Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 10 глава




6. Мивдисæджы нымæцы формæтæ кæрæдзийæ ивын (214- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у, æмдзæвгæйы иууон нымæцы формæйы цы мивдисджытæ æмбæлы, уыдон сæвæрын бирæон нымæцы формæйы (рауай – рауайут, разгъор – разгъорут,æрхастон – æрхæссут, æркодтон – æркæнут, айтынг – айтынг ут).

Æмдзæвгæйы текст бакæсын цæсгæмттæм гæсгæ.

– Цы курынц сабитæ уалдзæгæй?

– Цы дзуапп радта уалдзæг сывæллæттæн?

Дзуапп раттут фæлтæрæны фарстæн.

7. Нывтæм гæсгæ сфæлдыстадон куыст (215- фæлтæрæн).

Тексты се ’ппæт хъуыдыйæдтæ дзырдтæй арæзт не сты. Иуæй-иу рæтты дзы æмбæлы нывтæ. Хъуыдыйæдты уыцы нывты бæсты бавæрын хъæуы сæ нысангæнæг дзырдтæ.

Текст ныффыссын тетрæдты. Бахахх кæнын мивдисджыты бын, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнын сæ нымæц.

Дарддæр фæлтæрæны иннæ хæслæвæрдтæ æххæстгонд цæуынц дзургæйæ: сбæрæг кæнын, номдартæ цалгай предметтæ нысан кæнынц, мивдисджытæ та цалгай предметты архайд æвдисынц, предметтæ цалдæр куы уаиккой, уæд цы аивид? (Хъус æрдарын æхсæзæм хъуыдыйадмæ – æртыдта бирæ дидинджытæ.) æмæ аф. д.

Хатдзæгтæ скæнын.

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 216- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Урок

Мивдисджыты ивынад афонтæм гæсгæ

Урочы нысантæ: бацамонын мивдисджыты ивы- над афонтæм гæсгæ.

Дзырдуат: арвæрдын, къæлæт, йæхицæй ныббуц.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Цы у арвæрдын, арвырон? Кæд фæзыны? Цас фæвæййы арвыл, стæй цы фæвæййы? Скъоладзаутæ дзурынц, æрдззонæны урокты ацы фæзынды тыххæй цы базыдтой, уый.

3. Текстимæ куыст (217- фæлтæрæн).

Басня бакæсыны размæ скъоладзауты бафæдзæхсын, цæмæй лæмбынæг хъусой æмæ бамбарой, архайджытæ цæуыл быцæу кæнынц, уый.

Ацы фæлтæрæны нысан у тексты сæргонд æмæ йæ мидисы бастдзинад сбæрæг кæнын.

Текст адих кæнын хицæн хæйттыл («Арвыл фæзынд арвырон»; «Арвырон æппæлы йæхицæй»; «Арвырон æр- байсæфт»).

Сбæрæг кæнын, тексты хæйттæй басняйы сæргон- димæ æнгомдæр кæцы у баст.

Тексты ссарын синонимтæ (аив – рæсугъд) æмæ антонимтæ (фæзындис– цыдæр æрбаци, æрбайсæфтис).

Арвырон йæхицæй цæмæн æппæлыдис?

Хъомыладон куыст бакæнын – хицæй æппæлын хорз


нæу.


 

 

Тексты ссарын диалогон ныхасы элементтæ. Ныхас


кæй æхсæн цæуы?

Басняйы мидис бæлвырд равзарыны фæстæ скъоладзауты хъус æрдарын тексты бæрæггонд дзырдтæм. Сбæрæг кæнын, цæй архайд æвдисынц, уый (къæлæт фæзындис, арвырон æппæлы, ды æрбайсæфдзынæ)

Уый фæстæ сбæрæг кæнын, уыцы архæйдтытæ кæд цæуынц, уый. Бамбардзысты, архæйдтытæй 1-аг кæй æрцыдис, 2-аг кæй цæуы, 3-аг цæудзæн.

 

4. Мивдисæджы афонтæ бæрæг кæнын (218- фæл- тæрæн).

Ацы фæзынд ма ноджыдæр ныффидар кæныны тыххæй æххæстгонд цæуы ацы фæлтæрæн, кæнæ фысгæйæ хибарæй, кæнæ иумæ дзургæйæ,йæ нысан у скъолдзаутæн бамбарын кæнын, мивдисджытæ алы афонты кæй фембæлынц, ома архайд алы рæстæг æвдыст кæй цæуы. Уый æнцонæй сбæрæг уыдзæн, мивдисджытæм фæрстытæ куы раттой, уæд (цы ми бакодтой? цы ми кæны? цы ми бакæндзæн?).

Фæлтæрæны фарст «Цы бафиппайдтат?» -æн дзуапп ратгæйæ, скъоладзауты æркæнын бæлвырд хатдзæгтæм: фыццаг хъуыдыйады мивдисæг æвдисы, архайд раздæр кæй æрцыдис, уый; дыккаг хъуыдыйады мивдисæг æвдисы, ар- хайд ныр кæй цæуы, уый; æртыккаг хъуыдыйады мивдисæг æвдисы, архайд фæстæдæр кæй цæудзæнис, уый.

Афтæмæй æнцонæй бацамонæн ис терминтæ – нырыккон, ивгъуыд, суинаг æмæ раиртæст мивдисæджы афонты тыххæй.

Бакæсын раиртæст.

5. Мивдисджыты афоны формæтæ бæрæг кæнын

(219- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн раттæн ис хибарæй бакусынæн.

 

 

Йæ æххæстгæнгæйæ,скъоладзаутæн рæзы сæ хъуыдыкæнынад дæр. Хъуамæ, мивдисæгæн йæ кæцыдæр афоны формæ зонгæйæ, фæрстытæм гæсгæ сбæрæг кæной иннæ дыууæ афоны формæйы дæр æмæ афтæмæй базоной мивдисджыты æппæт формæтæ дæр.

Хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын мивдисджытимæ алы афонты æвæрдæй. Ацы хæслæвæрд бакæнæн ис дзургæйæ.

6. Сфæлдыстадон куыст (220- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзаутæн бамбарын кæнын, æрмæст мивдисджытæй пайдагæнгæйæ радзырд ныффыссæн кæй нæй, уый.

Мивдисджытæ бакæсгæйæ бамбарæн ис, радзырд боны фæткыл кæй уыдзæн, уый (фæлæ нырма радзырд нæу).

Ахуыргæнæджы æххуысæй, скъоладзаутæ, лæвæрд мивдисджытæ алы афонты æвæргæйæ æмæ æндæр ныхасы хæйттæй дæр пайдагæнгæйæ, раздæр дзурынц, стæй фыс- сынц радзырд.

Ацы фæлтæрæн раттæн ис скъоладзауты тыхджындæр къордæй цалдæрæн. Иннæтимæ та равзарын 221-аг фæлтæрæн йæхæслæвæрдтæм гæсгæ.

7. Бакæсын радзырд (221-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгонд цæуы дзургæйæ. Ахуыргæнæджы размæ лæууы нысан – аив кæсыныл ахуыр кæнын; мивдисджыты афоны формæты тыххæй зонындзинæдтæ фидар кæнын.

Базонгæ уæвын рагуалдзæджы миниуджытимæ.

Тексты ссарын мивдисджытæ æмæ сын сбæрæг кæнын сæ афоны формæтæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Цал афоны ис мивдисæгæн?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 222- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Мивдисджыты ивынад афонтæм гæсгæ

 

Урочы нысантæ: мивдисæджы афоны формæ бæрæг кæныныл дарддæр кусын; фыстæг фыссыныл ахуыр кæнын.

Дзырдуат: дурæхсæн, фарн, цымыдисаг.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. «Хорздзинадæн рохгæнæн нæй». (Сы- вæллæттæ дзурынц, искуы сын исчи исты хорз ракодта, стæй сæхæдæг та ракодтой æви нæ.)

3. Текстимæ куыст (223-фæлтæрæн).

Ахуыргæнæг скъоладзауты хъус æрдардзæн радзырдмæ æмæ зæгъдзæн – бакæсæм-ма текст æмæ базонæм, ам цавæр хорздзинад æрцыд æмæ кæуыл.

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Равзарын æй фæрстытæм гæсгæ:

– Куыдæй æрбафтыд зæрватыкк Мирманмæ?

– Куыд арвыста цъиу йæ цард?

– Уалдзæджы мæргътæ куы æртахтысты, уæд Мир- маны уазæг йæхи куыд дардта?

Радзырды мидис радзурын хи ныхæстæй.

Текст адих кæнын хæйттыл («Мирман зилы зæр- ватыккмæ», «Зæрватыкк сдзæбæх»; «Зæрватыччы фем- бæлд йæ ирвæзынгæнæгимæ»).

Хъус æрдарын тексты абзацтæм, абарын сæ йæ хæйттимæ.

Дзырдтæ хъарм, фыдуаг, сдзæбæх, хъæлдзæгæй, лымæн -æн ссарын антонимтæ (уазал, сабыр, фæрынчын, æнкъардæй, знаг).

Дзырдтæ хъарм, лымæн, -æн ссарын синонимтæ

(тæвд, æрдхорд).

Сбæрæг кæнын тексты хуыз.

 

Сбæрæг кæнын тексты бæрæггонд мивдисджыты афонтæ.

4. Мивдисæджы афоны формæтæ кæрæдзийæ ивын (224-фæлтæрæн).

223-фæлтæрæны ссарын мивдисджытæ æмæ сæ ныффыссын тетрæдты, æртæ афоны формæйы дæр сæ сæвæргæйæ (тæхынц – атахтысты – атæхдзысты).

Мивдисджытæм раттын фæрстытæ.

Бакæсын раиртæст.

5. Фыстæг фыссыныл ахуыр кæнын (225-фæл- тæрæн).

Ацы фæлтæрæн фæлварæн куысты хуыз кæй у, фыц- цаг хатт æй кæй кæнынц, уый тыххæй уал æй бакæнæн ис пъланмæ гæсгæ.

Пъланы пункттимæ бæлвырд базонгæ уæвгæйæ, æрдзурын, куыд сæ раргом кæнæн ис, ууыл, стæй уæд фыстæг фыссын райдайын.

Фæлтæрæны грамматикон хæслæвæрд у, сæ фыстæджыты цы мивдисджытæй спайда кодтой, уыдоны афоны формæтæ сбæрæг кæнын (скъоладзаутæ йæ æххæст кæнынц хибарæй).

6. Хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл куыст

(226-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у хъуыдыйæдты сæ хъуыдымæ гæсгæ архайдæвдисæг дзырдтæ раст афоны формæты сæвæрын. (Æз знон уыдтæн быдыры. Райсом æз цæудзынæн ме ’мбалмæ уазæгуаты. Уалдзæг куы фæуа, уæд райдайдзысты нæ сæрдыгон каникултæ. Æртæ боны размæ æз бакастæн тынг цымыдисаг чиныг. Мæ уроктæ

куы скодтон, уæд мæ мæ мад ауагъта хъазынмæ.) Бамба- рын кæнын, цæмæй аразгæ у мивдисæджы афоны формæйы равзæрст алы хъуыдыйады дæр. Мивдисджытæм раттын фæрстытæ.

Тексты ссарын антонимтæ (знон – райсом).

7. Текстимæ куыст (227-фæлтæрæн).

Аив кæсын ахуыр кæнын. Мивдисджытæ иртасын æмæ сын сæ афон бæрæг кæнынмæ арæхсыныл кусын.

8. Мивдисджыты афоны формæтæ бæрæг кæнын

(228 фæлтæрæн).

Хъуыдыйæдты æмбæлы мивдисджытæ алы афонты. Ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ фæлтæрæн

сæххæст кæнæн ис йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ; кæнæ та рав- зарын хъуыдыйæдтæ, ссарын мивдисджытæ, сбæрæг сын кæнын сæ афоны формæтæ æмæ сæ фæрстытæм гæсгæ ныффыссын къордтæй:

Цы ми кæны? Цы ми кодта? Цы ми кæндзæн?

кæсы хуыссыд рабырдзæн

 

 

Цы ми кæндзысты?

æртæхдзысты æмæ а.д.

 

9. Мивдисджыты бастдзинад номдартимæ (229- фæлтæрæн).

Бакæсын æмдзæвгæйы текст, бамбарын ын йæ хъуы-ды.

 

Хуымæтæг хуызы æрдзурын, поэт райсомы æрдзы

нывтæ куыд аив равдыста, ууыл. Скъоладзаутæ тексты агурынц дзуæппытæ ахуыргæнæджы фæрстытæн æмæ сæ кæсынц:

а) Æхсæвы цы æрцыд, уый поэт куыд равдыста?

æ) Райсомæй цы аивта æрдзы?

б) Хуры рухс кæдæм бырсы?

в) Доны æртæхтæ цы ми кæнынц?

г) Бæлæстыл чи цы ссыгъта?

Афтæ æвзаргæйæ, скъоладзаутæ ахуыр кæнынц фæрстытæн дзуапп дæттыныл æмæ æмдзæвгæйы мидис æвзарын дæр.

Тексты ссарын антонимтæ (абон – дысон).

Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, ныффидаргæнæн ис мивдисæджы афонты тыххæй зонындзинæдтæ; иу афоны формæйæ æндæр формæ аразын; фæрстытæ сæм дæттын.

Хатдзæгтæ скæнын. Мивдисæгæн цал афоны ис? Цавæртæ? Цæмæ гæсгæ базонæн ис мивдисæджы афонтæ?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 230- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Иры номдзыд лæгтæ

Урок

Мивдисæджы æбæлвырд формæ фæсæфтуан – ын-имæ

 

Урочы нысантæ: базонгæ уæвын мивдисæджы æбæлвырд формæимæ; мивдисæджы афонтæ иртасыныл кусын.

Дзырдуат: сагъæстæ, фæсарæнтæ, сæууон фын, фарн, ипподром.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Скъоладзаутæ фæлтæрæн куыд сæххæст кодтой, уый сбæрæг кæнын ы фæстæ сæ бафæрсын мивдисæджы афонтæ æмæ сæ фæрстыты тыххæй (уый феххуыс уыдзæн ног æрмæг æнцондæрæй бацамонынæн).

2. Текстимæ куыст (231- фæлтæрæн).

Беседæ скæнын. Цыбырæй, хуымæтæг хуызы æрдзурын цирчы тыххæй, барджыты къордты тыххæй (Хъантемыратæ, Тугъанатæ). Бафæрсын скъоладзауты

сæхи фиппаинæгты тыххæй.

Ахуыргæнæг зæгъы, ныртæккæ цы текст бакæсдзысты, уымæн йæ сæргонд у «Алыбеджы фарн». Фæрсы скъо- ладзауты, цымæ ацы тексты мидис йæ сæргондмæ гæсгæ сбæрæггæнæн ис æви нæ, уымæй (скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ).

Бакæсын текст. Фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæй пайдагæнгæйæ, равзарын радзырды мидис.

Тексты ссарын хъæуы мивдисæджы æбæлвырд формæтæ æмæ сæ, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ ра- фыссын (уарзтой бадын, уарзтой хъазын, райдыдта архайын, бафтыд сæхæст кæнын, бантыстис саразын).

Тексты ис мивдисæджы æндæр формæтæ дæр æмæ скъоладзауты хъус æрдарын уыдонмæ, цæмæй фысгæ- фыссын ма фæрæдийой.

Бамбарын кæнын сæрмагонд нæмтты растфыссынад. Сбæрæг кæнын, куыд æмбарынц скъоладзаутæ хъуы- дыйад «Æмдзæгъд сын кодтой Германы, Англисы, Фран-

цы, Испанийы, Италийы» – мидис.

3. Текстимæ куыст (232- фæлтæрæн).

Ацы æмдзæвгæйы текст бакæсгæйæ, скъоладзаутæ базонгæ уыдзысты, Хетæгкаты Къоста йæ сабибонтæ куыд æрвыста, уыимæ.

Фæлтæрæны фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, скъоладзаутæ базондзысты, сидзæр Годтайæн чи æххуыс кодта, уый; базондзысты, Алани сæрыстыр кæй у Къостайæ (цыбырæй, хуымæтæг хуызы сывæллæттæн радзурын Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй).

Текст равзарыны фæстæ бæрæггонд мивдисджытæ сæвæрын æбæлвырд формæйы æмæ сæ ныффыссын тетрæдты (баззад – баззайын, куыдта – кæуын, агуырдта – агурын, барæвдыдта – барæвдауын, уарзта – уарзын, хаста – хæссын, райрæзт – райрæзын, рахъомыл – рахъомыл уæвын, фыста – фыссын).

4. Мивдисæджы æбæлвырд формæимæ зонгæ кæнын (233- фæлтæрæн).

Равзарын дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ, ссарын дзы мивдисджытæ. Куыст саразæн ис афтæ: фыццаг къор- ды хъуыдыйæдты цы мивдисджытæ ис, уыдонæн сбæрæг кæнын сæ нымæц æмæ сæ афоны формæ, стæй скъола-

дзауты бафæрсын – дыккаг къорды мивдисджытæ та кæцы нымæц æмæ афоны формæты сты; раттын сæм фæрстытæ.

Афтæмæй æнцонæй сбæрæггæнæн ис, фæрстытæ цы ми кæнын? цы кæнын? цы мивдисджытæ домынц, уыдонæн кæй нæй нæдæр нымæц, нæдæр – афон.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

5. Мивдисæджы æбæлвырд формæ иртасын (234- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у мивдисæджы æбæлвырд формæтæ ссарын æмæ сын фæбæрæг кæнын сæ фæсæфтуантæ. Сбæрæг кæнын, ацы хъуыдыйæдты мив- дисджытæ цы æвдисынц, уый; раттын сæм фæрстытæ.

Бакæсын раиртæст.

6. Мивдисæджы æбæлвырд формæ иртасын (235- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у мивдисæджы æбæлвырд формæйы тыххæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын. Йæ хæслæвæрд у раззаг фæлтæрæны æнгæс. Уымæ гæсгæ иумæ равзарын хъуыдыйæдтæ, радзурын республикæйы зынд- гонд адæмы тыххæй, базонгæ уæвын се сгуыхтдзинæдтимæ.

Грамматикон хæслæвæрд скъоладзауты кæцыдæр къорд æххæст кæны хибарæй.

7. Мивдисæджы æбæлвырд формæ аразын (236- фæлтæрæн).

Бакæсын æмдзæвгæ. Бамбарын ын йæ мидис. Радзу- рын Плиты Иссæйы тыххæй. Тексты ссарын мивдисджытæ, сбæрæг сын кæнын сæ æбæлвырд формæ æмæ сæ ныффыс- сын (уайы – уайын, æфсæды – æфсæдын).

Ацы фæлтæрæн та раттæн ис иннæ къордæн. Уый фæстæ равзарын дыууæ фæлтрæны дæр æмæ скъоладзаутæиумæ кæнынц хатдзæг.

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм мивдисæджы æбæл- вырд формæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст, сæххæст кæнын фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

Адæмон сфæлдыстад

Урок

Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд мивдисджытæ

 

Урочы нысантæ: сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд чи у, ахæм мивдисджытæ иртасын; адæмон сфæлдыстадимæ зонгæ кæнын.

Дзырдуат: уацмыс, фурд, минас, æфсон кæнын, æрвыг, къуыззитт.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. «Цы у адæмон сфæлдыстад?». Цыбырæй радзурын аргъæуттæ, кадджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыциты тыххæй.

3. Текстимæ куыст (238- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты адæмон сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын. Беседæйы фæрцы цы ба- зыдтой, цы радзырдтой, уыдоны тыххæй ныр бакæсдзысты чиныджы. Фæлтæрæны фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, скъоладзаутæ базондзысты, адæм раздæр аргъæутты цы æвдыстой, цæуыл дзы дзырдтой, цæимæ баст уыдысты сæ хъуыдытæ, стæй ныр та цавæр аргъæуттæ ис, сæ автортæ сæ цы æвдисынц, уый.

4. Синонимтæ æмæ антонимтæ агурын (239-фæл- тæрæн).

Ацы куысты хуызы нысан у – 238- фæлтæрæны тек- сты ссарын синонимтæ (æрхъуыды кæнын – æрымысын; уайтагъд – цæстыфæныкъуылдмæ), антонимтæ (раджы

–ныр, ныссагъта – скъахта).

Тексты ис, синонимтæ æмæ антонимтæ ссарæн цы мивдисджытæн ис, ахæмтæ, уыдон сты бæрæггонд. Раттын сæм фæрстытæ. Уæнгтыл сæ адих кæнын, афтæмæй сæ къæйттæй ныффыссын тетрæдты.

Бакæсын раиртæст.

5. Хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл куыст (240- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны лæвæрд цæуы мивдисджытæ, ссарын сын сæ хъуыдымæ гæсгæ ныхмæвæрд дзырдтæ æмæ сæ къæйттæй ныффыссын (батæхын – ратæхын, ссудзын – ахуыссын кæнын, ныххизын – схизын, æрхъуыды кæнын

– ферох кæнын, сбадын – сыстын, рацæуын – бацæуын).

Бамбарын кæнын мивдисджыты нысаниуджытæ.

6. Антонимтæ агурын (241- фæлтæрæн).

Бакæсын æмбисæндтæ, сбæрæг сын кæнын сæ хъуы- ды. Ссарын дзы антонимтæ, раттын сæм фæрстытæ.

7. Сфæлдыстадон куыст (242-фæлтæрæн).

Скæнын беседæ хæлардзинады тыххæй. Æрдзурын, цæй руаджы вæййы фидар, цы йæ фæхъыгдары, ууыл. Ар- гъау бакæсгæйæ, сывæллæтты хъус æрдарын, хæлардзинад цæрæгойты æмæ мæргъты æхсæн дæр кæй вæййы, уымæ. Тексты ссарын синонимтæ.

8. Мивдисджытæм – синонимтæм хъус дарын

(243- фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг ын кæнын йæ хуыз.

Фæлтæрæны ссарын синонимтæ (æрттывтой, цæ- хæртæ калдтой, тæмæнтæ калдтой), бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

9. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (244- фæлтæрæн). Скъоладзаутæ раззаг урочы базонгæ сты, адæмон сфæлдыстадмæ цы уацмыстæ хауы, уыдонимæ, ныр, ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты уыцы жанрты хуызтæ æмæ сæ ныффысдзысты дзырдбыды чырæгты (кадæг, зарæг, таурæгъ, уыци-уыци,

æмбисонд).

Урочы рæстæг куыд амона, уымæ гæсгæ алы жанрæй

дæр радзурын исты уацмыс.

10. Сфæлдыстадон куыст (245- фæлтæрæн).

Аргъаумæ лæвæрд цæуы цæттæ пълан. Сывæллæттæй алчидæр йæ фантазийы хъæздыгдзинадмæ гæсгæ хъуы- ды кæны аргъау. Раздæр бар раттын радзурынæн, стæй сæ æрымыссæггаг аргъæуттæ ныффыссын тетрæдты. Абарын кæрæдзиуыл тексттæ, скæнын хатдзæгтæ. Сбæрæг кæнын, цы зонынц скъоладзаутæ уæлдæфон «цæрджыты» тыххæй.

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 246 - фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

1. Диалогон ныхас рæзын кæныныл куыст (247- фæлтæрæн).

Ацы радзырд бакæсгæйæ, фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæм гæсгæ йæ равзаргæйæ, скъоладзаутæ базон- дзысты, сæ алыварс дуне кæмæн куыд уайы йæ цæстытыл, уый. Бафæрсын сæ сæхи фиппаинæгтæй дæр.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: