СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 7 глава




— Уæззау фос æрцæуынц, æмæ уый сæ комы тæф æмæ сæ къæхты рыг у.

— Æмæ дзы хæсты хъæры хуызæн куы цæуы, уæд уый та цы у? — фæрсы та æлдар.

— Уæззау фос сты, æмæ уый сæ къæхты хъæр у, — загъта та йын Уырызмæг дæр.

Нарты ’фсæдтæ уым æлдары адæмы сухы цагъд ныккодтой.

Уырызмæг уый куы базыдта, æлдары адæм фæцагъды сты, зæгъгæ, уæд æлдарæн йе ’хсæрфарсæн иу цъыкк нылласта æмæ йын загъта:

— Ды Уырызмæджы марынмæ хъавыдтæ?! Акæс-ма далæ де ’фсадмæ, уым дын сæ куыйты цагъд ныккæнын кодтон! — йæхæдæг ын йæ къабазыл фæхæцыдис æмæ йæ разыввытт кодта мæсыджы сæрæй.

Нарты ’фсæдтæ бацыдысты æмæ Уырызмæджы куы федтой, уæд ыл тынг фæцин кодтой.

Уырызмæг сын загъта:

— Мæ зæронд сæр уын куынæ уа, уæд уæ халон йæ ахстонмæ фæхæсдзæни.

Цыдæриддæр Саденджызы æлдары бæстæйы фос ссардтой, уыдон раскъæрдтой, йæ фæллой йын иууылдæр рахастой æмæ æрцыдысты фæстæмæ, Нартмæ. Цы фæллой рахастой, уый иууылдæр байуæрстой Æртæ Нартыл, иу адæймаджы дæр дзы æнæ хай нæ ныууагътой, фосæй та афæдзæй-афæдзмæ фæкодтой номы куывдтæ æмæ номы хæрнæджытæ.

БÆГÆНЫКУЫД ФÆЗЫНДИ

Уæд, дын, цъиу бæласыл куы абадти,

Уым хуымæллæг куы ратыдта.

Æртæ гагайы дзы ахордта.

Уырдыгæй, дын, куы ратахти,

Хуртуаныл куы абадти,

Зады нæмыг, дын, фелвæста.

Зады нæмыг куы ахордта,

Зæхмæ, дын, куы ахаудта,

Ратул-батул куы байдыдта.

Нарты Уырызмæг æй куы ауыдта,

Сатанамæ йæ куы бахаста.

Мæнæуы цæстмæ йæ бахæссы,

Мæнæуы цæсты йæ куы нывæры.

Сæрæй исгæ æмæ бынæй ахадгæ куы фæвæййы.

Цъиу, дын, уым куы æрчъицы.

Сатана йыл сагъæс куы байдайы,

Уырызмæджы лæмбынæг куы æрфæрсы;

Уый йын хъуыддаг куы радзуры...

Ныр бæгæны цæмæй кæнгæ у?

Сау бæгæны — хъæбæрхорæй.

Йе ’нтуан та цæмæй кæнгæ у?

Нарты Сатанайы бафæрсут.

Æхсæры къутæрыл бур хуымæллæг,

Йе ’нтуан та уымæй вæййы.

Рахæсс нын, Сатана, сау бæгæны,

Ракув нын дзы, Нарты Уырызмæг!

Дзæбæх бонтæ дзы фендзыстæм,

Дзæбæх зарджытæ йыл куы кæндзыстæм.

СОСЛАН

СОСЛАНЫРАЙГУЫРД ÆМÆ ЙÆ БАЙСÆРЫН

Иубон Нарты Сатана стыр доны былыл гæрзтæ ’хсадта, йæ уæлæ цыбыр куырæт, афтæмæй. Донæн иннæ фарс та йæ фосы дзуг хызта иу фыййау. Сатана уыйбæрц рæсугъд уыди, уыйбæрц урс уыди йæ буар, æмæ йæ фыййау куы ауыдта, уæд æм йæ зæрдæ бахъазыдис, дурыл йæхи æруагъта æмæ фехсинаг ис. Сатана уый фæхъуыды кодта æмæ йын йæ бонтæ нымайын байдыдта.

Йæ афон куы ’рцыди, уæд Сатана Нарты лæппутæй иу къорды йемæ акодта æмæ сæ уыцы дур халыныл сифтыгъта. Дурæн йæ хуылфмæ куы бахæстæг сты, уæд Сатана лæппуты рарвыста, йæхæдæг дуры хуылф бакъæртт кодта æмæ дзы лæппу райста. Рахаста Сатана лæппуйы æмæ йæ байдыдта хъомыл кæнын, ном та йыл сæвæрдта Сослан.

Сослан куы фæдынджыр ис, уæд иуахæмы дзуры Сатанамæ:

— Мæнæн кæй хæрын кæнут, уый иу куыдзæн хæрын кæнут, æмæ ма уын уый уæ къæсæр уæддæр хъахъхъæндзæн.

Нæ бамбæрста Сатана Сосланы ныхас. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та йын ноджы дыккаг хатт зæгъы Сослан:

— Мæнæн кæй дæттут, уый иу куыдзæн дæттут, æмæ уын уæ къæсæр хъахъхъæна!

— Цæмæн афтæ зæгъыс? — фæрсы йæ Сатана.

— Æз адæймагæн не сбæздзынæн, — загъта Сослан, — бирæгъы ’хсыры мæ Куырдалæгонæн куы нæ байсæрын кæнат, уæд.

Фервыста Сатана Куырдалæгонмæ. Нарт æмхæрд, æмнуæзт уыдысты дауджытимæ, æрцыдис Куырдалæгон Сатанайы хуындмæ.

— Афтæ æмæ афтæ, Сосланы байсæрын хъæуы бирæгъы ’хсыры, — загъта йын Сатана.

Райдыдта аразын кæнын Сосланæн йе ’мдæргъ æмæ йе ’муæрх бæлæгъ Куырдалæгон.

Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт Сырдон хъуыддаг бамбæрста, æруайы бæлæгъаразæджы рæзты æмæ дзуры:

— Уе ’гæр калат, Нарты адæм, ныр бæлæгъ кæмæн аразы, уый зоны, афтæмæй йæ цыппар æнгуылдзы даргъдæр кæны!

Бæлæгъаразæг дæр фæдзæгъæл ис æмæ бæлæгъ цыппар æнгуылдзы цыбырдæр фæкодта.

— Ныр сæрын хъæуы лæппуйы, — загъта Куырдалæгон Сатанайæн, — æмæ сæдæ голладжы тулдз æвзалы æмæ сæдæ гæбæты бирæгъы ’хсыр сцæттæ кæн.

Тулдз æвзалы уайтагъддæр сæдæ голладжы æрцæттæ кæнын кодта Сатана, фæлæ бирæгъы ’хсырæн амал нæ ары. Куы ницы амал ын ардта, уæд Уырызмæгмæ дзуры:

— Сæдæ гæбæты дзаг мын бирæгъы ’хсыр самал кæн!

— Æмæ цы ’гъдауæй самал кæнон? — фæрсы йæ Уырызмæг.

— Цы ’гъдауæй, уый дын мæхæдæг зæгъдзынæн, — загъта Сатана.

— Зæгъ мын æй уæдæ.

— Авд фæндаджы астæу мусонг скæн. Æз дæм уырдæм æрвитдзынæн адæмы, æмæ дæм кæйдæриддæр æрвитон, стæй дæм æнæуи дæр чидæриддæр æмæ цыдæриддæр æфта, уыдон-иу дзæбæх бахынц æмæ сын-иу зæгъ, бирæгъы ’хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ.

Ацыди Уырызмæг æмæ авд фæндаджы астæу йæхицæн мусонг скодта. Сатана йæм уырдæм æрвитын байдыдта алы хæринаджы дзæбæх. Чи-иу æм бафтыд, уыдоны-иу хорз федта, фæлæ-иу афтæ кæмæн загъта, бирæгъы ’хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ, уый та-иу фæджихау ис æмæ-иу йæхинымæры загъта, Уырызмæг сæрра ис, зæгъгæ.

Бады Уырызмæг авд фæндаджы астæу мусонджы, йæ къухы ницы ’фты. Уæд иубон йæ рæзты æрбауадис Силæм сыдæй мæлгæ. Уырызмæг куыдзмæ фæдзырдта æмæ йæ хорз федта.

— Ам цы архайыс? — фæрсы йæ куыдз.

— Бирæгъы ’хсыр мæ хъæуы, — дзуапп ын радта Уырызмæг, — æмæ уый тыххæй ам бадын.

— Иннабонæй мæ иннабонмæ хорз схæсс, цы хæринагæй мæ фæнда, ахæм хæринагæй, æмæ дын æз самал кæндзынæн бирæгъы ’хсыр, — загъта куыдз.

— Хорз, — загъта Уырызмæг æмæ ’рвитын байдыдта Сатанамæ, куыдз дзы цы хæринæгтæ агуырдта, ахæм хæринæгтæм.

«Гъеныр сæмбæлдтæн, кæй агуырдтон, ууыл», — загъта йæхицæн Сатана æмæ ’рвыста куыдзæн, цы хæринæгтæ агуырдта, уыдон.

Иннабонæй-иннабонмæ хорз схаста куыдзы Уырызмæг, стæй йын куыдз загъта:

— Гъеныр фидар кæрт сби.

Уырызмæг фидар кæрт сбыдта. Куыдз хъæдмæ фæцыди æмæ гадза бирæгъты бæлттæ ’ртардта уыцы кæртмæ, байдзаг æй кодта бирæгъæй.

— Дуцгæ, Уырызмæг, ныр! — дзуры йæм куыдз.

— Æмæ куыд дуцон, — загъта Уырызмæг, — куы мæ аргæвддзысты бирæгътæ!

Уæд Силæм бацыди, иу бирæгъæн йæ бæрзæйыл ныххæцыд æмæ йæ раласта æддæмæ, Уырызмæгмæ. Уырызмæг дæр бирæгъы æрдыгъта, æмæ куы фæци дыгъд, уæд æй ауагътой. Афтæмæй иугай фæласта куыдз бирæгъты кæртæй æддæмæ, æмæ сæ Уырызмæг æрдыгъта, йæ сæдæ гæбæты байдзаг сты бирæгъы ’хсырæй.

Куы ’рбахастой Сатанамæ ’хсыр, уæд Сосланыл иу ададжы æвзалытæ ныккалдтой æмæ йыл сæдæ куынцæй дымын байдыдтой. Бирæ йыл куы фæдымдтой, уæд Сатана Куырдалæгонмæ дзуры:

— Бакæс-ма йæм, худын байдыдта æви нæма?

Куырдалæгон дæр æм бакаст, фæлæ лæппу худын нæма байдыдта. Ноджы йыл тынгдæр байдыдтой дымын. Бирæ та йыл куы фæдымдтой, уæд та йæм ногæй бакастис Куырдалæгон, æмæ лæппу худын байдыдта.

Уæд бирæгъы ’хсыр бæлæгъы ауагътой; Куырдалæгон Сосланы цæхæрæй райста æмæ йæ бæлæгъы æхсыры мидæг нысхуыста. Бæлæгъ цыппар æнгуылдзы цыбырдæр кæй уыди, уый тыххæй дзы Сосланæн адаргъгæнæн нæ уыди йе ’мбæрц, æмæ йæ уæрджытæ бæлæгъы къæдзæй баззадысты.

Бирæгъы ’хсыр уæрджыты сæртæ нæ бамбæрста, æмæ уыйадыл æнæсæрыдæй баззадысты.

Сослан фестади сыгъдæг болат, æрмæст йæ уæрджыты сæртæ баззадысты фæлмæнæй.

ДАУДЖЫТЫЛÆВÆРТТÆ СОСЛАНÆН

Уæларв Сафа сфæнд кодта дауджытæн куывд кæнын. Æрхуыдта лæгты дзуар Уастырджийы, æрвнæрынгæнæг Уациллайы, сырдты хицау хъæрæу Æфсатийы, фысвосы бардуаг Фæлвæрайы, уæларв Куырдалæгоны. Æрхуыдта йæ куывдмæ дымгæты бардуаг Галæгоны дæр, стæй фурдæй — дæтты хицау Донбеттыры. Бадынц дауджытæ Сафайы хæдзары, адджын сау бæгæны дзæбидыры сыкъайæ нуазынц; уырдыгыстæг та сын Нарты Сослан уыдис.

— Сафа, дæ лымæн Сосланмæ Æхсæртæггаты туг ис, — загътой хауджытæ.

— О, Æхсæртæггаты стыр мыггаг тыхджын у, ницæмæй тæрсы, хæстмондагæй цъæх арт уадзы.

Уæд Сосланы цæрæнбоны тыххæй рауагъта гаджидау лæгты дзуар Уастырджи.

— Лæвар кæнын æз Нарты Сосланæн, — загъта Уастырджи кæронмæ, — мæ фæринк кард, кæддæр æй мæнæн дæр уæларв Куырдалæгон ахæм куывды ралæвар кодта.

Æмæ банызта дынджыр дзæбидыры сыкъа йæ тæккæ бынæй Уастырджи.

Уый фæстæ банызта Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау сырдты хицау Æфсати.

Арфæ йын ракодта Сослан æмæ йын загъта:

— Æфсати, дæ бар сты сырдтæ иууылдæр, хохæй, быдырæй. Хъахъхъæныс сæ ды бæрзондæй æмæ сæм нæ уадзыс хæстæг бацæуын зæххон адæмы.

Сафа дæр Сосланы фарс фæлæууыд æмæ дзуры Æфсатимæ:

— Дæ фос кæмтты дзæгъæлы куы сæфынц, уæд сæ цы хæлæг кæныс адæмæн? Чъынды ма у, Æфсати, бахай кæн адæмæн дæ фосæй, уыцы дзæбæхдзинад дын нæ баззайдзæнис рохуаты.

— Хорз, — загъта сырдты хицау Æфсати, — бахай кæндзынæн æз Нартæн мæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ: цуанон-иу цуаны куы цæуа, уæд-иу рахæссæд йемæ æртæ чънрийы æмæ-иу сæ æфцæгыл мæ ном ссарæд. Стæй-иу Сау хохы сырд куы амара, уæд-иу ын йæ рахиз сгуы радтæд, фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн — æмбæлæггаг.

Банызта Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау фысвосы хицау Фæлвæра дæр æмæ загъта:

— Цæмæй цъæх бирæгътæ дæ фосæй къаддæр давой, уый тыххæй дын, Нарты Сослан, æз бацамондзынæн арфæтæ; дæ фосмæ-иу дын сæрвæты бирæгътæ куы фæлæбурой, уæд-иу ды уыцы арфæтæ зæгъ, уыййеддæмæ æз сæ уæлхъус фестдзынæн æмæ дын дзы иу дæр нæ бауадздзынæн ахæссын.

Банызта дынджыр дзæбидыры сыкъа Сосланы цæрæнбоны тыххæй æрвнæрынгæнæг Уацилла дæр.

Арфæ йын ракодта Сослан дæр, нæртон æгъдаумæ гæсгæ, æмæ загъта:

— Абон æз дæуæй, æрвнæрынгæнæг, зæххон адæмæн иу хæрзиуæг курын: фехъуыстон æз, дæ дзыппы кæй ис хоры нæмгуытæ; ма сæ бахæлæг кæн зæххыл цæрæг адæмæн — стыр бузныг дæ уыдзысты.

— Хорз, — загъта Уацилла, — æз ратдзынæн ацы хоры нæмгуытæй Нартæн. Уалдзæджы, куыддæр зæхх стæфса, афтæ-иу сæ хуссарварсы байтауæнт, æмæ сæ афæдзæй-афæдзмæ хæрынæн цы хъæуы, уый сын дзы ’рзайдзæнис хор.

Райста дзаг дзæбидыры сыкъа Сосланы цæрæнбоны тыххæй уæларв Куырдалæгон дæр.

Уымæ дæр Сафа бадзырдта, Сосланæн дзы хæрзиуæг радомдта:

— Гъы, Куырдалæгон, — загъта Сафа, — ды æдзухæй дæр кæрдтæ аразыс, кæнæ сæрыс болат адæмы. Бон-изæрмæ хойыс дæ куырдадзы хъæсдарæг æмæ нæ нæ уадзыс нæ цæстытæ цъынд кæнын.

— Бамбæрстон, зондджын Сафа, — загъта Куырдалæгон, цæмæ æрхуыдтай ды мах, уый: зæххон адæмæн нæ хорздзинæдтæ курыс.

Хорз, фæуæд! Сараздзынæн æз Нартæн дзыбыр мæ куырдадзы, æмæ уымæй уалдзæджы сæ хуымтæ кæндзысты.

Арфæ йын ракодта Сослан дæр æмæ загъта:

— Йе, Куырдалæгон, æрвон куырд, дæ номыл мах адджын бæгæны ’хсиддзыстæм æмæ дын уымæй уалдзæджы нæ хуымты дæ ном ардзыстæм!

— Цæй-ма, ды дæр, тызмæг Галæгон, ма уадз Нартыл дæ тымыгътæ, дæ уадтæ, — дзуры Сослан дымгæйы бардуаг Галæгонмæ.

— Бирæ агурыс, Нæртон гуырд, — загъта тызмæг Галæгон. — Дзырд дын куы радтон, уæддæр йæ сæххæстмæ æнхъæлмæ ма кæс. Фæлæ дын уый зæгъын æз дæр, æмæ-иу фæззæджы уæ хоры кæритæ куы сыгъдæг кæнат, уæд-иу æз дымгæ арвитдзынæн, æмæ-иу уый уайтагъд хоры нæмгуытæ фæхицæн кæндзæни зыгуым æмæ цъацъайæ.

— Бузныг, Галæгон, — загъта йын Сослан, — фæлæ дын дзырд дæттын æз дæр, Нæртон дзырд, нæ кæритæн-иу сæ фæстаг фыййаг дæуæн кæй ратдзыстæм, ууыл.

Фæстагмæ Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау банызта дæтты бардуаг Донбеттыр. Уымæн дæр та, æгъдаумæ гæсгæ, Нарты Сослан арфæ ракодта æмæ загъта:

— Доны бардуаг Донбеттыр, зонæм æй, дæттæ иууылдæр дæ бар сты. Бирæ тых дæм ис, æмæ дæуæй дæр Нарты адæмæн курын исты хæрзиуæг.

— Нæртон гуырд, — дзуапп ын радта Донбеттыр, — мæ дæттыл-иу саразут куырæйттæ. Æз бафæдзæхсдзынæн мæ чызджытæн, цæмæй сын доны мидæг сæ цæлхытæ æнæ ’рынцойæ рæвдз зилой. Мæнæй та уый фæуæд Нарты адæмæн лæвар.

Арфæ ракодта Сафа йæ уазджытæн сæ лæвæртты тыххæй æмæ сæ рафæндараст кодта сæхимæ.

СОСЛАН — ТЫХАГУР

Нарты фæсивæд æмгуыппæй Хъазæн фæзы æрæмбырд сты. Стыр симд самадтой уыцы ран. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхсти, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ арæхсти Нарты сгуыхт Сослан.

«Цæйут, ныр та нæ фæттæ бавзарæм!» — загътой Нарты фæсивæд, бирæ куы фæсимдтой, уæд. Мысан æрæвæрдтой, æхсынтæ байдыдтой. Нарты фæсивæдæй цæуылнæ разындаид рæстдзæвинтæ. Фæлæ дзы Сосланы хуызæн иу дæр нæ фесгуыхт фатæй: уыциу ран æмбæлдис йæ фат алы æхстæн дæр.

Чысыл фалдæр, фурды был, ривæд кодтой фос. «Æххæст-ма бавзарæм нæ тых дæр, — загътой Нарты фæсивæд. — Цомут фурды былмæ!» Бацыдысты Нарты фæсивæд фурды былмæ. Уым-иу хъомы рæгъауæй раластой æнæхост уæныджы; фæсивæдæй-иу ын исчи йæ сыкъатыл ныххæцыдаид æмæ-иу æй фехстаид фурды сæрты, иннæ фарсмæ нæ кæмæн бахауа, зæгъгæ. Уыцы æвзæрст фæкодтой сæхи, фæлæ дзы иуы бон дæр нæ баци уæныг фурды фаллаг фарсмæ фехсын.

Уæд Сослан, рæгъауы стырдæр уæныг нал уыди, ахæмы сыкъатыл ныххæцыд æмæ йæ фехста фурды сæрты — уæныг фурды иннæ фарс сæмбæлд. Басаста Хъазæн фæзы Нарты фæсивæды Сослан. Уæлдай сгуыхтыл банымадта йæхи Нарты фæсивæды ’хсæн; адæм дæр æй æмбисондæн хастой, Сосланæй тыхджындæр лæг никуы уыдзæни, зæгъгæ.

«Нарты бæсты мæ тых кæимæ авзарон, ахæм дзы нал ис», — загъта Сослан йæхицæн, Хъазæн фæзæй сæ хæдзармæ куы ’рцыдис, уæд, «баздæхон æмæ тыхагур ахæтон бæстæтыл». Барæвдз кодта алцыппæтæй дæр йæхи Сослан æмæ иу райсом раджы араст ис тыхагур. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ. Цæйбæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ фæстагмæ иу стыр фурды былмæ бафтыд. «А фурды былтыл саразон мæхи, — дзуры йæхинымæры Сослан, — кæд æмæ искæуыл сæмбæлин». Араст ис фурды былтыл дæлæмæ. Цæуы. Иубон кæсы, æмæ доны былты иу кæсагахсæг æрбацæуы, йе ’нгуыры хъæд — æнæхъæн бæлас, йе ’нгуыры къæдзыл та уытъыры бæсты — ’нæхъæн фысы мард ауыгъд. Амбæлдысты кæрæдзийыл.

— Байрйай! — дзуры Сослан кæсагахсæгмæ.

— Æгас цу, уазæг! — дзуапп ын радта кæсагахсæг. — Кæцæй фæдæ?

— Æз агурын мæхицæй тыхджындæры, — загъта Сослан, — æмæ, куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн.

— Æз ницы, — загъта кæсагахсæг, — фæлæ ам дæлæмæ ацу дон-дон; уым, дæлдæр, мæ хистæр æфсымæр кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр.

Араст та ис Сослан дон-дон дарддæр. Ныххæццæ та ис иу кæсагахсæгмæ. Уымæн йе ’нгуыры хъæд — ноджы стырдæр бæласæй, йе ’нгуыры къæдзыл та уытъыры бæсты хъуджы мард ауыгъд.

— Байрйай, кæсагахсæг! — дзуры йæм Сослан.

— Æгас цу, уазæг! — дзуапп ын радта кæсагахсæг. — Кæдæм уайыс? Цы агурыс?

— Æз дæн мæхицæй тыхджындæры агурæг, æмæ, куыд уынын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн, — дзуапп ын радта Сослан.

— Æз ницы, фæлæ дæлæ дæлдæр ныууай, æмæ уым мæ хистæр æфсымæр кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр.

Дарддæр та ацыди Сослан æмæ ныххæццæ ис æртыккаг кæсагахсæгмæ. Уымæн йе ’нгуыры хъæд — ноджыдæр стырдæр бæласæй, йе ’нгуыры къæдзыл та — æнæхъæн галы мард.

— Байрйай! — дзуры та Сослан уымæ дæр.

— Æгас цу, æгас! Кæцæй фæдæ, хорз лæг? — фæрсы йæ кæсагахсæг.

— Тыхагур дæн æмæ мæхицæй тыхджындæры агурын, — загъта Сослан. — Куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал фембæлдзынæн.

— Ацу уал нæхимæ, стæй изæры фендзыстæм, — загъта кæсагахсæг æмæ йын бацамыдта фæндаг сæ хæдзармæ.

Сослан дон-дон ацыди æмæ хæдзармæ ныццыди. Хæдзармæ бацыди, æмæ дзы иу ус бады.

— Дæ бон хорз уа, мæ мады хай! — дзуры Сослан усмæ.

— «Мæ мады хай», зæгъгæ, мын куы нæ загътаис, уæд дæ мæ дæндæгты згæтæ бæргæ айсæрстаин, — загъта ус, — фæлæ ныр мæ уазæг дæ, æмæ æгас фæхæт! Кæцæй цæуыс æмæ цы агурыс?

— Æз цæуын Нарты бæстæй, — загъта Сослан, — рацыдтæн тыхагур. Нæ бæсты мæнæй тыхджындæр нæ разынд, æмæ уый зæрдæйæ рацыдтæн мæ тых бавзарынмæ.

— Гъе-гъи! Кой дæр æй мауал скæн; мæ фырттæ кæсаг ахсынмæ сты, изæры сæ ардæм хъæуы, æмæ дæ куыддæр ам æрбаййафой, афтæ дæ, Нæртон лæг, стæгдар дæр нал баззайдзæн: ахæрдзысты дæ. Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй дын исты мадзал скæндзынæн, цæмæй дæ мæ фырттæй баиргъæвон, уымæн.

Фынг ын ацарæзта, фæлæ ма цанæбæрæг бахордтаид Сослан!

Хæрды фæстæ йæ ус сасиры бын амбæхста. Сослан сасирыл схæц-схæц фæкодта, фæлæ йæ фезмæлын кæнын дæр нæ бафæрæзта.

Изæры æртæ ’фсымæры ’рцыдысты сæ хæдзармæ æмæ сæ мадмæ дзурынц:

— Абон ардæм иу хæххон цъиу куы рарвыстам, æрдав-ма нын æй, æмæ дзы нæ дæндæгтæ асхъауæм, рагæй нал фæхъæстæ стæм адæймаджы фыдæй.

— Мæнæ уал исты ахæрут, уый дæр уын никуыдæм аирвæздзæн: сæумæ аходæнæн уын æй уæртæ сасиры бын æркодтон.

Æхсæвæр сын ахæрын кодта æмæ сæ схуыссын кодта. Лæппутæ куы афынæй сты, уæд мад сасиры бынæй Сосланы систа æмæ йæ дуармæ рахаста, фæндагыл æй бафтыдта æмæ йын загъта:

— Цу, æмæ ма кæд дæ къæхты фæрцы аирвæзай, кæннод дын фервæзæн нал ис.

Æхсæв-бонмæ уайын байдыдта Сослан. Лæппутæ куы райхъал сты, уæд базыдтой, сæ уазæг кæй алыгъд, уый, æмæ йæ фæсте сурын байдыдтой.

Сослан лидзы, уæдæ цы! Иу ран быдыры ауыдта иу бæлццоны. Фæстæмæ фæкасти, æмæ йæ æртæ уæйыджы ’рбасурынц. Сослан тынгдæр уайын байдыдта æмæ бæлццоны баййæфта. Кæсы, æмæ бæлццонæн йæ иу цонг хауд; хæстæгдæр æм бацыд, æмæ йæ цæстытæй дæр иу йæ уæлæ нæй. Уый уыди уæйыг.

— У-у, æз де уазæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр, — дзуры Сослан уæйыгмæ, — куыддæр мæ ’рбаййафой, афтæ сæфын!

— Хуыцауы уазæг у, мæнæн дæр дын мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн, — загъта уæйыг. Сосланы йæ дзыхы баппæрста æмæ йæ йæ дæлæвзаг бамбæхста.

Уалынджы æрбахæццæ сты æртæ ’фсымæры дæр æмæ иудзонгон уæйыгмæ дзурынц:

— Ам нæ хæххон цъиу цы фæци, нæ йæ федтай?

— Ам хæххон цъиу нæй, — дзуапп сын радта иудзонгон уæйыг, — сымахмæ мæ не ’вдæлы, ауадзут мæ мæ фæндагыл.

— Тагъд нын радт нæ хæххон дзиглойы, на æмæ дæу дæр дзæбæхæй нал ауадздзыстæм! — бауырдыг æм сты æртæ ’фсымæры.

— Уæ фæндагыл цæут, æндæра мæнæй фос нæ фæкæндзыстут! — дзуры та сæм иудзонгон уæйыг.

Æтæ ’фсымæры иудзонгон уæйыгыл сæхи ныццавтой.

— Уæдæ уæ тæригъæд уæхи! — загъта иудзонгон уæйыг, æртæ ’фсымæрмæ фæлæбурдта, рацахста сæ æмæ сæ равæрдта йæ быны. Сосланы йæ дæлæвзагæй раппæрста æмæ йæм дзуры:

— Мæнæ мæ агъды фарсыл иу æрду ис, гъе уын мын ратон, æмæ сæ уымæй ныббæттон.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: