СЫРДОН НАРТЫ КУЫД АСАЙДТА




Иубон Нарт ацыдысты хæтæны. Сырдоны дæр ахуыдтой семæ. Ницы бафтыд сæ къухы, æмæ раздæхтысты фæстæмæ.

Уæд Нарт зыдтой æнæбын цад тархъæды астæу æмæ загътой: «Уыцы цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм, æмæ кæд фесæфид». Цадыл пыхсытæ мæнг калд æркодтой. Æмæ арвыстой Сырдоны цады комкоммæ фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад кæй уыдис, уый, æмæ дзы ныххаудта. Былгæрон ма бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ амæлттæй раирвæзтис цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, ахус кодта йæ дзаумæттæ æмæ Нарты размæ азгъордта. Нарт Сырдонæн фесæфын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм уый хъæр кæны:

— Фæлæуут-ма, Нæртон хæтæг адæм, диссаг уын радзурон, дунейы диссаг!

Нарт æрлæууыдысты æмæ дисæй амардысты, уый Сырдоны хъæр куы у, кæцæй ма фæзындис, зæгъгæ.

Сырдон сæм бацыди æмæ сын загъта:

— Мæ чысылæй нырмæ ахæм диссаг никуыма федтон.

Нарт æм дзурынц:

— Цы диссаг федтай, Гæтæджы фырт? Ма та нæ фæсай!

Сырдон сын загъта:

— Уæртæ уым иу цады цур федтон диссаджы сырдтæ: ралыгъдысты сындзджын къохмæ. Фæтарстæн сæ æмæ ма амалтæй ардæм æрхæццæ дæн!

Сырдоны дзауматæ хусæй куы федтой Нарт, уæд сæ йæ ныхас бауырныдта.

— Кæд цуаны цæут, уæд хуыздæр ран нал ссардзыстут, æмæ сæм тагъддæр ацæут. Æз сæм мæхæдæг нал бауæнддзынæн, фæлæ къохы алыварс зилдзынæн æмæ уын, чердæм цæуой, уый амондзынæн, — зæгъы Сырдон.

Бацыдысты Нарт сындзджын къохмæ. Зилынц сындзы, фæлæ цæй сырд ссардтаиккой! Æхсæв-бонмæ сæ сындзытæ фæтыдтой: бæхæй, лæгæй сæ туг калди, афтæмæй райсомæй сындзджын къохæй рацыдысты.

— Сæрæй та ныл сайдæй рацыдтæ, — зæгъынц Нарт Сырдонæн.

— Нæ сæм бауæндыдыстут, Нарт, сындзы бамбæхстыстут, æмæ уый адæмæн куы радзурон, уæд фидиссаг кæнут, — загъта Сырдон.

Нарт фæтарстысты, худинаг нæ кæндзæн, зæгъгæ, æмæ йæм дзурын нал бауæндыдысты.

Афтæтæ кодта Нартæн Гæтæджы фырт Сырдон.

СЫРДОН УÆЙГУЫТЫКУЫД ФÆСАЙДТА

Иубон Нарт Сырдоны сусæгæй ацыдысты хæтæны.

Сырдон рацыди уынгмæ æмæ сывæллæтты фæрсы:

— Уæдæ Нарт кæм сты, куы ничи сæ зыны æддæмæ?

Уæд æм иу лæппу бацыд æмæ йæм дзуры:

— Мæн-иу ма схъæр кæн, фæлæ Нарт дæ сусæгæй хæтæны ацыдысты.

Сырдон йæ хæдзармæ бацыди, йæхи арæвдз кодта æмæ араст ис сæ фæдыл. Иу-æртæ боны куы фæцыди, уæд сау хъæды æрæнцад æмæ уым бонасадæн кодта. Кæсы, æмæ æрдузы æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц. Сырдон йæхи сæ цурты цæуæг акодта æмæ сæм дзуры:

— Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у!

Уæйгуытæ йæм дзурынц:

— Мах кæнæм уаргæ æмæ нæ фидауæм.

— Зæгъут-ма мын, уагæры цы уарут? Кæд уæ æз бафидауын кæнин.

Уæйгуытæ йын зæгъынц:

— Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн. Æрчъиагмæ ис ахæм миниуæг, æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда, уырдæм дæ бахæццæ кæндзæн. Фынджы та нымæтын ехсæй куы ’рцæвай, уæд хæрд æмæ нозтæй айдзаг вæййы. Бæндæнæй та æнæхъæн хор-хос куы сбæттай, уæд дæр дын уæз нæ кæндзысты.

Уæд сын Сырдон зæгъы:

— Уæдæ кæд мæнмæ хъусут, уæд уæ æз бафидауын кæндзынæн. Æз фехсдзынæн сымахæн уæ фæттæ æртæрдæм, æмæ мæм йæ фат тагъддæр чи ’рхæсса, уымæн фыццаг бар, уый фæстагæн — дыккаг бар, æртыккагæн та — фæстаг бар.

Уæйгуытæ сразы сты. Сырдон дæр сын сæ фæттæ æртæрдæм фехста æмæ сын загъта:

— Уайгæут ныр!

Уæйгуытæ дæр фæцагайдтой фæттæ агурæг уыцы иуырдæм, кæрæдзийы сæрты схъиудтытæгæнгæ, кæд æмæ сæ фæттæ алы рæтты уыдысты, уæддæр.

Уæд дын Сырдон æрчъиагыл фынг авæрдта, райста йæ къухмæ бæндæн æмæ сбадти æрчъиагыл, йæхæдæг æм дзуры, æрчъиагмæ:

— Уæдæ мæ гъеныр нæ уæлхæдзар фестын кæ!

Уыцы ныхасмæ Сырдон йæ уæлхæдзар фестади.

Сырдон Нарты æрхуыдта æмæ сæ иннабонæй-иннабонмæ хорз федта йæ фынджы фæрцы.

Уыцы бонæй фæстæмæ Нарт нал цыдысты балцы æнæ Сырдон.

СЫРДОН ЙÆ МÆРДТÆН ХИСТ КУЫД КОДТА

Нарты адæмæй иу дæр, иннæ дæр дзырдта:

— Сырдон, дæ мæрдтæн хист скæн, кæннод иннæ мæрдтæм æнхъæлцау уыдзысты; дæхи цæмæн тæригъæдджын кæныс мæрдты æгъдауæй?

Иутæ ма йын фидис дæр кодтой:

— Дæуау исчи йæ мард æгадæй уадзы?!

Сырдон дзæбæх æмбæрста, уыцы ныхæстæ цæй фæдыл уыдысты, уый: адæмы фæндыди мæгуыр Сырдоны иунæг хъуг бахæрын.

Æмæ Сырдон иу къорд рæстæджы йæхи ныхъхъус кодта. Æрæджиау зæгъы Нартæн:

— Цæмæй мын хист кæнын кæнут мæ мæрдтæн, куы ницы мæм ис, уый куы зонут, уæд?

— Æрæмбырд кæн дæ хæстæджытæ æмæ дæ лымæнты, æмæ дæм фæкæсæнт, уæддæр дæ мæрдты æнæ хист ма ныууадз, — загътой Сырдонæн Нарт.

Марды кæндæн цы ’мбæлдис — хæрдæй, нозтæй — уый фаг уæлдайджынтæй æрæмбырд кодта Сырдон. Суг æрласта, дыхъусыг аг бавæрдта æмæ бæгæны кæнын байдыдта. Бæгæныгæнæг, æдылыдæр чи уыд, уый скодта æмæ, кæд дыхъусыгæн ссæдз мæрты хъуыди зад, уæд дзы Сырдон иунæг мæрт ныккодта. Афтæмæй къорд боны бæгæны фехсыста.

Кæрдзынгæнджытæ дæр, æдылыдæр чи уыди, уыдон æрхуыдта æмæ иу къорд дзулы ракæнын кодта. Хисты бон куы уыди, уæд бæгæныгæнджытæ, кæрдзынгæнджытæ æмæ хъæлагомау дыууæ уырдыджыстæджы — уыдоны бамбырд кодта æмæ сын загъта:

— Сымах фыдæбон кæндзыстут, æмæ уæ исты ахæрын хъæуы раздæр, кæннод æнæ хæрд баззайдзыстут.

Иу-дыууæ карчы æрбаргæвдын кодта æмæ сын уыдон бахæрын кодта, нуазын дæр сын акодта, стæй сæ бæгæныты цæхгæртæ аразыныл фæцалх кодта. Адæммæ хонджытæ фервыста. Йæхæдæг уырдыджыстджыты ’хсæн ныхас ауагъта: каркæй айкæй кæцы раздæр сæвзæрди, зæгъгæ. Расыг уырдыджыстджытæ быцæу кæнын райдыдтой; сæ иу зæгъы: карк раздæр сæвзæрди айкæй, иннæ зæгъы: айк раздæр сæвзæрди каркæй. Загъдмæ сын асайдта, æмæ кæрæдзийы схуыстытæ кæнын систой. Сырдон сæ цыма иргъæвгæ кодта, уыйхуызæн. Йæхи скодта æмæ бæгæныйы цæхгæртæ рафæлдæхта, цыма йын æнæбары уыдис, уыйау. Куы сæ рафæлдæхта, уæд æрдиаг кæнын байдыдта, æмæ хыл кæны лæуджытимæ:

— Фесæфтат мæ — Нарты адæммæ хонджытæ куы фервыстон, сымах та мын мæ нуæзтытæ куы ракалдтат, уæд ма цы цæсгомæй рацæудзынæн Нарты адæммæ!

Семæ куыд хъаугъа кодта, афтæ хистæртæй иу къорд æрбацыди хистмæ, æмæ Сырдон сæ размæ рауади æмæ сын радзырдта:

— Мæ уырдыджыстджытæ фæбыцæу сты. Иутæ дзы загътой: айк раздæр равзæрдис, иннæтæ загътой: карк раздæр равзæрдис, æмæ куы фæхыл сты, уæд мын мæ бæгæнытæ ныккалдтой.

Уæд хистæртæ дæр кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æмæ фæстæмæ сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Æрцæуинаг ма чи уыд, уыдон дæр нал æрцыцысты.

Цы ’рæмбырд кодта Сырдон хистæн, уыдон йæхицæн баззадысты.

ДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТА

Нарты Сырдон иу лæгæй фæхæсджын ис, тын хæсджын. Цыбыркъух лæг уыди Нарты Сырдон. Уыцы цыд æм кодта хæсдæттæг, фæлæ-иу фæстæмæ аздæхт афтидæй. Йæ хæс йæ къухы нал æмæ нал æфтыд. Æдзух ын æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта Сырдон.

Иу æмгъуыдмæ та хæсдæттæг фæзынд Сырдоны хæдзармæ.

— Йе, Сырдон, уым нæ дæ?

— Сырдон ам нæй, — радзырдтой хæдзарæй.

— Кæм ис?

— Дæлæ хъæугæрон догъгъæрæг къахы.

Хæсдæттæг араст ис хъæугæронмæ.

— Байрйай, Сырдон!

— Æгас æрцу!

— Сырдон, мæ тын мын! Бирæ æмгъуыдтæ, бирæ æфсæнттæ мын фæкодтай. Бафидын афон у ныр, цæсгом дæр дзы хъæуы.

— У, дæ хорзæхæй, мауал дзур, нæ уыныс, æз дæр мæнæ дæ кой кæй кæнын, уый?

— Сырдон, уый та уæд куыд мæ кой у? Кæсын дæм, æмæ догъгъæрæг куы къахыс!

— Куыд æнæмбаргæ фæдæ! Догъгъæрæг скъахдзынæн, дон æм рауадздзынæн, йæ былтыл ын сындз ныссадздзынæн. Фос, хохмæ цæугæйæ, хæхтæй здæхгæйæ, сындзытыл сæхи хафдзысты, сæ хъуын сындзыл баззайдзæн; Уыцы къуымбил æз æрæмбырд кæндзынæн, тын бауафдзынæн æмæ дын дæ хæс бафиддзынæн.

— Ха-ха-ха, — зæгъгæ, хæсдæттæг ныххудт йæ дзыхы дзаг.

— Цæуылнæ худай, — загъта Сырдон, — дæ тын дæ къух ссардта!

Уыйадыл хæсдæттæг йæ къух ауыгъта æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид!

Сырдон ма абон дæр сындз садзы.

СЫРДОНЫТОХЪХЪЫЛЫÆРГÆВСТ

Сырдонмæ уыдис хæрзхаст тохъхъыл. Нарт æм бабæллыдысты æмæ йæ сфæнд кодтой бахæрын. Иубон та Ныхасы бадтысты æмæ дзурынц Сырдонмæ.

— Хъаймæт æрхæццæ кæны, Сырдон, æмæ дæ тохъхъыл афтæмæй фесæфынæн æвгъау у, фæлтау бавдæлæм æмæ йæ аргæвдæм доны был. Физонджытæ скæндзыстæм, æмæ уæд хуыцау кæсдзæн æмæ махмæ.

Сырдон уæлдай ницыуал загъта, сразы ис.

Иу хур бон Нарт ацыдысты доны былмæ; Сырдон дæр аласта йæ тохъхъыл. Æрбынат кодтой донбыл иу бæласы бын, раргæвстой Сырдоны тохъхъылы æмæ йæ уайтагъд асыгъдæг кодтой. Цæй, нæхи уал ауазал кæнæм, зæгъгæ, сæ дзаумæттæ раластой æмæ сæхи найын байдыдтой. Сырдон баззад кусарты уæлхъус. Нарт сæхи найынц. Сырдоны хуыцауы ’лгъыст сын сæ дзаумæттæ рамбырд кодта æмæ сæ арты бакалдта. Нарт сæхи над куы фесты, уæд рацыдысты донбылмæ. Сæхицæн загътой: «Цом ныр æмæ Сырдоны тохъхъылæй нæхи хорз фенæм». Фæлæ кæсынц, æмæ сæ дзауматæ цыдæр фесты.

— Нæ дзауматæ нын цы хæйрæг йæхимæ фæхаста? — фæрсынц Нарт Сырдоны.

— Мæнæ сæ арты бакалдтон, — дзуапп радта Сырдон.

— Ау, уый та куыд?

— Æмæ ма сæ цы кæнут, хъаймæт тагъд уыдзæн, зæгъгæ, куы загътат, уæд, — зæгъы сын Сырдон.

Нарт кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ ницыуал сдзырдтой.

СЫРДОНЫМАРД

Нарты Сырдон куы марди, уæд йæ усæн ныффæдзæхста: «Сæрд мыл мидгъуын кæрц макæд бадар, зымæг мыл тæвд дзул макуы бахæр æмæ уый фæстæ уазал дон макæд бануаз!»

Нартæн дæр загъта, адæмы хъæр кæм хъусон æмæ фосы уасын кæдæм хъуыса, уым мæ ма бавæрут, зæгъгæ.

Сырдон куы амард, уæд йæ ус йæ фыдæнæн мидгъуын кæрц дарын байдыдта, зымæг та-иу тæвд дзул хордта, стæй-иу уазал дон банызта, æмæ йæ дæндæгтæ разгъæлдысты.

Сырдоны мард Нарт фыддæрадæн бавæрдтой Ныхасы, æмæ-иу адæм кæрæдзимæ куы рамæсты сты, уæд-иу сæ иу иннæйы фæлдыста: «Махæй уæдæ, мæнг чи зæгъы, уый мæнæ Сырдонæн бæх уæд!»

Уæд Нарты адæм загътой: «Амæн нын йе ’гасæй йæ мард ноджы диссагдæр куы у æмæ нын фыддæрæн куы фæци; цæй, æмæ йæ скъахæм æмæ йæ фурды баппарæм!» Скъахтой йæ æмæ йæ фурды баппæрстой. Сырдон уыдис Донбеттыры хæрæфырт, æмæ фурды куы бахауд, уæд райгас ис æмæ ссыд Нарты ныхасмæ.

Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!»

ХÆМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

ХÆМЫЦ УС КУЫД РАКУЫРДТА

Нартыл фыд стонг аз скодта. Цы бахордтаиккой, уый сын нал уыди. Цуаны хаттысты æмæ сырды фыдæй сæ царды уаг æрвыстой. Хæмыц чи уыди, уый сын райдыдта Бурфæсалæй бур сæгуыттæ хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын райдыдта Хуыскъадагæй хъуыскъ хъуазтæ хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын Сау хохы сæрæй райдыдта хæссын сау зымтæ уæргътæ-уæргътæй.

Уæд та, дын, иубон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не ’рыййæфта, сырды мыггаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры онг. Изæрæй кæсы, æмæ, дын, иу æрдузы цъæх кæрдæгыл хизы сагты дзуг. Се ’хсæн — иу дынджыр урс саг. «Хуыцау мын радта», — зæгъгæ, дын, урс сагмæ ныхъхъавыди Хæмыц. Гъа ныр фехсон, куыд загъта, афтæ кæмттæ ныццарыдтой. Сагтæ фæпырх сты, фæлæ урс саг йæ бынатæй нал сызмæлыд. Дис бафтыд Хæмыцыл: «Мигъ дæр куы никуы ис, уæд арвы цæф дæр куыд уыдзæн?! Æндæр исчи йæ амара, æмæ адæймаг змæлæг дæр куы никуыцæй зыны!» Уалынджы хъæдбынæй иу гыццыл лæппу фæзынди; саджы мардмæ бауади, сæргæвста йæ æмæ йæ стигъы. Йæ иу фарс ын куы астыгъта, уæд Хæмыц хинымæры дзуры: «Додой дæ къона нæ кæны! — иннæ фарсмæ та дын æй чи афæлдахдзæн? Кæд хуыцауы фæнда, уæд сырды мард мæхицæн зайдзæн». Фæлæ кæсы, æмæ лæппу сырды мард гæлæбуйау фæфæлдæхта. «Ай бæллæхы гуырд цыдæр у», — загъта Хæмыц æмæ къæцæлтæ рамбырд кодта, ныццыдис лæппумæ, йæ сырды мардыл ын, цуанонты ’гъдаумæ гæсгæ, къæцæлтæ бакалдта æмæ йæм дзуры:

— Уæ, бирæ дын дæтта хуыцау!

— Кæй нын дæтта, уый нын иумæ дæттæд, — дзуапп ын радта лæппу, йæхæдæг йæ нымæт атымбылтæ кодта æмæ дзуры Хæмыцмæ:

— Бадгæ мæм скæн, хорз уазæг!

— Нæ, фæкæсон дæм, кæннод дын иунæгæй зын уыдзæн, — зæгъы Хæмыц.

— Мæхæдæг цы афснайон, уый хуыцау куы радтид, — загъта лæппу; февнæлдта саджы мардмæ, акой йæ кодта уайтагъд æмæ йæ бæласыл ацауыгъта. Арт андзæрста; фыдты дзæбæхтæй цыппар уæхсты айдзаг кодта æмæ сæ афизонæг кодта. «Æвæццæгæн, ма йын æмбæлттæ ис, уыййеддæмæ уыйбæрц физонджытæ цæмæн кæны?» — хъуыды кæны Хæмыц. Фæлæ дзы лæппу дыууæ Хæмыцы раз æрæвæрдта, дыууæ — йæхи раз. Лæппу уайтагъддæр дыууæ уæхстыдзаг физонджытæ ахордта. Хæмыц иунæг уæхстыдзаг дæр нæ фæци.

— Хæргæ цæуылнæ кæныс? — дзуры лæппу Хæмыцмæ. — Куыд тагъд афсæстæ? — æмæ æртыккаг уæхст дæр йæхимæ æрбайста æмæ уый дæр ахордта.

Стыр дистæ кæны Хæмыц, цы бирæ хæры, зæгъгæ. «Ай хуымæтæджы гуырд нæу», — зæгъы йæхинымæры.

Лæппу фæсхæрд Хæмыцæн уат бакодта лæгæты хуылфы, æмæ Хæмыц бахуыссыд; лæппу йыл нымæт æрæмбæрзта. Æрфынæй ис Хæмыц, уæдæ цы! Лæппу райста сагдзарм; гæрзытæ дзы акодта æмæ дзы райдыдта идæттæ аразын, сахсæнтæ аразын æмæ ехсытæ бийын. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ Хæмыц райхъал ис æмæ фæрсы лæппуйы:

— Куыд бирæ бадыс, цæуылнæ фынæй кæныс?

— Нæй мæнæн фынæй кæнæн, — дзуапп радта лæппу, — цы хъæуæй рацыдтæ, уым дæ куы фæрсой, цуаны кæимæ уыдтæ, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæ? Хъуамæ демæ исты нысангæрзтæ ахæссай.

Бон æрбацъæх ис. Лæппу дзуры Хæмыцмæ:

— Кæрæдзийы куы нæ бафæлварæм, уæд нын æндæр амал нæй.

— Куыд бафæлварæм? — бафарста Хæмыц.

— Цуаны азилæм, — загъта лæппу.

— Азилæм! — зæгъгæ, фæкодта Хæмыц.

Ацыдысты иу стыр коммæ, сырдтæ арæх кæм уыди, ахæм коммæ. Лæппу дзуры:

— Сурæг лæууыс æви комгæс?

— Æз сурæгæн цы бакæндзынæн?! Фæлтау комгæс ныллæудзынæн, — загъта Хæмыц.

Лæппу иу тигъыл ссыди, иннæрдæм æрзылди æмæ уарийы уаст, цæргæсы цъæхахст ныккодта. Кæмдæриддæр сырды мыггаг уыди, — иууыл ныкъкъорд сты æмæ æрлыгъдысты Хæмыцыл. Ницы сарæхст Хæмыц — сырдтæ иууылдæр афардæг сты. Лæппу куы ’рцыди, уæд фæрсы:

— Цы фесты мæ сырдтæ?

— Мæныл æппындæр сырд не ’рцыд, — дзуапп ын радта Хæмыц. Лæппуйæн хъыг куыннæ уыдаид Хæмыцы ныхас, фæлæ ницы загъта.

— Æнцад бад уæдæ, æмæ мæ ныр мæхи бар бауадз, — зæгъгæ, фæкодта лæппу æмæ араст и фæстæмæ. Хъæр нал, фæлæ сырдты цæгъдгæ рацыд. Амардта сæдæ сæдæ æмæ æрдзæ сæдæ сырды. Æрæмбырд сæ кодта æмæ сæ æртæ дихы кæнын байдыдта. Хæмыц дис кæны: «Дыууæ æмбалы йеддæмæ куы нæ стæм, уæд сæ æртæ дихы цæмæн кæны? Æвæццæгæн, йæхицæн дыууæ хайы исынвæнд кæны! Æмæ уый та куыд хъуамæ уа? Ацал-ауал азы фæцардтæн, фæцыдтæн цæуæнты, фæхаттæн хæтæнты, æмæ мыл ахæм æфхæрд куы никуыма æрцыди».

Хæйттæгонд куы фæци лæппу, уæд дзуры Хæмыцмæ:

— Рацу æмæ айс дæ хистæрæггаг.

Хæмыц æрбацыд æмæ айста йæ хистæрæггаг.

Ноджы та йæм дзуры:

— Ныр та æмбалы хай айс!

Хæмыц та æмбалы хай дæр айста.

Уый фæстæ лæппу хæрзбон загъта Хæмыцæн, йæ хай йе ’ккой баппæрста, хуымæллæджы цъупп куыд баппарай, афтæ, æмæ араст ис сæхимæ.

Хæмыц цин куыннæ кодтаид, мæ фæндаг хорз фæци, зæгъгæ. Ныхъхъæр кодта Нартмæ: «Тулæг кæмæ ис, уый тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæ ис, уый бадæнимæ рацæуæд, уыдон кæмæ не сты, уый та — фистæгæй, æмæ ахæссут уæхицæн сырдты мæрдтæ!» Нарт ныххæррæтт кодтой æмæ афснайдтой сырдты мæрдтæ сæхимæ.

Хæмыц чысыл куы ауади сæхирдæм, уæд æрсагъæс кодта: «Ныр мæ Нарт куы фæрсой, де ’мбал чи уыд, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæн?» Фæстæмæ раздæхтис æмæ лæппуйы сурынтæ байдыдта. Лæппу куы ауыдта Хæмыцы, уæд йе ’ргъом æрæвæрдта æмæ æрлæууыди. Æрбаййæфта йæ Хæмыц. Лæппу йæ фæрсы:

— Цы кæныс, цы дæ ферох ис?

Хæмыц зæгъы:

— Ныббар мын, чи дæ, кæмæй дæ, уымæй дæ кæй нæ бафарстон, уый.

— Æз дæн, — зæгъгæ, загъта гыццыл лæг, — Донбеттыртæй равзæргæ, мæ мыггаг — Быцентæй; цæрæм зæххы бын.

— Уæдæ ма дын иу ныхас зæгъын; чысыл уæвгæйæ, ахæм хъаруджын чи у, уыдонæй мæ стæггаг куы уаид, уый мæ фæнды.

— Хорз уаид — мах дæр фæнды, Нартимæ хæстæджиуæг куы кæниккам, уый. Фæлæ хъуыддаг афтæ у: мах стæм кæрзмаст, цыбырхъуыр, лыстæг мыггаг — нæ бæрзæнд у дыууæ уыдисны, нæ уæрх та уымæй къаддæр. Тых æмæ нæ лæджыхъæдæй æвзарын нæ хъæуы. Ис мын иу хо, æмæ дын æй бæргæ радтиккам, фæлæ сымах стут фидисгæнаг; мах та фидисæй рынчын кæнæм, уайдзæфæй — мæлгæ. Тæрсын, йæ бавæрын дæ бон куынæ бауа!

— Дæтгæ мын æй ракæнут, йæ бавæрын — ме ’вджид, — загъта Хæмыц.

— Хорз уæдæ, — сразы ис лæппу, æмæ йын æмгъуыд скодта, уæд-иу нæм фæзын, зæгъгæ.

— Уæд уæм цæугæ та кæдæм бакæндзынæн, кæм цæрут? — бафарста лæппуйы Хæмыц.

— Раст-иу мæ фæд, мæ фæд рацу: æз мæ цирхъ фæрсмæ дардзынæн æмæ саугъæды мидæг хъæууынджы хуызæн кæндзынæн; быдырмæ куы ахизон, уæд та мæ иу къах зæххыл ласдзынæн æмæ ауæдзгæнгæ цæудзынæн суанг мæлдзыджыты губаччы онг. Гъе уым, зæххы бын — нæ хæдзар.

Сæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой. Быцены фырт йæ сырды мæрдтæ айста æмæ йæ хæдзармæ фæдгæнгæ араст и. Хæмыц дæр ссыди Нартмæ æмæ йæ хъуыддаг радзырдта.

Æмгъуыды бон куы ’рхæццæ ис, уæд Хæмыц Нарты хæрзæджыты рамбырд кодта, æмæ араст сты Быцентæм чындзхæссæг. Быцены фыртæн хæрзбон цы ран загъта Хæмыц, уырдæм æрбацыдысты. Уырдыгæй хъæды цагъдыл ацыдысты; быдырмæ куы рахæццæ сты, уæд та — лæппу куыд загъта, афтæ, — ауæдзыл бафтыдысты. Ауæдзыл цæуынтæ байдыдтой æмæ мæлдзыджыты губакмæ бахæццæ сты æмæ уым æрлæууыдысты. Сæ бæхтæй куыд æрхызтысты, афтæ сæм Быценты фæсивæд мæлдзыджыты губаччы бынæй сгæппытæ кодтой, сæ нымæттæ, сæ гæрзтæ сын айстой æмæ сæ зæххы бынмæ ныххастой; уый фæстæ сын дуар сыгом кодтой æмæ сын сæ бæхтæ дæр æмæ сæхи дæр уырдæм ныккодтой.

Хæрд æмæ нозт куыннæ сцæттæ кодтаиккой æмæ сæ уазджытыл куыннæ бацин кодтаиккой Быцентæ!

Сослан къухылхæцæг уыди, æмæ иу афон бар ракуырдта, мæ хойы фенон, зæгъгæ. Рацыдис уатмæ. Уым амæй-ай рæсугъддæр чызджытæ рæнхъ лæууынц. Арфæ сын ракодта Сослан, стæй фæрсы:

— Адонæй мæ хо кæцы у?

— Адонæй ничи у, — зæгъгæ, загътой Сосланæн, — дæ хо уартæ хуысгæ кæны.

— Хъазгæ ма кæнут, — дзуры сæм Сослан, — фæлæ дзы мæ чындз чи у ацы чызджытæй, уый мын зæгъут.

— Мæнæ дæ чындз, — зæгъгæ, — æмæ йæм гобæтты ’хсæнæй хæфс фелвæстой.

Исдугмæ хъазын æнхъæл уыд Сослан, фæлæ йæ куы баууæндын кодтой, сæ чындзыл æцæг хæфсы цъар ис, зæгъгæ, ууыл, уæд æддæмæ рауади æмæ йе ’мбæлттæм хъæрæй дзуры:

— Хæмыц нырмæ дæр æнæ усæй уымæн баззади, æмæ хынджылæггаг уыди; ныр Нарты хæрзæджыты дæр фæхудинаг кодта. Алчи уæ йæ бæхыл сбадæд, æмæ цом нæ хæдзæрттæм!

Нарты чындзхæсджытæ сæхимæ араст сты. Хæмыц баззад се ’ппæты фæстæ. Быцентæ бавдæлдысты æмæ. Йын йæ саргъы къуыдырæй æфтаугæты æхсæн, цæвæрдтой уыцы хæфсы, æмæ афтæмæй æнкъардæй рараст кодта Хæмыц дæр сæхимæ.

Æрхæццæ ис. Йæ бæх бафснайдта, йæ саргъ, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй агъуыстмæ бахаста, къуыммæ йæ баппæрста æмæ мæстæлгъæдæй йæ сынтæджы бафæлдæхт. Куы бафынæй ис Хæмыц, уæд хæфс саргъæй ралæсти æмæ фестадис чызг — арвы рухс, зæххы фидауц, ахæм чызг; йæ дзыккутæ йæ уæхсчытыл æрпырх сты æмæ фадхъултæм хæццæ кодтой; сæ рухсæй агъуыст ныррухс и, цыма йæ цары хур февзæрди, уыйау.

Хæмыц фехъал ис æмæ дзуры чызгмæ:

— Цы зæд, цы дуаг дæ?

— Зæд дæр нæ дæн æмæ дуаг дæр, фæлæ дæн, Быцентæй цы чызджы ракуырдтай, уый. Бон мын хæфсы цъарæй ралæсæн нæй, æхсæв та хæфсы цъары фæлæууæн!

— Уæдæ æрхуысс дæ хуыссæны.

— Æз хуысгæ нæ ныккæндзынæн, — дзуры чызг, — фæлæ-ма равдис, дæ лæппуйæ дæ зæронды бонмæ усгуры дзаумайæ цы барæвдз кодтай æмæ дæм цы ис, уый.

Хæмыц йæ хуыссæнæй фестад æмæ йæ чырыны дуар байгом кодта. Куыннæ разындаид Хæмыцы чырыны хъуымацы дзæбæх æмæ тыны дзæбæх, йæ лæппуйы бонтæй фæстæмæ цы фембырд кодта, уыдон.

Чызг хæсгард райста æмæ кæрдынмæ февнæлдта æмæ æхсæвæй бонмæ, сæдæ лæгæн къахæй къухмæ цыдæриддæр хъæуы фæлыстæй, уый кæрдгæ дæр æмæ хуыйгæ дæр бакодта. Дыккаг æхсæв дæр та афтæ. Дыууæ сæдæ лæджы фæлыст куы сцæттæ кодта, уæд зæгъы Хæмыцæн:

— Ныр бавдæл æмæ сæ Нартæн байуар, сæ хуыздæртæ — чи куыд мæгуырдæр у — афтæмæй; нал уыдзæн, зæгъгæ, уымæй ма тæрс: æз цæмæ бавналон, уымæн сæвидийæн нæй!

Куыд ын загъта чызг, афтæ бакодта Хæмыц. Æмæ дис кодтой Нарт, Хæмыцæн уыцы дарæс кæм уыди, зæгъгæ.

БАТРАДЗЫРАЙГУЫРД

Хæмыц йæ усимæ цæрынтæ райдыдта, бон-иу хæфсы цъары бадти ус, æхсæв та-иу рахызти, афтæмæй. Æрхъæцмæ нæ хъæцыд Хæмыц йæ усыл, æмæ кæдæм цыдаид, уырдæм-иу æй йемæ хаста. Уæд, дын, иуахæмы Хæмыц Нарты стыр Ныхасмæ рараст ис æмæ йæ усмæ дзуры:

— Быценон, абон дын Нарты стыр Ныхасмæ æнæ хæсгæ нæй!

Ус ын лæгъстæ кæнын байдыдта:

— Ма мæ ахæсс, кæннод дын мæнæй ницыуал пайда уыдзæн.

Нæй, нæ байхъуыста Хæмыц йæ усмæ æмæ йæ йæ дзыппы цæвæрдта, афтæмæй ацыд Ныхасмæ.

Сырдон рагæй дæр Нартæн фыдбылыз кæм нæ уыди! Хæмыцæн йæ ус йемæ кæй уыд, уый бамбæрста æмæ бавдæлд æмæ фæсивæды йæхиуыл сардыдта, нæмут мæ, зæгъгæ. Фæсивæд дæр æй нæмын райдыдтой. Уæд Сырдон ныхъхъæр кодта:

— Гъæ, уæ хуыздæр амæла, Нарт! — сæ кæстæртæ сæ хистæрты нæмынц, сæ хистæртæ та сæ устыты семæ хæссынц. Кæм бадæм, Нарты зæрæдтæ — ай лæгты Ныхас у, æви устыты Ныхас? Нæ цæсгом фесæфтам, æгъдау нæм нал ис. Кæсут-ма Хæмыцмæ — кæд æрхаста Быценоны йемæ разагъды Нарты стыр Ныхасмæ.

Хæмыц куыннæ рамæсты уыдаид? Фестади æмæ Сырдоны риуæн тымбыл къухæй ахæм сæргъæвта, æмæ йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй аззадысты гæды Сырдонæн. Бауадзыг ис, уæдæ цы, Сырдон, йæ хъæлæсæй туджы къуыбæрттæ дæр скалди.

Сæхимæ æрцыдис мæстæйдзагæй Хæмыц æмæ йæм Быценон дзуры:

— Бæргæ дын загътон, адæммæ мæ ма хæсс, зæгъгæ, æмæ мæм нæ байхъуыстай. Ныр дæхи дæр байсæфтай æмæ мæн дæр: уыцы уайдзæфы фæстæ мæнæн демæ цæрæн нал ис, æмæ бавдæл, æмæ мæ кæцæй æрхастай, уырдæм мæ фæстæмæ фæхæсс.

Цы гæнæн ма уыд Хæмыцæн, æмæ йæ ахаста. Быценты дуармæ куы бахæццæ сты, уæд ын ус зæгъы:

— Æртæ хорздзинады бакæнинаг дын уыдтæн, фæлæ дзы ныр иу сæххæст кæнын йеддæмæ мæ къухы нал бафтдзæн; мæ тæригъæд дæр æмæ дæ тæригъæд дæр фæхæссæд, ацы ми нын чи бакодта, уый. Ныр дын цы зæгъон, уымæ хъус: дæуæй мæнмæ ис нæлгоймаджы гуырдз. Мæхи дзидзийæ куы схъомыл уыдаид, уæд ын дунетыл æмбал нæ разындаид: кард æй нæ карстаид, фат дзы нæ хызтаид. Фæлæ ма цы, гъа! Æрбадар дæ уæнтæ, æмæ дын гуырдз уырдæм ныуулæфон.

Хæмыц нæ разы кодта, дæхæдæг мын куынæуал дæ, уæд ма уымæй дæр цы кæнын, зæгъгæ.

— Нæй мын æй фæхæссæн, — дзуры йæм ус.

Уæд Хæмыц бадардта йæ уæнтæ, æмæ йын сæм Быценон ныуулæфыд. Хæмыцы уæнты астæу февзæрди сынкъ.

— Ацу æмæ-иу æй Сатанайæн радзур, уый дын зæгъдзæн, йæ къæртт кæнын афон кæд уыдзæн, уый, — загъта ус.

Уыйадыл ус сæхимæ ныффардæг ис. Хæмыц дæр уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй раздæхти сæхимæ æмæ Сатанайæн радзырдта йæ хъуыддаг.

Сатана райдыдта бонтæ æмæ мæйтæ нымайын, æмæ афон куы ’рхæццæ ис, уæд акъæртт кодта Хæмыцы сынкъ, æмæ дзы сырх зынгæй рагæпп кодта æрдæгæй уæлæмæ — æндон, уырдыгæй дæлæмæ — болат, ахæм лæппу, æмæ асхъиудта денджызмæ.

Цъæх-цъæхид денджызы дон æгасæй мигъ фестад, арвмæ фæцыд, æмæ денджыз ахуыскъ ис. Фæлæ куы ’руазал ис мигъ, уæд тыгъдызæйæ æруарыд, æмæ та денджыз фæстæмæ айдзаг ис, йæ былтæй фæйнæрдæм акалд.

БАТРАДЗЫДЕНДЖЫЗÆЙ КУЫД РАСАЙДТОЙ

Лæппу денджызы бын хъомыл кæнын байдыдта. Мæймæ-иу, æртæ азмæ цас сырæза адæймаг, уыйбæрц сырæзтис. Доны бынмæ йыл сæвæрдтой ном — Хæмыцы фырт Батрадз, зæгъгæ.

Нарты сывæллæттæ-иу зымæгон цыдысты денджызмæ — ихыл хъулæй хъазынмæ. Батрадз-иу их стыдта, сывæллæттимæ-иу хъулæй фæхъазыд æмæ-иу сæ амбылдта. Уæд та иухатт куы уыдис, уæд Нарты лæппуты фыд æмбылд ныккодта Батрадз. Лæппутæ æрцыдысты Нарты Ныхасмæ æмæ уым æнкъардæй бадынц.

— Цæуыл æнкъард стут? — бафарстой сæ Нарт.

— Куыннæ уæм æнкъард?! Денджызæй нæм иу нæ карæн æмæ не ’нгæс лæппу рацæуы æмæ нын нæ хъултæ амбулы, — загътой лæппутæ.

Сатана базыдта, уый Хæмыцы фырт кæй у, уый.

Зилын райдыдтой Нарт, цæмæй лæппуйы денджызæй расайой ууыл, фæлæ ницы амал ардтой, — нæ сæм цыди æддæмæ.

Уæд иубон Сатанайы фæрсынц:

— Цы бакæнæм, цы ’фсонæй расайæм уыцы лæппуйы æддæмæ?

Сатана сын загъта:

— Афтæ бакæнут, æмæ нæ зæронды денджызы былмæ ахонут, йæ сæр ын схуылыдз кæнут æмæ йын æй дасут. Лæппу денджызæй рацæудзæн æмæ дис кæндзæн: никуы федта, сæр куыд дасынц, уый. Æмæ-иу ын зæгъут: «Кæд дæ фæнды, уæд дæуæн дæр адасдзыстæм дæ сæр». Уый сразы уыдзæн. Ныддасут-иу ын йæ сæр æмæ-иу ын йæ сæрыхъуынтæ доны бакалут. Уыйадыл лæппу донмæ нал бацæудзæн.

Ракодтой Уырызмæджы денджызы былмæ; уым æй æрбадын кодтой, йæ сæр ын схуылыдз кодтой æмæ йæ райдыдтой дасын. Лæппу æцæг рацыди донæй, йæ дыууæ къухы дыууæ галы рахаста, æмæ сæ портиау сæппар-сæппар æмæ рацахс-рацахс кодта, афтæмæй, æмæ касти, сæр куыд дастой, уымæ. Диссаг æм фæкасти сæр дасын; бахæлæг кодта æмæ адасын кодта йæ сæр. Сатанайы дзырдмæ гæсгæ йын йæ сæрыхъуынтæ доны бакалдтой æмæ рацыдысты сæхимæ. Батрадз дæр рацыд сæ фæдыл æмæ бацыд Нартмæ æмæ уым цæрынтæ байдыдта.

БАТРАДЗЫХЪÆЗТЫТÆ СЫВÆЛЛОНÆЙ

Батрадзы митæ æмæ æууæлтæм куы бакаст зонынджын Сатана, уæд бамбæрста, хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. Искæмæн исты фыдбылыз куы скæна, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, æддæмæ нал уагъта Батрадзы æмæ йæ иу хицæн талынг агъуысты бакодта. Бадти уыцы ран Батрадз, уæдæ цы уыдаид!

Иуахæмы йæм кæцæйдæр хуынкъæй рухсы цъыртт фæзынди. «Ай æдде рухс куы у, уæд мæ ацы талынджы цæмæн дарынц?» — бафарста йæхинымæры Батрадз. Айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ дуармæ фæкомкоммæ ис, йæ уæлныхты йæ рахаста æмæ уынгмæ рагæпп кодта. Кæсы — уынджы Нарты сывæллæттæ кæнынц сæ нæртон хъæзтытæ. Нал сæм фæлæууыд Батрадз æмæ семæ хъазын байдыдта. Уайтагъд уынг цъæхахст æмæ æрдиагæй байдзаг ис — йæ цонгыл-иу кæмæн фæхæцыд сывæллæттæй Батрадз, уымæн-иу йæ цонг атыдта, кæй-иу фесхуыста, уымæн та-иу йæ зæнг фæмур ис. Уынг фæдис сси иууылдæр. Сатана хъуыддаг бамбæрста, цъæхснаг уисимæ разгъордта уынгмæ æмæ Батрадзы цъыччытæ кæнгæ батардта сæхимæ.

Бирæ нæ рацыд, афтæ та иубон раирвæзти Батрадз уынгмæ æмæ ныфтыди Дæллаг Нартмæ. Дæллаг Нарты царди Нарты Бурæфæрныг. Уыдис ын авд фырты. Тынг буц дардта Бурæфæрныг йæ авд фырты: уыдис сын иу уæлдзармæй хорасан худтæ, иу фæсмынæй куырæттæ, иу сæракæй зæнгæйттæ æмæ дзабыртæ. Уыдысты æбуалгъ дæсны фатæй, æмæ Нарты фæсивæды ’хсæн сæ сæрмæ никæй хастой. Хъал æмæ сæ ныфсджын уыд Бурæфæрныг дæр. Уыцы бон дæр та хъазыдысты фатæй. Батрадз сæм фæныкæйдзæгтæй йæхи баласта, бахæлæг сын кодта сæ хъазтмæ æмæ сæм дзуры:

— Фатдзау уын лæууын ардыгæй изæрмæ, æмæ-иу мын иу æхст радтут.

— Æмæ цы бакæндзынæ, æвзæр фæныкгуыз, нæ фæттæ хæссынæн? — зæгъгæ, йæм дзурынц Бурæфæрныджы авд фырты.

— Иу фат дæр дзы зæхмæ не ’руадздзынæн, зæххы кæрæттæм-иу сæ куы фехсат, уæддæр-иу сæ æрхæсдзынæн, æрмæст мын изæрæй иу æхст радтут, — лæгъстæгæнæгау та сæм бадзырдта Батрадз. Сразы сты Бурæфæрныджы фырттæ. Фæйнæрдæм, бæсты кæрæттæм, фехсынц сæ фæттæ. Зæхмæ сын сæ не ’руадзы, афтæмæй сын сæ рауидзы Батрадз æмæ сæм сæ æрбахæссы. Сихорафон сси, афтæ æфсымæрты кæстæр дзуры иннæтæм:

— Ацы фæныкæйдзаг мæгуыр сывæллоны тæригъæд нæ цæмæн хъæуы? Иу æхст ын радтæм, уадз æмæ йæхицæн бацин кæна, — æмæ йæ ауадзæм.

Бакастысты Бурæфæрныджы фырттæ сæ кæстæры коммæ æмæ радтой Батрадзмæ фат æмæ æрдын. Батрадз сæм ракæс-бакæс акодта, стæй дзуры Бурæфæрныджы авд фыртмæ:

— Æз афтæмæй нæ фехсдзынæн, фæлæ авдæй дæр уæ худтæ кæрæдзийы мидæг акæнут æмæ сæ æрæвæрут мысанæн. Кæд сæ акъахон, уæд ма-иу мын ноджы иу æхсты бар радтут.

Бурæфæрныджы хъал фырттæ цы ’нхъæл уыдаиккой фæныкæйдзаг Батрадзæй! Кæрæдзимæ бакастысты, сæ мидбылты бахудтысты æмæ æрæвæрдтой сæ худтæ. Батрадз фæъавыди, æмæ худтæ фæйнæрдæм фаркгай фæтахтысты. Хорзау нал фесты авд æфсымæры, фæлæ та, сæ дзырдмæ гæсгæ, радтой Батрадзæн дыккаг æхсты бар дæр.

— Æрæвæрут ныр та уæ куырæттæ, æмæ сæ кæд нæ акъахон, уæд уын <



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: