Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 3 глава




Скъоладзаутæ раздæр дзурынц сæ уарзон чины- джы тыххæй, уый фæстæ сæ цыбыр радзырдтæ фыссынц сæ тетрæдты.

Ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ ис æрмæстдæр радзурæн, сывæллæттæ фысгæ мацы ныккæнæнт, афтæмæй.

Скъоладзауты рагацау бафæрсæн ис, тексты сæргонд

– фарст куы бакæсой, уæд ын цавæр дзуапп раттиккой, уымæй (тексты хæслæвæрд мама бакæсæнт, афтæмæй).

Дзуапп раттын фæлтæрæны хæслæвæрдтæн (хъуы- дыйæдтæ куы æрхъуыды кæной, уæд). Ахуыргæнæг йæхæдæг æвзары, скъоладзаутæ хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ кæцы хъуыдыйæдты агурой, уый.

3. Монологон ныхас (18 – фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты монологон ныхасимæ дарддæр зонгæ кæнын. Уымæ гæсгæ раздæр зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, монолог цы у, уый. (Иу адæймаджы раныхас хуыйны монолог.)

Æмдзæвгæ бакæсыны фæстæ сывæллæттæ бамбар- дзысты, тексты ныхас скъоладзауты номæй кæй цæуы. Тек- сты мидис бæлвырд равзарын. Бамбарын кæнын фæстаг хъуыдыйады мидис:

«Мах зæрдæтæм ныр ныккæс, – Фендзынæ дзы хуры».

 

Ам скъоладзаутæ зæгъдзысты, ног ахуыры азыл куыд цин кæнынц, уый.

Фæлтæрæны фæстаг хæслæвæрд арæзт у фыццаг цæсгом æртыккаг цæсгомæй баивынмæ. Ам скъоладзаутæн хуымæтæг хуызы бамбарын кæнæн ис, ныхас, хъуыдытæ хъусæгæн цалдæр хуызы радзурæн кæй ис, уый. Сывæллæттæн бамбарын кæнын, иу цæсгом иннæмæй


баивгæйæ, «мах» суыдзæн «уыдон»; «арвыстам –

арвитдзыстæм; «махæй» – уыдонæй» æ. а. д.

4. Текст æмæ йæ сæргонд (19-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ хъуамæ бамбарой тексты бастдзинад йæ сæргондимæ; ба- зоной текстæн сæргонд хъуыды кæнын.

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг ын кæнын йæ хуыз (таурæгъон, æрфысты элементтимæ). Дзуапп раттын фæлтæрæны хæслæвæрдæн – тексты уары- ны æртæхты тыххæй цы загъд ис? Ссар уыцы бынат æмæ йæ бакæс.

Æркæсын нывмæ, абарын æй тексты мидисимæ. Скъоладзаутæн раттын хæслæвæрд, цæмæй сæ

алчидæр ацы текстæн æрхъуыды кæна сæргонд æмæ йæ зæгъа. Уый фæстæ сывæллæттæ æппæт сæргæндтæй æвзарынц, тексты мидис бæлвырддæрæй чи æвдисы, уый.

Ацы куысты хуыз æххуыс у скъоладзауты сæ хъуыдытæ дзурыныл ахуыр кæнынæн.

Тынг ахсджиаг у скъоладзаутæм раттын фарст: «Ды уæ кæртмæ куы рацæуыс, уæд цы бафиппайыс?»

Уый рæзын кæны сывæллæтты къæрцхъусдзинад, ахуыр кæнынц сæ алыварс фæлгæсыныл.

5. Бахъуыдыгæнинаг (20 – фæлтæрæн).

Скъоладзаутимæ скæнын беседæ чиныджы тыххæй: куыд пайда у, цас зонындзинæдтæ дзы ис райсæн. Стæй сывæллæттæн раттын бар сæ уарзон чингуыты тыххæй радзурынæн.

 

Сыгъзæрин фæззæг

Мыртæ æмæ дамгъæтæ

Урок

Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ

Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын


мыртæ æмæ дамгъæты тыххæй зонындзинæдтæ; хъæ- лæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты хицæндзинæдтæ; зылан- гон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ, иртасын сын сæ хицæндзинæдтæ; текстимæ кусын, сæргонд ын хъуыды кæнын.

Дзырдуат: ололи, тыллæг, кæрог, сæлфынæг

1. Текстимæ куыст (21-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у текст хицæн абзац- тыл, хæйттыл дих кæнын ахуыр кæнын; тексты хæйтты кæрæдзийы фæдыл равæрдмæ хъус дарын.

Текст бакæсыны æмæ йын йæ хъуыды бамбарыны фæстæ рахицæн кæнын абзацтæ. Ахæм куыст бакæныны фæстæ скъоладзаутæ бамбардзысты, тексты фыццаг хайы æрдзы æрфыст æвдыст кæй цæуы; дыккаг хайы нын автор нæ хъус æрдардта, боныгон цы мæргъты зæлланггæнаг хъæлæстæ фæхъусæм, уыдон боны фæудмæ кæй басабыр вæййынц, уымæ; æртыккаг хай арæзт у иу хъуыдыйадæй (Хур ныххызт рагъæй) æмæ амоны, кæй æризæр, уый; цыппæрæм хайы райхъуыстысты, æхсæвыгон цы мæргътæ базмæлынц, уыдоны уынæр æмæ уасын.

Афтæ текстæн, йæ хъуыды йын бæстон равзаргæйæ, раттæн ис сæргонд. Абарын тексты мидис æмæ йæ сæргонд.

Дзуапп раттын фæлтæрæны хæслæвæрдтæ æмæ уæлæмхасæн фарстæн.

2. Мырты растдзурынадмæ хъус дарын (22 –

фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын, æмхъæлæсонтæй иутæ зылангимæ кæй хъуысынц, иннæтæ та – æнæ зылангæй.

Уый тыххæй фыццæгæм фæлтæрæны текстæй рафыс- сын бæрæггонд дзырдтæ æмæ сбæрæг кæнын, куыд хъуы- сынц, уый. (Зылангимæ æви æнæ зылангæй; сæ дзургæйæ æрмæст сыбыртт райхъуысы æви хъæлæс æмæ сыбыртт.)


Афтæ, мырты хицæндзинæдтæ сбæрæггæнгæйæ, скъоладзауты æркæнын бæлвырд хатдзæгтæм.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

3. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(23 – фæлтæрæн).

Фæлтæрæн æххæст кæныны размæ скъоладзауты хъус æрдарын, урочы райдайæны, зынæмбарæн дзырдты нысаниуджытæ куы бацамыдта, уæд ныхас цы дзырдтыл цыдис, уыдонмæ (кæд фæйнæгыл фыст сты, уæд ма сæ иу хатт бакæсын).

Уый фæстæ баххæст кæнын дзырдбыды чырæгтæ, дзуапп раттын фæлтæрæны æппæт хæслæвæрдтæн дæр, æмæ дзырдтæ ныффыссын тетрæдты (дидинæг, тыллæг, фæззæг, кæрдæг, бæлас).

Фæлтæрæны уæлæмхасæн хæслæвæрд (дзырдтимæ æрхъуыды кæнын цыбыр хъуыдыйæдтæ) раттæн ис, йæ сæйраг куыст чи бакодта, уыцы скъоладзаутæн, кæнæ та хъуыдыйæдтæ хъуыдыгонд цæуынц дзургæйæ (куыст аразгæ у, урочы рæстæг куыд амоны, уымæ гæсгæ).

4. Æвзаргæ фыст кæнын (24 – фæлтæрæн).

Æмдзæвгæ аив бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Текстæй рафыссын æрмæст номдартæ дыууæ цæджындзæй:

1 – зылангон æмхъæлæсонтæй цы дзырдтæ райда- йынц, уыдон; 2 – æзылангон æмхъæлæсонтæй цы номдартæ райдайынц, уыдон.

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæ æмæ хæс- лæвæрдтæн. Скъоладзаутæ хъуамæ бамбарой, æрæг- вæззæгмæ хæстæг мæргътæй иутæ хъарм бæстæм кæй атæхынц, иннæтæ баззайынц ам.

Ам зæрдыл æрлæууын кæнын, æрдззонæны урокты ацы мæргъты тыххæй цы базыдтой, уый.

Бакæнын хъомыладон куыст – цы пайда сты тæхгæ мæргътæ æмæ сæм цæст куыд дарын хъæуы, куыд сын


хъæуы æххуыс кæнын.

Текст лæмбынæг бакæсгæйæ, сывæллæттæ бамбар- дзысты дыкъæдзыгты ист ныхæстæ:

«Хорзæй баззайут, хъæубæстæ, Рæгътæ, къуыбыртæ ’мæ фæзтæ! Мах уын раздахдзыстæм уалдзæг Уазал урс зымæджы фæстæ»

мæргътæм кæй хауынц – уыдон иуæй зæгъынц хæрзбон, иннæмæй зæрдæ æвæрынц уалдзæг раздахынæй (уымæн æмæ уалдзæджы ралæудимæ хъарм бæстæй æртæхынц мæргътæ дæр).

Тексты ссарын синонимтæ (уазал – хъызт).

Тексты ссарын антонимтæ (уазал – хъарм, къуыбыр

– фæз).

Абарын тексты мидис нывимæ.

Скæнын хатдзæгтæ. Цы хонæм зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ? Цæмæй хицæн кæнынц кæ- рæдзийæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 25 – фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ

 

Урочы нысантæ: зылангон æмæ æзылангон æм- хъæлæсонты тыххæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын; тексты хуыз бæрæг кæнын зонын.

Дзырдуат: лæнчытæ, фæсалгæрдæг, дзылыцъиу, алæмæттаг.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстæн сæргонд хъуыды кæнын (26 – фæлтæ-


рæн).


 

 

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты рагвæз-


зæджы миниуджытимæ базонгæ кæнын. Ацы фæзынд равзарын хъæуы бæстон, уымæн æмæ ацы урочы 29 – фæлтæрæны æмдзæвгæйы та дзырд цæуы æрæгвæззæджы тыххæй. Скъоладзаутæ йемæ куы базонгæ уой, уæд абарын дыууæ тексты мидис.

Сбæрæг кæнын, радзырды мидис бамбарынæн миногонтæ цы æххуыс сты (уый тыххæй ссарын æууæлæвдисæг дзырдтæ æмæ сын бамбарын кæнын сæ нысаниуджытæ).

Текстæн, йæ мидис ын бæлвырд равзарыны фæстæ, скъоладзаутæ дæттынц сæргонд.

Фæлтæрæн сæххæст кæныны фæстæ тынг ахсджиаг у скъоладзаутæн сæхи хъуыдытæм байхъусын, ома дзуапп раттын фарстæн – Дæуæн та дæ цæстытыл куыдæй уайынц фæззыгон изæр æмæ æхсæв? Ацы фарстæн дзуапдæтгæйæ, сывæллæттæ сæ цæстытыл хъуамæ ауайын кæной фæззыгон изæр æмæ фæззыгон æхсæв, бамбарын сын кæнын сæ хицæндзинæдтæ.

Тексты ссарын синонимтæ (тæвд – хъарм).

Тексты æмбæлæг дзырдтæн ссарын антонимтæ (тæвд

– уазал, дзаг – афтид, ирд – тар, рагвæззæг – æрæгвæззæг, ставд – лыстæг).

Ацы куысты хуыз феххуыс уыдзæн скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнынæн.

3. Æвзаргæ фыст кæнын (27 – фæлтæрæн.)

26-фæлтæрæнæй дыккаг хъуыдыйад куы рафыссой, уæд ын скъоладзаутæ æмбарын кæнынц йæ хъуыды (ацы ран хъус æрдарын хъæуы афæдзы афонты æууæлтæм, ома сæрдыгон вæййы тæвд, фæлæ рагвæззæджы дæр бынтон нæма фæуазал вæййы, нырма вæййы хъарм (автор æй бары сæрды тæвдимæ).

Фæлтæрæны хæслæвæрдтæ бар дæттынц ацы хъуы- дыйадæн алывæрсыг анализ скæнынæн. Дзырдтæн мы-


рон-дамгъон анализгæнгæйæ зæгъын хъæудзæн, цы æмхъæлæсонтæ сæ ис, уыдон зылангонтæ сты æви æзылангонтæ.

Скæнын хатдзæгтæ.

4. Нывмæ гæсгæ куыст (28 – фæлтæрæн).

Ныв бæстон равзаргæйæ, скъоладзаутæ базондзысты рагвæззæг æрæгвæззæгæй хицæн кæнын, сæ æууæлтæ сын иртасын, бамбардзысты, сæ æрфыссыны тыххæй цавæр хуызтæй спайда кæнын хъæуы, уый.

Нывмæ гæсгæ раздæр хъуыдыйæдтæ, уый фæстæ та радзырд æрхъуыды кæнынæн скъоладзаутæн фех- хуыс уыдзысты нывы бынмæ лæвæрд хæслæвæрдтæ æмæ фæрстытæ.

Радзырд тетрады ныффыссыны размæ хъус æрдарын хъæудзæн, цы дзырдтæй пайдагонд æрцыд, уыдоны растфыссынадмæ.

5. Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты хи- цæндзинæдтæ (29 – фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæныл кусгæйæ, раздæр бакæсын æмдзæвгæ, бамбарын ын йæ хъуыды; ахадгæ уыдзæн алы хъуыдыйад дæр хицæнæй равзарын, уымæн æмæ сæ алкæцыйы дæр дзырд цæуы хицæн фæзындтыл; афтæмæй бамбарæн ис, мыртгæ кæцæй разынд, уыцы пыхс бæгънæг æмæ гом цæмæн у (уымæн æмæ æрæгвæззæг сыфтæр азгъæлы, мыртгæ та æрæгмæ æртонæм); мыст йæхицæн зымæгмæ æвæрæнтæ скæны; дзылы йæ мæрайы ныллæсы æмæ бамбæхсы уазалæй; тæрс бæласы сыфтæртæ æрызгъæлынц. Абарын 26 – фæлтæрæны текст ацы æмдзæвгæйы мидисимæ.

Текст афтæ равзарыны фæстæ сæххæст кæнын фæлтæрæны хæслæвæрдтæ æмæ дзуапп раттын йæ фæрстытæн.

Хатдзæгтæ скæнын. Зылангон æмæ æзылангон


æмхъæлæсонтæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц? Аба- рын рагвæззæг æмæ æрæгвæззæджы æууæлтæ.

Хæдзармæ куыст раттын: сæххæст кæнын 30- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

 

 

Урок

Æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ

 

Урочы нысантæ: бацамонын æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ, сæ хицæндзинæдтæ; рæзын кæнын скъоладзауты хъуыдыкæнынад.

Дзырдуат: тыргъ, рувын, æмкъай, æврæгътæ, култæ.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын: зæрдыл æрлæууын кæнын, цы сты зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ, ранымайын сæ; дзуапп раттын фарстæн – Хæдзары цы фæлтæрæн сæххæст кодтой, уый текст моно- лог цæмæн хуыйны?

2. Текст хæйтттыл дих кæнын (31- фæлтæрæн).

Ацы текст («Фæззыгон хъæды») бакæсгæйæ, скъо- ладзаутæ базондзысты, фæззыгон хъæды цы ивддзинæдтæ æрцæуы, уый.

Фæлтæрæны нысан у текст хæйттыл адих кæнын æмæ алы хайæн дæр сæргонд раттын. Цы æртæ хайы, абза- цы дзы ис, уыдоны дзырд цæуы алы фæзындтыл, æмæ сæ сывæллæттæ æнцонæй рахицæн кæндзысты.

Фæлтæрæны фæрстытæн дзуæппытæ ссарын тексты æмæ сæ бакæсын.

3. Æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæ- лæсонтæ кæрæдзийæ иртасын (32- фæлтæрæн).

Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ. Фæлтæрæны лæвæрд дзырдтæ бакæсын къæйттæй æмæ сын абарын сæ фыццаг мыртæ, хъус æрдарын, куыд хъуысынц, уымæ.


Сывæллæттæ бамбардзысты, æмхъæлæсонтæй иутæ кæй хъуысынц зылангимæ, иннæтæ – æнæ зылангæй, райхъуысы æрмæст сыбыртт.

Бакæсын раиртæст.

Скæнын хатдзæг.

4. Диалогон ныхас (33- фæлтæрæн).

Текст бакæсыны фæстæ сбæрæг кæнын, диалог цæмæн хуыйны, уый. Ныхас кæй æхсæн цæуы?

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæн.

Æмдзæвгæйы текст равзарæн ис дзургæйæ, тетрæдты та ныффыссын кæнын йæ кæцыдæр хай (ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ).

Тексты бацамонын, синонимтæ ссарæн цы дзырдтæн ис, уыдон (цин – хъæлдзæгдзинад, тыхджын – хъаруджын, стырдæр – егъаудæр); антонимтæ ссарæн цы дзырдтæн ис, уыдон (адджын – туаг; бæркадджын – æбæркад; тыхджын – лæмæгъ, æдых; стырдæр – гыццылдæр).

5. Нывмæ гæсгæ куыст (34- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты сфæл- дыстадон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Радзырд ныф- фыссыны размæ сбæрæг кæнын, нывы цы æвдыст цæуы, уый.

Хæслæвæрдтæ домынц къордтæй ныффыссын предметты нæмттæ (дон, кæрдæг, бæлæстæ, къудзитæ, арв, æврæгътæ); æууæлæвдисæг дзырдтæ (æрвхуыз, кæрдæгхуыз, бур, копрадзхуыз, бурбын, урс, сырхбын, даргъ, цыбыр, бæрзонд); архайдæвдисæг дзырдтæ (зайынц, кæлы, лæууы).

Ныхасы хæйтты нæмттæ куы сбæрæг кæной, уæд, æмхъæлæсонтæй цы номдартæ райдыдтой, уыдонæн сæ фыццаг мыртæн ссарын се ’мкъай æмхъæлæсонтæ.

Нывмæ гæсгæ радзырд ныффыссын бахæс кæнæн


ис æрмæст тыхджын скъоладзаутæн (кæнæ сæйраг хæслæвæрдтæ раздæр чи сæххæст кæна, уыдонæн).

6. Дызæрдыггаг æмхъæлæсонты растфыссынад

(35- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, зæрдыл æрлæууын кæнын кæнæ ногæй бакæсын раиртæст (цы сты æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ), æмæ уый фæстæ сбæрæг кæнын дызæрдыггаг æмхъæлæсонты раст- фыссынад.

Дзырдтæ бакæсын æмæ хъус æрдарын, бынтон бæлвырд цы æмхъæлæсонтæ нæ хъуысынц, уыдонмæ (бæрæг нæу, з фыссæм æви с, в æви ф, гъ æви х).

Ахуыргæнæджы уæлæмхасæн фæрстытæм гæсгæ ацы фæзынд скъоладзаутæ куы нæ бамбарой, уæд раздæр бакæсæн ис, фæлтæрæны бынмæ цы раиртæст фыст ис, уый, стæй уæд бамбарын кæнын, лæвæрд дзырдты цы дызæрдыггаг æмхъæлæсонтæ ис, уыдон растфыссынады мадзал (куыста – кусын, рывта – рувын, уарзта – уарзын, бирæгътæ – бирæгъы, цавта – цæвы).

7. Сфæлдыстадон куыст (36-фæлтæрæн).

Ацы куысты хуыз лæвæрд цæуы, скъоладзаутæ зы- лангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнынæн. Ныффыссын хъæуы къласы скъо- ладзауты нæмттæ дыууæ къордæй. Раздæр сбæрæг кæнын, къласы æдæппæтæй цал скъоладзауы ис, уый; стæй базо- нын, чызджытæ цал сты, лæппутæ сæм цал ис, уый. Уый фæстæ дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн.

8. Грамматикон хъазт (37- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у сбæрæг кæнын, скъола- дзаутæ æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ куыд бахъуыды кодтой, уый. Сæ зонындзинæдтæ рабæрæг уыдзысты, «Мырон пропорци» куы баххæст кæной, уæд.

Фæлтæрæны уæлæмхасæн хæслæвæрд сæххæст


кæнæн ис дзургæйæ, кæнæ йæ раттын тыхджындæр скъоладзаутæн (дзырдтæ ныффыссæн ис тетрæдты дæр).

Хатдзæгтæ скæнын. Цы сты æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ? Цы бакæнын хъæуы, цæмæй дзырдты мидæг дызæрдыггаг æмхъæлæсонтæ раст ныффыссæм, уый тыххæй?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæстытæ;

сæххæст кæнын 38-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

 

 

Фæллой кæм уа, фарн дæр уым ис

Урок

Æмхъæлæсонтæ г, к (кк), къ -йы ивынад дж, ч (чч), чъ -йæ хъæлæсон ы -йы разæй

 

Урочы нысантæ: скъоладзаутæн бацамонын æм- хъæлæсонты ивынад хъæлæсон ы -йы разæй; скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; фæллойæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын.

Дзырдуат: мæскъ, зулкъ, губакк.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Скъоладзаутæн радзурын, фæллой кæ- нын куыд ахсджиаг хъуыддаг у, æнæ кусгæйæ адæймаг мæгуыр кæй вæййы, уый тыххæй. Сбæрæг кæнын, сывæллæттæ сæхæдæг цавæр куыстыты феххуыс кæнынц сæ ныййарджытæн. Хуымæтæг хуызы æрдзурæн ис алы дæсныйæдтыл æмæ сæ ахадындзинады тыххæй.

Ахуырдзаутæн бамбарын кæнын, иу цалдæр урочы дæргъы, æвзаджы темæ ахуыргæнгæйæ, кæй базондзысты, чи куыд æххуыс кæны йæ хистæртæн, уый; базонгæ уы- дзысты куысты тыххæй æмбисæндтимæ; фæззыгон куыс- тыты хуызтимæ.

3. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын:

хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ, сæ хицæндзинæдтæ;


зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ; æмкъай зылан- гон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ.

4. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

5. Æмхъæлæсонты кæрæдзийæ ивынад (39- фæлтæрæн).

Дыууæ цæджындзы дзырдтæ къæйттæй кæсгæйæ скъоладзаутæ бафиппайдзысты æмхъæлæсонты ивы- над: г-дж -йæ, к-ч -йæ, кк-чч -йæ, къ-чъ -йæ. Ацы фæзынд равзаргæйæ, скъоладзаутæ сæхæдæг æрцæудзысты бæлвырд хатдзæгмæ (сæ бон куы нæ бауа, уæд ма сын ахуыргæнæг иу хатт сæ хъус æрдардзæн æмхъæлæсонты кæрæдзийы ивынадмæ).

6. Иууон нымæцæй бирæон нымæц аразын (40- фæлтæрæн).

Хъуыдыйæдтæ кæсгæйæ, къæлæтты иууон нымæцы лæвæрд дзырдтæ сæвæрын бирæон нымæцы. Хъус æрдарын, цы ивддзинæдтæ сæ æрцыд, уымæ.

Æрмæг афтæ равзаргæйæ, скъоладзаутæ ноджы арфдæр бамбардзысты, дзырдты мидæг г, к (кк) къ ивд кæй æрцæуынц дж, ч (чч), чъ -йæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: