СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 5 глава




Сатана иннæ хатæнмæ уыцы уац куы айхъуыста, уæд фæлæбурдта йæ рустæ æмæ йæ дзыккутæм æмæ ныхъхъарæг кодта:

— Ма мыл фæхудут, нæ хицæутты дзæбæхтæ æмæ зæрæдтæ, ныббарут мын, уæ разы дзыххæлдæй кæй кæуын, уый: иунæг сусæг æвæрæн ма мын уыдис мæ цæгаты, Донбеттыртæм; нæ йæ зыдта — балцы уыдис, куы райгуырдис, уæд; фæлæ та йæ уым дæр ссардта æмæ йæ æдзардæй йæхи къухтæй йæ разæй барвыста мæрдтæм. Куыд ма цæрдзыстæм, нæ зæронд нын чи фæдардзæнис?!

Адæм нынкъард сты æмæ сабыргай фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Ныттар кодта йæхи Уырызмæг. Худæгмæ нал худти, дзурæгмæ нал дзырдта, афтæмæй, — уæнтæбæрзонд æмæ сæргуыбырæй, — рацу-бацу кодта; рацыдис-иу Нарты Ныхасмæ æмæ-иу уым Фыд Рохгæнæн цъæх дурыл ныххуыссыд дæлгоммæ, афтæмæй цардис иу къорд рæстæджыты дæргъы.

Нарты зæрæдтæ йын дзырдтой, дæхи цы хъынцъымæй марыс, Нарты хорз Уырызмæг, зæгъгæ, дæу йеддæмæ ма ахæм фыд искæуыл æрцыдаид!

Æрхудти йæхиуыл Уырызмæг дæр æмæ та фыццагау хъæлдзæгæй æвдисын байдыдта йæхи.

Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та байдыдта куывдтæ кæнын Нарты Уырызмæг.

***

Лæппуйæн йæ буар Донбеттыртæ йæ сыджытыл сæмбæлын кодтой, йæ уд та атахти мæрдты бæстæм, æмæ уыцы ран Барастыры уæрагыл уыди йæ бадæн. Хъуыдыгæнæг æй куы нæ уыди, уæд лæппу тыхсын æмæ æнкъард кæнын байдыдта.

Уæд æй иуахæмы Барастыр фæрсы:

— Цæмæн æнкъард дæ, лæппу?

Æмæ йын лæппу зæгъы:

— Ацал-ауал азы рацыди, мæрдты бæстæм куы ’рбацыдтæн, уæдæй ардæм. Мæ фыд Уырызмæг ма æцæгæлон адæмы кой дæр кæны, фæлæ мæ кой — нæ, марды кæнд мын нæй, иннæ мæрдтæй уæлдай дзæгъæл дæн æз ацы ран. Барастыр, курын дæ — мæрдты бæстæй мæ ауадз: æз мæхæдæг куы нæ бакæнон мæхи кой, уæд мæ фыдæй рохуаты баззадтæн. Дзырд дын дæттын: афæдзы кæндæн мæ цы хъæуы, уый куыддæр ссарон мæхи фæллойæ, афтæ фæстæмæ ам æмбæлдзынæн.

— Дæ зæрдæхудт райсын мæ нæ фæнды, фæлæ уымæн фæрæз не ’рцæудзæн, — загъта Барастыр. — Куыддæр мæрдтæ уый базоной, афтæ дзы иу дæр ам нал фæлæудзæн, ныр дæр тыххæйты лæууынц мæрдты бæсты.

— Уымæн дын æз амал ссардзынæн: мæ Аласайæн йæ цæфхæдтæ фæстæрдæм асадздзынæн; мæрдтæ мæ фæдыл мæрдты дуармæ куы фæуой, уæд сын-иу зæгъ: «Æркæсут, æмæ кæд мæрдтæй æддæрдæм уа фæд, уæд уæ нал уромын, фæлæ æвæдза фæд мидæмæ у, уæд уын дзæгъæлы змæнтын, коммæ нæ кæсын аив нæу».

Барастыр сразы ис.

Лæппу йæ Аласайæн йæ цæфхæдтæ фæстæрдæм асагъта æмæ мæрдты бæстæй рафардæг ис. Йæ фæдыл иннæ мæрдтæ базмæлыдысты æмæ дуармæ сарæзтой сæ ных.

— Кæдæм? — дзуры сæм дуаргæс.

— Мах дæр нал лæууæм ацы ран, кæд æмæ искæмæн ардыгæй фæстæмæ фæндаг ис, уæд, — загътой мæрдтæ.

— Хъуыддаг уал бамбарут, стæй равзардзыстут, цы уыл æмбæлдзæн бакæнын, уый, æркæсут уал фæдмæ.

Мæрдтæ æркастысты, æмæ фæд мидæджырдæм куы уыди, уæд та сæ алчидæр æрæнцад йæ бынаты.

Уырызмæджы æнæном фырт, Донбеттырты хъан, Нарты хъæумæ бараст и. Æхсæртæггаты зæронд хæдзармæ бадзырдта.

Дзурынмæ рацыди хæдзары æфсин Сатана.

— Уырызмæджы агурын, кæд æмæ стæры ахæтиккам иумæ. Æмхицхæрæн Бæрæг обауыл æм æнхъæлмæ кæсдзынæн.

Хæдзармæ баздæхт Сатана æмæ дзуры:

— Лæгай, дæ зæронд сæр хъазинаг сси — дуармæ дæ иу æнæнтыст лæппу, саргъы гоппæй зынгæ дæр нæ кæны, ахæм, агуры æмæ дæ хоны стæры. Æмхицхæрæн Бæрæг обауыл, дам, дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн.

— Тагъд мæ барæвдзытæ кæн балцмæ, не ’фсин, — уыимæ мæ хæтæны цæугæ чи фена, уый мыл худгæ дæр фæкæндзæн, фæлæ æз ме ’гъдау нал фехалдзынæн, мæхи нал аивдзынæн зæрондырдæм: мæхицæн хæсыл цы нымадтон, уый æххæст кæндзынæн, цалынмæ мæ цæст æрттива, уалынмæ. Уырызмæг нырмæ дæр никæй ма аздæхта, чи йæ агуырдта, уыдонæй, ныр дæр нал аздахдзæн.

Сатанайы нæ фæндыд, Уырызмæг уыцы лæппуимæ стæры ацыдаид, уый; куы ’ризæр ис, уæд ракодта æртæ мыдамæсты æмæ скуывта:

— Хуыцауты хуыцау, мæхи хуыцау, кæд мæ истæмæн сфæлдыстай, уæд авд азы дæргъы цы мит, цы къæвда æруаринаг у, уый ахсæв куыд æруара, стæй зилгæ дымгæ, тухгæ уад куыд сыста, ахæм хорз мын ракæн — кæд æмæ уыцы æнæнтыст, уыцы фæхъæуинаг байсæфид, æмæ нæ зæронд баззаид нæ хæдзары.

Уайтагъд арв æрбахгæдта. Уарын байдыдта æмæ æхсæв-бонмæ ныууарыд æнусы цъити æмæ залты мит, стæй сыстад зилгæ дымгæ, тухгæ уад æмæ бæстæ хаста: хæдзарæй хæдзармæ акæсæн нал уыди. Уырызмæг уæддæр сæударæй саргъ авæрдта йæ хъулон Æрфæныл æмæ араст ис. Миты лæгæрдгæ, тыхтæ-амæлттæй Æмхицхæрæн Бæрæг обаумæ куыд бахæстæджытæ ис, афтæ кæсы, æмæ обау сау дары, обауыл хуыссы лæппу, йæ саргъ — йæ нывæрзæн, æфтаугæ — йæ быны, нымæт — йæ уæлæ, йæ алыварс авд мусуаты бæрц цъæх нæууæй лæууы, æмæ йæ Аласа астæумæ кæрдæгыл хизы.

«Зæд у, дуаг у, æви, цымæ, цавæр диссаг у ай!» — загъта Уырызмæг йæхинымæры.

Уалынмæ бахæццæ ис обаумæ, лæппуйы уæлхъус æрурæдта йæ хъулон Æрфæны æмæ дзуры:

— Цы фæдæ, лæппу, уæлæмæ! Фæндаг даргъ у, бон — цыбыр, цæуын хъæуы.

Лæппу фестади, арæвдзытæ кодта йæхи, бæхыл абадт, æмæ фæцæуынц — разæй Уырызмæг йæ хъулон Æрфæныл, йæ фæстæ — лæппу йæ Аласайыл.

Цæуынц, цæуынц; зилгæ дымгæ, тухгæ уад нал æнцайы. Уырызмæджы хъулон Æрфæн мит фады йæ мæргъгæйæ; хаттæй-хатт дзы афсæры йæ бырынчъытæ. Лæппуйы бæх йæ фæстæ сау зæххыл хизгæ цæуы. Æрфæны æууæлтæ хорз нал сты — фæллайын байдыдта. Уæд лæппу дзуры Уырызмæгмæ:

— Цыфæнды худинаг фæуæд, — æз цæуын разæй, стæй кæстæрæн разæй ацæуын мауал уæд худинаг ардыгæй фæстæмæ!

Куыддæр аразæй ис, афтæ мит авд мусуаты бæрц сау кодта йæ бæхы улæфтæй, æмæ йæ фæстæ Уырызмæджы Æрфæн цыди сауыл.

Ауадысты иудзæвгар.

Уырызмæг дзуры:

— Лæппу, рацыдыстæм хæтæны æмæ уынаффæ бакæнæм: кæдæм цæуæм, кæм фæлæбурæм?

— Æнæхæрд бæстæ ма дын цы ран ис, уырдæм мæ фæхон, — загъта лæппу.

— Ахæм бæстæ ма мын бæргæ баззад — Терк-Турчы бæстæ, уый хуызæн ма хъæздыг бæстæ уæвгæ дæр нæ уыдзæн: фысвос зæгъай, стурвос, бæхрæгъæуттæ, — аздахын дæр сæ нæ фæразынц сæ гæстæ, фæлæ æнцон нæу ныфс бахæссын уырдæм: ахизын æм хъæуы денджызыл, стæй рæгъæуттæ, дзугтæ хъахъхъæнынц æфсæн уырс, æфсæндзых бирæгъ æмæ æфсæндзых хъæрццыгъа.

— Уæдæ уырдæм дарæм нæ фæндаг, нæ амонд бавзарæм, чи зоны, æмæ нæ къухы исты бафта, — загъта лæппу.

Денджызы былмæ бахæццæ сты. Сæ бæхтæ фæцарæзтой денджызы; доны кæсагау архайдтой бæхтæ æмæ уайтагъд иннæ фарс фесты.

Æрæнцадысты денджызы был. Лæппу хорз цынадта йæ бæхы, стæй фелвæста æнæдон сасм æмæ йæ уымæй байсæрста; уый фæстæ йæ уырыл стулын кодта. Ноджы та йæ байсæрста сасмæй, хуырджыны йæ стулын кодта, æмæ Аласа хохы йас сси.

Æвæдза, Терк-Турчы рæгъæуттæм бахæццæ сты, афтæ æрхызтысты сæ бæхтæй. Лæппу ракъахта дыууæ уæрмы, иу — йæхицæн, иннæ — Уырызмæгæн æд бæх, æмæ загъта:

— Уырызмæг, ныртæккæ мæ бæх хæцын байдайдзæни æфсæн уырсимæ. Райдианы хæцдзысты зæвæтæй, æмæ сæ болат цæфхæдтæ кæрæдзиуыл хойын куы сисой, уæд ахæм арт ссæудзæни, æмæ зæххы цъар судздзæни. Хъахъхъæн дæхи. Уæлæмæ ма скæсай: фыдбылыз дыл сæмбæлдзæни. Уый фæстæ лæбурдзысты кæрæдзимæ дæндагæй, хæцдзысты армаццагæй. Сæ комы тæфæй сыстдзæн ахæм дымгæ, æмæ зæххы цъар уылынджы бæрц хæсдзæн. Фæдзæхсын дын: дæ бынатæй ма фезмæлай, на æмæ дæ куый-дур, куый-хъæд бакæндзæн. Афон куы уа, уæд дæм бæрæг уыдзæн мæхицæй.

Хæцынæй нал ауæрдынц æфсæн уырс æмæ Аласа. Сæ болат цæфхæдты цæхæрæй ахæм арт сцырын ис, æмæ зæххы цъар судзы. Йæхи нал баурæдта Уырызмæг, скасти уæрмæй, æмæ схæцыдысты йæ даргъ зачъетæ. Лæппу йæм фæцарæхст, ахуыссын кодта зачъетæ æмæ загъта:

— Амæй фæстæмæ фæтк фæуæд, дæ зачъетæй ма цæйбæрц баззад, уый дæргъæн зачъетæ дарын!

Банцадысты æфсæн уырс æмæ Аласа зæвæтæй хæцынæй; бавнæлдтой дæндагæй æмæ армаццагæй. Ракодта ахæм дымгæ, æмæ зæххы цъар уылынджы бæрц хаста.

Нал та фæлæууыд Уырызмæг — йæ сæр сдардта уæрмæй, æмæ йын дымгæ йæ сæры кæхц айста æмæ йæ фæхæссы.

— Æгъуыстуай куыд фæдæн, гъе, мæ хистæр æнæ сæры кæхцæй зайдзæн! — загъта лæппу æмæ сгæпп кодта уæрмæй. Сæры кæхц тулгæ-тулын рацахста. Уырызмæджы сæрыл æй æркодта æмæ дзуры:

— Амæй фæстæмæ Нартæн сæ сæры кæхцытæ сисгæ мауал уæнт!

Уый размæ-иу Нартæй алчидæр систа йæ сæры кæхц, æрдаста-иу æй æмæ та-иу æй фæстæмæ ныккодта.

Бæхтæ хæст нæма фесты, афтæ сыл æфсæндзых бирæгъ йæхи рауагъта. Лæппу йыл фат суагъта, æмæ, — дæ балгъитæг уыйау, — фæмард ис бирæгъ уыцы ран. Лæппу йын йæ хъус слыг кодта æмæ йæ йæхимæ бафснайдта. Уалынджы æфсæндзых хъæрццыгъа дæр ратæхы; лæппу та уымæ дæр фæцырд ис, фатæй йæ фехста, æмæ хъæрццыгъа зæххыл йæ базыртæ батылдта. Уымæн дæр та лæппу ракъуырдта йæ сæр æмæ йæ афснайдта.

Æфсæн уырс æмæ Аласа кæнынц сæ хæсты кой. Уырс фæлæбуры Аласамæ, æмæ байдзаг вæййы йæ дзых дур æмæ хуырæй. Фæстагмæ Аласайæн байдыдта тынгдæр æнтысын. Æфсæн уырс зæххы афсæрста йæ зонгуытæ. Лæппу баскъæфта йæ саргъ, уыцы хуызæнæй йæ авæрдта уырсыл æмæ балиуырдта йе рагъмæ.

— Цы фæдæ, Уырызмæг? Тæргæ тагъд Терк-Турчы рæгъæуттæ, æз цæуон æмæ фехъусын кæнон сæ хицæуттæн!

— Фæлтау нæ фæндаг дарæм, сурæг нæ нæй, тыхгæнæг иннæ ахæм, — загъта Уырызмæг.

— Уый мæ сæрмæ нæ бахæсдзынæн. Стæй нæ фосы конд æнæ фæдисæй атæрæм, уый аккаг дæр нæу.

Æфсæн уырсы базмæлын кодта, Терк-Турчы дзыллæ куывды кæм бадтысты, уым балæууыди æмæ дзуры:

— Фæдис, Терк-Турк, уæ рæгъæуттæ уын фæтардæуы!

Кæстæртæ хистæртæн фехъусын кодтой уацхъуыд. Хистæртæ загътой:

— Уый хæрд, нозт чи агуры, ахæм уыдзæни; ацæут æмæ йæ æрбакæнут нæ размæ, мах ын уазæджы уынд фæкæнæм.

Кæстæртæ ауадысты лæппумæ æмæ йæ мидæмæ хонынц.

Лæппу æрхызт æфсæн уырсæй. Бæхбæттæныл æй бафтыдта æмæ хистæрты размæ бацыд. Фынгтыл рахаста йæ цæст. Систа æфсæндзых хъæрццыгъайы сæр æмæ æфсæндзых бирæгъы хъус. Сæр хистæрты фынгмæ баппæрста, хъус — кæстæрты размæ æмæ загъта:

— Хистæртæ, сæр хъуаг уыдыстут, æмæ уын мæнæ уый сæр; сымахæн та, кæстæртæ, мæнæ хъус, æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ; уæртæ уын, уæдæ, бæхбæттæны та уе ’фсæн уырс.

Хорзау нал фесты æмбырды адæм: ныфс сæ кæмæй уыди, уыдон сæ къухæй фæцух сты.

Лæппу рауади, йæхи баппæрста æфсæн уырсыл æмæ араст ис Уырызмæгмæ. Хъæугæронмæ куы рахæццæ ис, уæд кæсы, æмæ урсхил зæронд ус æхсæз обауы æхсæн бады æмæ радыгай обæуттæм кæуы, хъарджытæ сæм кæны.

«Ай та цавæр диссаг уа?» — загъта лæппу йæхинымæры.

Уалынмæ йæм зæронд ус дзуры:

— Æруай, мæ дзидзи мын дæ дзыхы акæн, фæдисæй тас нæу нырма: чи зоны, кæд срæвдз уыдзысты?! Фæлæ дæм кæй дзурын, уый дæм диссаг ма фæкæсæд. Авд фырты мын уыди, æмæ дзы æхсæзæй бавдæлон дæн, мæнæ дын адон сæ обæуттæ. Мæрдты бæстæм аивгъуыдтой знаджы къухæй, Терк-Турчы рæгъæутты фæстæ фæдисы уайгæйæ. Тыхгæнæг дæ: бæрæг у дæ ахастыл. Фæдис дыл стыхджын уыдзæн, мæ фырт уайдзæн сæ разæй, тыхсын дæ кæндзæн, фæлæ-иу ын мæн тыххæй, сидзæргæс усы тыххæй, ныггæдзæ кæн, мæ иунæг фæуæд де уазæг!

Лæппу æфсæн уырсæй æргæпп кодта, бауади æмæ идæдз усы дзидзи акодта йæ дзыхы æмæ йын дзырд радта, Нæртон лæджы дзырд, йæ иунæг фыртæн ын кæй ницы кæндзæн, уый тыххæй. Зæронд ус бацамыдта лæппуйæн, йæ фырт цы хуызæн уыдзæн фæдисы, уый.

Лæппу та абадти æфсæн уырсыл æмæ тæргæ бæхæй Уырызмæджы цур фестад. Денджызы сæ фосы конд баскъæрдтой æмæ иннæ фарс фесты. Фæцæуынц, æмæ сæ мæнæ иу барæг йæ разæй æрбатымбыл кæны.

— Цæугæ, Уырызмæг, ды фосы кондимæ, фæдисимæ истæмæйты архайдзынæн мæхæдæг.

Барæг фестад йæ уæлхъус.

— Гъæ, куыдзæй чи райгуырди, уыцы куыдз, — дзуры барæг, — кæй фос фæтæрыс, кæ? Фæцæудзынæ мын, кæд лæг уай, уæд, — æмæ лæппуйы фæрсты фæттæ бындзытау тæхын байдыдтой.

— Дзырд радтон дæ мадæн, йæ дзидзи йын мæ дзыхы бакодтон, мад дзы загътон, — ма мæ хъыгдар, ауадз мæ мæ фæндагыл, — дзуры йæм фæстæмæ лæппу.

Фæдисон коммæ нæ бакаст.

Æгæр-æгæр куы стыхсын кодта лæппуйы, уæд уый дæр фат суагъта, æмæ фæдисонæн дарæсæй буары æхсæн суад, бæхæй йæ айста æмæ йæ зæхмæ нывдызта. Схæц-схæц ма бæргæ фæкодта фатыл фæдисон, фæлæ йын фат змæлын дæр нал бакуымдта. Фæдис æй уыцы хуызæнæй æрбаййæфтой. Уыдон дæр фæцархайдтой фатыл, фæлæ йын сæфтауынæн ницы бафæрæзтой. Уæд баздæхтысты æмæ йын цирхъæй ныллыг кодтой йæ дарæс æмæ йæ афтæмæй суæгъд кодтой. Хæцын байдыдтой фæдисонтæ лæппуимæ. Хæцынц, æмæ разæй лæппу цæгъды фæдисонты, фæсте та сæ туджы зæй ласы. Афтæмæй сæ æрдæг фæкодта. Чи ма сæ баззад, уыдон куы бамбæрстой, сæ бон ын ницы бауыдзæн, уый, уæд фæстæмæ аздæхтысты.

Уырызмæг æмæ лæппу ’рбатардтой сæ фосы конд Нартмæ. Уарæн фæзы сæ æрурæдтой. Æмæ лæппу дзуры Уырызмæгмæ:

— Ды хистæр дæ, æмæ хъуамæ фосы конд ды байуарай!

— Æз сæ нæ байуардзынæн: фос ды фæкодтай, — загъта Уырызмæг.

Уæд лæппу иу урс гал рахицæн кодта фосæй æмæ йæ хицæнæй æрбаста зæддаг синагæй, иннæ фос æртæ дихы акодта æмæ загъта:

— Мæнæ дын уый дæ хистæрæггаг, иннæ дын æмбалы хай, æртыккаг та дын мæхи хай; ацы галæй та мæнæн мæ афæдзы кæнд ахицæн кæ. Дунеты дæр ма хыгътай мæрдтæм, æрмæст мæ ном — дæ фырты ном, дæхи къухæй мæрдтæм чи бацыди Донбеттырты хæдзары, уый ном, — ницæмæй ссардтай.

Йæхæдæг йæ Аласайыл абадтис, хæрзбон загъта Уырызмæгæн æмæ араст ис мæрдты бæстæм.

Уырызмæг йæ цæстысыг æрызгъæлдта æмæ йæм фæсте хъæр кæны:

— Иу каст ма мæм уæддæр фæкæн!

Лæппу йæм нал фæкаст, мæ рæстæг нал у, зæгъгæ.

Уырызмæг рæгъауы раскъæрдта æмæ, Сатанамæ куы ’рхæццæ ис, уæд æм дзуры:

— Уæ не ’фсин, ды йæ цинæй кæмæн цардтæ æмæ йæ уындæй кæмæн нæ бафсæстæ, уыцы лæппуимæ дын уыдтæн æз хæтæны!

Сатана Уырызмæджы уым фæуагъта, афтæмæй лæппуйы сурын байдыдта, сурын байдыдта æмæ йæм куы бахæстæг ис, уæд æм хъæр кæны:

— Уæ, кæй цинæй цардтæн æмæ кæй уындæй нæ бафсæстæн, дæ уынд мын ма бахæлæг кæ, дæ цæсгом ма мæм фездах!

Лæппу йæм фæстæмæ нæ фæзылдис, фæлæ йæм рахъæр кодта:

— Рæстæг мын нал ис, хур аныгуылд.

Сатана куы бамбæрста, ай мæм нал ракæсдзæни, зæгъгæ, уый, уæд, мæгуырæг, скуывта:

— Хуыцауты хуыцау, мæ хуыцау, кæд ды мады зæрдæйы кæсын зоныс, уæд ма хæхтыл дыдзы хур æрбакæсын кæн!

Æмæ уæд хæхтыл дыдзы хур æрбакасти.

Уалынджы бахæццæ ис лæппу мæрдты дуармæ æмæ дуаргæсмæ бахъæр кодта:

— Дуар бакæн!

— Афон нал у, хур аныгуылди, — радзырдта йæм дуаргæс.

— Нырма раджы у, уæлæ ма хæхтыл хур кæсы, — дзуры та йæм лæппу.

Дуаргæс дуар бакодта. Лæппу, мидæмæ бахизон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ иу здæхт фæкодта Сатанамæ. Сатана йын йæ фæдджитæ æмæ йæ цæсгом иу уынд акодта æмæ лæппуйыл йæ къухдарæн фехста. Къухдарæн лæппуйæн йæ къухыл абадти, æмæ йæ йемæ мæрдтæм бахаста. Уым та Барастыры уæрагыл сбадти.

Сатана дæр фæстæмæ раздæхти, æмæ уыцы урс галæй сæ лæппуйæн стыр хист скодтой, иннæ фос байуæрстой Нарты мæгуыртæн.

УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ

Иуахæмы Уырызмæг уыдис балцы. Уыцы рæстæджы-иу Æртæ Нарты фæсивæд æрæмбырд сты Нарты Ныхасы æмæ-иу сæхимидæг тæрхон кæнын байдыдтой, хуыздæр сæм чи у, ууыл. «Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи уыдзæнис?» — алы бон дæр-иу сæм æрцыдис ахæм ныхас. Фæлæ нæ фидыдтой: æппын чи ницæмæн бæззыдис, уый дæр-иу загъта: «Æз уæ хуыздæр дæн!»

Куы нæ æмæ куы нæ фидыдтой, уæд сын Сатана загъта:

— Уæртæ Къармæгонмæ бацæут, зæронд ус у, æмæ йæ бафæрсут: уый уын раиртасдзæнис уæ хуыздæры æмæ уæ фыддæры.

Фæцыдысты Къармæгонмæ æмæ йæ ’рбахуыдтой Ныхасмæ.

— Къармæгон, иу хъуыддагæй дæ фæрсдзыстæм, æмæ нын æй раст зæгъ, — загътой Нарты фæсивæд.

— Уæ хуыцауы тыххæй, ныууадзут мæ, Нарты хъалтæ! Æз цы зонын? — загъта Къармæгон.

— Нæ дæ ныууадздзыстæм, цалынмæ нын зæгъай, Нарты æхсæн лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?

Къармæгон сыл йæ цæст ахаста æмæ загъта:

— Хорз адæм стут, тыхджын адæм стут, уæ къухы бафтæд хорздзинæдтæ, фæлæ уæм кæсын, æмæ уæ хуыздæртæ ам не сты.

— Чи сты, уæддæр, нæ хуыздæртæ, уый нын зæгъ! — ныллæууыдысты Нарты фæсивæд.

— Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана, — загъта сын Къармæгон, куынæуал æмæ йæ куынæуал уагътой, уæд.

Зæронд усы сæ быны ракодтой Нарты хъалтæ — æххæсгæ йæм чи кодта, уыдон æй нæмгæ кодтой, чи йæм не ’ххæсти, уыдон та зæхх надтой, афтæмæй йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.

Йæ дыккаг бон Уырызмæг æрцыди йæ балцæй, æмæ йын Сатана хъаст кæны:

— Знон Æртæ Нарты фæсивæд Къармæгоны æрбахуыдтой æмæ йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.

Уырызмæг мæстæйдзагæй араст ис æмæ бацыдис Къармæгонмæ. Фæрсы Къармæгоны:

— Цы кодтай, Къармæгон?

— Фыдбон сæ хай фæуæд Нарты хъалтæн! — загъта йын Къармæгон. — Ам мæм знон æрбацыдысты, бахуыдтой мæ Ныхасмæ æмæ мæ фæрсынц: «Нарты хъæуы лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?» Æз сын загътон: «Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана». Уыдон мæ сæ быны ракодтой æмæ мæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.

Æрбаздæхтис Уырызмæг йæ хæдзармæ. Дыккаг бон райсомæй раджы фестадис, фæдзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта:

— Цæугæ æмæ ныхъхъæр кæн Æртæ Нартыл, æз Сау хохыл фос федтон, æмæ лæг чи у, уый рацæуæд мемæ фос кæнынмæ, фæстаг бон афтæ куыд ничи зæгъа, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: