Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 2 глава




 

 

          Рæзын кæнын пълан- мæ гæсгæ текст фыс- сыны арæхстдзинæд- тæ.  
  Кæмæй у сæ- рыстыр Ирыс- тон Мивдисæджы æбæлвырд формæ фæ- сæфтуан ын -имæ   ерыс райын Мивдисæджы æбæл- вырд формæ февдисы архайдæн æрмæстдæр йæ ном. Мивдисæг. Мивдисæджы афонтæ. Номдар.
  Адæмон сфæл- дыстад Сæ хъуыды- мæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд мивдисджы- тæ.   адæмон сфæлдыстад минас кæнын æрвыг къуыззитт Синонимтæ. Антонимтæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæ- вæрд мивдисджытæ. Уæнг.
    Уæлæмхасæн æрмæг   дуне залмысыф тæфсын Мивдисæджы афонтæ, йæ нымæц.  
  Нæ уарзон Рай- гуырæн бæстæ Хъуыдыйад.Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан- мæ гæсгæ.   таурæгъон фарстон хъæрон æврагъ рагъ Хъуыдыйад. Хъæлæсы уагмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ вæй- йынц таурæгъон, фар- стон, разæнгардгæ- нæн. Мырон – дамгъон анализ. Уæнг. Сæрмагонд нæмтты растфыссынад.

 

          Схемæтимæ куыст. Баст текст хицæн хъуыдыйæдтæй ирта- сын.  
  Мæ райгуырæн бæстæ – Алани Хъуыдыйады сæйраг уæнг- тæ   фыдæлты къона дæлвæзтæ уæлвæзтæ ком лакъон Хъæриу Хъуыдыйад. Сæйрат. Зæгъинаг. Рæзын кæнын скъола- дзауты хъуыдыкæны- над – дзырдбыды чырæгтæ баххæст кæнын. Сæрмагонд нæмт- тæ. Тексты сæргонд. Ныхасы хæйттæ. Мырты хицæндзи- нæдтæ ирон æмæ дыгурон диалект- ты.
  Дзæуджыхъæу- Ирыстоны сæй- раг сахар Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ фæрс- тытæм гæсгæ иртасын.   фæрссаг уæнгтæ фидар фыстæг балц Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ фæбæрæг кæ- нынц сæйраг уæнгты, кæнæ та фæрссаг уæнгтæй искæцыйы. Текстæн райдайæн хъуыды кæнын. Синонимтæ. Антонимтæ. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.
    Контролон диктант        

 

 

Ахуыры азы цыппæрæм хай (8 сах.)
  Хъæууон царды нывтæй Хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуы- дыйæдтæ   цæвæг хосгæрдæнтæ къæс нæртон хъуыстгонд уæхск Хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ вæй- йынц хуымæтæг цы- быр æмæ хуымæтæг даргъ. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Скъоладзуты ныхасы хъæд рæзын кæнын – лæвæрд фæрстытæн æххæст дзуæппытæ дæттын. Хъуыдыйад. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. Текст хæйттыл дих кæнын. Монолог. Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ. Синонимтæ æмæ антонимтæ.
  Уæлахизы бон Хъуыдыйады мидæг дзырд- ты бастдзинад кæрæдзиуыл   Уæлахизы бон арæнхъахъхъæ- нæг фæлгæсын ифтыгъд, хæр- зиуæг, адæмы сæраппонд Хъуыдыйады мидæг дзырдтæ баст вæй- йынц сæ хъуыдымæ гæсгæ. Дзырдты бастдзинад базонæн вæййы фæрстытæм гæсгæ. Сæйраг уæнгтæ. Фæрссаг уæнгтæ. Синонимтæ. Антонимтæ. Ныхасы хæйттæ. Тексты сæргонд.
    Уæлæмхасæн æрмæг   æвæлтæрд фæлтæрдджын кæсагахсæг наускъææрæг æнувыд Ныхасы хæйттæ. Тексты хуызтæ. Тексты сæргонд. Монолог.  

 

  Ахъуыды кæн, базон, бахъæл- дзæг у, бахуд. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæу- уын кæнын.   Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæ- лæсонтæ   кæрдзын хионхуызæй тасаг æхсæнадон Хъæлæсонтæ æмæ æм- хъæлæсонтæ. Хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ. Дзырды хæйттæ. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Схемæтæм гæсгæ базонын мæргъ- ты нæмттæ. Зылангон æмæ æзылангон æм- хъæлæсонтæ. Ныхасы хæйттæ. Диалог. Монолог. Дзырдтæ иу рæн- хъæй иннæмæ хæссын. Цавд.
    Дзырдты лек- сикон ныса- ниуджытæ   мæйдар дзыгуыр тыгуыр ирдист Бирæнысаниуæгджын дзырдтæ. Синонимтæ. Антонимтæ. Ныхасы хæйттæ.
    Ныхасы хæйт- тæ. Хъуыдыйад   æнæасæст кæри цыппæрвадæй скъæрæг гуылтæ Номдар. Миногон. Мивдисæг. Хъуыдыйад. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ. Синонимтæ. Антонимтæ.

 

 

          Хъуыдыкæнынад рæ- зын кæнын – текст- хынцинагæн раст дзуапп раттын. Нывтæм гæсгæ ра- дзырд æрхъуыды кæнын. Тексты хуыз бæрæг кæнын.  
    Уæлæмхасæн æрмæг   хъаст кæнын фæлварын хъуыдыты аныгъуылын аг Диалогон ныхасыл куыст. Ребус райхалын  
    Контролон диктант        

Ахуыры азы фыццаг цыппæрæм хай

 

Ног ахуыры аз.

Дыккаг къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын (2 сах.)

Урок

Текст. Хъуыдыйад. Дзырд

 

Урочы нысантæ: бæстон æрдзурын æвзаджы тых- хæй; бамбарын кæнын, уый кæй у адæмы кæрæдзийы æмбарыны фæрæз; ныхасы тыххæй зонинæгтæ фæбæл- вырддæр кæнын; раттын зонындзинæдтæ тексты тыххæй; зæрдыл æрлæууын кæнын, хъуыдыйад цы у, уый.

Дзырдуат: текст, хæрздæф, уагæвæрдтæ, æххуысы хай, уайдзæф, сæрмæ нæ хæссын.

1. Ахуыргæнæджы раныхас (мадæлон æвзаджы тыххæй; ахуыргæнæн чиныджы тыххæй).

Ам радзурын, адæймаджы царды æвзаг куыд ахс- джиаг бынат ахсы, уый. Æвзаджы хъæд аив æмæ раст куы нæ уа, хъуыдытæ раст дзырд куы нæ цæуой, дзургæйæ æвзаджы литературон нормæтæ хыгъд куы нæ цæуой, уæд дзурæг æмæ хъусæг кæрæдзийы хорз не ’мбардзысты.

Сывæллæттæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, текст цы у, уый: арæзт вæййы хъуыдыйæдтæй; хъуыдыйæдтæ баст вæййынц хъуыдымæ гæсгæ; дзырд дзы фæцæуы искæй кæнæ истæй тыххæй; æргомгонд дзы æрцæуы бæлвырд цавæрдæр темæ.

Зæрдыл æрлæууын кæнын – хъуыдыйæдтæ арæзт вæййынц сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзиуыл баст дзырдтæй; дзырдтæ арæзт вæййынц уæнгтæй, уыдон та – дамгъæтæй.

Скъоладзаутæн зæгъын хъæуы, дыууæ урочы дæргъы кæй кусдзысты, дыккаг къласы цы æрмæг ахуыр кодтой, уый зæрдыл æрлæууын кæныныл. Уымæн æмæ 3-аг къла- сы æрмæг у зындæр, вазыгджындæр, бындур ын æвæрд


æрцыдис 2-аг къласы æмæ йæ бæлвырд куы нæ бамбарой, уæд дарддæр уыдзæн зындæр ахуыргæнæн.

2. Сæрды мысинæгтæй.

Скъоладзаутæй цалдæрæн радзурын кæнын, сæ сæрдыгон каникултæ куыд арвыстой, уый. Бафæрсын сæ, куыд æнхъæлмæ кастысты ахуыры азы райдайæнмæ

– 1-æм сентябрьмæ. Сæ хъус сын æрдарын, цымæ иннæ скъоладзаутæй та чи куыд сæмбæлд фæззæджы фыццаг боныл, уымæ. Афтæмæй рахизæн ис чиныджы фыццаг фæлтæрæн æххæст кæнынмæ.

3. Текстимæ куыст (1 – фæлтæрæн).

Текст бакæсыны размæ скъоладзаутимæ беседæйы хуызы аныхас кæнын, ныййарджыты зæрдæтæ цæмæй ис барухсгæнæн, уый тыххæй. Куыд хуыздæр у − дæхæдæг ахуыр кæн æмæ хорз бæрæггæнæнтæ ис, æви искæмæй сфысс æмæ афтæмæй «фондзтæ» хæсс хæдзармæ?

Текст бакæсын, равзарын æй фæрстытæм гæсгæ, йæ хъуыды йын бамбарын æмæ йæ адих кæнын хæйттыл (Вася цæуы æмæ хъуыдытæ кæны. Вася фехъусын кодта йæ фыдæн цины хабар.)

Сæргæндтæ раттæн ис алы хайæн дæр хицæнæй, кæнæ текстæн æнæхъæнæй.

Скъоладзауты дзырдуат хъæздыг кæныны тыххæй тексты ссарын синонимтæ (цингæнгæйæ − хъæлдзæгæй), антонимтæ (хорз − æвзæр) æмæ сын бамбарын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Тексты сбæрæг кæнын, синонимтæ æмæ антонимтæ цы дзырдтæн ссарæн ис, уыдон æмæ сæ зæгъын къæйттæй (синонимтæ: сабыргай − сындæггай, сдзырдта − загъта, хорз − дзæбæх; антонимтæ: абон − знон, райста − радта, хорз − æвзæр, сæхимæ − нæхимæ, бахудтис − скуыдта, бады − лæууы, кæйдæр − мæхи, сабыргай − хъæрæй).

Фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн дзуапп лæвæрд


цæуы, рæстæг куыд амоны, уымæ гæсгæ.

Хъус æрдарын тексты арæзтмæ, хатдзæгтæ кæнгæйæ йын сбæрæг кæнын йæ райдайæн, сæйраг хай æмæ кæрон.

4. Текстимæ куыст (2 – фæлтæрæн).

Раздæр сывæллæттæ кæсынц æмхæст текст, бамба- рынц ын йæ хъуыды. Уый фæстæ йæ æнцонæй адих кæнæн ис хицæн хæйттыл – хъуыдыйæдтыл.

Зæрдыл æрлæууын кæнын, хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ куыд дих кæнынц, сæ кæрæтты сын цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрæм, уый.

Ацы фæзындтæ сбæрæг кæныны фæстæ текст ныф- фыссын тетрæдты, хъуыдыйæдтæ хъæугæ æрхæцæн нысæнттæй хицæнгæнгæйæ.

Тексты æууæлтыл бæлвырд æрдзурын: текст арæзт у хъуыдыйæдтæй; хъуыдыйæдтæ баст сты хъуыдымæ гæсгæ; тексты дзырд фæцæуы искæй кæнæ истæй тыххæй.

Фæлтæрæн куы сæххæст кæной, уæд скъоладзаутимæ скæнæн ис беседæ – хи куыд дарын хъæуы скъолайы, урок- ты, уынджы; куыд хъахъхъæнын хъæуы ахуыры дзауматæ; цы цæстæй кæсын хъæуы ахуырмæ.

Скæнын хатдзæгтæ.

5. Æвзаргæ фыст (3 – фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ базондзысты, сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, хъуы- дыйæдтæ цы дзырдтæй арæзт сты, уыдон нæ ныха- сы бæлвырд хæйттæ кæй сты – номдартæ, миногонтæ, мивдисджытæ æмæ нысан кæнынц предметты нæмттæ, æууæлтæ, архæйдтытæ.

Зонгæ цы хъуыдыйады уæнгтимæ нæма сты, уыдон сын хуымæтæг хуызы бацамонын, раттын сæм фæрстытæ.

Миниуæгæвдисæг дзырдтæ ссарын хъæуы æппæт фæлтæрæны тексты, сбæрæг кæнын, кæцы дзырдты æууæлтæ æвдисынц, уый.


Ахæм куыст бакæныны фæстæ скъоладзауты хъус æрдарын, миногонтæ номдарты æууæлтæ кæй нысан кæнынц, уымæ.

Миногонтыл цавды нысæнттæ куы сæвæрой, уæд ба- зондзысты дзырдты растдзурыны æгъдæуттæ.

6. Нывмæ гæсгæ куыст (4 – фæлтæрæн).

Ныв бæстон равзарын – кæй æмæ дзы цы уынынц, уый сбæрæг кæнын; цавæр дзаумæттæ ис чызджытæ æмæ лæппутыл, сбæрæг сын кæнын сæ хуыз; сбæрæг кæнын, чи сæ цы архæйдтытæ æххæст кæны, уый.

Хъуыдыйæдтæ куы æрхъуыды кæной, уæд сбæлвырд кæнын, раздæр сæ кæцытæ ныффыссын хъæуы, уый.

Скъоладзаутæ куы бамбарой, ацы хъуыдыйæдтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзиуыл баст сты, уый, уæд æнцонæй скæндзысты хатдзæг – нывмæ гæсгæ арæзт æрцыдис ра- дзырд.

Радзырдæн æрхъуыды кæнын сæргонд, сбæрæг ын кæнын йæ темæ.

7. Сфæлдыстадон куыст (5-æм фæлтæрæн). Схемæтæм гæсгæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ. Фыццаджыдæр зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы,

скъоладзаутæ фыццаг æмæ дыккаг кълæсты схемæты тыххæй цы базыдтой, уый, ома ацы хæххытæ цы нысан кæнынц, уый.

Зæрдыл æрлæууын кæнын, схемæты фæстæ æвæрд æрхæцæн нысæнттæ цы нысан кæнынц, уый, ома хъуы- дыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæртæ хъуамæ уой.

Афтæ бакусыны фæстæ фæлтæрæн æххæстгонд цæуы йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

Дзуапп раттын фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæн.

8. Текстимæ куыст (6-æм фæлтæрæн).

Ахуыргæнæг йæхæдæг куы базонгæ уа æмдзæвгæйы текст æмæ йæ равзарынмæ цы хæслæвæрдтæ лæвæрд


цæуы, уыдонимæ, уæд бамбарæн ис, ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ кæй базонгæ уыдзысты текстæн æрмæст йæ мидисимæ нæ, фæлæ бамбардзысты, æххæст хъуыды æвдисæг хъуыдыйæдтæй арæзт кæй у, уый; сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты мыртæ æмæ дамгъæты хицæндзинæдтæ; ныхасы хæйттæ æмæ сæ хицæндзинæдтæ.

Ацы фæзындтæ сбæрæг кæнынмæ скъоладзаутæн æххуыс кæны ахуыргæнæг фæрстыты руаджы. (Фæрстытæ лæвæрд цæуынц фæлтæрæнмæ тексты разæй æмæ йæ фæстæ.)

9. Сфæлдыстадон куыст (7 – фæлтæрæн).

Скъоладзаутæ фæрстытæн дзуæппытæ куы раттой, уæд сæм рауайдзæн радзырд. Куысты хуызы нысан у, скъо- ладзауты раст æмæ аив дзурыныл ахуыр кæнын. Тексты ссарын æмæ бахахх кæнын сæрмагонд ныхасы хæйттæй кæй зонынц, уыдоны бын. Сæвæрын сыл цавды нысæнттæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Скъоладзаутæ урочы дæргъы цы базыдтой, сæ зæрдыл цы æрлæууын кодтой, уыдонмæ ма иу хатт хъус æрдарын: цы у хъуыдыйад; цы сты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ; цавæртæ вæййынц хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ (фæрстытæм гæсгæ); цы у текст.

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 8фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ; бахъуыды кæнын зæрдылда- ринæгтæ.

 

 

Урок

Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Ныхасы хæйттæ

 

Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын мыртæ æмæ дамгъæтæ, ныхасы хæйттæ, иртасын сæ сæ фæрстытæм гæсгæ; рæзын кæнын скъоладзауты диало- гон ныхас; зæрдыл æрлæууын кæнын сæрмагонд нæмтты


растфыссынад.

Дзырдуат: уайдзæф, «уый та дæ сæрмæ куыд хæс- сыс?»

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Диалогон ныхас (9 – фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын архайджыты нæмттæ, раттын сын характеристикæ.

Зæрдыл æрлæууын кæнын, диалог цы у, уый. (Диалог у дыууæ адæймаджы æхсæн ныхас.)

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн. Скъоладзауты бафæрсын сæ боны фæткы тыххæй.

3. Ныхасы хæйттæ иртасын (10 – фæлтæрæн).

Бакæсын текст. Сбæрæг кæнын, цы равдыста Къос- та йе ’мдзæвгæйы, уый. Ранымайын зайæгойты нæмттæ, сбæрæг сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Скъоладзаутæ текстæй куы рафыссой предметты нæмттæ æмæ сæ архайдæвдисæг дзырдтæ, сæ æууæлтæ æвдисæг дзырдтæ, уæд сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты ныхасы хæйтты тыххæй зонындзинæдтæ.

4. Текстимæ куыст (11 – фæлтæрæн).

Ацы урок райдайæн ис фæлтæрæны текст бакæсынæй (гæнæн ис, æмæ йæ ахуыргæнæг йæхæдæг бакæса, скъо- ладзауты чингуытæ сæхгæнын кæнын, афтæмæй), уый фæстæ бафæрсын ахуырдзауты, тексты автор цы ныв æрфыста, уый сæ цæстытыл куыдæй ауадис; сбæлвырд кæнын, Агуындæ сау кърандасæй куы ахуырста, уæд нывтæ цавæр уыдысты, уый фæстæ та цыхуызæн рауадысты, уый.

Афтæ равзарыны фæстæ текст кæсынц скъоладзаутæ сæхæдæг.

Текст адих кæнын хæйттыл æмæ сæ абарын кæ- рæдзиуыл (1-аг хай – сау кърандæстæй кæм ахоры, уый;

2-аг хай – хуызджын кърандæстæй кæм сахуырста, уый).

Зæгъын, цавæр хуызджын кърандæстæй ахуырста


Агуындæ, сбæрæг кæнын, цæмæй йæ базыдтой, уый (сырх, цъæх, бур).

Тексты мидис бæлвырд равзаргæйæ, сбæрæггæнæн ис, автор предметты æууæлтæ цавæр дзырдты фæрцы рав- дыста, уый.

Бакæнæн ис лексикон куыст – бæрæггонд дзырдтæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæ (уый фæахъаз уыдзæн скъоладзауты дзырдуатон сконд фæхъæздыгдæр кæнынæн).

Сбæрæг кæнын тексты хуыз.

5. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(12- фæлтæрæн.)

Скъоладзаутæ ахæм куысты хуыз (тест) фыццаг хатт кæй æххæст кæндзысты, уымæ гæсгæ сын æй бам- барын кæнын хъæуы бæстон, ома хæслæвæрдтæ куы бакæсой, уæд цалдæр дзуаппæй равзарын хъæудзæн, раст дзы кæцы у, уый. Ацы куысты хуыз скъоладзаутæн фех- хуыс уыдзæн раиртæстытæ хуыздæр бахъуыды кæнынæн. Раст дзуæппытæ куы равзарой, уæд ахуырдзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, ирон æвзаджы мыртæ кæй дих кæнынц хъæлæсон æмæ æмхъæлæсонтыл; дзыр- ды цал хъæлæсоны ис, уæнгтæ дæр дзы уал ис; дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæсгæйæ, дыгай дамгъæтæй арæзт æмхъæлæсонтæ хицæнгæнæн нæй; сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ хуыйнынц синонимтæ.

6. Дамгъуат зæрдыл æрлæууын кæнын (13 – фæл- тæрæн).

Дзырдты фыццаг мыртæй саразын ног дзырд. Ацы фæлтæрæн арæзт у мыртæ æмæ дамгъæты хицæндзинæдтæ иртасынмæ; дзырдтæн мырон-дамгъон анализ кæнынмæ.

Дзырд куы саразой (дамгъуат), уæд зæрдыл æр- лæууын кæнын хъæуы дамгъуат – радзурын сын кæнын алфавит.


Бакæсын зæрдылдаринаг.

7. Нывмæ гæсгæ куыст (14 – фæлтæрæн).

Нывтæ равзаргæйæ скъоладзаутæ хъуамæ бамбарой, боны фæтк сæ æвдыст кæй цæуы, уый.

Фæрстытæ феххуыс уыдзысты нывты сæйраг хъуы- ды сбæрæг кæнынмæ. Нывтæ равзарын хъæуы бæстон: цы дзы æвдыст цæуы, цыхуызæн сты; цы ми кæнынц?

Фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ сæххæст- гæнгæйæ, скъоладзаутæн сæхи бафæрсын, уыдон та куыд арвитынц сæ бон, уымæй.

8. Сфæлдыстадон куыст (15фæлтæрæн). Дзырдбыды чырæгтæ баххæст кæнын дзырдтæй. Куыст райдайыны размæ зæрдыл æрлæууын кæнын

мыртæ æмæ дамгъæты классификаци; у хъæлæсон кæд вæййы; æмхъæлæсон – та? Уый скъоладзаутæн фех- хуыс уыдзæн фæлтæрæны иннæ хæслæвæрдтæн дзуапп раттынæн.

Хатдзæгтæ скæнын: радзурын, мыртæ æмæ дам- гъæты тыххæй ацы урочы сæ зæрдыл цы æрлæууын код- той, уый (ахуыргæнæджы фæрстытæн дзуапдæтгæйæ).

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 16 – фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ. (Къласы равзарын дыууæ дзырды растфыссынад, дарддæр куыд кусдзысты, уый бамбары- ны тыххæй.)

Иннæ урокмæ сын ноджыдæр раттæн ис хæслæвæрд – бацæттæ кæнын уарзон чиныджы тыххæй цыбыр радзырд.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Урочы нысантæ: скъоладзауты ныхасы рæзтыл ку- сын: монологон ныхас рæзын кæнын; тексты хуызтæ ир- тасын, текстæн сæргонд хъуыды кæнын зонын.

Дзырдуат: æрзæбултæ сты, хъусцæджытæ, хуры- скаст.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Радзырд ныффыссын (17 – фæлтæрæн).



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: