæ ныхас ын фехъуыста лæппу, йæхи лæг фестын кодта æмæ йæм уырдыгæй дзуры:

— Багъæц, æмбæхст кæмæй дæ, æз дæр уый дæн!

Фæлæбурдта лæппу æмæ йæ ракъахта. Ингæнæй йæ фелвæста æмæ йæ Сосланы ингæнмæ бахаста æмæ дзуры йæ хъæлæсы дзаг:

— Сослан, Балсæджы Цалх дын мæрдты фæлдыст фæуæд, дондзау æмæ дын лæггадгæнæгæй фæхæтæд, уæлæуыл та дын цырт уыдзæн!

Йæ цирхъ фелвæста лæппу, Балсæджы Цалхæн йæ сæрастæу ныххырхта æмæ йæ йæ астæуыл æрфаста: йæ иу æрдæг ын Сосланы ингæнæн йæ нывæрзæны ныссагъта, йе ’ннæ та йæ дæлфæдтæм.

СЫРДОН

СЫРДОНЫРАЙГУЫРД

Нарты рæсугъд Дзерассæ рацæйцыдис донмæ. Доны хицау Гæтæг схудт Дзерассæмæ, йæ цæст æм æрныкъуылдта æмæ йæм дзуры:

— Уæ, мæ хуры хай, урсцъар рæсугъд Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод дын дон нæ ратдзынæн!

Фæтарст Дзерассæ Гæтæгæй, аздæхт æнæ донæй æмæ бацыд сæхимæ. Дзерассæ та дыккаг хатт ацыди донмæ. Æнхъæл уыдис, нал ыл сæмбæлдзæнис Гæтæг, фæлæ йыл сæмбæлд. Дзерассæйæн гæнæн нал уыд, æмæ æмуд æрцыд Гæтæгимæ, æмæ йын райгуырд лæппу, номæй та йæ схуыдтой Гæтæджы фырт Сырдон.

Сырдон райдыдта хъомыл кæнын æмæ зыдта æппæт дæр, цы уыди æмæ цы уыдзæн, уыдæттæ. Нартимæ нæ фидыдта, цыди сыл сайдæй, æмæ йæ сæхуыдтæг дæр сайдтой, фæлæ-иу æм кæд Нарт мæсты дæр сысты, уæддæр æй уарзгæ дæр бирæ кодтой.

Сырдон уыдис зондджын æмæ мадзалджын Нæртон лæг.

НАРТЫБАЛЦ

Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ — сфæнд кодтой дард балцы ацæуын. Уæд иубон араст сты. Хъæуæй ахызтысты, афтæ æрхъуыды кодтой: «Гъей-джиди, Сырдон дæр ма немæ куы уаид, — дард балцы цæугæйæ хъæлдзæг лæг у!»

Уæд кæстæртæй иу афтæ зæгъы:

— Ам мæм куы фæлæууиккат, уæд æй æз ныртæккæ ракæнин.

— Фæлæудзыстæм, — зæгъгæ, йын загътой, — æрмæст тагъд цу æмæ фæстæмæ дæр тагъд фездæх.

Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта æмæ Сырдоны хæдзары дуармæ балæууыд, æмæ мидæмæ дзуры:

— Йе, Сырдон, æддæмæ-ма ракæс, кæд ам дæ, уæд!

— Мæнæ дæн, — зæгъгæ, йæм радзырдта Сырдон æмæ йæм æддæмæ рауади æмæ йæ бафарста: — Гъы, цы хорздзинад зæгъдзынæ? Хъусын дæм.

— Нарты хæрзтæ хæтæны фæцæуынц, æмæ ды дæр семæ куы уаис, уый сæ фæнды.

Уæд Сырдон бакатайтæ кодта æмæ æрæджиау афтæ зæгъы:

— Цæмæй ацæуон семæ, бæх мын куынæ ис, уæд?

— Ау, уый та куыд загътай, Сырдон? Мах бæхтæ бæхтæ не сты, уæдæ ма кæстæртæ цæмæн стæм? Кæм ды — фистæг, мах — бæхджын, кæм мах — бæхджын, ды фистæг, афтæмæй цæудзыстæм.

— Хорз, — загъта Сырдон, йæ фæдджитæ æрбатымбыл кодта æмæ араст ис Нарты фæстæ балцы. Уæд иу ран Сырдон баййæфта Нарты гуыппырсарты æмæ цæуын байдыдта фистæгæй сæ фæдыл. Иу-дыууæ боны куы фæцыдысты, уæд сæм Сырдон дзуры:

— Цæй-ма, Нарт, бæхыл хæссинаг мæ куы уыдыстут, æмæ мæ куы ничи хæссы, фистæгæй цæуын куынæуал фæразын, уæд мын цы зæгъынмæ хъавут?

Уæд ын Уырызмæг загъта дзуаппæн:

— Бæх кæй хъæуы, уый йæ хъуамæ йæ хæдзарæй раластаид, уыййеддæмæ ам дæуæн чи загъта, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ?

— Мæнæ мын уæ кæстæр загъта, — зæгъгæ, фæкодта Сырдон, йæхимидæг мæсты кодта, афтæмæй.

Ныр Нарт рæсугъд уалдзыгон цъæх кæрдæгыл хъазгæ сæ цыды кой кæнынц саргъы бæхтыл æмæ мæстæй марынц Сырдоны: чи йын йæ худ аскъæфы, чи — йæ лæдзæг, чи та йæ цуры бæхыл схъазы. Сырдон дæр йæхинымæры дзуры: «Фæлæуут, мæ бар дæр уæ бауадз, æз уын æй бафиддзынæн ацы мæстæймарын!» Бадзырдта та сæм ноджы:

— Цæй-ма, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ, мын куы загътат, уæд куыд у хъуыддаг?

Уæд ын, чи йæ рахуыдта, уыцы кæстæр радта дзуапп:

— Гæды дзырдтæ цæмæн кæныс, Сырдон, чи дын загъта, бæхыл дæ сæвæрдзыстæм, уый?

— Ды, — зæгъгæ, фæкодта Сырдон.

— Сайыс, Сырдон! Æз дын афтæ куы загътон: «Кæм ды — фистæг, мах — бæхджын, кæм мах — бæхджын, ды — фистæг». Ам дæлæмæ кæсын, æмæ æцæгдæр афтæ у нæ балцы хъуыддаг: ды фистæг дæ, мах бæхджын, мах бæхджын стæм, ды та — фистæг. Раст нæ ныхас куыд уыди, афтæ йæ æххæст дæр кæнæм.

Уæд Сырдон бамбæрста, сайд ыл кæй æрцыдис, уый, æмæ йæ сæр ныттылдта, æндæр ницыуал загъта.

Иудзæвгар куы ауадысты, уæд бахæццæ сты иу стыр фурдмæ. Сырдон фурды бахизыныл катайтæ кæны. Уæд æм Уырызмæг дзуры:

— Хæц, Сырдон, мæ бæхы дымæгыл, æз дæ фурды фале фæкæнон!

Сырдон ныххæцыд Уырызмæджы бæхы дымæгыл, æмæ бараст кодтой фурды. Йæ тæккæ астæумæ куы бахæццæ сты, уæд Уырызмæг фæрсы Сырдоны:

— Къухы ныхтæ æмæ къахы ныхтæ кæм фæчындæуы?

— Кæм сæ æрымысай, уым, — загъта Сырдон.

Уæд Уырызмæг йæ бæх ныуурæдта æмæ лыг кæнын райдыдта йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къахы ныхтæ. Цалынмæ Уырызмæг йæ куыст кодта, уæдмæ доны фæйлауæнтæ Сырдоны расхой-басхой кодтой, уæдæ цы уыдаид! Йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къахы ныхтæ конд куы фæци Уырызмæг, уæд йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ доны фале фæци Сырдонимæ.

Бирæ та фæцыдысты, æмæ Сырдонæн йæ къахыл скæнинаг дæр ницыуал уыди. Цæуынц, æмæ иу ран Сырдон иу обауы сæрмæ схызти æмæ дзуры:

— Гъей, Нарты фæсивæд, фосармæй уæ хуыцау Нарты Уарæн фæзмæ бауадзæд; Нарты чызджытæ уæлбылæй куы ракæсой, уæд уæ сæртæй банымайдзысты, æмæ лæгхъаджджын куы уат, уæд зæгъдзысты, зæгъгæ, сæ иуы ауæй кодтой æмæ йын йæ сæрмæ фос æртардтой!

Уæд Уырызмæг загъта:

— Ай дæр та æцæг у. Хæссын æй бахъæудзæн.

Æмæ Сырдоны радыгай сæ фæсæрцты æвæрын байдыдтой. Сырдон бавдæлы æмæ, кæй фæсарц фæбады, уымæн йæ арт амбæхсы. Афтæмæй се ’ппæты æртытæ дæр бамбæхста. Уырызмæгмæ та æртæ арты уыдис. Уыдонæй иу йæ фарсыл уыди, иннæ йæ астæубосыл, аннæ та йæ саргъы базы бын. Уымæн дæр йе ’ртытæ бамбæхста Сырдон.

Цæуынц Нарты гуыппырсартæ, æмæ сыл бон баизæр ис. Сæ улæфт уадзынмæ æмæ се ’хсæв æрвитынмæ, стæй сæ бæхты фæхизынмæ æрлæууыдысты иу ран.

Уæд дын Уырызмæг дзуры йæ кæстæртæм:

— Лæппутæ, цуаны-ма суайут, кæд нын Æфсати исты радтид, кæннод стонгæй куынæуал фæразæм!

Лæппутæ ауадысты æмæ уайтагъд саджы мард æрдавтой, сугтæ æрбамбырд кодтой æмæ арт кæнынмæ куы бавнæлдтой, уæд кæсынц, æмæ дзы иуæн дæр йæ арт йæ фарсыл нал ис. Ныхас Уырызмæгмæ байхъуыст, нæ æртытæ ахаудысты, зæгъгæ. Уæд Уырызмæг афтæ зæгъы:

— Алчи уæ йæ зонд йæ усы хъæбысы ныууадзы, афтæмæй балцы рацæут. Иугай æртыты æвджид куыд рацыдыстут, мæлæты зын арæн куы нæ сты æртытæ. Мæнæн дзы иу мæнæ мæ фарсыл ис, зæгъгæ, куыд фæкодта, афтæ йæ фарсмæ февнæлдта, æмæ дзы артæн йæ кой дæр нал. Хорзау нал фæци номдзыд Уырызмæг. Февнæлдта йæ астæубосмæ, агуры арт æмæ астæубосыл дæр ницыуал ары. Уæд та фæсивæдмæ дзуры:

— Ауайут, лæппутæ, уæртæ мæ саргъы базы иу арт ис, æмæ йæ ардæм радавут!

Лæппутæ ауадысты æмæ Уырызмæгмæ йæ саргъы баз гогызы марды хуызæн тымбылтæй бадавтой, фæлæ уым дæр арт нæ разындис. Уыцы афон Сырдон æрхы ныббырыд æмæ уым хæтæлы хустимæ йæхи цыдæртæ архайæг скодта. Нарт сагъæсы бацыдысты æмæ дзырдтой кæрæдзийæн, ныр цы кæнæм, зæгъгæ, фæлæ ницы хос ардтой. Æрæджиау Уырызмæг кæсы, æмæ иу фарсырдыгæй ауыдта рухсы цæст, æмæ дзуры Сырдонмæ:

— Йе, Сырдон, уæлæмæ рацу, æмæ дæм кæд зынг, мыййаг, ис, уæд нын арт акæн!

Сырдон дæр æм дзуры:

— Гъæ, уæ бон ныккалат, Нарты хъалтæ! Ныр та уын цæхæры кæфой мæ фæдджийы фистæгæй уæ фæдыл куы хæссин, уый уæ фæнды!

— Бавдæл, уæдæ, — загъта та йын Уырызмæг, — æмæ ацу, уæлæ рухс кæцæй цæуы, уырдæм, æмæ нын зынг æрхæсс!

Сырдон дæр ницыуал уæлдай загъта Уырызмæджы ныхасыл. Араст ис, рухс кæцæй цыдис, уыцырдæм æмæ иу чысыл куы ауади, уæд фæстæмæ ’рыздæхт æмæ гæды ныхæстæ ракодта:

— Зынг радтын нæ, фæлæ ма мын æгæрыстæмæй мæ хъæрмæ дæр нæ ракастысты.

Уæд Нарты кæстæртæй иу араст ис зынггур æмæ бафтыдис рухсы фæдыл авд уæйыджы хæдзармæ. Ракастысты йæм уæйгуытæ æмæ йыл бацин кодтой:

— Мах зынггуры дуарæй не здахæм, — зæгъгæ, йын загътой æмæ йæ сæ хæдзармæ бакодтой. Уым æй фидар фæхсбандоныл æрбадын кодтон, сæхуыдтæг ын йæ быны бурæмæдз рауагътой, æмæ Нæртон гуырд бандоныл ныффидар ис æмæ сызмæлын дæр нал фæрæзта. Æрæгмæ куы цыди, уæд та Нарт сæ кæстæры хистæры арвыстой, æмæ та уый дæр кæстæры фæндагыл ацыдис.

Æрæгмæ куы цыдысты кæстæртæ, уæд Нарты хистæртæ сæхуыдтæг радыгай цæуын райдыдтой иуæй зынггур, иннæмæй та сæ кæстæрты агурæг. Фыццаг араст ис Сослан, æмæ та уый дæр йæ кæстæрты æмбисонд баййæфта. Нал баурæдта йæхи Хæмыц дæр. Араст ис йе ’мбæлтты агурæг, фæлæ та уый дæр фæстæмæ нал зыны.

Тыхсы Уырызмæджы зæрдæ, йæхицæн бынат дæр нал ары йе ’мбæлтты мæтæй æмæ фæстагмæ араст ис сæ фæдыл. Уырызмæг дæр та бафтыд уæйгуыты хæдзармæ æмæ сæм мидæмæ бадзырдта:

— Йе, хæдзаронтæ, æддæмæ ма уæ исчи ракæсæд!

Уæйгуытæ йæм рауадысты æмæ йын загътой:

— Гъы, кæй агурыс? Кæд æмæ дæ кæстæрты, уæд уыдон дæр тагъд рацæудзысты, фæлæ сæм мидæмæ æрбахиз æмæ иу арахъхъ хъармæй баназ. Уыдонæн дæр æй артыл хъарм кæнынмæ авæрдтам, æмæ уымæн фæстиат кæнынц! Æфсæрмы ма кæн, мидæмæ нæм рацу!

Уырызмæг йæхинымæры зæгъы: «Ацы фæлладæй иу арахъхъ куы аназин, уæд æвзæр нæ уаид!» Фæраст ис уæйгуыты хæдзармæ æмæ куывды бадæгау уым бадгæ баййæфта Нарты. Уырызмæгæн дзы иу дæр уæлæмæ нæ сыстад, мæстыгæнæджы каст æм ракодтой, æмæ Уырызмæг дæр сæ уæле мæсты цæф ныккодта бандоныл йæхи. Йæ быны йын бурæмæдз рауагътой, æмæ та уый дæр уым бандоныл аныхæст. Ныр сæм бакæс, уæд цавддуртау бадынц фæрсæй-фæрстæм Нарты бæлццæттæ. Сæ хуыз фæлыгъдис, æмæ сæ дынджыр цæстытæй æнкъардæй кæсынц. Уæйгуытæн дæр се стыр аджы дон хæрдмæ пæлхъ-пæлхъ кæны — хъуамæ дзы Нарты ныккалой æмæ сæ сфыцой. Авд уæйыджы, иу иннæмæй тынгдæр, дзæнхъайы цæстыл сæ кæрдтæ цыргъ кæнынц, æмæ сæм Нарты гуыппырсартæ куы бакæсынц, уæд сæ зæрдæ ноджы тынгдæр бауазал вæййы.

Уыцы рæстæджы Сырдон бынаты арт бандзæрста, саджы мардæй физонджытæ скодта æмæ йæхи хорз бафсæста. Уыргтæ рафтыдта æд фиутæ æмæ уыдон дæр сфизонæг кодта æмæ дзы иу йæ иу рихийыл æрцауыгъта, иннæ та — йе ’ннæ рихийыл, æмæ уыргтæ куы басалдысты йæ рихитыл, уæд афтæмæй араст ис уæйгуыты хæдзармæ; куы бахæццæ ис, уæд бахъæр кодта:

— Цы фестут, Нарты хъалтæ! Сæрæй та уæ гуыбыны куыст куы кæнут, мæн та сау хъæды куы ныууагътат иунæгæй. Йе мæ арс куы ныттона, йе мæ бирæгътæ куы бахæрой, уымæй дæр мын нæ тæрсут? Æддæмæ дæр мæм куынæуал зынут!

Уæд æм уæйгуытæ рауадысты æмæ йæм дзурынц:

— Мидæмæ рацу, уазæг, æмæ семæ абад ды дæр.

Сырдон дзуры уæйгуытæм:

— Гъæ, уæ бонæй уат, кæд мæнæн уыдонимæ бадæн нæй! Уыдон ме ’лдæрттæ сты, æмæ уыдонимæ куыд сбадон? Уый бæсты мын сæм фæдзурут, æмæ цæуæм.

Фæлæ уæйгуытæ не сразы сты. Бакодтой Сырдоны сæ хæдзармæ. Сырдон Нарты рæгъ-рæгъы, бадгæ куы федта, уæд æй бамбæрста, уыдон хуымæтæджы æнæзмæлгæ кæй не сты, уый, æмæ сæ фарсмæ бадын нал бакуымдта, фæлæ-иу, уыдон æй куыд уыдтаиккой, афтæ йе ’взагæй иуварсырдæм йæ рихийыл уырг астæрдта, мæстæймарæгау.

Уæд та йæм уæйгуытæ дзурынц:

— Сбад сæ фарсмæ ды дæр, уазæг!



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: