СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 16 глава




— Нæ, мæнæн уыдон фарсмæ бадæн нæй, фæлæ мын æнæбын хуыскъаг мигæнæны фæнык акæнут æмæ ууыл абаддзынæн; уый, æз кæуыл фæбадын, ахæм у, — загъта Сырдон.

Уыдон дæр ын æнæбын хуыскъаг мигæнæны фæнык акодтой æмæ йыл бурæмæдз ауагътой. Сырдон ыл куы ’рцæй бадти, уæд æй иуырдæм фенкъуыста, æмæ фæнык æмæ бурæмæдз акалдысты. Сырдон æрбадти бæстон æнæбын мигæнæныл.

Уæйгуытæ фæрсынц Сырдоны:

— Сымахырдыгæй кусæрттаджы нард цæмæй æвзарынц?

Сырдон сын загъта:

— Махырдыгæй кусæрттагыл сæ къух æрхæссынц, æмæ фæлмæн куы вæййы, уæд уый нымайынц нарды нысаныл.

Уæйгуытæ дæр, дын, Нарты гуыппырсарты бæрзæйтыл сæ къухтæ æруагътой æмæ сæ нардæй сгарынц. Сослан дынджырбæрзæйджын уыди, æмæ уæйгуытæ нарддæрæн равзæрстой уый. Ратыдтой йæ йæ бынатæй æмæ йæ фынгыл кусæрттаджы æвæрд æркодтой æргæвдынмæ.

Гъа ныр Сосланыл кард æрбауадзой, афтæ Сырдон фестад æмæ фæхъæр кодта уæйгуытыл:

— Гъæй, бирæ хæрдæй номгæнджытæ! Цы ми кæнут?! Сæрæй та уæ гуыбыны куыст кæнут?

Уæйгуытæ фæджих сты, ай куыд феуæгъд и, зæгъгæ, æмæ дзурынц Сырдонмæ:

— Нæ гуыбыны куыст кæнæм, нæ гуыбыны! Уæдæ нын цы кæнын кæныс?

— Адон уæм цæмæн æрцыдысты, уый нæма базыдтат, фæлæ æндæр куыстытыл фестут.

— Гъы, дæ хорзæхæй, зæгъ нын, уæдæ, цæй тыххæй æрцыдысты, уый, — дзурынц Сырдонмæ уæйгуытæ.

— Уæдæ хъусут. Æгас Нарт дæр сбыцæу сты, куырды дзауматæй хистæр кæцы у, зæгъгæ, æмæ уæм фæрсынмæ ’рæрвыстой мæнæ сæ фæсивæды æмæ сæ хистæрты, æмæ сын бамбарын кæнут, куырды дзауматæй чи хистæр у, уый, — зæгъгæ, сын загъта Сырдон.

Уæд уæйгуыты хистæр нал фæлæууыд æмæ загъта:

— Æвæдза, куырды дзауматæн сæ хистæр хъæсдарæг у.

— Нæ, куынц хистæр у, — загъта дыккаг, — куынц куынæ уа, уæд дæ дзыхæй фу кæндзынæ?

— Æртдзыскæн куынæ уа, уæд тæвд æфсæйнагыл дæ къухæй ныххæцдзынæ? — загъта æртыккаг.

Уыдон ныхæстæм мæстæй амард цыппæрæм æмæ сыл фæхъæр кодта:

— Æмæ дзæбуг куынæ уа, уæд тæвд æфсæйнаг дæ тымбыл къухæй хойдзынæ? Дзæбуг хистæр у, дзæбуг!

Сырдон дæр ын йæ ныхас ацахста æмæ йæм дзуры:

— Ды растдæр дæ се ’ппæтæй дæр, æмæ ма сыл мæнæ дзæбугæй æрцу, æмæ куырды дзауматæй чи хистæр у, уый сæхиуыл бавзарой!

Уæд дзæбуг кæмæ уыд, уый ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ дзы иуы сæр ныххафта. Уыйадыл кæрæдзиуыл ралæууыдысты уæйгуытæ æмæ, — дæ балгъитæг афтæ! — кæрæдзийы пырх кæнынц. Йæ цæвæн-иу йæ къухæй кæмæн ахаудта, уымæн та-иу æй Сырдон йæ къухмæ авæрдта æмæ-иу ын загъта:

— Куы дæ амардта, куыд фыд-зæрдæ у де ’фсымæр!

Сырдоны ныхас ноджыдæр загъд цырынæй-цырындæр кодта, цалынмæ уæйгуытæ кæрæдзийы ныццагътой, уæдмæ.

Нарт ныуулæфыдысты, сæ цæстыты фæзындис рухсы цъыртт. Сырдон æмæ Сослан истой уæлартæй, уæйгуыты агæй, тæвд дон æмæ йæ Нарты бын уагътой, цалынмæ Нарт бандонæй фæхицæн сты, уæдмæ. Се ’гъдты цæрмттæ бандоныл баззадысты, æмæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд фæйнæрдæм ныкъкъултæ сты, раст бадæн сæ нал уыд, æмæ сыл Сырдон худæгæй мардис, фæсте сæм дзырдта:

— Уæ, уæ бонæй уат, Нарты хъалтæ, фырхъалæй сæ бæхтыл раст дæр нал бадынц!

Нарт мæсты кодтой Сырдонмæ. Иу ран бæлас æртасын кодтой æмæ йæ йæ рихитæй уымæ бабастой, стæй бæлас суагътой, æмæ Сырдон бæласы цъуппыл ауыгъдæй баззад.

«Гъеныр мæ раны дæн, гъе», — загъта Сырдон.

Иудзæвгар фæци бæласыл ауыгъдæй, афтæ Бæлгъæйы ’лдары фыййау йæ бынты æхситтытæгæнгæ йæ фос æрбаскъæры. Сырдоны куы ауыдта фыййау, уæд æм бæласы сæрмæ дзуры:

— Хуыцауы тыххæй, уæлæ лæг, уым цы ми кæныс?

— Ам цы ми кæнын, уый дын куы зæгъон, уæд мын мæ бадæн агурдзынæ, фæлтау дæ цыды кой кæн, — загъта Сырдон.

— Ницы дæ агурдзынæн — дæ хорзæхæй, уым цы ми кæныс, уый мын зæгъ.

— Кæд мæ нал уадзыс, уæд дын æй зæгъдзынæн. Уæлæ, кæс, уæдæ, — хуыцау мæнæу най кæны, æмæ уый куы федтон, уæдæй нырмæ мæ зæрдæ нал хæринаг агуры, нал нуазинаг.

— Дæ хорзæхæй, уæлæ лæг, æз хуыцауы никуыма федтон, æмæ мын æй фенын кæ, — загъта фыййау.

— Нæ дын загътон, нæ, мæ бадæн мын агурдзынæ?

Фыййау басомы кодта Сырдонæн, куыддæриддæр хуыцауы фена, афтæ йын йæ бынат фæстæмæ кæй ратдзæнис, ууыл. Сырдон, цыма йæ бæласæй рахизын нæ фæндыди, уыйау дзуры фыййаумæ:

— Уæдæ мæнæ бæласыл æрхæц, мæ бæстытæ мын суадз, æмæ дæ мæхæдæг бæласы цъупмæ фидардæр бабæтдзынæн, кæннод, хуыцаумæ кæсгæйæ, фидар баст куынæ уай, уæд мыййаг, рахаудзынæ.

Фыййау бæлас æртасын кодта æмæ Сырдоны суæгъд кодта йæ бæстытæй. Сырдон бæласы цъупмæ фыййауы бабаста, бæлас суагъта, æмæ фыййау бæласы цъуппыл ауыгъдæй баззади. Кæсы фыййау хæрдмæ, фæлæ хуыцауы никуы уыны æмæ дзуры Сырдонмæ:

— Мæ цæстытæй нырмæ куыд уыдтон, афтæ сæ нал уынын!

Уæд æм Сырдон дæле дзуры:

— Фæлæуу, мæ хæдзар, ма тæрс, иу чысыл ма куы фæуай бæласы цъуппыл, уæд сæ æппындæр нал уындзынæ.

Йæхæдæг фыййауы фосыл рахъæр кодта æмæ сæ Нартмæ æрбатардта.

Нарт дис кæнынц æмæ дзурынц се стыр Ныхасы:

— Нæ фыдбылыз та фосармæй æрцыди, мах та йын фесæфын æнхъæл уыдыстæм.

Уæд сæм Сырдон дзуры:

— Мæнæ уын фос, æмæ сæ байуарут! Мæн сæфт хонут, фæлæ сæфт сымах стут. Бæлгъæйы быдыр æнæгæс фосæй байдзаг ис, æмæ уырдыгæй йæхицæн нырмæ кусæрттаг чи не ’рыскъæрдта, сæфт уый у.

Уæд, дын, Нарт ныффæдис кодтой Бæлгъæйы быдырмæ.

Бæлгъæйы æфсæдтæ та сæ фыййау æмæ сæ фос агурынмæ рацыдысты æмæ Нартимæ кæрæдзийыл хæрхæмбæлд фесты æмæ кæрæдзиуыл ралæууыдысты.

Фæстæмæ куы раздæхтысты Нарты фæсивæд, уæд сæрвæтыл сæ фæндаг ракодтой æмæ фыдæнæн Сырдоны бæхы хæмхудтæ ныллыг кодтой. Чидæр уыцы хъуыддаг Сырдонæн фехъусын кодта. Сырдон араст ис рæгъаумæ æмæ уый дæр Нартæн сæ бæхты къæдзилтæ ныллыгтæ кодта æмæ сын сæ сæ хуылфыты фæтъыста; йæхæдæг æрбацыд æмæ Нарты Ныхасы æрбадт. Нарты рæгъау æрцыдысты сæ хизæнуатæй. Кæсынц, æмæ, дын, мæнæ Сырдоны бæх дæр ссæуы. Нарт æй куы федтой, уæд худæгæй бакъæцæл сты æмæ фæрсынц Сырдоны:

— Уый дæ бæх худгæ куы ссæуы, Сырдон, цымæ цæуыл худы?

— Йæ разæй худинæгтæ уыны æмæ ууыл, — дзуапп радта Сырдон.

Уæд Нарт сæ бæхтæм бакастысты, æмæ дзы иу бæхыл дæр — къæдзил нæ. Нарт тынг мæсты сысты Сырдонмæ. Сафын фæнд æй скодтой, фæлæ Сырдоны фесафын кæй бон уыд! Фурды-иу æй баппар, уæд-иу дзы сурæй рагæпп ласта, — æмæ йæ уый тыххæй бирæ уарзтой Нарт.

Ахæм митæ кодта Нартæн Гæтæджы фырт Сырдон.

ФÆНДЫР КУЫД ФÆЗЫНДИ

Нарт иумæйаг æмбырддон хæдзар арæзтой æмæ йыл фæцархайдтой афæдзæй-афæдзмæ, цæмæй йæм Сырдон фау ма ’рхастаид, уый тыххæй. Уæд сцæттæ ис хæдзар, æмæ загътой:

— Ныр фенын кæнæм нæ хæдзар Сырдонæн, кæддæра ма йæм исты фау хæссы æви нæ?

Арвыстой, дын, Сырдонмæ Сосланы.

Сослан æм ныццыди æмæ йын загъта:

— Нарты æмбырды дæм дзурынц.

Уæд ын Сырдон загъта:

— Ацæудзынæн!..

Æмæ араст сты иумæ. Æмæ бацыдысты Нарты иумæйаг хæдзармæ. Нарт се ’ппæт дæр уым уыдысты æмæ загътой Сырдонæн:

— Нæ хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы æви ма йæм исты фау ис?

Сырдон фæракæс-бакæс кодта хæдзары къуымты.

— Хорз у, фæлæ ма... — зæгъгæ, загъта Сырдон æмæ сыстад æмæ рацыди.

Уæд æй Сослан фæсте расырдта æмæ йæ фæрсы:

— Сырдон, кæдæм лидзыс, куы ницы нын загътай?

— Æмæ уын цы зæгъон? — дзуры Сырдон.

— «Фæлæ ма...», — зæгъгæ, цæмæн загътай?

— Хæдзар хорз у, фæлæ дзы астæуæй ницы ис, æмæ гъе уымæн. Ацыдис Сырдон, æндæр ницыуал загъта, афтæмæй. Раздæхти Сослан дæр фæстæмæ æмæ æмбырды радзырдта:

— Сырдон бафаудта хæдзар, астæуæй дзы ницы ис, зæгъгæ.

Уæд сæхимидæг хъуыды кæнын байдыдтой Нарт, уый цæмæй зæгъы Сырдон, зæгъгæ, æмæ сын Сослан загъта:

— Уый уымæй зæгъы, æмæ хæдзары нæй рæхыс.

Нарт, дын, уæд саразын кодтой стыр рæхыс æмæ йæ, куыд вæййы, афтæ æрцауыгътой хæдзары астæу æмæ та загътой:

— Æрбахонын та хъæуы Сырдоны.

Æмæ та арвыстой Сырдонмæ æмæ та йæ æрбахуыдтой. Æрбацыд та Сырдон Нарты æмбырддон хæдзармæ, æмæ йæ фæрсынц Нарт:

— Сырдон, фен æмæ зæгъ, хæдзармæ ма цы фау ис, уый.

Сырдон та фæракæс-бакæс кодта дзæвгар.

— Хорз у, фæлæ ма... — зæгъгæ, та загъта Сырдон æмæ та рацыди. Йæ фæдыл та рахызти Хæмыц æмæ йæ бафарста:

— Сырдон, хæдзар хорз куы схуыдтай, уæд ма «фæлæ ма...», — зæгъгæ, та цæмæн загътай?

— Хæдзар хорз у, фæлæ Хурыскæсæны ’рдыгæй къуымы ницы ис æмæ «фæлæ ма» уый тыххæй загътон, — дзуапп радта Сырдон.

Араст та ис Сырдон сæхимæ. Хæмыц фæстæмæ баздæхти бадты адæммæ æмæ сын раныхас кодта:

— Фауы та Сырдон ноджыдæр хæдзары, Хурыскæсæны ’рдыгæй къуымы ницы ис, зæгъгæ.

Уæд та Нарт хъуыды кæнын байдыдтой, уый цæмæй зæгъы, зæгъгæ, æмæ ’рхъуыды кодтой:

— Сырдон хæдзар фауы уый тыххæй, æмæ хæдзары къуымы сылгоймаг нæй.

Уæд æрхуыдтой сылгоймаг æмæ, ног чындз куыд уа, афтæ йæ сарæзтой æмæ йæ æрлæууын кодтой къуымы æмæ та загътой:

— Фæстаг хатт ма фæцæуын хъæуы Сырдонмæ!

Фæлæ йæм ничиуалгомау комы.

Уæд Хæмыц загъта:

— Æз æм цæуын, мæ бар ма йæ уадзут — æз æй тыхæй дæр ракæндзынæн.

Æмæ Хæмыц араст ис Сырдонмæ æмæ ныццыди йæ дуармæ æмæ йæм дзуры мидæмæ:

— Æддæмæ-ма ракæс, Сырдон!

Сырдон æм нæ кæсы æддæмæ. Æрæджиау æм ракасти æмæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, цы дæ хъæуы, Хæмыц?

— Нарты æмбырд дæм дзурынц сæ иумæйаг ног хæдзармæ, æмæ рацу!

Уæд ын Сырдон загъта:

— Хæрд æмæ нозтыл куы фæбадут, уæд мæм-иу цæуылнæ фæдзурут? Æз нал ацæудзынæн, — æмæ фæстæмæ хæдзары ’рдæм фæзылди. Хæмыц æй рацахста æмæ йæм дзуры:

— Æнæ рацæугæ дын гæнæн нæй.

Сырдон нæ комы. Уæд æй Хæмыц рацæфтæ кодта, куыд æмбæлди, афтæ.

Сырдон дæр уæд тынг мæстджынæй ацыди Хæмыцы фæстæ Нарты ног хæдзармæ. Куы бацыди, уæд хæдзары фæракæс-бакæс кодта æмæ загъта:

— Гъенырмæ хæдзар нæ уыди, ныр хæдзар у.

Нарт дæр ныццин кодтой, фау кæй нал разынди хæдзармæ, уый тыххæй.

Сырдон раздæхт фæстæмæ, фæлæ тынг мæсты уыди, Хæмыц æй кæй бафхæрдта, уый тыххæй. Уыцы мастдзинад бавæрдта йæ зæрдæйы. Æмæ хъуыды кодта, цы маст ын скæнон, зæгъгæ, ууыл. Уæд, дын, Хæмыцмæ уыди, авд азы хуыскъ чи уыд, ахæм хъуг, æмæ хæлди фырнæрдæй. Цыдысты йæм уынынмæ алы рæттæй. Сырдон ныффæнд кодта йæ радавын, æмæ иу æхсæв куы уыдис, уæд бацыди, хъуг баст кæм уыди, уырдæм, скъæтмæ, æмæ дуарæн бакæнынæн ницы амал ссардта. Фæстæмæ раздæхти æмæ хъуыды кæнын байдыдта, цы йын саразон, къухы цы ’гъдауæй бафта хъуг, зæгъгæ. Уæд иубон бавдæлди æмæ бамбæхсти Хæмыцы скъæты. Изæры фос куы ’рцыдысты, уæд Хæмыц йæ фос бакодта скъæты æмæ сыл фидар сæхгæдта дуæрттæ. Сырдон дæр — мидæгæй. Фынæй афон Сырдон мидæгæй æвдузæнтæ æфтауын байдыдта. Уайтагъддæр сæ раппæрста. Бакодта дуар, раласта хъуджы æмæ йæ аскъæрдта, хидыхъус ын цы хæдзар уыдис, уырдæм. Сырдонæн уыцы хæдзар кæм уыд, уый ничи зыдта. Йæ бинонтæ цардысты уым. Хъæугæрон ма йын уыд хæдзар, йæхæдæг та уым царди. Аргæвста уыцы ран хъуджы æмæ гъæйттæй йæ бинонтимæ минас кодта.

Хæмыц зилын байдыдта хи хъæуæй, æддагон хъæуæй — алы ран, йæ сæр йæ кой скодта йæ хъуджы фæдыл, фæлæ ницы ардта. Тъæпп хаудта мæстæй.

«Цы ма бакæнон? — загъта Хæмыц. — Фæцæуон ма къулыбадæг усмæ æмæ уый бафæрсон». Къулыбадæг усмæ бацыди æмæ йын загъта:

— Ахæм æмæ мыл ахæм ми сæмбæлди. Агурын мæ хъуджы æмæ никуы ницы арын. Ныр мæнæ æрцыдтæн дæумæ фæрсынмæ æмæ мын исты бацамон.

Уæд ын къулыбадæг ус загъта:

— Нырмæ дæр куы ’рцыдаис, уæд дын бацамыдтаин дæ хъугдавæгмæ фæндаг. Сырдонæн ис кæмдæр зæххы бын хæдзар, æз дæр æй нæ зонын, æмæ йæ хъæуы ссарын. Уым ын ис ус æмæ зæнæг дæр, æмæ дæ хъуджы уым агур.

— Æмæ йын цы ’гъдауæй ис ссарæн? — бафарста Хæмыц къулыбадæг усы.

— Райсомæй раджы йæ гадза куыдз рацæуы æддæмæ, æмæ йæ бахъахъхъæн. Гадза ахст цæмæй æрцæуа, уый бакæн. Æмæ йын йæ къахыл бабæтт уырдæндах. Нæ дын комдзæн уый йæ хæдзармæ, æмæ йын мæлæты ’мбис цæфтæ фæкæн, æмæ уæд цæудзæн, æмæ ды дæр йæ фæдыл цу — уый дæ бахæццæ кæндзæн Сырдоны хæдзармæ.

Уæд хъахъхъæнын байдыдта Хæмыц Сырдоны куыдзы, æмæ иу райсом куы уыди, уæд æй æрцахста æмæ йын йæ къахыл бабаста даргъ уырдæндах æмæ йæ ныдздзæхстытæ ласта, фæлæ куыдз хæдзары ’рдæм нæ цæуы, дыууæрдæм ралидз-балидз кæны, æндæр. Хæмыц дæр æй нæмы, уæдæ цы! Куы сфæлмæцыд куыдз, мæлæты ’мбис æй куы фæкодта Хæмыц, уæд уыциу раст акодта æмæ хидыхъус смидæг ис, Сырдоны зæххы бын хæдзары, уырдæндах йæ фæдыл халгæйæ уагъта, афтæмæй. Хæмыц дæр йæ фæдыл, æндах куыд амыдта, афтæ бацыдис Сырдоны хæдзармæ. Сырдон уым нæ уыд. Сырдоны бинонтæ фæтарстысты, ай та цавæр бæллæх у, цæмæй нæ ссардта, зæгъгæ. Аг дзидзайæ йе дзаг, æмæ фыцы. Хæмыц систа хъуджы дзидзатæ, йæхæдæг хæдзары дуæрттæ фидар æрæхгæдта, аргæвста бинонты æмæ сæ суæнгтæ кодта иууылдæр æмæ сæ аджы ныккалдта æмæ сыл ахъаззаг бандзæрста. Йæхæдæг йе ’ккой скодта, йæ хъуджы мардæй ма цы баззад, уый æмæ йæ рахаста сæхимæ. Уый фæстæ бацыд Нарты Ныхасмæ. Сырдоны дæр уым баййæфта, фæлæ йын ницыма загъта. Сырдон Хæмыцы куы федта, уæд ныххудт æмæ афтæ зæгъы:

— Тæригъæд нæу Хæмыц, исчи йын йе стыр хъуджы фыдтæ хæра, йæхæдæг та стонгæй бада!

— Чи зоны, мæ хъуджы бахæрæг йæ хъæбулты фыдтæ бахæра, — зæгъгæ, бакодта Хæмыц.

Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта, цыдæр фыдбылыз мыл æрцыди, зæгъгæ, æмæ æнæдзургæйæ йæхи фæзылдта æмæ йæ хæдзармæ фæраст ис. Хæдзары фæмидæг ис, ракæс-бакæс кæны æмæ йæ бинонтæй никæй ары.

«Аходæнæй сихормæйы бинонтæ! Цымæ кæдæм фæцыдысты?» — дзуры йæхинымæры Сырдон. Фыдисыл йæхи ныццавта, фыдтæ асгарон, зæгъгæ, аг сыстыдта, æмæ дзы скалдысты йæ бинонты уæнгтæ: кæмæн йæ сæр, кæмæн йæ къах, кæмæн йæ цонг.

Исдугмæ сæццæйæ аззад; уый фæстæ йæ бинонты стæгдар агæй систа æмæ йæ хистæр фырты цонджы стджытæй фæндыр сарæзта, иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны, æрбадти йæ хъæбулты стæгдары цур æмæ цæгъдын байдыдта:

«Мæ лæппутæ, мæнæн уын мæ бон хæрнæг кæнын нæ бауыдзæн, фæлæ мын уæ иу хуынди Къонагæ. Къонагæ, марды фæлдисинагæй къонайыл цы бавæрой, уымæй ды рухсы бад!»

Стæй та ныццæгъды æмæ зæгъы:

«Ме ’ннæ лæппу — Уæрагæ, марды фæлдисинагæй уæрагыл цы ’рывæрой, уымæй ды рухсы бад!»

Стæй та ныццæгъды:

«Ме ’ртыккаг лæппу — Фуагæ, марды фæлдисинагæй фу цæуыл бакæной, уымæй ды рухсы бад!»

Йæ фæсдуар уæрм уыди — стæгдар уым ныккалдта. Йæхæдæг йæ фæндыр райста æмæ рацыд Нартмæ. Ныхасы йæ ныццагъта æмæ йемæ ныззарыд:

— Нарт, ай уын мæ лæвар, æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут!

Нарт загътой: «Ай хуызæн хæзна нæ къухы куы бафта, уæд нæ ацы лæг цы баджиз дардзæн?!»

Уырызмæг æм радзуры:

— Кæд нын уый хуызæн хæзна дæ цæст уарзы, уæд негасæн — æфсымæр иумæйагæй; нæ алы ныхасы дын бар уæд хъусынæн, нæ хæдзæрттæм дын фæндаг уæд æфсымæрау.

Нарт уыцы фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загътой: «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!»



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: