СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 1 глава




РАЗНЫХАС

Кæд нымæцæй бирæ не сты ирон адæм, уæддæр уыдон сарæзтой æнусты дæргъы дзыхæй-дзыхмæ кæй истой, ахæм стыр æмæ хъæздыг литературæ. Хицæн чингуытæй рацыдысты ирон адæмон сфæлдыстады уацмыстæ.

Уыцы хъæздыг сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц Нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ сты ирон адæмы стыр хæзна, ахæм хæзна æмæ дунейы эпикон уацмысты æмрæнхъ æрæвæрæн кæмæн ис. Ирон адæмæн ивгъуыд заманты ныллæг уыд се ’хсæнадон æмæ культурон рæзт, фæлæ æрдхæрæны кадджытæ скодтой уæддæр нæ рагон фыдæлтæ. Аивады ахæм уавæры тыххæй раст æмæ бæлвырд ныхæстæ загъта К. Маркс:

 

«Относительно искусства известно, что определенные периоды его расцвета не находятся ни в каком соответствии с общим развитием общества, а следовательно, также и развитием материальной основы последнего, составляющей как бы скелет его организации. Например, греки в сравнении с современными народами или также Шекспир. Относительно некоторых форм искусства, например, эпоса, даже признано, что они в своей классической форме, составляющей эпоху в мировой истории, никогда не могут быть созданы, как только началось художественное производство как таковое; что, таким образом, в области самого искусства известные формы, имеющие крупное значение, возможны только на сравнительно низкой ступени художественного развития...»

(К. Маркс. «К критике политической экономии», Собр. соч., XII, ч. I, стр. 200).

 

Нарты кой наукон литературæйы фыццаг хатт скодта Клапрот. «Впервые, насколько мне известно, — фыссы Г. Гюбшман, — в Германии об осетинской героической саге сообщает Клапрот, отмечая в своем „Путешествии на Кавказ и Грузию“: „Устье реки Урух находится в 90 верстах от большой Ингик. У этой реки, видимо, была старая крепость, которая называлась в осетинской героической саге Уарп-фидар и находилась в трех днях пути за Великой Кабардой“. Дальше идет упоминание о Батрадзе, сыне Хамыца ». (Г. Гюбшман). Фæлæ Нарты кадджытæ æмбырд кæнын райдыдтой æмæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты 19-æм æнусы дыккаг æмбисы...

Нарты кадджытæ равзарыныл чи куыста, уыдон се ’ппæт дæр зæгъынц, зæгъгæ, кадджытæ хуыздæр æмæ æнæхæлддæрæй баззадысты Ирмæ. Æмæ уый, æвæццæгæн, раст у. Ууыл дзурæг у кадджытæн сæ бæрц, стæй ноджы Нарты тыххæй ныхасгæнгæйæ ахуыргонд адæм фылдæр-фылдæр сæ хъус ирон æрмæгмæ дарынц, æмæ уыцы æрмæгыл вæййы сæ куыст. Нарты тыххæй ирон кадджытæ æрымысыдысты ирон адæм, уыдон сты ирон адæмы цард æмæ психологи ’вдисæг. Уый та тынг ахсджиаг у.

Цы амоны «Нарт», зæгъгæ, ацы дзырд? Цымæ куыд æмæ кæд фæзындысты Нарты кадджытæ?

Термин Нарты тыххæй фыццаг хатт ской кодта Шора Бекмурзин Ногмов. Уый ныффыста «История адыгейского народа», зæгъгæ, ахæм чиныг (1847 аз). Æмæ уыцы чиныджы Ногмов æвзары дзырд «Нарзан». Нар уымæ гæсгæ амоны бæгъатыр, зан (сан) та — дон Нарзан у бæгъатырты дон.

Ногмовы размæ, 1810 азы та Броневский, зæгъгæ, иу ахуыргонд афтæ фыста: «На Абазинских землях... находятся ключи кисловатых минеральных вод, известные у черкесов и абазинцев под именем Нарзан или богатырская вода».

Уæдæ Броневский æмæ Ногмовмæ гæсгæ нар амоны бæгъатыр. Уыцы хъуыдыйыл разы сты, фæстæдæр чи фыста, уыдон дæр. Зæгъæм, Рклицкий зæгъы, зæгъгæ, Христиан Бартоломейы зæронд ирайнаг æвзæгты дзырдуаты ис дзырд «нар». «Нар» — амоны хæстон лæг.

Ис ахæм хъуыды дæр æмæ «Нарт» у «Мард», зæгъгæ, ахæм дзырд, чысыл æндæрхуызонгонд æрцыд, афтæмæй. «Мард» та амоны «адæймаг». (Лопатинский. Сб. материалов для описания местностей и племен Кавказа, вып. 12).

Ис ахæм ныхасгæнджытæ дæр, æмæ афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, Нартæ рацыдысты «мардтæ», зæгъгæ, ахæм адæмы мыггагæй.

«Мард», зæгъгæ, ахæм адæмыхатт бæлвырд кæй уыдис, уый тыххæй дзурынц зæронд историктæ.

Фыццаджыдæр сæ кой ис Геродотмæ (484–425 азтæ мах эрæйы агъоммæ). Геродот зæгъы, зæгъгæ, уыдон уыдысты персайнаг адæм, кодтой хæтгæ цард персайнаг донбакæлæны цæгатаг былтыл. Уый фæстæ мардты кой кæны Ксенофонт (434–385 азтæ мах эрæйы размæ). Йæ чиныг, «Анабазис», зæгъгæ, уым фыссы, бердзентæ хæсты фæстæ Сомихы бæстыл куы араст кодтой, уæд фистæг æмæ бæхджын æфсæдтæ федтой: уыцы æфсæдтимæ уыдысты мардтæ дæр.

Нæ дуджы тæккæ райдайæны цы географи фыст æрцыд, уым Страбон Каспийы денджызы тыххæй дзургæйæ бæлвырд кæны, мардтæ кæм цардысты, уыцы бынат.

Ромаг историк Тацит (56–117 азтæ нæ эрæйы), ромаг æфсæдты раздзæуæг Корбулон Сомихы бæстæм куыд бабырста, ууыл дзургæйæ зæгъы: «Корбулон мардты арæнты цур куы фæцæйцыд йе ’фсæдтимæ, уæд-иу мардтæ æвиппайды йæ разы февзæрдысты æмæ-иу схæцыдысты йемæ».

Александр Македонский Каспийы денджызы цур цæрæг мардты зæхмæ куыд бабырста æмæ кæрæдзийы ныхмæ куыд фесты, уый тыххæй фыста Диодор Сицилийский.

Нарты кадджытæ кæд равзæрдысты, уый тыххæй бæрæг-бæлвырд ныхас зæгъын нырма зын у. Фæлæ уыдон, æвæццæгæн, нæ эрæйы размæ дугты фæзындысты.

Нарты кадджыты æвдыст æрцыдысты, адæм ма хицæн мыггæгтæй куы цардысты, уыцы рæстæг — патриархаты дуг æмæ матриархатæй баззайгæ царды нысæнттæ. Абайты Васо афтæ зæгъы: «В отдельных своих частях „Сказания о Нартах“ хранят следы весьма древних общественных отношений и мифологических воззрений».

Васойы ныхæстæм гæсгæ зындгонд францусаг ахуыргонд Дюмезиль «проводит ряд новых остроумных параллелей и в частности дает опыт мифологического истолкования двух центральных фигур Нартовского эпоса Батрадза и Сослана. В первом он усматривает черты грозового божества, во втором — солнечного».

Кадджыты тыххæй ныхасгæнгæйæ æз æндæр хъуыды зæгъын. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ кадджыты фылдæр бынат ахсы мифологи нæ, фæлæ реализм. Нарты геройтæ сæ удыхъæд æмæ цы архайынц, цы кусынц, уымæ гæсгæ тынг хæстæг лæууынц адæймагмæ, кæд сын сæ равзæрдмæ гæсгæ мифон характер ис, уæддæр. «В цикле осетинской народной поэзии, — фыссы Д. Лавров, — существует, например, целая группа сказаний, представляющих, с одной стороны — стороны повествовательной, так много оригинального и, так сказать, исторического, даже в мифологической измышленности, что они резко выделяются из общего типа подобных произведений народной поэзии. Так, события этих сказаний, со стороны хронологической и местностей, являются картинами, не расплывающимися в тумане неопределенных указаний, но настолько отчетливыми, что в общем они составляют как бы определенный период прошлой осетинской жизни». (Д. Лавров. Заметки об Осетии и осетинах, СОМПК, вып. 3).

Нарты эпос адæмон эпос у. Адæмон у, зæгъгæ, æрмæст уый тыххæй нæ зæгъын, æмæ йæ адæм хорз кæй зонынц, бирæ йæ кæй уарзынц, æрмæст уымæн нæ, æмæ йе ’взаг адæмон æвзаг у. Нарты эпос адæмон уымæн хуыйны, æмæ йæ геройтæ се ’ппæт дæр сты адæмæй рацæугæ æмæ адæмимæ æнгом баст сты. Нартæй алы лæг дæр, хъару æмæ лæгдзинад кæмæ ис, уый йæхи мæт нæ кæны, йæхи пайдайæн нæ кусы, фæлæ æгас адæмы хорздзинадæн; зæххыл уымæн цæры æмæ цæмæй йæ адæмæн кад æмæ цæсгом скæна. Нартæй иу дæр афтæ нæ зæгъы æмæ, мæнæ æз адæмæй уæлдæр дæн, уæлæхох ыл уон, мæ дæлбар куыд уой адæм æмæ мын кад куыд кæной. Цы уа, уый — нартæн се ’ппæтæн, кæд цæры, уæд уыдон сæраппонд. Хорздзинадæй цыдæриддæр ис, цæргæ-цæрæнбонты адæм цæмæ бæллыдысты, ныфс æмæ сын хъару цы лæвæрдта кæддæриддæр, æнхъæлцау цæмæй уыдысты, цард фæхуыздæрæн сæ зæрдæтæ цæуыл дардтой — æппæт уыдон фидар бынат æрцахстой Нарты кадджыты.

Цæмæй нын зынаргъ сты Нарты кадджытæ? Нартмæ хорз миниуджытæ бирæ уыд. Ирон адæм-иу дзæгъæлы нæ дзырдтой: «нæртон лæг», «нæртон хорз», «нæртон хъæбатыр» æ. а. д. Нæртон, зæгъгæ, уый кæддæриддæр, раджы дæр æмæ ныр дæр тæккæ ахъаззагдæр эпитет уыд ирон æвзаджы. Кадджытæ æмæ таурæгътæм гæсгæ Нартæ уыдысты хъæбатыр, лæгдзинадæй æххæст, сæ бæстыл цъиу атæхын дæр нæ уагътой. Стыр хъазуаты-иу бацыдысты знæгтимæ, æмæ-иу мæлæты сæр райстой, цæй нæ фæлтау знаджы сæ зæхмæ бауадзой. Нарты ’хсæн тæккæ лæгдæрæй æвдыст цæуы Батрадз. Батрадз амардта, Нарты хистæртæй иуы чи бафхæрдта, уыцы уæйыджы, Нарты знаг Хызы фырты фидар басаста. Хæсты-иу куы бацыдысты Нарт, уæд сын æрмæст иу нысан уыд — уæлахиз. Хъæбатыр æмæ ’хсарджын уыдысты Нарт, фæлæ æнæрхъуыды митæ нæ кодтой. Знагимæ тохы Нартмæ тæккæ ахъаззагдæр хотыхыл нымад уыд лæджы зонд. Нарт стыр аргъ кодтой лæджы зондæн, æрхъуыдымæ дæсны чи уыд, уыцы лæгтæн. Райгуырæн бæстæ, хъару æмæ ’хсар, сæрибардзинад, зонд — æппæт уыдонæн Нарт сæ сæр нывондæн хастой; уыдон ахæм миниуджытæ сты, мах абон дæр æхсызгон чи хъæуы.

Цагъары цард кæныны бæсты — мæлæт. Нарт-иу сæ сæр дæлæмæ нæ уагътой, суанг хуыцауы раз дæр. Нæ дуæртты уæлкъæсæртæ бæрзонд аразæм, кæннод нæ нæ сæр гуыбыр кæнын бахъæудзæн, æмæ уæд хуыцау, мыййаг, афтæ куы банхъæла, æмæ уымæн кувæм, — дзырдтой Нарт.

Сæрызондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр хъуамæ æххæст уа лæг. Æмæ цæргæ-цæрæнбонты уымæ тырныдтой Нарт. Уый уыд сæ бæллицты бæрзонддæр нысан.

Нартæн се сæфт куы ’рцыд, уæд, дам, сæ хуыцау бафарста: «Цы уæ фæнды, Нарт, фыдвæд, æви æвæд?»

Æмæ, зæгъы, Нарт æмдзыхæй загътой: «Фыдвæды бæсты нæ бынтондæр æвæд фæкæн, хуыцау».

Зонд, лæджы зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу, зæгъгæ, ахæм ныхас баззад, Нарты таурæгътæ чи æрымысыд, нæ уыцы рагон фыдæлтæй. Фæсивæдæй-иу исчи хъару æмæ зондæй тыхджындæр куы разынд, уæд ын-иу Нарт йæ размæ цæлхдуртæ не ’вæрдтой, фæлæ цæмæй йæ фæндагыл æнæкъуылымпыйæ цæуа, уый тыххæй йын аххуыс кодтой.

Нарт цардуарзаг уыдысты. Рæсугъд сæм каст цард, аргъ ын кодтой æмæ-иу мæлæтмæ бацыдысты йæ сæрыл. Сæ цард, сæ хъару, сæ лæгдзинæдтæ æмæ зондмæ гæсгæ Нарт хæстæг лæууынц зæронд бердзейнаг зпосы геройтæм («Илиадæ» æмæ «Одиссейæ»). Знагимæ хæцын бахъуыди, зæгъгæ, уæд-иу сæ тарст цы у, уый айрох, фæлæ иугæр хæст фæци, уæд та-иу цардæн йæ гуылфæнты аныгъуылдысты.

Куывдтæ, кафын, симын, фат æмæ ’рдынæй хъазт, дурæхсын æмæ алы ’ндæр хъæзтыты-иу æрвыстой уæд сæ рæстæг.

Нарты кадджыты ис дыууæ сæрмагонд миниуæджы: 1) иннæ адæмты зпосты ныхас цæуы иу сæйраг геройыл, кæнæ та хицæн геройтыл.

Нарты эпосы геройтыл нымад сты адæм æппæтæй дæр — Нарты адæм. 2) Цы эпостæ зонæм, уым дзырд цæуы иу сæйраг хабарыл. Зæгъæм, «Илиадæ»-йы сæйрагдæр у Ахиллесы маст, «Одиссейæ»-йы. — ныхас цæуы «о том многоопытном муже, который, странствуя долго, многих народов города посетил и обычаи видел» æ. а. д. Нарты кадджыты хъуыддаг æндæрхуызон у. Ам цард куыд алыхуызон у, афтæмæй æвдыст цæуы æнæхъæн æмæ æххæстæй.

Дунейы зынгæдæр эпосты ахсджиаг миниуджытæй се ’ппæтæй дæр хайджын сты Нарты кадджытæ. Зæгъæм, Ацæмæзы кадæджы ис, æрдз йæ зарынмæ кæмæн райхъал вæййы, уыцы Орфейы мотив, мæлæт ницыхъом у Батрадзæн (Ахиллес). Къорд кадæджы ссарæн ис эквиваленттæ «Тристан æмæ Изольдæ»-йæ (Кельтаг эпос), «Одиссейæ»-йæ (иуцæстон уæйыг Полифем, мæрдты бæстæм балц), Апулейы «Золотой осел», зæгъгæ, уыцы уацмысæй (иуæй-иу геройты хуыз раив-баив). Стæй хаттæй-хатт афтæ хæстæг вæййынц кæрæдзимæ, æмæ æвæлтæрд чиныгкæсæг хъуамæ афтæ дæр банхъæла, зæгъгæ, ам, æвæццæгæн, Нарты кадджыты сюжеттæ уырдыгæй ист сты.

Нарты кадджытæн сæ композицийы тыххæй алыхуызон ныхас цæуы. Иутæ зæгъынц, зæгъгæ, кадджытæ хицæнтæ сты æмæ сæ иу сюжет саразын куы сфæнд кæнæм, уæд фехæлдзысты æмæ сын аивадон æгъдауæй æппындæр ницыуал аргъ уыдзæн. Иннæтæ та афтæ зæгъæг сты æмæ, дам, кадджыты ис иу, кæрæй-кæронмæ чи райхæлы, ахæм сюжет. Ацы фæстаг хъуыдыйы фарс дзурæг у Нарты генеалоги. Нарты рагон фыдæл уыд Борæты Уæрхæг (Уæрхæг уыд Куыристы мыггагæй).

Уæрхæгæн райгуырд дыууæ фырты: Æхсар æмæ Æхсæртæг. Дыууæ ’фсымæры дæр кæрæдзи цæрмыстыгъд бакодтой. Дыууæ дæр Æхсары бинойнаг Сасанайы-рæсугъды тыххæй фесæфтысты. Сасана йæ тиуы нал базыдта æмæ йемæ æмуат æрци. Уыйадыл рауад дыууæ ’фсымæрæн сæ хъаугъа.

Æхсæртæг æмæ Сасанайы-рæсугъдæй — дæтты бардуаг Донбеттыры чызгæй — райгуырдысты Уырызмæг æмæ Хæмыц.

Сасана æмæ Уæрхæгæй — Уырызмæг æмæ Хæмыцы фыдæй — та райгуырд Сыбæлц.

Сасана æмæ Уастырджийæ, Сасанайы амарды фæстæ, зæппадзы райгуырд номдзыд Сатана.

Уырызмæг Сатанайы йæхицæн усæн æрхаста. Лæппу сын райгуырд æмæ йæ хæссынмæ уæларвон Сафамæ радтой. Хæмыц æрхаста ус Бцентæй. Бцентæ асæй хæрз чысыл уыдысты. Бценон Хæмыцæн йæ фæсонты ныффу кодта æмæ фæсонтæ рæсийын байдыдтой, Сатана йын йæ рæсыд куы акъæртт кодта, уæд дзы рагæпп кодта Батрадз — номдзыдты номдзыддæр.

Сатанайæн ма уæларвон Уастырджийæ райгуырд æндæр фырт Созырыхъо (Сослан). Сосланæн уыд дыууæ фырты Хъайтар æмæ Битар æ. а.д.

Фæлæ бæллæх уый мидæг и, æмæ эпосæн йæ сæйраг геройты сгуыхтдзинæдтæ æвдыст кæм цæуынц, уый райдианы аскъуыйы уыцы æндах.

Зæгъын хъæуы эпосæн йæ формæйы тыххæй. Эпос у кадджытæ æмæ таурæгъты хуызы. Кадджыты хуызы кæй уыд Нарты эпос, ууыл дзурæг у рагæй-æрæгмæ дæр сæ заргæ кæй кæнынц, фæндырæй фæцæгъдынц, афтæмæй... Суанг ма сæ абон дæр афтæмæй кæнынц уыцы кадджытæ.

Нарты кадджытæ тынг æнгом баст сты ирон адæмы цардимæ. Исты диссаджы цау, исты хорз хъуыддаг алцы дæр ирон лæг хоны нæртон. Нæртон лæджы хуызæн уæвын — уый у ирон адæймагæн йæ бæллицты тæккæ бæрзонддæр нысан.

Нарты нæмттæ ныр дæр ма арæх сты ирмæ. Зæгъæм: Уырызмæг, Хæмыц, Батрадз, Сослан, Ацæмæз, Æхсар, Ацырухс (сылгоймаджы ном) æ. æнд. Йæ равзæрд Нартимæ чи бæтты, ахæм мыггæгтæ дæр ис. Зæгъæм: Хæмыцатæ, Æхсаратæ æмæ æнд. Ирыстоны ис, Нартимæ баст чи у, ахæм хъæутæ æмæ æндæр бынæтты нæмттæ: Нартыхъæу, Зилахар (Алагиры æдде, иу ран).

Ис нæм æрмæст уыдон нæ, фæлæ хицæн нарты геройтимæ баст чи у, ахæм нæмттæ дæр. Куырттаты комы Лæцы ис — Нарты уæлмæрд, Нарты ныхас. Нары хъæуы ис Нарты Сосланы зæппадз. Ирыстоны зонынц мæнæ ахæм кувæндæттæ: Реком (Цъæйы комы), Мыкалыгабыртæ (Къасарагомы), Таранжелос (иу ран Мамысоны ’фцæгыл). Ацы кувæндæттæ баст сты Нарты Батрадзы номимæ.

Нарты кадджытæ тынг стыр культурон хæзна сты. Бирæ сæдæ азты дæргъы ирон адæм уыдон цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой. Ирон адæм сæ дардтой сæ зæрдæйы тæккæ арфдæр æмæ сусæгдæр ран. Нарты кадджытæй уæд та иу цалдæр скъуыддзаджы чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм ирон лæг нæ разындзæн.

***

Нарты кадджытæн наукон æгъдауæй сæ ахадындзинад бирæ кæй у, уый фæдыл фыст бирæ ’рцыди, стæй хорз æмæ лæмбынæг фыст. Æмæ æз ныртæккæ ууыл дзуринаг нæ дæн. Мæн фæнды зæгъын цалдæр ныхасы Нарты кадджытæн сæ аивдзинады тыххæй. Раст зæгъын хъæуы, уыцы фарст дæр ног нæу — арæх æрцæуы Нарты кадджытæн сæ аивдзинады кой дæр. Уæлдай хуыздæр, уæлдай лæмбынæгдæр уыцы фарсты фæдыл фыссы Абайты Васо. Фæлæ Абайы-фырт дæр уыцы фарст сæрмагондæй никуыма ’рæвæрдта йæ разы æмæ уымæ гæсгæ Нарты кадджытæн сæ аивдзинады тыххæй кæрæй-кæронмæ бæстон ныхас нæма загъта. Бæстон ныхас, зæгъгæ, æз афтæ не ’мбарын, æмæ Нарты кадджытæн сæ аивдзинад циу, уый иууылдæр зæгъ. Нæ — уый тынг стыр хъуыддаг у, æмæ, æвæццæгæн, иу куысты мидæг иу лæгæн уый йæ къухы афтæ ’нцонтыл нæ батфтдзæни. Бæстон ныхас, зæгъгæ, уый æз афтæ ’мбарын, æмæ сбæрæг кæн, æмткæй цæй мидæг ис Нарты кадджытæн сæ аивдзинад, уый.

Аивдзинадæн йæ сæйрагдæр бæрæггæнæн у фæлгонц (обрæз). Фæлгонц кæнæ фæлгонцтæ цас æххæстдæр уа (уой), уыйас уацмыс аивдзинадæй вæййы хуыздæр, бæрзонддæр.

Нарты кадджыты цы адæймæгты фæлгонцтæ ис, уыдон сты тынг æххæст, индивидуализацигонд æмæ монументон. Дыууæйæн дзы кæрæдзиимæ схæццæ кæнæн нæй: Уырызмæг у Уырызмæг, нæдæр Хæмыцы хуызæн у, нæдæр Сосланы, кæнæ Сырдоны. Сатана у Сатана, нæдæр Агуындæйы хуызæн у, нæдæр Бедухайы.

Нарты кадджыты алы фæлгонцы дæр æвдыст цæуы хицæн миниуæг, кæнæ хицæн миниуджытæ.

Уырызмæг — Нарты цытджын хистæр, зондджын, хиуылхæцгæ, Нарты ’хсæн фæлмæн, фæлмаст лæг. Ничи дзы фехъусдзæн зыст ныхас, тызмæг дзырд, сонт дзырд: бирæ чи фæхатт, æнæсгæрст къуым кæмæн нал баззад уыцы заманы дунейы, ахæм фенæг лæг; йæ зонд Нарты адæмæн хæлæг чи нæ кæны, Нарт Нарт уой, дæлдæр макæмæй уой тыхæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, кадæй дæр æмæ радæй дæр, зæгъгæ, ууыл лæуд чи у; Нарты адæм кæмæ хъусынц — нæлгоймагæй, сылгоймагæй, стырæй, чысылæй, кад кæмæн кæнынц, æгъдау кæмæн дæттынц, ахæм зæронд лæг; хъуыддагыл лæмбынæг чи ахъуыды кæны, сайд кæуыл нæ цæуы, Нартмæ худинаг чи нæ уадзы йæ зонды фæрцы, йæ ном дардыл хъуыст кæмæн у, уыцы Уырызмæг; йæ кæрдзындæттоны тыххæй æрдхæрæнæн чи баззад, Нарты кæрæдзимæ æнгом кæныны хъуыддаг йæ зонд æмæ йæ туджы арф бынат кæмæн ахсы, бинонты рæвдауæг, бинонтæм фæлмæн ныхасгæнæг чи у, уыцы Уырызмæг; Нарты знæгты ныхмæ фидарæй чи хæцы, Нарты адæмы разæй йæхи уды кой, йæхи бинонты кой чи нæ кæны, уыцы Уырызмæг.

Уырызмæджы фæлгонц афтæ хорз æвдыст цæуы кадджыты, æмæ Уырызмæг, зæгъгæ, куы фехъусы, Нарты кадджытæ хорз чи зоны, уый, уæд йæ цæстыты раз æрбалæууы урсзачъе бæрзонд, уæнгджын, зондджын, хæрзæхсæст номдзыд зæронд лæг, йæ тинты кæрц йæ уæхсчытыл, йæ цирхъ йæ фарсыл, йæ пылыстæг лæдзæг йæ къухы, афтæмæй, Нарты цытджын ныхасы Нарты адæмæн зæлдагуадзæгау фæлмæн хъæлæсæй арф, зонды ныхас чи кæны, ахæм зæронд лæг; йæ барæвзæрст — Нарты Сатанаимæ йе ’ргъæу уæтты чи бады, дзаг фынг йæ разы, афтæмæй, æмæ Нарты адæмы царды уаг раст æвæрд уа, зæгъгæ, уыцы ныхас чи кæны.

Xæмыц — Уырызмæджы кæстæр æфсымæр, кæстæр канд гуырдæй нæ, фæлæ зондæй дæр, хъаруйæ дæр æмæ ’гъдауæй дæр. Ис ахæм ирон æмбисонд: «Хъулæттæ иу мады хуылфæй дæр цæуы». Уырызмæг æмæ Хæмыцы ’хсæн æмхуызондзинадæй ницы ис. Ирон царды-иу æфсымæртæй иу рауади «магусайæ цæлуарзаг». Хæмыц дæр у раст ахæм. Чындзæхсæвтыл зилын, бахæрын, баназын, рæстæг хъæлдзæгæй арвитын, сылваз митæ кæнын — уыдон сты Хæмыцы бæрæггæнæнтæ. «Хæмыцы рихи», «архъызы дæндаг» — уыцы дзырдтæй бæрæг кæнынц Хæмыцæн йæ сурæт дæр æмæ йæ миниуджытæ дæр. Нарты ныхасы Нартæй чи хуыздæр у, зæгъгæ, ууыл ныхас куы цыди, уæд Нарты адæм сæхуыддæг тынг хорз равдыстой Хæмыцы сурæт.

Сослан — Нарты «нæрæмон». Сослан æндон, хъæбатыр, æнæхатыр нæртон гуырд. Йæ хъæбатырдзинад, йæ тых, йæ хъару кæм нал фæфаг кæнынц, уым хиндзинадæй скæны йæхицæн хотых. Знагыл фæуæлахиз уæвыны сæраппонд Сослан пайда кæны алы мадзæлттæй дæр. Хæрзконд, æвзыгъд, æрхъæцмæ нæ хъæцы, йе знагыл цалынмæ фæуæлахиз уа, уалынмæ æрæнцой нæ зоны, йæхицæн бынат нæ ары, ахæм у Сослан. Алцæмæ дæр ныфсхæссæг, æмæ йæ фырныфсхастæй хаттæй-хатт цъысымы дæр бахауы, фæлæ уæддæр йæ амонд фæуæлахиз вæййы («Сослан æмæ Гуымаг лæг», «Сослан — тыхагур» æ. а. д.).

Батрадз — Нартæн сæ тæккæ хъаруджындæр, æппындæр аипп кæмæ нæ арынц Нарт, уыцы болат Батрадз. Лæгæй-лæгмæ æргом чи цæуы знаджы ныхмæ, хиндзинадæй мисхалы бæрц дæр кæмæ нæ хæццæ кæны, Нарт се ’хсæн хуыздæрæн кæй равзæрстой, уый. Сослан æмæ Батрадз кæд дыууæйæ дæр æндон гуырдтæ сты, кæд сæ дыууæйæн дæр сæ хъæбатырдзинадæн кæрон нæй, уæддæр сты хицæн фæлгонцтæ; сæ сурæтты дæр æмæ сæ удыхъæдты дæр иудзинадæй ницы ис. Батрадзæн тыхгæнæг тых никуы ссардта. Батрадз Сосланау цъысымы никуы бахауд. Раст, æнæхин, æнæкæлæн.

Сырдон — «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн», «Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт гæды Сырдон» — ахæм ныхæстæй бæрæггонд цæуы кадджыты Сырдон. Бирæ ныхас цæуы Сырдоны фæлгонцы алфамбылай. Чи йæ куыд æмбары, чи куыд. Æз дæр зæгъын мæ ныхас. Нарты кадджыты геройтæй алкæцы дæр у хицæн миниуджыты хицау, хицæн идейæ æвдыст кæм цæуы, ахæм. Сырдон у фыддзинад (зло) хæссæг. Адæймаджы хорз миниуджытæ, царды хорздзинæдтæ сæхицæн бынат ссардтой Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сатана, Бедуха, Акула, Агуындæ æмæ иннæты фæлгонцты. Фыддзинад та æвдыст цæуы Сырдоны фæлгонцы. Сырдон у демоны фыдминиуджытæ хæссæг фæлгонц. Лермонтов цæйау загъта: «Собранье зол — его стихия!» Нарты ’хсæн фыдбылызæй цыдæриддæр цыд, уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй. Хæмыц, Сослан, Батрадз — уыдон бабын сты Сырдоны фыдæй. Кæд хаттæй-хатт Сырдон æвдыст цæуы, юмор йæхицæн бынат цы фæлгонцы ссардта, ахæм фæлгонцы хуызы, уæд уый тыххæй æз афтæ зæгъинаг дæн: юморы элементтæ Сырдоны фæлгонцмæ хаст æрцыдысты фæстæдæр рæстæджы. Раздæр Нарты кадджыты, æвæццæгæн, уыди дыууæ фæлгонцы: иу — Сырдон — фыддзинадхæссæг, уæлдæр куыд загътон, афтæ, иннæ та юморхæссæг. Уыцы дыууæ фæлгонцы баиу сты фæстæдæр дугты, фæлæ уыцы иугонд фæлгонцы сæйрагдæр бынат æрцахста фыддзинад (зло). «Сырдон Нартæн хорздзинæдтæ кодта», — афтæ фæзæгъынц бирæтæ, æмæ ’ркæнынц, Сырдон Нартæн фæндыр куыд балæвар кодта, уый кой. Сырдон фæндыр кæй сарæзта æмæ йæ Нартæн кæй балæвар кодта, уый, æнæмæнг, хорздзинад у, стыр хорздзинад. Фæлæ уый цæмæн рауад? Сырдон Нартæн фæкодта æнæкæрон æмæ æнæбын фыдбылызтæ, фæлæ фæстагмæ йæ фыдбылызтæ йæхиуыл æрзылдысты — Хæмыцы хъуг адавта, æмæ йын Хæмыц, уый фыдæнæн, йæ бинонты аргæвста æмæ сæ аджы бафтыдта, Хæмыцæн йæ хъуджы фыдтæ цы аджы фыхтысты, уыцы аджы. Сырдон уый куы федта, уæд йæхимæ ’ркаст, бамбæрста, фыддзинад цы ад кæны, уый, æмæ ’рфæсмон кодта.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: