СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 13 глава




— Рараст дæн уырдыгæй. Иу ран иу зæронд лæг бæрзонд хохмæ хуыр æмæ змис æккойæ хæссы хæлд, æнæбын тæсчъы. Цы ракодта, цымæ, уый та?

— Уый та-иу уæлæуыл кайаг уыд арæнæй, афтæмæй мæгуыр адæмæн сæ зæххы гæппæлтæ давта. Ам сæ ныр фиды.

— Рацыдтæн уырдыгæй, æмæ та мæнæ диссаг: иу ран цъæх нæууыл гал ныууагъта астæумæ кæрдæгыл йæ хизын, фæлæ зыдæй æууилы зæронд лæджы зачъе. Дис дæр ыл куыннæ фæкодтаин: ахæм цъæх кæрдæг уа галæн, æмæ афтæмæй зæронд лæджы зачъе æууила!

— Дис дæм ма кæсæд уый дæр. Уый-иу алы куыстафон цæдисæмбал скодта æмæ-иу йæхи галæн цъæх хос лæвæрдта, искæй галæн та — хъæмпы муртæ. Уый дын ныр йæ хъуыддаг.

— Уырдыгæй рацыдтæн. Иу ран иу сакъадахмæ доны сæрты ис хид арæзт, растæндæр карды комы хуызæн, сакъадахы та айчы хъузджы мидæг бады зæронд лæг.

— Уый та йæ цæргæ-цæрæнбонты уæлæуыл иунæгæй царди — нæ йын æмбал уыди, нæ — хæлар; бæрæгбонæй, къаты бонæй нæ зыдта, уазæг циу, уый. Ныр ам, мæрдты бæсты дæр, иунæгæй йæ бонтæ ’рвиты.

— Уырдыгæй рацыдтæн. Федтон иу ран салд бæхы мард, йæ фæйнæфарс ус æмæ лæг бадынц.

— Уыдон уæлæуыл мæрддзæст уыдысты, сæ фæллойæ сæ цæст хæрын нæ уарзта, æмæ мæрдты бæсты салд бæхы фыдæй се ’ххормаг сафынц.

— Рацыдтæн уырдыгæй, — дзуры дарддæр Сослан, — кæсын, æмæ иу ран ус æмæ лæг хуыссынц; дынджыр галдзарм сæ быны тыд уыдис, æндæр ахæм галдзармæй æмбæрзт уыдысты; фæйнæрдæм сæ ратон-батон кодтой — нæ сыл æххæссыдысты. Цæмæн афтæ уа уый та?

— Уый уымæн афтæ у, — загъта Бедуха, — æмæ сæ уæлæуыл царды уыдон кæрæдзийы нæ уарзтой, сæ цæргæ-цæрæнбонты кæрæдзийы ратон-батон фæкодтой; ам дæр, мæрдты бæсты, баззадысты, уæлæуыл цы уыдысты, уымæй.

— Рацыдтæн уырдыгæй, — загъта Сослан, — кæсын, æмæ та чысыл ардæмдæр ус æмæ лæг хуыссынц; иу тæрхъусдзарм сæ быны тыд, иннæ тæрхъусдзарм сæ уæлæ æмбæрзт, афтæмæй сын уыдысты алырдæм дæр парахат. Уый та цæмæн афтæ уа?

— Уый дæм диссаг цæмæн кæсы? — загъта Бедуха. — Уыдон сæ уæлæуыл царды бирæ уарзтой кæрæдзийы; ам дæр, мæрдты бæсты, не сты уыцы уарзондзинадæй æнæхай.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Иу лæг æмæ усмæ æрхæццæ дæн. Лæг йæ хъæлæсæй цæхæр омдта, ус та йæм йæ къухтæ дардта.

— Уыдон дæр сæхи фыдæй хъизæмар кæнынц, — загъта Бедуха. — Сæ уæлæуыл царды-иу бинонты астæу сæхицæн сусæгæй хæринаг кодтой, ныр уыцы давд мæрдты бæсты зындзинадæй фидынц: афæдз æртæ боны афтæ куыд хъизæмар кæной, мæрдты хицау сын уый стæр-хон кодта.

— Иу ран та иу ус ставд теманæй хæхты скъуыдтæ æмпъузы. Бафæллад, мæгуырæг, фæлæ йын æрæнцой кæнæн нæй уæддæр.

— Уый та уæлæуыл йæхи лæджы сайгæ кодта: æндæр лæг дардта, æмæ-иу уымæн лыстхуыд кодта, æнæзивæгæй, йæхионæн та — ставд сынчытæ, хъуырхъуыргæнгæйæ.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран иу ус стыр къæртайы дзаг æхсырæй цыхт ахсы. Уыйбæрц æхсырæй йын æгасæй еууы нæмыджы йас гуымбыл схауы. Йæ фарсмæ та, чысыл æддæдæр, æндæр ус уидыджы дзаг æхсырæй сисы æнæхъæн хохы йас гуымбыл. Диссаг мæм фæкастысты.

— Ма дис кæн уыдоныл дæр, — загъта Бедуха: — уыдонæй, стыр къæртайы дзаг æхсырæй еууы нæмыджы йас цыхт кæмæн схауы, уымæ уыдис сæдæ хъуджы; бирæ йæм уыдис урссаг, фæлæ чъынды уыд: бæрæгбон-иу дзы йæ сыхаг куы куырдта цыхты мур, уæд-иу ын нæ лæвæрдта, нæй мæм, нæй мæм-иу кодта. Иннæмæ та æрмæстдæр иунæг хъуг уыдис, фæлæ уый рæдау уыд: исчи-иу дзы куы куырдта урссаг, фæнды бæрæгбон, фæнды къаты бон, — æнæ ратгæ-иу ын нæ фæци, йæхи дæр-иу хъуаг ныууагътаид, уæддæр. Уый дын ныр сæ хъуыддаг мæрдты бæсты!

— Уырдыгæй дæр та рацыдтæн æмæ æрбахæццæ дæн иу æндæр усмæ. Уый хуыссыд уæлгоммæ, æмæ йæ риуыл стыр куыройы фыдтæ ривадæй зылдысты.

— Уый та-иу искæй куыройыл æвастæй бавгæдта. Ныр дын уый йæ хъуыддаг.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ та мæнæ иу ран ноджы иу усæн йæ риуыл куыройы фыдтæ зилы, ссгæ та кæнынц сау дуры къæрттытæ.

— Уый та-иу арæх искæй ссинагæй давгæ кодта. Ныр сæ ам, мæрдты бæсты, ахæм хъизæмарæй фиды.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн иу æндæр усмæ: уымæн та йæ дзидзитыл кæд уыдис æфтыд гæккуыритæ. Цæмæн уа уый та?

— Уымæ-иу сыхаг ус сывæллон æрбахаста дзидзи дарынмæ: уый-иу сывæллоны йæ кæлмæрзæны бын бакодта, фæлæ-иу ын дзидзи нæ бадардта. Ныр ам, мæрдты ’гъдауæй, фиды йæ хæстæ.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран иу усæн йæ фындзыхуынчъытæй фæсмын æмæ хъуымацы гæппæлтæ зынынц, йæ рахиз цонг цъæх арт уадзы. Цы диссаг у уый та?

— Уый та уæлæуыл хуыйæг уыдис, æмæ-иу алы хуыинагæй дæр æнæ давгæ нæ лæууыд. Ам сæ ныр фиды.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ мæ разы — зæппадз. Зæппадзы бады иу лæппу хæрз бæгънæгæй, йæ фындзыхуынчъытæй рондз цæуы, йæ хъæлæсæй та туг кæлы. Куыннæ йыл бадис кодтаин.

— Ууыл дæр ма дис кæн, — загъта Бедуха. — Уый уæлæуыл цæргæйæ йæ мад æмæ йæ фыды коммæ никуы бакасти, тухийæ сæ мардта, иу æмæ дыууæ ’лгъысты нæ баййæфта уыдонæй. Ныр ам фæсмон кæны æмæ афтæ тынг кæуы, æмæ йæ фындзæй рондз цæуы, йæ хъæлæсæй та туг кæлы.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн бирæ сывæллæттæм: алыхуызон дзауматы, алыйазыккæттæ, цъæх нæууыл хъазыдысты. Чи дзы бæгъæввад уыд, чи ронбæгъд, чи та — æнæхуд. Худтæ сæ рæтты тъыст уыдысты, рæттæ — сæ хъуырты ’фтыд, дзабыртæ — фæдджиты, фæдджитæ та сæртыл тыд. Чи мæ дзы йæ мад хуыдта, чи мæ йæ фыд хуыдта; куыннæ сын фæтæригъæд кодтаин: барæвдыдтон сæ, алкæй дзы йæ дзауматы, куыд æмбæлд, афтæ сарæзтон. Рараст дæн, æмæ мæм фæсте дзурынц: «Сослан, фæндараст фæу, цы хъуыддаджы фæдыл цæуыс, уый дæ къухы бафтæд!»

— Уыдон уыдысты, — загъта Бедуха, — сидзæрæй чи амард, ахæмтæ. Барæвдыдтай сæ, æмæ дыл сæ арфæ æрцæудзæн.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн иу дуармæ. Дуарæн йæ фæстæ гадза, заинаг гадза, хуыссы. Куыддæр йæ рæзты æрбахызтæн, афтæ, йæхæдæг фынæй уыди, фæлæ йæ хуылфæй йæ къæбылаты рæйын ссыди. Тынг дис мæм фæкасти уый.

— Уый та уый нысан кæны, æмæ ахæм рæстæг æрцæудзæн, кæстæртæ хистæртæн уынаффæгæнæг кæд уыдзысты, зонд сын кæд амондзысты.

— Иу ран та стыр æрхы был еууы кæрийы уæлхъус хызын æмæ голлаг кæрæдзийы барынц быцæуæй. Голлаг афтæ зæгъы: «Æз фылдæр дæн!» Хызын дæр афтæ зæгъы: «Нæ, æз фылдæр дæн!» Голлаг байдзаг кæны йæхи, хызыны йæхи ауадзы, æмæ хызын æмбис дæр не свæййы; хызын байдзаг кæны йæхи, голладжы ауадзы уый дæр йæхи, æмæ голлаг йæ былтæй акæлы. Цымæ цавæр диссаг уа уый та?

— Нæртон лæг куы дæ, — загъта Бедуха, — уæд дæм уый куыд диссаг кæсы? Ахæм заман скæндзæн, æмæ адæмæн æфсис нал уыдзæн, стыр æмæ чысыл æмбартæ суыдзысты.

— Уырдыгæй рацыдтæн. Иу ран быдыры æртæ тæлм бæласы; сæ быны хуыдзарм дзабыр æмæ сæрак дзабыр кæрæдзиимæ тох кæнынц — бæласыл бырынц. Хуыдзарм дзабыр бæласæн йæ цъупмæ сбырыд, сæрак дзабыр та йæ быны баззад. Куыннæ йыл фæдис кодтаин, — хуыдзарм дзабыр сæрак дзабырыл фæтых уа, зæгъгæ.

— Хуыдзарм дзабыр нысан кæны сау адæмы, сæрак дзабыр та уæздæтты. Ахæм заман æрцæудзæн, æмæ сау адæм уæздан адæмыл фæтых уыдзысты, сæ разæй фæуыдзысты.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ хохæй быдырмæ ставд бæндæн баст: йæ бынты ацæуæн нæй, йæ сæрты — ахизæн. Уалынмæ йæ кæрон феуæгъд и æмæ иуырдæм батылд. Фæдис ыл кодтон, фæлæ йын ницы бамбæрстон, — загъта Сослан.

— Дæ фæндагæй, уæдæ, æцæг куы ницы бамбæрстай, — загъта Бедуха. — Уый амоны уый, æмæ фæстагмæ дуне адæмæн дуар суыдзæн.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу ран хохæй быдырмæ бæндæн райвæзы æмæ та фæстæмæ хохмæ батымбыл вæййы.

— Уый та уый у, æмæ фæстагмæ адæм хохæй быдырмæ царды хос аразынмæ цæудзысты æмæ та-иу фæстæмæ хохмæ бацæудзысты, — загъта Бедуха.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу обауыл фыцы пæлхъ-пæлхъæй фæрсæй-фæрстæм æртæ цæджджинаджы, сæ быны саджы сыкъатæй цырын арт. Дыууæ кæройнаг аджы кæрæдзимæ æппарынц дзидзатæ армгай æмæ агъдгай, астæуккагмæ дзы басы цъыртт дæр нæ хауы — сурæй сыр-сыр кæны. Уый та цæмæн афтæ у? — бафарста Сослан.

— Диссаг дæм ма кæсæд уый дæр. Уый та уый амоны, æмæ ахæм рæстæг æркæндзæн, æмæ æцæгæлон адæмтæ кæрæдзимæ æфсымæрæй æнгомдæр суыдзысты, алы мыггæгтæ æфсымæртау хæларæй цæрдзысты, æрвадæлтæй лымæндæр бауыдзысты.

— Уырдыгæй рацыдтæн, — загъта Сослан, — æмæ федтон ноджы диссагдæр: иу ран фæндаджы был усы кæлмæрзæн æмæ лæджы худ хæцынц хъæбысæй. Куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы — се ’ннæ. Бирæ фæхæцыдысты, стæй, æппынфæстаг, фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты фæндагыл.

— Уый та, — загъта Бедуха, — амоны уый, æмæ æрцæудзæн ахæм рæстæг, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг æмбартæ кæд суыдзысты, нæлгоймаджы сæрыл кæд нал уыдзæн хъуыддаг.

— Цæуын та байдыдтон. Кæсын, æмæ иу ран мæ фæндагыл рифтæгтæ. Мæнæ цы рифтæгтæ ис, зæгъгæ, сæм ехсыхъæдæй уæлбæхæй æрæвнæлдтон. Тыхджын та куыннæ дæн — Нарты хъæзтыты-иу барæг уæлбæхæй фелвæстон, фæлæ уыдоны, мара-зæгъай, змæлын дæр фæкæнон, мæ ехсыхъæд асаст. Мæнæ диссаг, зæгъгæ, æргæпп кодтон бæхæй, схæцыдтæн сыл иу къухæй, нæ мын скуымдтой сисын; дыууæ къухæй сæм февнæлдтон æмæ мæ уæрджыты сæртæй дæлæмæ зæххы афардæг дæн, уæддæр мын фезмæлын дæр нæ бакуымдтой. Мæнæ стыр диссаг, зæгъгæ, загътон æмæ сæ ныууагътон. Цымæ цы уыди уый та?

— Куыд сæ хъуамæ сфæрæзтаис! — загъта Бедуха. — Уыцы рифтæгтæ сты адæймаджы хорздзинæдтæ.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Фæндагыл лæууы алыхуызон æндæхты къуыбылой. Уæдæ ацы къуыбылойæ куы айсин мемæ, зæгъгæ, загътон мæхицæн æмæ йæ байдыдтон мæ цонгыл тухын. Тухын, тухын, фæлæ къуыбылой уæддæр къаддæр нæ кæны. Фæдис ыл кодтон бирæ, фæлæ йæ ’мбаргæ нæ бакодтон.

— Уыцы къуыбылой нысан кæны дунейы сусæгдзинæдтæ; цасфæнды тырнай сæ базонынмæ, базондзынæ дзы æрмæст хæрз чысыл, — загъта Бедуха.

— Уырдыгæй рацыдтæн, æмæ иу ран быдыры ноджы къуыбылой: размæ тулгæ-хæлгæ кæны, фæстæмæ та тулгæ-тухгæ, афтæмæй йын нæ хæлын æнтысы, нæ — тухын. Уый та цæмæн уыд? — фæрсы Сослан.

— Уый диссаг нæу, — дзуапп ын дæтты Бедуха. — Ахæм рæстæг скæндзæн, æмæ адæм сбирæ уыдзысты æмæ зæхх баргæ кæндзысты.

— Рараст та дæн. Кæсын, æмæ мæ фæндагыл мæнæ бæхсныджы къуыбылой, бæхы къæхты разæй тулы. Фæстæмæ фæкастæн, æмæ мын фæсте мæ бæхы счъилтæ хойы. Уалынмæ дзы фæхицæн дæн. Дисы бацыдтæн; æвæццæгæн, мыл исты фыдбылыз цæудзæни, зæгъгæ, загътон мæхицæн.

— Ма тæрс, — загъта Бедуха, — ницы дыл æрцæудзæн уымæй, фæлæ-иу уыцы къуыбылой дæ бæхы разæй куыд фæцис, фæсте та-иу ын йе счъилтæ куыд бариуыгъта, раст афтæ у дæ зонгæты хъуыддаг дæр: ис дзы ахæмтæ, æмæ дæм разæй худгæ фæкæны, фæсте та дын де счъилты нуæрттæ лыг кæны.

— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ Нарты фыдæлтæ бадынц, сæ разы фынгтæ ’вæрд, алы хæринаг, алы нуазинагæй се дзаг, афтæмæй, фынгтæн сæ кæрон та гæдыйы мард æмæ куыдзы мард. Кæсынц Нарты зæрæдтæ сæ фынгтæм, фæлæ сæм æвналгæ нæ кæнынц.

— Æмæ сæм куыд æвналой? — загъта Бедуха. — Уый, ды мæрдты бæстæм куы цыдтæ, уæд сын Сатана ныффæлдыста куыдзы мард æмæ гæдыйы мард, цæмæй фæстæмæ куы ссæуай, уæд æй радзурай, æмæ уымæй базона дæ балцы æцæгдзинад.

— Хорз, — загъта Сослан фæстагмæ, — бамбæрстон сæ ныр иууылдæр, фæлæ ма не ’мбарын уæддæр иу хъуыддаг: куы ’рбацыдтæн ардæм, уæд дæ сæр дæ гуырыл цæуылнæ уыд? Уый та цы диссаг у?

— Æмæ уый та куыннæ зоныс? — загъта Бедуха. — Мæ сæр æдзух дæр демæ вæййы. Æз дын ардыгæй бирæ ’ххуыс кæнын. Ардæм куы сфæнд кодтай, уæд дæр дын фæндæгтæ мæ руаджы суæгъд сты, æндæра ма удæгасæй исчи мæрдты бæстæм æрбацыдис? Ды дард балцы куы вæййыс æмæ дæ сæрмæ сау асæст куы цæуы, уæд дын уый дæр æз вæййын, цæмæй ма фæлмæцай хурæй. Хæсты куы вæййыс, уæд демæ чи фæхæцы, уыдонæн сæ сæрмæ тыгъдызæй куы ныллæууы, уæд уый дæр æз вæййын, кæд де ’фсæдтæ фæтыхджын уаиккой, зæгъгæ.

Стæй рацыдис Бедуха æмæ ракуырдта мæрдты Барастырæй Аза-бæласы сыфтæ, æрбахаста сæ Сосланмæ æмæ йын загъта:

— Кæд мæрдтæм цæугæ ’рбакодтай, уæд уый — дæ хъаруйы фæрцы, æндæр хуыцауы ’вастæй мæрдтæм фæндаг никæмæн ис, нæдæр фæстæмæ мæрдты бæстæй уæлæуыл дунемæ ис цæуæн. Ды дæр иугæр мæрдтæм æрбацыдтæ, уæд дын фæстæмæ фæндаг нал ис. Фæлæ æз мæ цæстытæ куы ’рныкъулон, уæд дæ бæхы цæфхæдтæ фæстæрдæм сагъд фестдзысты, æмæ-иу уæд цæугæ. Мæрдты адæм дæ фæсте сурдзысты, чидæр фæлидзы æмæ мах дæр лидзæм, зæгъгæ, фæлæ фæдмæ ’ркæсдзысты, æмæ мидæмæ разындзæн; мæрдтæ раздæхдзысты фæстæмæ, алчи йæ бынатмæ. Фыдæбоны лæг дæ, Сослан, стырзæрдæ лæг. Дæхи æнцад цæрын никуы ныууадздзынæ! Цæрынæй хæрынмæ мæ коммæ никуы бакастæ, фæлæ дын фæдзæхсын: ардыгæй куы ацæуай, уæд цыдæриддæр хæзнайыл сæмбæлай дæ фæндагыл — кæсгæ дæр-иу æм ма фæкæн, дæ фæндаг-иу дар.

Бедуха куыд загъта, афтæ бакодта, æмæ Сосланæн йæ бæхы цæфхæдтæ фæстæрдæм сагъд фестадысты.

Сослан хæрзбон загъта Бедухайæн, сбадтис йæ бæхыл æмæ рараст ис мæрдты бæстæй.

Мæрдтæ дæр базыдтой, чидæр кæй фæцæуы мæрдты бæстæй, æмæ мæрдты дуары ’рдæм ныххæррæтт кодтой йæ фæдыл; фæлæ, бæхы фæд мидæджырдæм здæхт у, уый куы федтой, уæд загътой, уый нæхирдæм æрбацыдис, зæгъгæ, æмæ сæ алчи йæ бынатмæ ацыдис.

Цас та фæцыдис Сослан, чи зоны, фæлæ иу афоны æрбахæццæ ис мæрдты дуармæ.

— Дуар бакæн! — дзуры Сослан Аминонмæ.

— Сослан, иугæр мæрдты бæстæм æрбацыдтæ, уæд ардыгæй фæстæмæ здæхæн нал ис, — дзуапп ын радта мæрдты дуаргæс.

Куы нæ йын кодта Аминон дуар, уæд Сослан æрцæфтæ кодта ехсæй йæ хъандзалсæфтæг бæхы, рарæмыгъта дуар, афтæмæй тыхæй рацыдис мæрдты бæстæй.

Цæуы, цæуы æмæ иу ран фæндагыл æрбамбæлдис сызгъæринты кæрийыл. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Бедухайы фæдзæхст, æмæ йæм нæ бавнæлдта, фæстæмæ дæр æм нæ фæкаст. Цæуын та байдыдта ноджы; цас рауадаид, чи зоны, фæлæ та иу ран уыны сызгъæрин рувасы къæдзил. Нæ та систа уый дæр Сослан, фæстæмæ дæр та йæм нæ фæкастис. Цæуы, цæуы æмæ та иу ран æрбамбæлдис иу худы зæрондыл.

Худы зæронд куы ауыдта, уæд дзуры йæхинымæры: «Цæмæн бакастæн мард усы коммæ, мæхи æнæхай цæмæн фæкодтон ахæм хæзнатæй?!» Нал фæлæууыдис худмæ, систа йæ, ацы худы зæронд нæ чындзытæн уæддæр ахæссон, нæ куыройы сын фалгæрæттæ расæрфынæн бабæздзæн, зæгъгæ, æмæ йæ атъыста йæ роны.

Цæуын та байдыдта Сослан, сæхимæ сæввахс ис, туацъæмæ схæццæ ис. Туацъæйы йæ бæхæй æрхызтис, бæласыл æй бабаста, йæ саргъ ын систа, стæй какон сындз ракодта æмæ йæ нæмын райдыдта йæ тых-йæ бонæй.

Бæхæн фырнадæй йæ туг алырдыгæй кæлы.

— Тагъд дæ адзал цæмæй у, уый мын зæгъ, — дзуры Сослан бæхмæ, — на æмæ дæ ацы фыдæбæттæй не суæгъд кæндзынæн.

Бæх ницы дзуры. Уæд Сослан фæмæсты ис, фелвæста дынджыр бæлас æд уидæгтæ æмæ йæ йæ бæхы сæрыл лыстæг пырх ныккодта. Цы ма кодтаид бæх дæр — сдзырдта: «Мæ адзал мæнæн мæ къæхты хæфсытæй у; бынæй мын мæ хæфсытæ куы нæ срæхойай, уæд мын мæлæт нæй: хъандзалсæфтæг дæн. Уæдæ дæхицæн та дæ адзал цæмæй у?» — фæрсы бæх Сосланы.

— Æз æгасæй дæр болат дæн, æрмæст мæ уæрджыты сæртæй фæстæмæ — уыдон мын фæлмæн сты, æмæ Балсæджы Цалхæй у мæ мæлæт: уый мæ уæрджыты сæртыл куы нæ атула, уæд мын æндæр мæлæт ницæмæй ис, — загъта Сослан.

— Гъеныр дын æй хуыцау ма ныббарæд, — бæх æм дзуры, — дæхи дæр бабын кодтай æмæ мæн дæр. Дæ роны цы худы зæронд цæвæрдтай, уый-ма фен — уый Гæтæджы фырт гæды Сырдон уыд.

Асгæрста Сослан йæ рон, æмæ худы зæронд уым нал ис. Бамбæрста йæ уæд, цæуылнæ йын уагъта Бедуха исын, йæ фæндагыл цы хæзнатыл æмбæлдаид, уыдон. Сырдон куы фехъуыста, цæмæй у Сосланæн йæ мæлæт, стæй йæ бæхы мæлæт, уæд агæпп кодта Сосланы ронæй æмæ дæлдзæхмæ уайыныл фæцис, хæйрæджыты паддзахмæ æфсадгур.

— Нарты Сослан адæмæн сæ туг банызта, — загъта Сырдон хæйрæджыты паддзахæн, — йе стыр ныфс йæ бæх у, æмæ бæхæн йæ мæлæт у йæ къæхты хæфсытæй, æмæ мын фатджын æфсæдтæ радт, бынæй йæ хæрдмæ чи ’хса, ахæмтæ.

Радта йын хæйрæджыты паддзах æфсæдтæ. Уыдон дæлдзæхæй хæрдмæ ’хсын байдыдтой Сосланы бæхы æмæ йын æй амардтой йæ къахы хæфсæй. Бæх куы мардис, уæд дзуры Сосланмæ:

— Æз мæлын, фæлæ мæ тагъд мæхæлыстыгъд акæн, мæ цармы мын ныннæм хъæмп, сбад мыл, æмæ дæ афтæмæй, чи зоны, дæ хæдзарыл сæмбæлын кæнон.

Сослан бæхы мард мæхæлыстыгъд акодта, йæ цармы йын хъæмп ныннадта æмæ йыл саргъ авæрдта. Сбадтис ыл æмæ та фæцæуы йæ фæндагыл.

Сырдон дæр та фехъуыста бæхы ныхас, тагъд та азгъордта хæйрæджытæм дæлдзæхмæ æмæ сæм дзуры тызмæгæй:

— Тагъд, хæйрæджытæ, уæ фæтты бырынчъытæ зынг кæнут æмæ йæ афтæмæй æхсут!

Байдыдтой тæвд кæнын хæйрæджытæ сæ фæтты бырынчъытæ; сырх зынг-иу сæ скодтой æмæ сæ афтæмæй æхстой уæлзæхмæ. Хæйрæджыты тæвд фæттæ сæмбæлдысты Сосланы хъæмпын «бæхы» гуыбыныл; хъæмп мидæгæй схæцыд, æмæ «бæх» æгасæйдæр басыгъд.

Фистæгæй бацыд Сослан сæхимæ, йæ саргъ йе ’ккойы, афтæмæй. Радзырдта Сатанайæн, цы федта мæрдты бæсты, уыдон иууылдæр. Сатанайы дæр уæд бауырныдта, Сослан мæрдты бæсты кæй уыдис, уый. Радта Сатана йæ диссаджы къухдарæн Сосланмæ. Сослан ахаста къухдарæн æмæ дзы денджызы былыл стыр зиллакк æркодта, — фестадис дзы æфсæйнагæй стыр сау галуан. Йæ цыппар фисыны йын ныссагъта Аза-бæласы сыфтæ.

Стæй йын Сатана ракуырдта Æфсатийæ уадындз. Сослан уыцы уадындзæй ныууасыд, æмæ галуанмæ æрцыдис æртæ сæдæ сырды: уыдонæй иу сæдæ сагтæ уыдис, иннæ сæдæ — дзæбидыртæ, аннæ сæдæ та — æндæр алымыггаг сырдтæ.

Авд уæйыджы куы федтой сæ ирæд, уæд радтой сæ хъан — Хуры чызг Ацырухсы Сосланæн усæн.

СОСЛАНЫМÆЛÆТ

Æрхаста Сослан Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн. Цæрынтæ, хæрынтæ байдыдтой; бонтæ, азтæ сыл ивгъуыдтой. Арæх-иу цыдис Сослан цуаны Зилахары быдырмæ. Афтæмæй æрвыста йæ рæстæг.

Уæд та иуахæмы бафæнд кодта фæцæуын Зилахары быдырмæ дыууадæс æмбалимæ. Ацыдысты. Зилахары быдыры æрцарæзтой сæхицæн мусонг. Райсомæй-иу сихормæ фæцуан кодтой, стæй-иу æрцыдысты мусонгмæ сæ фæллад уадзынмæ; сæ фæллад-иу суагътой æмæ та-иу изæрæй ацыдысты цуаны.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: