Иубон куы уыд, уæд та райсомæй цуаны ацыдысты æмæ сихормæ фæстæмæ сæ бынатмæ фæлмæстæй æрцыдысты. Цуанонтæ æркъултæ кодтой, нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ. Сослан фæллад нæ зыдта æмæ, цалынмæ ме ’мбæлттæ сæ фæллад уадзынц, уæдмæ искуыты куы разилин, зæгъгæ, рацыдис мусонгæй. Адард ис мусонгæй æмæ иу комы бацыд. Уым бафтыдис иу цадмæ. «Ай æнтæфы ацы цадмæ куыд ницы ’рбацæудзæн дон нуазынмæ», — загъта йæхицæн æмæ æрбадтис цады был. Бады Сослан, фæлгæсы алырдæм. Уалынмæ кæсы, æмæ иу хъуаз æрбацæуы дон нуазынмæ. Афтæ рæсугъд уыдис уыцы хъуаз, æмæ йæ конд, йæ уындæн æмбал нæ уыди, йæ дæллагхъуырæй Бонвæрнон тыбар-тыбур кодта. Сослан æм фат фæцарæзта æмæ йæ, гъа, ныр фехсон, куыд загъта, афтæ хъуаз чызг фестадис æмæ дзуры Сосланмæ:
— Æгас æрцæуай, Сослан!
— Хорз амонд дæ хай, хорз чызг, — дзуапп ын радта Сослан.
— Сослан, æз уæларвæй ардæм дæу фенынмæ куы ’рцæуын æмæ дыл куы никуы æмбæлын, уæд кæм вæййыс? Ацал-ауал азы дæм æнхъæлмæ фæкастæн, ныр мæ дæхицæн бинонтæн фæхон.
— Ам дзæгъæл чызгæй кæй арон, уыдон мæхицæн бинонтæн куы хонон, уæд Нарты хъæуы дæр куы нæ бацæудзысты, — загъта Сослан.
— Ма кæ, фæсмон кæндзынæ, Сослан, — дзуры та йæм чызг.
— Дæу хуызæн цады бадæг дзæргъытæ Сослан бирæ федта æмæ уыдоны бинонтæн куы хастаид, уæд йе ’ндон сау æфсæйнаг куы суыдаид.
|
Чызг æваст йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæкодта, базыртæ йыл фестадис, ныппæр-пæр кодта æмæ атахт. Сослан ма йæм бæргæ фæлæбурдта, фæлæ ницыуал... Тæхгæ-тæхын ма иу дзырд скодта чызг:
— Нæртон Сослан, æз дæн Балсæджы чызг, æмæ дæм ныр бæрæг уыдзæнис!
Чызг уайтагъд йæ хæдзармæ фæхæццæ ис, радзырдта йæ фыд Балсæгæн, Сослан æй кæй бафхæрдта, уый.
Балсæг рарвыста йæ Цалхы: «Цæугæ æмæ Сосланы амар!»
Рараст ис гуыргуыргæнгæ Балсæджы Цалх Сосланы марынмæ. Ныхъхъæр кодта Балсæг Сосланмæ:
— Фæхъахъхъæн ма дæхимæ, Нæртон гуырд!
— Æмæ дæм цы цæвæнгарз ис, цæмæй мæ амарынмæ хъавыс? — хъæр æм кæны фæстæмæ Сослан.
— Цæвæн дзаума дæм фæцæуы!
— Æмæ йæм цы бадарон? — дзуры та йæм Сослан.
— Дæ ных æм бадар!
Болат Сослан æм йæ дыууæ æрфыджы астæу сарæзта. Ныццæлхъ æй ласта Балсæджы Цалх æмæ Сосланы болат ныхæй фæстæмæ фесхъиудта, цъæррæмыхст дæр æй нæ фæкодта. Фæлæбурдта йæм, бæргæ, Сослан, фæлæ йæ бон нæ баци Цалхы рацахсын — аирвæзти Цалх.
Дыккаг хъæр та йæм ныккодта Балсæг:
— Фæцæуы та дæм!
— Цы йæм бадарон? — ныхъхъæр кодта Сослан.
— Дæ риу ма йæм бадар! — дзуры йæм Балсæг.
Гуыргуыргæнгæ та рауагъта Балсæджы Цалх йæхи Сосланыл. Болат Сослан дæр та йæм йæ риу ныддардта.
|
Ныццæлхъ та кодта Цалх Сосланы риу. Цырд æм фæлæууыд Сослан дæр æмæ, ныр фæстæмæ асхъиуа Цалх, афтæ йæм фæлæбурдта æмæ йæ йæ болат къухтæй рацахста. Йæ быны йæ ракодта æмæ йын йæ фæрчытæй дыууæ ’рбасаста.
Ныллæгъстæ йын кодта Балсæджы Цалх:
— Мæ уд мын ма аскъуын, Сослан, æмæ мæхи «Балсæджы Цалх» нал схондзынæн — «Сосланы Цалх» хондзынæн ардыгæй фæстæмæ мæхи.
— Фæсайдзынæ мæ, Балсæджы Цалх! — дзуры йæм Сослан.
— Хуыцауæй дын ард хæрын, куыд «Балсæджы Цалх» мæхи нал схондзынæн, хондзынæн мæхи «Сосланы Цалх».
Баууæндыдис ыл Сослан, уæдæ цы, æмæ йæ суагъта, æмæ Цалх йæ хæдзармæ афардæг ис. Сослан дæр рацыдис йе ’мбæлттæм.
Фæндагыл Нарты фыдбылыз Сырдон æрбамбæлдис Балсæджы Цалхыл æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх!
— Сосланы Цалх мæ хон, Балсæджы Цалх мæ ма хон, æндæра мæ Сослан амардзæн.
— Гъæ, фесæфай, Балсæджы Цалх! Дæ бирæ тых цæуыл фесæфт? Де стыр кад цæуыл фесæфт? — зæгъы йын Сырдон.
— Ма дзур, Сырдон, ардхорд лæг дæн! — загъта Балсæджы Цалх.
— Дæ кæстæр æнгуылдзæй туг рауадз, уымæй дæ ард ссæудзæн. Сосланæн йæ адзал дæуæй у, æмæ ма йыл иу скъæрд ракæн дæхи, — загъта Сырдон.
— О, фыдæбоны лæг у уый, иу хæст ма мыл куы фæуа, уæд мæ дæндагæй дæр бахæрдзæнис. Ницы бакæндзынæн йемæ, — загъта Балсæджы Цалх.
|
— Куырдалæгонмæ ссу æмæ йын болат фæрчытæ саразын кæн. Стæй æрцу æмæ Сосланæн йæ уæрджытыл атул, хуысгæ куыд кæна, афтæмæй, — зæгъы йын Сырдон.
Фæсасти Балсæджы Цалх Сырдоны ныхæстæй.
— Æмæ йæ кæм ссардзынæн хуысгæйæ, кæд ма йыл фембæлдзынæн? — бафарста Балсæджы Цалх.
— Уый алы бон дæр вæййы цуаны Зилахары быдыры. Уым ын ис мусонг. Сихорыл ын мусонджы æнæ хуысгæ нæй, æмæ уым цыдæриддæр адæм уа, — æмбæлттæ ма йын уыдзæн, иунæг нæ уыдзæн, — се ’ппæтыл дæр-иу ратул, — дзуапп ын радта Сырдон.
Фæцыдис Балсæджы Цалх Куырдалæгонмæ æмæ йын саразын кодта болат фæрчытæ.
Сослан дæр цуан кæны Зилахары быдыры йæ дыууадæс æмбалимæ. Иубон улæфтафон рарвыста йе ’мбæлтты мусонгмæ:
— Ацæут мусонгмæ, уæ фæллад суадзут, сихор хæрын афон дæр у, æз та ма искуыты разилон, тагъд мæ уырдæм хъæуы мæн дæр.
Дыууадæс цуаноны рацыдысты. Мусонджы æрхуыссыдысты — æхсæзæй иуырдыгæй, æхсæзæй иннæрдыгæй — сæ къæхтæ кæрæдзимæ, афтæмæй.
Балсæджы Цалх дæр ныггуыр-гуыр ласта, Сосланы уым æнхъæлæй. Сар мын ныр дæ сæр кæны, Сослан, зæгъгæ, йæхи рауагъта æмæ дыууадæс цуанонæн дæр сæ зæнгтæ ахауын ласта. Дыууадæсæй дæр фæмард сты. Уалынмæ Сослан дæр æд саджы мард æрбахæццæ ис.
— Æддæмæ ма мæм ракæсут, — дзуры йе ’мбæлттæм Сослан, фæлæ йæм æддæмæ кæсæг нæй. Æрæппæрста саджы мард æмæ мидæмæ бацыд. Хорзау нал фæци: йæ дыууадæс æмбалы мардæй лæууынц, се ’ппæтæн дæр сæ зæнгтæ къуырд.
— Гъæ, хуыцау мæ куыд федта! Ай Балсæджы Цалхы йеддæмæ ничи уыдаид! — загъта йæхицæн Сослан æмæ æддæмæ рауад. Кæсы, æмæ Балсæджы Цалх фæлидзы быдыры. Сослан æй фæсте фæсуры. Быдырты йæ расур-басур систа.
— Бауром æй! — дзуры Сослан быдырмæ.
Ницы баурæдта быдыр, æмæ йæ Сослан ралгъыста:
— Авд азæй фылдæр дæ æнæ зылдæй пайда ма уæд!
Хохмæ балыгъди Балсæджы Цалх. Сослан дзуры хохмæ:
— Бауром æй, ме ’мбæлтты мын ныццагъта!
Ницы баурæдта хох дæр.
— Зæйбынтæ, хуырызгъæлæнтæ у! — ралгъыста йæ Сослан.
Балыгъдис Цалх хъæдмæ. Фæлидзы фæрвбыны.
— Ма ауадз, дæ хорзæхæй, фæрв, ме знаджы! — дзуры Сослан фæрвмæ.
Нæ йæ баурæдта фæрв.
— Хъæды фыддæр фæу, — загъта Сослан, — дæ цъар дын ахорæнæн куыд стигъой, дæхæдæг та хуыскъ куыд кæнай!
Сусхъæд бæлас фæци йæ разы Балсæджы Цалхæн.
— Гъæйтт сусхъæд, — дзуры йæм Сослан, — ме знаджы мын бауром!
— Ставд бæргæ дæн, — загъта сусхъæд, — фæлæ йæ бауромын мæ бон нæу — æгæр фæлмæн дæн.
— Æлгъыст фæу, уæдæ, ды дæр, — загъта Сослан сусхъæдæн, — дидинæг рæсугъд куыд калай, дыргъ дыл куыд нæ зайа, афтæ, адæм дæ ’рмæст дæ цъары тыххæй куыд агурой!
Фатхъæдбынмæ баирвæзти Цалх.
— Ма ауадз, фатхъæд, фæуром мын æй! — дзуры уымæ дæр Сослан.
Нæ йæ баурæдта фатхъæд дæр, æмæ та уый дæр ралгъыста Сослан:
— Арты судзынæн дæ цы агурой адæм, афтæ дæ хуыцау скæнæд! Фæлидзы дарддæр Балсæджы Цалх; тæрсбыны фæуайы.
— У, мардзæ, тæрс, ме знаг фæлидзы, æмæ мын æй бауром! — дзуры йæм Сослан.
— Ноджы дын фыддæр куы фенин: мæ иу бæлас хъæуваг уыдаид, фæлæ мын уидаг æмæ къалиу нæ уагътай.
— Хуыцау дæ адæмæн æнцонгуыст фæкæнæд, — загъта тæрс бæласæн Сослан.
Лидзы дарддæр Цалх. Тулдзбынмæ бахæццæ ис.
— Тулдз, ды мын уæддæр бауром ме знаджы!
Ницы баурæдта тулдз дæр, ды мæ фæттæн мæ цъуппæй мæ уидæгтæм фæлыгтæ кодтай, зæгъгæ.
— Дæ уæлæ гыркъо зайæд, хæрынæн дын ма бæззæд! — загъта йын Сослан.
Фæлидзы Балсæджы Цалх бæрзджыны.
Дзуры та Сослан уымæ дæр:
— Гъæйтт, бæрз, ма ауадз, чысыл мын ме знаджы æруром!
— Дæуæн знаг чи у, уый мæнæн дæр знаг у, — загъта бæрз, æруагъта Цалхы размæ йæ лыстæг къæбæлдзыг къалиутæ, фæлæ Балсæджы Цалхы бауромын йæ бон нæ бацис.
— Бæлæсты хуыздæр фæу, бæрз, дæ уис дын физонæджы уæхстæн куыд агурой адæм! — раарфæ йын кодта Сослан.
Фæуайы Цалх дарддæр хъæды. Æхсæры къутæрмæ фæхæццæ кæны. Æхсæры къутæрыл хуымæллæг стыхстис. Сослан хъæр кæны хуымæллæгмæ:
— Йе, хуымæллæг, бауром мын æй, уый мæ туджджын у: мæ дыууадæс æмбалы мын амардта!
Хуымæллæг йæ бæндæнтæ рауагъта, Балсæджы Цалхыл стыхстысты æмæ йæ ныуурæдтой.
Æхстбæрцмæ йæ баййæфта Сослан. Иу æхст æй фæкодта фатæй æмæ йын йæ иу фарк ныппырх кодта, дыккаг æхст æй фæкодта — дыккаг фарк дæр ныппырх ис. Стæй бауадис Цалхмæ æмæ йыл æрхæцыд. Æхсæры къутæр æмæ хуымæллæгæн раарфæ кодта Сослан:
— Æхсæр бæлас, адæмæн дыл адджын дыргъ куыд зайа æмæ дæ дардмæ куыд агурой, уыцы хорздзинад дæ уæд! Хуымæллæг, дæу та адæм сæ хъæлдзæджы рæстæджы куыд агурой нуæзтыл кæнынмæ, ахæм дæ хуыцау фестын кæнæд!
Стæй фелвæста Сослан йæ цирхъ; æркъуыхтæ кæнон Балсæджы Цалхы, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ та йæм сдзырдта Балсæджы Цалх:
— Мæ уд де уазæг, Сослан, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн.
— Фæсайдзынæ та мæ, — загъта Сослан, — мæнгард дæ, æууæнк дыл нæй.
Дзырд ын радта Балсæджы Цалх.
— Хорз, уæдæ, — загъта Сослан, — дæ бинонтæй мын дыууадæсы амар, æмæ дæ удæгасæй уадзын.
Ард бахордта Балсæджы Цалх, йæ бинонтæй дыууадæс кæй амардзæнис, ууыл, æмæ йæ ауагъта Сослан.
Фæцæуы æнкъардæй Балсæджы Цалх йæ хæдзармæ. Сырдон дæр та базыдта, Балсæджы Цалхæн кæй нæ бантыст Сосланы амарын, уый, æмæ иу ран йæ разы фестадис зæронд лæджы хуызы.
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх! — дзуры йæм зæронд лæг. — Цы кæныс, цæй æнкъард дæ?
— Цы ма кæнон — Нарты Сосланæн дзырд радтон, æмæ мæ бинонтæй дыууадæс хъуамæ амарон, — дзуапп ын радта Балсæджы Цалх.
— Æмæ сæ маргæ цæмæн кæныс? Цæмæй дæ ард ма фехалай, уый тыххæй дæ бинонтæй дыууадæсæн кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн йæ къухы ныхтæ, — загъта зæронд лæг.
Ницы йæм байхъуыста Балсæджы Цалх, йæ цыды кой кæны. Иудзæвгар куы ацыд, уæд та Сырдон февзæрдис йæ разы зæронд усы хуызы æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх! Цы кæныс, цæй æнкъардæй цæуыс?
— Цы кæнон, дæ рын бахæрон, — загъта Балсæджы Цалх, — мæ бинонтæй дыууадæс марынмæ цæуын. Сосланæн уый тыххæй ард бахордтон.
— Æмæ сæ маргæ цæмæн кæныс? Дæ ард цæмæй ма фехалай, уый тыххæй дæ бинонтæй кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн йæ къухы ныхтæ.
Ницы та йæм байхъуыста Балсæджы Цалх, фæцæуы дарддæр. Сырдон дæр та разæй ауадис æмæ йыл иу ран æрбамбæлдис фыццагхъуынтæуадзæг лæппуйы хуызы.
— Дæ фæндаг раст уа, Балсæджы Цалх! — дзуры та йæм лæппу. — Цы кæныс, цæй æнкъардæй цæуыс?
— Нарты Сосланæн дзырд радтон, мæ бинонтæй дыууадæсы кæй амардзынæн, ууыл, æмæ ныр цæуын мæ дзырд æххæст кæнынмæ, — загъта Балсæджы Цалх.
— Маргæ сæ цæуыл кæныс, дæ ард куыннæ фæдзæгъæл уа, афтæ дæ бинонтæй кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн та йæ къухы ныхтæ, — загъта лæппу.
Ницы байхъуыста уæддæр Балсæджы Цалх, фæцæуы сæхимæ. Иу чысыл куы ауади, уæд хъуыды кæны йæхинымæры: «Цымæ мæ уыцы зæронд лæг, зæронд ус æмæ лæппу сæхицæн цы агурынц? Цæй, æмæ мын кæй загътой, уый бакæнон».
Ссыдис йæ хæдзармæ æмæ йæ бинонтæй дыууадæсæн кæмæн йæ къахы ныхтæ ракодта, кæмæн йæ къухы ныхтæ æмæ æнцад сбадтис йæ хæдзары.
Бонтæ, къуыритæ рацыдис. Йæ мæстытæ ссыдысты Балсæджы Цалхæн. Гæтæджы фырт гæды Сырдон дæр та йæм цæуын байдыдта.
— Гъей, мардзæ, Балсæджы Цалх, иу скъæрд-ма ракæн Сосланыл дæхи, дæ маст дзы райс, — дзуры йын Сырдон.
— Мæнæ гæды гацца, ныууадз мæ. Айæппæт фыдбылызтæ мын ды уыдтæ.
Кæм ныууагътаид уыцы ныхæстæй йæ фæнд Нарты фыдбылыз Сырдон! Йæ гæды ’взаг та суагъта Балсæджы Цалхмæ. Сразы та ис Балсæджы Цалх. Ацыдис та Куырдалæгонмæ æмæ та йæ саст фæрчытæ сыгъдæг болатæй саразын кодта.
Сослан дæр та Зилахары быдыры цуан кодта. Иубон сырдмæ гуыбыныл куыд фæцæйхъуызыди, афтæ йыл сусæгæй рауагъта йæхи Балсæджы Цалх æмæ йын йæ уæрджытæ сæ тæккæ сæртыл атæхын кодта, йæхæдæг æм сæ бинонты къæхтæ æмæ къухты ныхтæ бакалдта. Аздæхти Цалх фæстæмæ æмæ сфардæг ис уæларвмæ. Сослан уыцы ран баззадис. Кæсы Сослан, æмæ Нартмæ хъæргæнæг кæй арвита, ахæм нæй. Уалынмæ йæ сæрты æрбатæхы цæргæс.
— Æхсæртæггатæм мын фæдисхъæргæнæг фæу, Уырызмæг æмæ Хæмыцмæ, мæ дыууæ ’фсымæрмæ, Нарты Сослан Зилахары быдыры æнæ цæстылхæцæгæй мæлы, зæгъгæ.
— Фыддæр дын куы фенин! — дзуры йæм фæстæмæ цæргæс. — Фæлладæй-иу быдыры искуы къуыппыл, йе бæласыл куыд абадтæн, афтæ-иу мæм дæ фат фæдардтай, æнæрай дзы фæуай!
Уалынмæ та йæ сæрты хъæрццыгъа æрбатахтис.
— Уæ хъæрццыгъа, — дзуры йæм Сослан, — атæх, Æхсæртæггатæм мын фæдисхъæргæнæг фæу, Сосланæн уын, зæгъ, йæ уæрджытæ Балсæджы Цалх ахауын кодта.
— Куыннæ, куыннæ! Нарты Сатанайы бирæ кæрчытæй мын иу цъиу ахæссын никуы бауагътай, уайтагъд та-иу мæм дæ фат фæдардтай, — загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис дарддæр.
Æнхъæлмæ та кæсы Сослан. Æрбатæхы йæ сæрты цъыбарцъыбургæнгæ зæрватыкк.
— О уæлæ зæрватыкк, — дзуры та уымæ дæр Сослан, — атæх Æхсæртæггатæм æмæ сын зæгъ, Сосланæн уын Балсæджы Цалх йæ уæрджытæ ахауын кодта, æмæ Зилахары быдыры æнæ цæстылхæцæгæй мæлы, зæгъгæ.
— Хорз, — загъта зæрватыкк, — æвгъау лæг дæ ды ам æнæ цæстылхæцæгæй амæлынæн, фæуыдзынæн дын æз фæдисхъæргæнæг: искуы-иу мыл къæвда куы ’рцыди, уæд-иу мæ ды дæ роны бакодтай, бахъарм-иу мæ кодтай, стæй-иу мæ хордоны нывæрдтай, æмæ-иу уым мæхи бафсæстон. Дæ хорздзинæдтæ дын никуы ферох кæндзынæн æз.
— Адæмæн уарзон маргъ фæу, зæрватыкк, — арфæ йын ракодта Сослан йæ фæстæ.
Æнхъæлмæ кæсы Сослан Нарты фæдисмæ.
Уалынмæ йæм æрбатахт сау сынт; куы ауыдта Сосланы, уæд ныккуыдта:
— Цы ма кæндзынæн, Сослан, дæ фæстæ, мæ гуыбын мын æфсæстæй ды куы дардтай: дæу фæрцы-иу мын алы ком, алы адаг фыдæй йе дзаг куы уыдис!
— Хъыгæй ницыуал ис, фæлæ æрбацу æмæ мæ тугæй дæхи бафсад, — дзуры Сослан сынтмæ.
— Гъе-уæууæй, Сослан, уый мын цæмæн афтæ загътай, æз дыл хъыг куы кæнын! — загъта йын сынт.
Сослан ын бамбæрста йæ зæрдиаг æмæ йын арфæ ракодта:
— Арвы кæрон куы уа холы, уæд дæр дæ цæстмæ туджы цæджындз куыд лæууа, æмæ-иу уымæй куыд зонай, хуыцау дын ахæм амонд радтæд!
Атахтис сынт.
Æрбатахтис та уæд йæ сæрты халон æмæ кæуы Сосланыл:
— О, нæ алы боны дзаг фынг, алы ком нын фыдæй дзаг чи дардта, куыд ма цæрдзыстæм дæ фæстæ!
— Рацу, мæнæ цы фыдтæ æмбидзæни, кæнæ цы туг ныццахстис, уыдонæй истытæ ахæр, дæхи бафсад, — дзуры йæм Сослан, — хъыг кæнынæй пайда нал ис.
Халон дæр æм йæхи æрбаласта, æмæ йæ уæд Сослан ралгъыста:
— Бон-изæрмæ адæмы куыд æлгъитай, фæлæ сыл де ’лгъыст куыд нæ цæуа, æмæ æхсæв-бонмæ бæласы къалиуыл ауыгъдæй куыд лæууай, афтæмæй дæ цард æрвит!
Уый фæстæ йæм цæуын байдыдтой сырдтæ. Фыццаг æм æрбацыд арс. Йæхи тоны йæ дзæмбытæй æмæ дзуры:
— Цы ма кæндзынæн, Сослан, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал уыдзынæ! Дæ хæрдæй хæрдджын уыдтæн, дæ нуæзтæй нуæзтджын.
— Мауал хъыг кæн, арс, хъыгæй ницуал рацæудзæни, фæлæ мæнæ мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыдонæй дæхи бафсад, — дзуры йæм Сослан.
— Уый та мын куыд загътай, — дзуры арс æмæ тынгдæр хъыг кæнын байдыдта.
— Ахæм амонд дын хуыцау радтæд, æмæ дæ фæд адæмыл тас куыд æфтауа, стæй лæгæты фондз мæйы æнæ хæргæйæ куыд цæрай! — зæгъы арсæн Сослан.
Арс ацыдис; уалынмæ та бирæгъ фæуайы йæ цурты. Бардиаг та йыл кодта уый дæр:
— Цы ма кæндзынæн, дæу фæрцы æфсæстæй куы цардтæн, алы адаг мын фыдæй куы дзаг кодтай! Ныр ма куыд цæрдзынæн æнæ дæу!
— Хъыг мауал кæн, бирæгъ, дæ хъыгæй ницыуал рауайдзæн, — дзуры йæм Сослан, — фæлæ рацу æмæ мæнæ мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыцы фыдтæй истытæ бахæр, дæхи сæ бафсад.
— Цæмæн мын афтæ бафæрæзтай, — ныккуыдта тынгдæр бирæгъ, — æз уый куыд бакæндзынæн!
Бауырныдта Сосланы бирæгъы зæрдиагдзинад дæр, æмæ йын раарфæ кодта:
— Фосмæ бацæуынмæ дын мæ зæрдæ куыд уа, раздæхынмæ та — æнæкуырд чызджы зæрдæ, дæ бæрзæйы та мæ кæстæр æнгуылдзы хъару куыд уа, уыцы амонд дæ уæд.
Бирæгъ дæр та ацыдис. Уалынмæ æрбалæууыд йæ цуры рувас, цъыллинджытæгæнгæ.
— Уæ, цы ма кæндзынæн æнæ дæу, Сослан! — æрдиаг кæны гæды рувас дæр.
— Дæ кæуын ныууадз, рувас, — дзуры йæм Сослан, — фæлæ рацу æмæ, мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыдонæй дæхи бафсад.
Рувас æм тугтæ стæргæ бацыдис æмæ йын йæ уæрджыты фыдтæм куыд февнæлдта, афтæ йыл фæхъæр кодта Сослан:
— Æлгъыст фæу! Адæм дæ дæ цармы тыххæй куыд марой, дæ фыд та хæрынæн куыд нæ бæзза, ахæм бон дыл æркæнæд!
Алыгъдис рувас дæр, уæдæ цы уыдаид...
***
Бахæццæ ис зæрватыкк Нарты хъæумæ, Æхсæртæггаты хæдзары аххæрæгыл абадтис. Ныцъцъыбар-цъыбур кодта: «Сосланæн уын Балсæджы Цалх йæ уæрджытæ ахауын кодта Зилахары быдыры, æмæ мæлы уым æнæ цæстылхæцæгæй».
Нарт — хистæрæй, кæстæрæй — æмниуд ныккодтой, чыртæ-чыртæй цæуынц фæдисы, æз фæразæйуонæй, Зилахары быдырмæ.
Сырдон йæ бæх разæй аскъæрдта. Сосланмæ раздæр бахæццæ ис æмæ йын зæгъы:
— Гъе-уæууæй, Сослан, ныронг дæр дæ мæлын куы хъуыдис, дæ хъæу рацæуынц чыртæ-чыртæй, семæ — фæйнæ зарæгамонæджы, афтæмæй цæуынц заргæ æмæ хъырнгæйæ!
Сослан уый куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ куыннæ скъуыдаид фырмæстæй!
Фæдис куы ’рхæццæ ис, уæд дзы лæг чи уыди — йæ рустæ тындтытæ, ус чи уыди — йæ дзыккутæ тындтытæ.
Сослан сæм дзуры:
— Сырдон мæм иу æнæуаг ныхас æрхаста уæ разæй, æмæ ма мын æй мæ цæстæн фенын кæнут.
Сырдоны ма чи ссардта, — афардæг ис æмæ бамбæхст.
Нарты фæсивæд рахастой Сосланы уырдыгæй. Фæндагыл та Сырдон сæ иувæрсты йæхи цæуæг акодта æмæ дзуры:
— Уæ, мæгуыр дæ бон, Сослан, дæ уарзон æрвадæлтæ дын цы бакодтой: калмы хæрвæй дын чырын сарæзтой, хæфсы цъарæй — мæрддзаг.
Æрхастой Сосланы йæ хæдзармæ, æмæ сæм дзуры:
— Ме ’рвадæлтæ, удæгасæй мын мæ мæрддзæгтæ æмæ мæ чырын фенын кæнут.
— Цæмæн дæ хъæуы сæ фенын, æнæзæрдæмæдзæугæ мæрддзæгтæ æмæ чырын дын не сты, Сослан. Махæн нæ тыхы рæстæджы тых ды куы лæвæрдтай, уæд мах дæуæн æвзæр мæрддзæгтæ кæнæ æвзæр чырын кæй не скæндзыстæм, уый нæ зоныс?
— Нæй гæнæн, — загъта Сослан, — Сырдон мын иу ныхас загъта, æмæ сæм мæ зæрдæ ’хсайы.
Уæд æм рахастой йæ мæрддзæгтæ, фенын ын кодтой йæ чырын дæр: йæ мæрддзæгтæ уыдысты сыгъдæг харæйæ, йæ чырын та — сызгъæринæй. Скæнын кодта мæрддзæгтæ удæгасæй йæ уæлæ æмæ чырыны нывæрын кодта йæхи.