Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 6 глава




Раттæн ис фарст – «Фыццаг куплет цал хъуыдыйадæй арæзт у?» (Иу хъуыдыйадæй, уымæн æмæ се ’ппæт дзырдтæ дæр сты кæрæдзиуыл баст æмæ æвдисынц иу хъуыды.)

Поэт йæ циндзинад цæимæ бæтты? Ссарын уыцы бы- нат тексты æмæ йæ бакæсын.

Дзуапп раттын уæлæмхасæн фарстæн.

4. Разæфтуанты нысаниуджытæ бæрæг кæнын

(99- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у сбæрæг кæнын разæфтуанты нысаниуджытæ æмæ бамбарын сæ растфыссынад.

Дзырдтæ кæрæдзиуыл баргæйæ, сбæрæг уыдзæн, фыццаг цæджындзы дзырдтæ (æнæ разæфтуантæй) æвдисынц æнæххæст архайд, дыккаг цæджындзы дзырдтæ та – æххæст. (Ацы фæзынд бамбарын кæнын хуымæтæг хуызы, уæлдæр кълæсты йæ бæстон ахуыр кæндзысты.)

5. Архæйдтытæ иу дзырдæй равдисын (100- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, скъоладзауты хъус


æрдарын хъæуы 99 – фæлтæрæны хæслæвæрдтæм æмæ сын бамбарын кæнын, хибарæй куыст дæр уый æнгæс кæй у, æрмæст разæфтуантæ сæхæдæг хъуамæ хъуыды кæной.

Архæйдтытæ равдисын хъæуы иугай дзырдтæй (хæрд фæцис – бахордта; зарын райдыдта – ныззарыдис; дзырд фæцис – радзырдта; къахт фæцис – скъахта; сагъд фæцис

– ныссагъта).

Фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, сбæрæг кæнын мив- дисджыты нысаниуджытæ.

Бакæсын зæрдылдаринаг.

6. Хибарæй куыст (101- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у, иу разæфтуанæй спайда- гæнгæйæ, дзырдтæ – мивдисджытæ саразын.

Фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ бам- бардзысты, разæфтуан ны- бафтаугæйæ, мивдисджыты фыццаг æмхъæлæсонтæ кæй фæдывæр вæййынц, уый.

Скæнын хатдзæгтæ.

Бакæсын раиртæст.

7. Дзырдты ныхмæвæрд нысаниуджытæ (102- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны нысан у разæфтуанты руаджы сбæрæг кæнын дзырдты ныхмæвæрд нысаниуджытæ (атахтис

– æрбатахтис, рацыдис – бацыдис, ссыдис – ныццыдис, ныггæпп кодта – сгæпп кодта).

Бамбарын кæнын разæфтуанты растфыссынад.

Хатдзæгтæ скæнын. Куыд фыссæм разæфтуан уидагимæ? Цæмæн хъæуы зонын æмæ уарзын мадæлон æвзаг?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæстытæ;

сæххæст кæнын 103- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Дзырды бындур


Урочы нысантæ: бацамонын дзырды бындур хицæн кæнын; тексты темæ бæрæг кæнын.

Дзырдуат: кæлæнгæнæг, бындур, бадзырд.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ «Æвзаджы ахадындзинад» (104-фæлтæ-


рæн).


 

 

Ахуыргæнæг йæ раныхасы скъоладзаутæн радзурдзæн


æвзаджы стыр ахадындзинады тыххæй. Дзырдуатон сконд хъæздыг куы нæ уа, уæд адæймаг йæ хъуыдытæ раргом кæнынмæ нæ фæарæхсы, кæмæн сæ дзуры, уый йæ нæ фембары.

Бакæсын аргъау, бамбарын ын йæ мидис; бамбарын, æртыккаг æфсымæр йæ хæдзарыл цæуылнæ сæмбæлд; сбæрæг кæнын æвзаджы ахадындзинад.

Сбæрæг кæнын тексты темæ.

Аргъауы мидис радзурын хи ныхæстæй.

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты аив кæсын æмæ уацмысы мидис хи ныхæстæй дзурыныл ахуыр кæнын.

3. Дзырды бындур иртасын (105- фæлтæрæн).

Фыццаг фæлтæрæны текстæй бæрæггонд дзырдтæ куы рафыссой, сæ хæйттæ сын куы фæбæрæг кæной, уæд скъоладзаутæн бамбарын кæнын, дзырдæн йæ кæрон æппæрст куы æрцæуа, уæд ма дзы цы хай баззайы, уый хуыйны бындур.

Бакæсын раиртæст. Бафидар æй кæнын дæнцæгтыл.

4. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(106-фæлтæрæн).

Бакæсын æмбисæндтæ æмæ уыци-уыци, равзарын сæ хицæнтæй, сбæрæг сын кæнын сæ хъуыды.

Бæрæггонд дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ бындуртæ. Дзуапп раттын уæлæмхасæн хæслæвæрдæн: базонут уыци- уыцийы дзуапп (æвзаг).


5. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (107- фæлтæрæн). Фæлтæрæны нысан у, уыцы иу уидагмæ алы дзырды хæйттæ æфтаугæйæ, аразын ног дзырдтæ æмæ дзырды алы- хуызон грамматикон формæтæ (дзырд, радзырд, дзырдтæ,

бадзырд, адзырдта).

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæ æмæ хæс- лæвæрдтæн.

Бакæсын раиртæст.

6. Уæлæмхасæн хæслæвæрд. Хъазт «О – Нæ».

Ахуыргæнæг дзуры раиртæст, скъоладзаутæ та хъуамæ раттой дзуапп кæнæ «о», кæнæ «нæ», ома ахуыргæнæджы ныхасимæ разы сты æви не сты, уый æвдисынц.

а) Дзырды бындур уидаджы хуызæн у. (О)

æ) Дзырды бындурмæ хауы йæ кæрон дæр. (Нæ)

б) Дзырды бындуры æнæмæнг хъуамæ фæсæфтуан дæр уа. (Нæ)

в) Дзырды бындур у дзырды хай æнæ разæфтуанæй.


(Нæ)


 

 

г) Дзырды бындур у дзырды хай æнæ уидагæй. (Нæ)

гъ) Цæмæй дзырды бындур ссарай, уый тыххæй сса-


рын хъæуы кæрон; дзырды хай æнæ кæронæй у бындур.

(О)

д) Цæмæй дзырды бындур ссарай, уый тыххæй сса- рын хъæуы кæрон, уый уыдзæн дзырды бындур (Нæ)

Афтæ, алыхуызон хæслæвæрдтæ дæтгæйæ, ныффидар кæнæн ис дзырды бындуры тыххæй зонындзинæдтæ.

Хатдзæгтæ скæнын.

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 108 - фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ ахæццæ кæнын кæронмæ. Скъола- дзаутæн бамбарын кæнын, хъуыдыйæдтæн, кæй цавæр фæнды, ахæм кæрæттæ нæ хъуыды кæнынц, фæлæ дзы ныффыссын хъæуы бæлвырд терминтæ. Уый та сбæрæг

уыдзæн хъуыдыйæдты мидисæй.


Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты æмæ ныффидар кæндзысты дзырды хæйтты тыххæй раиртæстытæ.

Фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн дзуапп раттынæн феххуыс уыдзысты лæвæрд схемæтæ.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Урочы нысантæ: аив кæсыныл ахуыр кæнын; тек- сты темæ бæрæг кæнын; текст хæйттыл дих кæнын; тексты хицæн хæйттæн сæргæндтæ хъуыды кæнын; тек- сты мидис пъланмæ гæсгæ дзурыныл ахуыр кæнын.

Дзырдуатон æрмæг: уынæр, иргъæвын.

1. Текстимæ куыст (109-фæлтæрæн).

Аргъау аив бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын, текст аргъау цæмæн хуыйны, уый.

Бæрæггонд дзырдтæн сæ хæйттæ раст равæрын (ахуыргæнæджы æххуысæй) æмæ сæ тетрæдты ныффыс- сын, фæбæрæг сæ кæнын хъæугæ нысæнттæй.

Фæлтæрæны нысан у дзырдты мидæг дамгъæтæ раст æвæрыны æгъдæуттæ базонын, бамбарын; текстимæ бæстон бакусын – сбæрæг ын кæнын йæ темæ; адих æй кæнын хæйттыл; хъуыдымæ гæсгæ тексты хæйттæн сæргæндтæ дæттыныл ахуыр кæнын; текстæн пълан ара- зын; тексты мидис хи ныхæстæй дзурын зонын.

Сбæрæг кæнын тексты темæ. Адих æй кæнын хицæн хæйттыл. Алы хайæн дæр раттын сæргонд

2. Тексты мидисыл куыст (110-фæлтæрæн).

Бакæсын æмдзæвгæ. Бакæнын дзырдуатон куыст. Скъоладзауты хъус æрдарын, дзургæйæ, цавæр хицæндзи- нæдтæ бафиппайæн ис, уымæ. Абарын ирон æмæ дыгурон вариантты мырты хицæндзинæдтæ.

Æмдзæвгæйы мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ: А. Цæимæ бары поэт мадæлон æвзаг?


Æ. Цæмæй у бузныг поэт йæ мадæлон æвзагæй? Фæрстытæн дзуæппытæ ссарын æмдзæвгæйы тексты æмæ сæ бакæсын.

Хатдзæгтæ скæнын.

 

Бинонтæ

Лексикæ

Урок

Дзырдты лексикон нысаниуджытæ

Синонимтæ

 

Урочы нысантæ: дзырдты бæлвырд нысаниуджытæ бæрæг кæнын; бирæнысаниуæгджын дзырдтæ иртасын базонын.

Дзырдуат: æрдзы хай, æхсæнады уæнг, фæлтæр.

1. Беседæ «Æз æмæ мæ бинонтæ».

Скъоладзаутæ дзурынц бинонты тыххæй (чи сæм хауы, куыд сæ хонæм, бинонтæй чи кæм кусы, цы кусы).

2. Текстимæ куыст (111-фæлтæрæн).

Радзырд бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Тек- сты мидис æвзæрст цæуы фæрстытæм гæсгæ. Раздæр скъоладзаутæ цыбырæй сбæрæг кæндзысты радзырды сæйраг хъуыды (скъоладзауты раныхæстæ ныффыссæн ис фæйнæгыл дæр). Æппæт варианттæй равзарын хуыздæр, растдæр. Уыцы хъуыдыйадæй равзарын сæйраг дзырд кæнæ дзырдбаст, тексты хъуыды, йæ идейæ æнцонæй бамбарæн цæй фæрцы уыдзæн, ахæм (зæгъæм, равзарæн ис коммæ нæ кæсын, лымæнæй цæрын).

Текст адих кæнын хицæн хæйттыл, бамбарын сын кæнын сæ хъуыды (хъус æрдарын, хæйттæ кæрæдзийы фæдыл куыд æвæрд сты; тексты хъуыды куыд раргом вæййы,уый бамбарыны тыххæй сæм лæвæрд цæуы фæрстытæ; гæнæн ис, æмæ сæ скъоладзаутæ сæхæдæг дæттой).

Абарын тексты сæргонд басняйы мидисимæ.

Ацы куысты хуызтæ æххуыс сты скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзынæн.

Бамбарын кæнын бæрæггонд дзырдты ныса- ниуджытæ.

3. Нывмæ гæсгæ куыст (112- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн, нывтыл æнцойгæнгæйæ, æвзæрст куы æрцæуа, уæд баххуыс уыдзæн скъоладзаутæн, иу дзырдæн цалдæр нысаниуæджы цæй тыххæй фæзыны,уый бамбарынæн (дзырд цы предметты нæмттæ нысан кæны, уыдон цæмæйдæр вæййынц кæрæдзийы æнгæс. Ацы фæзынд æвзæрст цæуы ахуыргæнæджы æххуысæй).

Скъоладзаутæн сæ зонындзинæдтæ фæарфдæр уы- дзысты, дзырдтимæ дзырдбæстытæ кæнæ хъуыдыйæдтæ куы æрхъуыды кæной, уæд.

Скæнын хатдзæгтæ – адæймаджы къах, стъолы къах æмæ нурыйы къах æнгæс сты уымæй, æмæ се ’ппæт дæр сты предметты бæлвырд хæйттæ.

Бакæсын зæрдылдаринаг.

4. Сфæлдыстадон куыст (113- фæлтæрæн).

Скъоладзаутæ хъуамæ сбæрæг кæной, дзырдбыды чырæгты хæстæджытæй кæй нæмттæ бамбæхстысты, уый, æмæ сæ ныффыссой сæ тетрæдты (хо, æфсымæр, мад, дада, фыд, æна).

Ацы куысты хуыз скъоладзаутæн рæзын кæны сæ хъуыдыкæнынад (дамгъæты нымæцмæ гæсгæ æмæ дзырды фыццаг дамгъæмæ гæсгæ базонæн ис хæрз хæстæджыты нæмттæ.)

5. Синонимтæ иртасын (114- фæлтæрæн).

Хъус æрдарын 111-æм фæлтæрæны бæрæггонд дзырдтæм. Сбæрæг сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Се’хсæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ æмæ сæ къордтæй ныффыссын тетрады (дзырдта – загъта, нæ хъуыстой – коммæ нæ кастысты, фæуæлахиз уыдзæн – амбулдзæн, хæларæй – лымæнæй).

Сбæрæг кæнын, дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый, фæрстытæ сæм ратгæйæ.

Скъоладзаутæ тексты куы ссарой, разæфтуанты руа- джы цы дзырдтæ арæзт æрцыд, уыдон, уæд сын уый фех- хуыс уыдзæн дзырдты арæзт, сæ хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнынæн, уыдоны тыххæй зонындзинæдтæ ныффидар кæ- нынæн.

Тексты ссарын антонимтæ (иумæ – хибарæй).

6. Хъуыдыйæдтæ синонимтæй баххæст кæнын

(115-фæлтæрæн).

Фæлтæрæны хæслæвæрдтæ æмæ фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, скъоладзаутæ бамбардзысты – хъуыды зæгъынæн не ’взаджы ис бæлвырд дзырдтæ, контексты сæ вæййы кæрæдзийæ баивæн дæр, фæлæ сæ алкæцы дæр æвдисы бæлвырд хъуыды æмæ йын ис йæхи фæлгъуыз (фæллой – тыллæг).

Бакæсын раиртæст.

7. Чиныгæй сфыст (116- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у иуæй диалогон ныхас

зæрдыл æрлæууын кæнын, иннæмæй сæ хъуыды кæныныл бафтауын (Алан раст цы нæ бакодта?) Текст куы равзарой, уæд æй ныффыссын тетрæдты, ссарын синонимтæ æмæ сын бахахх кæнын сæ быны.

Куыст бакæнæн ис æндæр хуызы дæр: фæлтæрæн бæстон равзарын, бакæнын хъомыладон куыст.

Æнæ фысгæйæ дзуапп раттын хæслæвæрдтæн, уыйфæстæ тексты ссарын синонимтæ æмæ рафыссын къордтæй (гыццыл – чысыл, мад – мамæ, стъолыл – фын-гыл.


8. Кусæн тетрады 26 фарсыл лæвæрд дзырдбыды чырæгты фæрсæрдæм ныффыссын хъæуы ахæм дзырдтæ:

1) куыст

2) æмбис

3) карæн

4) скъоладзау

5) тæхын

6) аив

7) хъарм

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм синонимтæ? Æрхæс- сын дæнцæгтæ.

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх-

хæст кæнын 117- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

Иннæ урочы бæлвырд равзарын ацы фæлтæрæны фæрстытæ, уый феххуыс уыдзæн скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнынæн, куы ранымайой, нывты кæй æмæ цы уынынц, цы ми кæнынц, семæ хъуыдыйæдтæ дæр куы æрхъуыды кæной, уæд.

 

 

Урок

Антонимтæ

 

Урочы нысантæ: ныхмæвæрд нысаниуджытæ цы дзырдтæн ис, уыдон иртасын; бинонты цардимæ зонгæ кæнын.

Дзырдуат: æцæгæлон, ивддзаг, иртасын.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Тексты хуыз бæрæг кæнын (118- фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Ахуыргæнæг дæтты фарст скъоладзаутæм: «Тексты ныхас цæуыл цæудзæн, уый кæд сбæрæг?» (Йæ райдайæны – Ра- джы ирон адæм цардысты бирæгæйттæй.)

Фæлтæрæны фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, скъо- ладзаутæ базондзысты, текст таурæгъон кæй у; базонгæ уыдзысты бинонты царды уагæвæрдтимæ.

Скъоладзаутæ куы сбæрæг кæной, хъуыдыйæдтæ таурæгъон кæй сты, уый, уæд сын сæ бакæсын кæнын

фарстон хъæлæсы уагæй (уый сын феххуыс уыдзæн, хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ куыд иртасæн ис, уый сæ зæрдыл æрлæууын кæнынмæ). Равзарын ныв. Бинонтæй алкæмæн дæр раттын ном. Ныв абарын текстимæ.

Сбæрæг кæнын хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæртæ сты, уый. Бакæсын сæ фарстон хъæлæсы уагæй. Сæ кæрæтты сын цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрын хъæуы?

3. Ныхмæвæрд дзырдтæ иртасын (119-фæлтæрæн).

118- фæлтæрæны текст æвзаргæйæ, скъоладзаутæ ссардтой синонимтæ (сабитæ – сывæллæттæ) æмæ антонимтæ (раджы – ныр, хистæр – кæстæр, стыр – гыццыл). Ныр уыцы антонимтæ къæйттæй фыссынц сæ тетрæдты æмæ сын æмбарын кæнынц сæ нысаниуджытæ.

Ацы куысты хуыз феххуыс уыдзæн скъоладзаутæн хъæугæ хатдзæг скæнынмæ.

Бакæсын раиртæст.

4. Лæвæрд дзырдтæн антонимтæ агурын

(120-фæлтæрæн).

Фæлтæрæны лæвæрд фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, скъоладзаутæм рауайдзæн антонимон къæйттæ. Бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ. Æххæст дзуæппытæ ныф- фыссын тетрæдты. (Ахуыр кæнæн ис хорз кæнæ æвзæр. Кæсын хъæуы хъæрæй кæнæ хинымæры. Фыссын хъæуы тагъд кæнæ сабыргай. Ахуыргæнæджы фарстæн раттæн ис ахæм дзуапп: цыбыр кæнæ даргъ, ома æххæст.)

5. Хибарæй куыст (121- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн у 120 - фæлтæрæны æнгæс, æрмæст – æнæ фæрстытæй. Уымæ гæсгæ йын бакæсын йæ хæслæвæрд æмæ скъоладзаутæн бар раттын, цæмæй йæ сæххæст кæной хибарæй. (Æз кæстæр дæн, Сослан та – хистæр. Æз гыц- цыл дæн, Алан та – дынджыр. Баба зæронд у, папæ та

– æрыгон. Дзул фæлмæн у, дур та – хъæбæр. Агуындæ

рæсугъд у, Аланæ та – фыдынд.)

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм антонимтæ? Æр- хæсс дæнцæгтæ.

Хæдзармæ куыст раттын: сахуыр кæнын раиртæст;

сæххæст кæнын 122-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Урочы нысан: аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзу- рын ахуыр кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас рæзын кæнын.

Дзырдуат: тæмæстæ, зыгъуыммæ, къахдзоныгътæ, æхсæнад, фæлтæр.

1. Хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл куыст (123- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Скъоладзаутæ æмдзæвгæ лæмбынæг куы бакæсой, йæ мидис ын куы бамбарой, поэт сын хъазты хуызы сæ хъуыдымæ гæсгæ ныхмæвæрд дзырдтæ кæй амоны, уый куы бафиппайой, уæд бæрæггонд дзырдтæн бамбарын кæнын сæ нысаниуджытæ (цæмæй сæ ныхмæвæрддзинад ирддæрæй зына, уый тыххæй) æмæ сæ къæйттæй ныф- фыссын тетрæдты, раттын сæм фæрстытæ, сбæрæг кæнын, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

Тексты ссарын синонимтæ (диссæгтæ – тæмæстæ,

дзырдтæ – ныхæстæ; дзурын – зæгъын).

Сбæрæг кæнын тексты ныхасы тип (монологон ны-


хас).


 

 

2. Диалогон ныхасимæ зонгæ кæнын (124- фæл-


тæрæн).

Текст раздæр бакæсын æнæхъæнæй, бамбарын ын йæ мидис (ахуыргæнæджы фæрстытæм гæсгæ), стæй та йæ бакæсын рольтæм гæсгæ.

Тексты мидис радзурын хи номæй. Сбæрæг кæнын, ныхасы тип куыд аивта, уый.

Сбæрæг кæнын, хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ куыд хицæн кæнынц.

Сбæрæг кæнын, бæрæггонд дзырдтæ цавæр хæйттæй арæзт сты.

Тексты ссарын антонимтæ (райсом – дысон; райсом –

изæр, хъарм – уазал), синонимтæ (чысыл – гыццыл).

Фæлтæрæны текстыл афтæ бакусгæйæ, скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты: монологон æмæ диа- логон ныхасы хуызтæ, дзырды хæйттæ, ныхасы хæйттæ, хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ, синонимтæ æмæ антонимтæ.

3. Текстимæ куыст (125- фæлтæрæн).

Дзырды нысаниуæг бæрæг кæнын. Текст бакæсыны фæстæ бæлвырд равзарын дзырдты нысаниуджытæ. Сбæрæг кæнын, ацы дзырдтæ ма цавæр нысаниуджы- ты фембæлынц, уый. Ацы фæлтæрæн цæттæ кæны скъо- ладзауты бирæнысаниуæгджын дзырдтæ базонынмæ, бамбарынмæ).

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæ æмæ хæс- лæвæрдтæн.

Сбæрæг кæнын фыццаг хъуыдыйады мидис.

Скъоладзаутæн радзурын кæнын сæ бинонты тыххæй.

4. Дзырды алыхуызон нысаниуджытæ бæрæг кæнын (126- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у дзырды алыхуызон нысаниуджытæ сбæрæг кæнын æмæ бамбарын. 125- фæлтæрæнæй бæрæггонд дзырдтæ куы рафыссой, уæд скъоладзаутæн бар раттын, цæмæй афæлварой æндæр нысаниуджыты сæ спайда кæныныл æмæ уыцы фæзынд равдисын дзырдбæстытæ кæнæ цыбыр хъуыдыйæдты (уæнг – хай, уæнг – буары хай; бон – суткæйы хай, сæ бон у – гæнæн ис; райсынц – лæвæрд сын æрцæуы, райсынц - исынц).

Ам зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ дзырдтæй иутæ

æрмæст мырон скондæй сты æмхуызон, сæ нысаниуджытæ та – бынтон алыхуызон. Скъоладзаутæн хуымæтæг хуызы бамбарын кæнын, иу дзырдæн цалдæр нысаниуæджы кæй вæййы, уый кæй сбæрæг вæййы бæлвырд контексты (ацы фæзынд бæстондæр ахуыр кæндзысты уæлдæр кълæсты).

5. Беседæ фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаджы тыххæй (127-фæлтæрæн). Фылдæр хъуамæ дзурой скъо- ладзаутæ, æргом кæной сæ хъуыдытæ. Зæрдыл æрлæууын кæнын, дзырды бындур цы у, уый.

 

 

Зымæджы нывтæ



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: