СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 9 глава




Ракодтой уымæн дæр йæ сæр æмæ йæ кауы михыл æрсагътой.

Цас та рацыдаид, чи зоны, фæлæ та йæм ноджы дзурынц:

— Тары фырт Мукара, дæ зæхх кæйдæр рæгъæуттæй нал зыны.

Ацы хатт æрсагъæс кодта Тары фырт Мукара: «Æнхъæлдæн, æмæ уыцы лæгты сæртæ дæр дзæгъæлы ракæнын кодтон. Чи зоны, ахæм æрра разынди, æмæ æцæгæй чи бауæндыд æрбаскъæрын мæ зæхмæ йæ фос!»

Йæ бæхыл саргъ авæрын кодта Тары фырт Мукара æмæ араст ис тыхгæнæджы бæрæггæнæг.

Бады Сослан йæ мусонджы дуармæ, йæхицæн зарджытæ кæны, алырдæм фæлгæсы; фос дæр дæлгæмттæ-уæлгæмттæ кæнынц зад кæрдæгыл.

Кæсы, æмæ дæлæ иу мигъы къуыбар ссæуы, йæ фæстæ ауæдзы хуызæн хахх уадзы, йæ сæрмæ халæттæ тæхынц.

«Цы уа ай!» — дисы бацыд Сослан. Мигъ æм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ ’взарын байдыдта барæджы: йæ бæх хохы йас, йæхæдæг та цъынайы йас; барæгæн йæ бæх æмæ йæхи комы тæфæй мигъ бадти; йæ фæстæ ауæдзы хаххы хуызæн задис йæ карды фæд; йæ сæрты та тахтысты сыджыты къуыбæрттæ йæ бæхы сæфтджытæй.

Старстис йæхицæн фæтæнуæхск Сослан, ризын байдыдта æмризæджы — базыдта, уый Тары фырт Мукара кæй у, уый. «Ме сæфт æрцыди», — загъта йæхицæн.

Уалынмæ æрбахæццæ ис Тары фырт Мукара æмæ хъæр кæны æрвнæрæгау:

— Уый чи куыдз, чи хæрæг дæ: мæнæй арв нæрын куы нæ уæнды, мæ зæххы сæрты уари атæхын куы нæ уæнды, мæлдзыг ыл алæсын куы нæ уæнды, уæд уыцы тыхджын чи у, æмæ йæ фос ардæм скъæрын чи ’рбауæндыд?

Йæ хъæрæй рæгъау æрæмбырд вæййынц. Сослан фыртæссæй айчы хъузджы бацæуынмæ хъавы: ныттымбыл ис, ныггыццыл ис. Цы гæнæн ма йын уыд! Сыстад йæ бынатæй æмæ дзуры Мукарамæ:

— Ныббар мын! Æз æххуырст лæг дæн, мæн аххос нæу!

— Чи дæ, кæй æххуырст дæ? — фæрсы йæ Мукара.

— Нарты фосгæс дæн; сæ фос сыдæй мардысты, æмæ мæ ацы дард бæстæм рарвыстой.

— Барст дын фæуæд, фæлæ дæ цæмæй бафæрсон, уымæн мын æнæгæды дзуапп куыд радтай, афтæ.

— Цы зонон — зæгъдзынæн, — загъта Сослан.

— Нарты Сосланы кой арæх цæуы, нæ йæ зоныс, цымæ?

— Куыннæ йæ зонын! — загъта Сослан.

— Зæгъ-ма, уæдæ, цы хъару йæм ис, йæ нæртон хъæзтытæ цытæ сты?

— Хъару та йæм куыннæ ис?! — загъта Сослан. Ныр йæхæдæг йæхинымæры хъуыды кæны, ме сæфты лæгыл сæмбæлдтæн, зæгъгæ.

— Йæ хъæзтытæй йын цы федтай, уыдон мын радзур, — загъта Мукара, — æмæ сæ бафæлварон: кæд сæ бафæразон, уæд дæ æд фос бахæрдзынæн, кæннод — фæстæмæ аздæхдзынæн.

— Тынг хорз нæ, фæлæ йын сæ чысылтæ зонын. Иу хъазт æм ахæм ис: Нарты фæсивæды тыхджындæртæ сæ цирхъытæ фæрсæссад скæнынц, саудурыл сæ байдауынц, афтæ цыргъ сæ скæнынц, æмæ сыл æрду куы афу кæнынц, уæд æй атæхын кæнынц; стæй Сослан йæ бæрзæй къуыдырыл æрæвæры, æмæ йæ уыдон сæ тых, сæ бонæй цæвынц, фæлæ дзы æрду æмæ æрдæг дæр нæ алыг кæнынц.

— Уæдæ ды дæр атæппæт рæгъæуттæ кæм хизыс, уым æнæхъару нæ уыдзынæ; дæ цирхъ дæр æвзæр нæ уыдзæнис; ацу, сцыргъ æй кæн æмæ йæ бафæлвар мæ бæрзæйыл, — дзуры Мукара.

— Хорз, — загъта Сослан æмæ худгæ ацыдис.

Ссын байдыдта йæ цирхъ Сослан, æнæуи дæр ын цыргъ куыннæ уыдаид! Стæй йæ саудурыл сдаудта, æмæ афтæ сцыргъ ис, æмæ йыл æрду куы афу кодта, уæд æрду дыууæ дихы фæци. Фырцинæй хурмæ худы, мæймæ кафы Сослан, ныртæккæ Мукарайы сæр ахауын кæндзынæн, зæгъгæ.

Æрæвæрдта йæ бæрзæй Мукара тулдз къуыдырыл æмæ сдзырдта Сосланмæ:

— Ауæрдгæ ма бакæн, цæв дæ тыхæй!

Цонгуæзæй ныххафта Сослан Мукарайы бæрзæй йæ цирхъæй, фæлæ нард сырх бæрзæйæ иунæг æрду дæр нæ алыг кодта — фæстæмæ фесхъиудта цирхъ, йæ комæй къæртт фæхауди.

— Ай ницы хъазт у, — загъта Мукара. — Æндæр хъазт ницы ис Сосланмæ?

— Иу хъазт та йæм ахæм ис: йæ дзых ныххæлиу кæны, æмæ йын Нарты фæсивæд йæ хъæлæсмæ фат æхсын байдайынц; фæлæ уый фæттæ фæстæмæ æрдæгæууылдтытæй йæ дзыхæй ракалы.

— Бафæлварæм уыцы хъазт дæр, — загъта Мукара. — Æз мæ дзых схæлиу кæндзынæн, ды мын мæ хъæлæсмæ æхс фатæй.

Сослан райста йе ’рдын æмæ байдыдта Мукарайы дзыхмæ фатæй æхсын. Фæттæ аууилы Мукара æмæ сæ ’рдæгæууылдтытæй ракалы йæ дзыхæй.

— Ницы хъазт у ай дæр! Бацамон мын йæ хуыздæр хъæзтытæ, — загъта Мукара.

— Ис Сосланмæ ахæм хъазт: йæ цирхъ ныссадзы, йæ фистон бынмæ, йæ цыргъ уæлæмæ, афтæ, стæй бæрзонд хохмæ ссæуы æмæ уырдыгæй цирхъыл йæхи раппары æмæ йыл ныззилы, афтæмæй йын мур дæр ницы вæййы, хъуыды дæр æй не ’ркæны.

Мукара дæр йæ кард хохы рæбын ныссагъта, йæ фистон бынмæ, йæ цыргъ уæлæмæ, афтæ, йæхæдæг хохы сæрмæ ссыди æмæ йыл уырдыгæй йæхи раппæрста дæлгоммæ æмæ йæ бырынкъыл цъилау ныззылди — цъæррæмыхст дæр нæ фæци.

— Уый дæр æнцон хъазт у, — загъта Мукара.

— Ис æм ахæм хъазт дæр Сосланмæ: Нарты тыхджындæрты хохы сæрмæ сæрвиты, æмæ йыл уырдыгæй хохы йас дуртæ ратулынц; уый дуртæм бынæй йæ ных бадары, æмæ йæ ныхыл ныффæнык вæййынц.

— Цу, уæдæ, ды хохы сæрмæ ссу æмæ уырдыгæй ратул стыр дуртæ, — дзуры Мукара Сосланмæ, — æз сæм бынæй мæ ных бадарон, кæддæра цы уаид!

Араст ис Сослан бæрзонд хохы сæрмæ. Мукара йæм фæсте кæсы æмæ йын йæ зылын къæхтæ бафиппайдта. Байдыдта йыл гуырысхо кæнын, кæд, мыййаг, Сослан йæхæдæг у — зылынкъах æй хонынц, зæгъгæ. Систа æрдын, фат дзы авæрдта, æмæ йæ, гъа, ныр суадзон, куыд загъта, афтæ йæ фæстæмæ æруагъта, кæд, мыййаг, йæхæдæг нæу Сослан, уæд мын худинаг уыдзæни æххуырсты амарын, зæгъгæ: Нарт зæгъдзысты, Сосланæн йæхимæ не ’рбауæндыд, фæлæ æххуырсты амардта.

Амæй-ай стырдæр дуртæ тулын байдыдта Сослан, бон-сауизæрмæ сæ фæтылдта. Тары фырт Мукара дæр сæм бынæй йæ ных дары, æмæ йыл дуртæ куы сæмбæлынц, уæд фæнык фестынц.

Ныхъхъæр ласта Тары фырт Сосланмæ:

— Уæ, Нарты æххуырст, дæхи фыдæбонæй мауал мар: адонæй мын æхсæнчъы хæст тыхдæр кæны.

«Мæ хæдзар фехæлд, — загъта Сослан, — куы мæ базона, уæд мæ хæрдзæни». Æрцыди йæм дæлæмæ.

— Ницыуал дзы зоныс Сосланы хъæзтытæй? — фæрсы йæ Мукара.

— Гъей, дæ рын бахæрон, Мукара. Уый хъæзтытæ кæд фæуыдзысты, — дзуапп ын радта Сослан.

— Хуыздæрæй ма дзы цы зоныс?

— Дынджыр уæрм скъахын кæны, æмæ йæм денджызæй дон рауадзынц. Йæхæдæг уыцы уæрмы ныллæсы, æмæ йыл уæле пыхс уæд, дур уæд, хъæд уæд ныккалынц; стæй скувы хуыцаумæ, афæдзæй-афæдзмæ цы уазал кæныс, уый ацы ’ртæ боны куыд ныккæна, зæгъгæ, афтæмæй дзы фæбады иннабонæй-иннабонмæ. Хорз куы ныйих вæййы дон, уæд ыл Сослан схæцы, сисы их æмæ йæ Нарты хъæумæ бахæссы, уым ыл Нарты фæсивæд хъулæй фæхъазынц.

— Æнæ бавзаргæ нæй уыцы хъазтæн дæр, — загъта Мукара.

Денджызмæ хæстæг стыр уæрм скъахтой æмæ йæм дон ауагътой. Стæй дзы Мукара ныххызти, æмæ йыл Сослан уæле калын байдыдта, цыдæриддæр ардта, уыдон — хъæд, пыхс, дур.

Уæрм куы сыдзаг ис, уæд дыууæйæ дæр скуывтой: «Йе, хуыцау, афæдзæй-афæдзмæ цы уазал кæныс, уый ацы ’ртæ боны ныккæ!» Уайтагъд рауазал кодта, æмæ мал цъенга их ныццис. Бады уæрмы Мукара дæр, æнхъæлмæ кæсы, кæд ын зæгъдзæнис Нарты фосгæс, уæлæмæ схиз, зæгъгæ.

Хорз куы ныйих ис, уæд æм Сослан хъæр кæны:

— Схæц гъеныр!

Схæцыди Мукара, æмæ нæ фæразы их стонын.

— Ау, Сосланæн ахæмтæ куы ницы сты, ды сæ куыд нæ фæразыс? — дзуры йæм Сослан.

Тары фырт Мукара ноджыдæр схæцыди; тыхтæй-амæлттæй йæ сæр фæуæле ис, фæлæ уæхсчытæ нал скуымдтой.

— У, дæ хорзæхæй, Нарты ’ххуырст, скъах мæ, ницы бакæндзынæн мæхæдæг, — лæгъстæ кæны Мукара.

— Ныртæккæ, ныртæккæ! — дзуры йæм Сослан, йæхæдæг æм цирхъ фелвæста. — Æз Нарты Сослан кæй дæн, уый нæ зоныс? Хъаруйæ тыхджын нæ дæн, дæуæй тыхджындæр нæй зæххыл, фæлæ зондæй уый онг тыхджын дæн, æмæ дæ дурты бын ныккодтон.

— Гъæ, кæлæнгæнæджы фырт, кæлæнгæнæджы! — дзуры йæм Тары фырт Мукара. — Уæлæ хохы сæрмæ куы фæцæйцыдтæ, уæд дыл дæ тæссарвадæй фæгуырысхо дæн æмæ дæм-иу фат фæдардтон: фехсин æй, зæгъгæ, æмæ йæхæдæг куы нæ уа, нæ йæ ’хсин, æмæ уыцы кæлæнгæнæджы фырт йæхæдæг куы уа! Ныр ма дын цы кæнон! Мæнмæ æндæр тых нал ис.

Цирхъæй йыл ралæууыд Сослан; цирхъ цæхæртæ акалы, хæцгæ йыл нæ кæны.

— Дæ хорзæхæй, фыдæбонæй мæ мауал мар! Мæнæн æндæр мæлæт ницæмæй ис, мæхи сæрдасæнæй мын мæ сæр куы нæ ракæнай, уæд. Ацу, æрбахæсс æй æмæ-иу æй ихы сæрты рауадз, уый мын мæ сæр акъуырдзæн йæхæдæг.

Сослан абадтис йæ бæхыл æмæ ацыди Мукарайы хæдзармæ сæрдасæн хæссынмæ. Къæсæры цурмæ куы бахæццæ ис, уæд хъуыды кæны, уый хуымæтæджы сæрдасæн нæ уыдзæн, уымæй мын цыдæр хин аразынмæ хъавы, зæгъгæ. Фелвæста дынджыр хъæды лыггаг æмæ афтæмæй фæцæуы. Куыддæр хъæды лыггаг дуарæй бадардта, афтæ уæлкъæсæрæй сæрдасæн уыциу тæррæст раласта æмæ хъæды лыггаджы цæхгæрмæ дыууæ фæкодта, йæхæдæг зæххы абадтис.

Систа йæ Сослан æмæ йæ рахаста йемæ. Куы ’рбахæццæ ис, уæд æм Мукара дзуры:

— Гъæй, дæ бон ныккалай, мæнæ кæлæнгæнæджы фырт, æнхъæлдæн, уымæй дæр та раирвæзтæ!

Бацыди йæм хæстæг Сослан æмæ йæм дзуры:

— Дæуæн дæ тых куыд у, афтæ ма дæ зонд дæр куы уыдаид, уæд дын тыхгæнæг тых не ссардтаид.

— Иу дзырды бар ма мын радт фæстагмæ, — зæгъы Мукара. — Зондджын дæ, Сослан, фæлæ тых хъуаг дæ; æз куы амæлон, уæд-иу мын мæ астæумагъз слас æмæ-иу дзы дæхицæн рон скæ, æмæ уæд мæ хъару æгасæй дæр дæу уыдзæн.

Сослан сæрдасæн ихыл ауагъта, æмæ Мукарайæн йæ сæр акъуырдта; стæй йын йæ астæумагъзыл галтæ сифтыгъта æмæ йын æй сласта. Гъа ныр æй йæ астæуыл æрбабæтта, афтæ та ахъуыды кодта, уымæн йæ астæумагъз дæр хуымæтæджы магъз нæ уыдзæн, æндæр истæуыл уал æй афæлварын хъæуы, зæгъгæ.

Ахаста астæумагъз хъæдмæ æмæ йæ тæрс бæласыл æрбабаста — бæлас цæхгæрмæ фæлыг ис, хырхæй фæлыггæнæгау; дыккаг бæласыл æй æрбатыхта — ахауын кодта уый дæр; афтæ аст бæласы ахауын кодта Мукарайы астæумагъз. Фарæстæмыл æй куы ’рбатыхта, уæд ма йын йæ цъар чысыл фæуыгард кодта — йæ хъару асаст. Тых дзы куынæуал уыди астæумагъзы, уæд æй йæ астæуыл æрбабаста Сослан дæр.

Бады та Сослан, хизы йæ фос. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та иубон кæсы, æмæ дардæй æрбазындис сау æндæрг. Фехсайдта йæ зæрдæ Нарты фосгæсæн, хорз нысан та нæу ай дæр, зæгъгæ. Куыд хæстæгдæр кодта сау æндæрг, афтæ стырæй-стырдæр кодта, æмæ уалынмæ æрбазындис барæг. «Уый уыдзæн Тары дыккаг фырт Бибыц, — хъуыды кæны Нарты фосгæс. — Иуæй дзы фервæзтæн, фæлæ ма амæн та цы кæнон?» Уалынмæ æрбахæццæ ис барæг.

Æрвнæрæгау та фæхъæр кодта уый дæр Сосланыл:

— Чи куыдз, чи хæрæг дæ, махæн нæ бæстыл мæлдзыг алæсын куы нæ уæнды, маргъ йæ сæрты атæхын, уæд ды цæй домбай дæ, куыд æрыскъæрдтай дæ фос ардæм?

— Æз цæй домбай дæн, дæ рын бахæрон, цæй домбай! Æз дæн Нарты Сосланы æххуырст. Нарты бæсты фыд зымæг скодта, сæ фосæн бахæринаг нал уыд, æмæ сæ мæнæн рарвыстой ардæм хизынмæ. Куы нæ ракуымдтаин, уæд мæ Сослан амардтаид; ды дæр мæ амар, — мæнæн цы хъауджыдæр у, — æмæ Сослан зæгъдзæн, мæхимæ мын нæ уæнды, фæлæ мын ме ’ххуырсты амардта, зæгъгæ.

— Уæдæ ме ’фсымæр Мукарайы ам нæ федтай?

— Куыннæ йæ федтон!

— Æмæ цы фæци?

— Нарты Сосланы хъæзтытæ мын бацамон, зæгъгæ, мæ нал уагъта. Æз дæр ын сæ фæцамыдтон. Уый их йæ сæрыл систа æмæ йæ Нартмæ афардæг кодта.

— Дæ хуыцауы тыххæй, уæдæ ма дзы мæнæн дæр бацамон Сосланы хъæзтытæй, — сæ кой рагæй хъусæм Нартæн.

— Уыйас дæр дæ дзы хъæуæд, сæ бацамонын дын мæ быгъдуан, — загъта Сослан.

— Цæй-ма, уæдæ.

— Сосланæн йæ фосимæ ис дыууæ цъæх фыры. Сæ астæу æрлæууы æмæ сæм зæрдæйы дзæбæхæн йæ сæр бадары. Уыдон æй дыууæрдыгæй хойынц сæ сыкъатæй, æмæ куы бафæллайынц, уæд уый йæ цæсгом æрсæрфы æмæ фæзæгъы, офф, офф, æрцардтæн, зæгъгæ.

— Æмæ уæдæ кæм сты уыцы дыууæ цъæх фыры? — фæрсы йæ Бибыц.

— Бацамондзынæн дын сæ, — загъта Сослан.

Бахуыдта йæ дыууæ фырмæ. Фырытæ дæр ахæм нæ уыдысты, нæ, — растæндæр галтæ!

Сæ астæу æрлæууыдис Бибыц æмæ сæм бадардта йæ сæр. Хæцын байдыдтой фырытæ æмæ йæ бон-изæрмæ фæхостой. Изæры, фырытæ куы бафæлладысты, уæд Бибыц зæгъы: «Ай æцæг хорз хъазт куы у», æмæ офф, офф, зæгъгæ, йæ цæсгом асæрфта.

— Уæдæ ма ’ндæр цы хъæзтытæ фæкæны Сослан? — фæрсы та йæ Бибыц.

— Хохы бын æрцытæ фидар æрсадзы, йæхæдæг хохы сæрмæ ссæуы æмæ уырдыгæй ракафы айнæгыл; айнæгæй йæхи разыввытт кæны æмæ хохы рæбын æрцытæм йæ сæр æрхæссы æмæ сыл хъен ныллæууы.

— Кæс-ма уæдæ мæнмæ дæр, — загъта Бибыц æмæ бæрзонд хохы рæбын цъæх æрцытæ фидар æрсагъта. Йæхæдæг хохы сæрмæ ссыди æмæ уырдыгæй ракафыд, айнæгæй йæхи ныззыввытт кодта, æрцытыл йæ сæрыл хъен ныллæууыд æмæ йæ къæхтæй æмдзæгъд фæкодта.

— Куыд дæм фæкаст мæ хъазт та? — дзуры Сосланмæ. — Бирæ хуыздæр ма мæ уыдзæн Сослан?

— Ой, мæ хур акæнай, уый хъаруйæн кæрон нæй, — загъта Сослан. — Дыууадæс цæдæй дойнаг дуртæ æрæфтауц кæны, сæдæ цæдæй та суг æрæввонг кæны, стæй дуртыл бандзары æмæ сæм сæдæ куынцæй фæдымы. Дуртæ тынг куы стæвд вæййынц, уæд ын сæ йæ дзыхмæ æппарынц; уый сæ аныхъуыры æмæ сæ фæстæмæ ратутæ кæны.

— Бафæлварæм та уыцы хъазт дæр, — загъта Бибыц.

Аифтыгътой Нарты галтæй æмæ дыууадæс цæдæй дойнаг дуртæ денджызы былмæ æрæфтауц кодтой, сæдæ цæдæй сæм суг æрластой. Бандзæрстой дуртыл æмæ сæм сæдæ куынцæй дымын байдыдтой. Дуртæ куы стæвд сты, уæд сæ йæ дзыхы æппарын байдыдта Бибыц, аныхъуырдта-иу сæ æмæ та-иу сæ фæстæмæ рату кодта. Куы фесты, уæд ныуулæфыди æмæ загъта:

— Ай хъазтæн бæззы, мæ хуылф батæвд и. Гъеныр ма мын бацамон йæ зындæр хъазт, æз уый дæр бафæлварон.

— Денджызы ныххизы Сослан æмæ дзы слæууы, йæ сæр ма куыд зына, афтæ. Уæле йыл ныккалынц, цъыхырыйæ, хъæдæй, дурæй цы ссарынц, уый. Стæй скувы: «Хуыцауты хуыцау, мæ хуыцау, ахæм хъызт скæн, æмæ сывæллон æддæмæ бадгæйæ сигæ куыд кæна, цыхцырæг та — ихын цæджындз!» Денджыз ныйих вæййы, æмæ Сослан их йæ уæхсчытыл сисы.

— Æнæ бавзаргæ нæй мæнæн дæр, кæддæра Сослан цытæ фæразы, уыдон иууылдæр бафæразин, — загъта Бибыц æмæ денджызы бацыд, æрмæст ма йæ сæр зынд, афтæ.

Сослан ыл калын байдыдта, пыхсæй, дурæй, хъæдæй цыдæриддæр ардта, уыдон. Стæй скуывта: «Хуыцауты хуыцау, мæхи хуыцау, ахæм хъызт скæн, æмæ сывæллон æддæмæ бадгæйæ сигæ куыд кæна, цыхцырæг та — ихын цæджындз!»

Нартæн сæ куывд цæуаг уыди, — ахæм хъызт ракодта, æмæ денджыз айнæг их ныцци. Иннабонæй-иннабонмæ фæбадти Бибыц денджызы, стæй йæм Сослан дзуры:

— Рацу ныр, æгъгъæд у.

Схæцыди Бибыц æмæ, цыма ницы уыд, уыйау их стыдта æмæ йæ хид калгæ денджызæй рацæуы.

«Оххай, оххай! Амæй æнцонтыл нал аирвæздзынæн, — хъуыды кæны йæхинымæры Сослан. — Æнæ сæфгæ нын нал ис фосæй, лæгæй».

— Гъеныр ма мын Сосланы хæтæнтæ дæр бацамон, — дзуры Бибыц, денджызæй куы рацыд, уæд.

— Хорз, — загъта Сослан, — æз мæ фос фæстæмæ, Нартмæ, куы скъæрон, уæд мæ фæдыл цу, æмæ дын йæ хæтæнтæ дæр бацамондзынæн Сосланæн.

Уалынмæ уалдзæг дæр æрцыди. Сослан схæцыд æмæ йæ фосы рæгъау æрбатардта бæрæгæй сæхимæ.

Нарт сæ фос куы федтой хæрзхастæй, бæрæгæй, уæд ныццин кодтой; Сослан та сæ цæсты фæкадджындæр ис, — йæ зæрдæйы цы тас ис, уый цæмæй зыдтой уыдон!

Алчи йæ фос аскъæрдта йæ хæдзармæ. Сослан дæр бацыди сæхимæ æмæ та йæ бандоныл йæхи мæсты уагъд æркодта, бандон дæр та йæ быны ныкъкъæс-къæс кодта.

Базыдта та Сатана, Сослан йæ гаччы кæй нæ ис, уый, æмæ йæм дзуры:

— Куыд мæсты бадт æркодтай, дæ фосы рæгъау бæрæгæй куы ’рбацыдысты, æмæ дæ Нарт хорзыл куы банымадтой?

— Фосы мæт мæ нал ис, — загъта Сослан. — Тары дыууæ фыртимæ зондæй фæхæцыдтæн, Мукарайы амардтон, йæ астæумагъзæй ма йын мæхицæн рон дæр скодтон, фæлæ Бибыцыл цæмæй не сфæлвæрдтон, уæддæр ын мæ бон ницы баци; ахæм у, æмæ йын тыхгæнæг тых не ссардзæни. Ныр æй мæ фæдыл ардæм хъæуы.

— Æппындæр дзы ма тæрс, æз дын ын схос кæндзынæн, — загъта Сатана.

Цас абадтысты, чи зоны, фæлæ уалынмæ Бибыц дæр схæццæ ис æмæ дуарæй бахъæр кодта. Сатана йæм рауади æмæ йын, æгас нæм цу, уазæг, зæгъгæ, æгъдау радта. Стæй фæстæмæ фездæхти, хæдзар рафснайон, зæгъгæ, æмæ Сосланмæ дзуры:

— Ды дæхи ма равдис, мæ бар æй бауадз!

Хæдзары фæсдуар уыдис уæрм. Сосланы уырдæм ныххизын кодта æмæ йын загъта:

— Гъеныр-иу мæм уырдыгæй дзæбæх хъус.

Йæхæдæг дуармæ ауади æмæ Бибыцы хæдзармæ ’рбакодта, къæлæтджын бандоныл æй æрбадын кодта.

Уайтагъддæр хæрд, нозт ацæттæ кодта æмæ йын дзаг фынг йæ разы авæрдта.

— Сосланы агурын, æхсызгон мæ хъæуы, — загъта Бибыц. — Бынаты ис æви нæ?

— Сосланы дæр тагъд ардæм хъæуы, — далæ дард бæсты Нарты фосæн гæс уыди, нырма ныр схæццæ ис, æмæ йыл фæсивæд цинтæ кæнынц, фæлæ, уал ды исты ахæр: дард балцæй æрцыдтæ æмæ фæллад уыдзынæ.

Сатана йæм нуазæн авæрдта, акув, зæгъгæ. Бибыц нуазæн райста æмæ хуыцаумæ кувы. Уæд æм Сатана дзуры:

— Оххай, хорз лæг, хуыцауæн ма кув: Нарты фæсивæд дæ уый куы базоной, уæд дæ удæгасæй нал ауадздзысты.

— Гъа, уæдæ дæхæдæг акув, — дæтты уазæг нуазæн фæстæмæ Сатанамæ.

Райста нуазæн Сатана йæхимæ æмæ фæрсы Бибыцы:

— Уазæг, дæ тых, дæ ныфс æмæ дæ уд кæм сты, уый мын зæгъ.

— Æмæ сæ цы кæныс уыдонæй та? — фæрсы йæ Бибыц.

— Цы сæ кæнын, цы, — акувон сæм. Нæртон куывд афтæ у, æндæр хуыцаумæ нæ кувынц.

Уæд Бибыц загъта:

— Мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд сты дæлæ цæджындзы.

Сатана фæуади æмæ цæджындзæн хъæбыстæ, пъатæ кæны. Уæд æм Бибыц дзуры:

— Мæнæн уым цы агурынц мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд?!

— Уæдæ дын кæм сты? — фæрсы йæ Сатана.

— Мæнæ къонайы дуры, — загъта Бибыц.

Сатана фæуади къонайы дурмæ æмæ та уымæн дæр байдыдта пъатæ, хъæбыстæ, сæрфтытæ кæнын.

— Гæды сыл, мæнæн мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд уым цы аразынц?! — дзуры та йæм Бибыц.

— Уый та куыд, уазæг, æз дæ зæрдиагæй фæрсын, ды та мæ расай-басай куы кæныс! — дзуры йæм тызмæгæй Сатана.

Уæд баууæндыди Бибыц Сатанайыл æмæ йын загъта:

— Хорз, уæдæ дын сæ зæгъдзынæн æцæгæй: мæнæн мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд сты хохы фидары, Бур айнæджы сæр; уым болат лагъзы мидæг ис æртæ бæлоны. Уыдонæй иу у мæ тых, дыккаг — мæ ныфс, æртыккаг та — мæ уд.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: