Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 4 глава




7. Хибарæй куыст. Сывæллæттæн раттын хæс- лæвæрд: æрхъуыды кæнын, сæ кæрæтты г, к, къ цы дзырдтæн ис, ахæмтæ. Сæвæрын сæ бирæон нымæцы.

Скæнын хатдзæгтæ.

8. Чиныджы бакæсын раиртæст.

9. Дзургæйæ куыст (41- фæлтæрæн).

Æнæ ахуыргæнæджы æххуысæй, хуызæгæй пайда- гæнгæйæ, скъоладзаутæ æвзарынц фæлтæрæны æрмæг. (Чиныг – чиныджы, карк – карчы, мæскъ – мæсчъы, къæдзыг – къæдзыджы, дыккаг – дыккаджы, парк – пар- чы, фæнык – фæнычы.)

Скæнын хатдзæгтæ.


Чиныджы бакæсын раиртæст ирон æмæ дыгурон æмхъæлæсонты хицæндзинæдты тыххæй.

10. Раиртæст бафидар кæнын (42-фæлтæрæн).

Лæвæрд цæуы æмбисæндтæ дыгуронау. Сæ хъуы- ды сын бамбарын кæнын сывæллæттæн. Æмбисæндтæ зæгъын ирон æвзагыл.

(Лæджы кад йе ’гъдау æмæ йæ куысты ис. Зонд- джын зонд фæагуры, æдылы та – мулк. Зивæггæнаджы мад мæгуыр у. Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын та – сой. Дзул куы хæрай, уæд-иу æрхъуыды кæн, быдыры йыл чи куыста, уыдоны).

Хъус æрдарын мырты хицæндзинæдтæм (сæ бахъуыды кæныны хæс скъоладзауты размæ æвæрд нæ цæуы). Ацы фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ къласы, урочы.

11. Текстимæ куыст (43- фæлтæрæн).

Текст бакæсын аив, раст хъæлæсы уагæй. Бамба- рын ын йæ хъуыды, йæ темæ. Æмдзæвгæйы ныхас кæй номæй цæуы? Ахæм ныхасы тип куыд хуыйны? Зæгъын, æмдзæвгæ «Базон-базон» цæмæн хуыйны.

Æмдзæвгæйы текст равзарыны фæстæ йæ ныффыс- сын тетрæдты. Фыццаг хъуыдыйады ссарын хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, раттын сæм фæрстытæ, бахахх сын кæнын сæ быны.

Дзырдтæ «губакк» æмæ «тæсчъы» фæлтæрæны хæслæвæрдмæ гæсгæ сæ иуы бирæон нымæцы куы сæвæрой, иннæйы – йæ райдайæн формæйы, уæд скæнын хъæугæ хатдзæгтæ; сывæллæттæ дзурынц, цы бафиппайд- той, уый.

Сбæрæг кæнын, фыццаг бынат чи бацахста æмæ цæмæн.

Хатдзæгтæ скæнын. Æмхъæлæсонтæ г, к (кк) къ хъæлæсон - ы -йы разæй куыд ивынц? Цавæр æмбисæндтæ базыдтам куысты тыххæй?


Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст, сæххæст кæнын 44-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ дзырдты мидæг

 

Урочы нысантæ: бацамонын дæргъвæтин æм- хъæлæсонты растфыссынад; кусын скъоладзауты хъуы- дыкæнынад рæзын кæныныл.

Дзырдуат: ныййарджытæ, згъæлæггаг, дæргъæццон.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстимæ куыст (45-фæлтæрæн).

Текст æмæ ныв кæрæдзиуыл барын. Раздæр бакæсын текст, бамбарын ын йæ хъуыды. Зæгъын, цæмæн хуый- ны «Сабиты æххуыс». Сывæллæттæн бар раттын æндæр сæргæндтæ æрхъуыды кæнынæн. Рахицæн кæнын тексты хицæн хæйттæ æмæ афæлварын уыдонæн дæр сæргæндтæ раттыныл.

(Уый феххуыс уыдзæн скъоладзаутæн, цы æрмæг кæсынц, уый хъуыды хуыздæр бамбарынæн.)

Текстыл афтæ бакусыны фæстæ æркæсын нывмæ æмæ бæстон равзарын, цы дзы ис, чи сты йæ архайджытæ, цы кусынц, уый.

Уый фæстæ тексты ссарын, нывы дзы цы бынæттæ æвдыст æрцыд, уыдон æмæ сæ бакæсын.

Сывæллæттæн сæхи бафæрсын, цæхæрадоны цы фæкусынц, уымæй.

3. Æвзаргæ сфыст (46-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у бацамонын скъоладзаутæн, дæргъвæтинæй цы æмхъæлæсонтæ фæхъуысынц, уыдоны растфыссынад.

Текстæй («Сабиты æххуыс») бæрæггонд дзырдтæ куы рафыссой, уæд бафæрсын сывæллæтты, цы бафип- пайдтой, уымæй (дзырдты иуæй-иу æмхъæлæсонтæ хъуы-


сынц дæргъвæтинæй). Скъоладзауты хъус æрдарын, куыд фыст сты, уымæ (дывæргондæй).

Дзургæйæ бæрæг кæнынц, дзырдтæ цавæр ныха- сы хæйттæ сты æмæ сæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссынæн куыд адих кæнын хъæуид, уый. (Ацы хæслæвæрдтæ бæлвырд æвзæрст куы æрцæуой, уæд уый феххуыс уыдзæн скъоладзаутæн иннæ фæлтæрæн æнцонæй сæххæст кæнынæн.)

Скæнын хатдзæгтæ.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

4. Хибарæй куыст (47- фæлтæрæн).

Раиртæст бакæсыны фæстæ равзарæн ис цалдæр дзырды, уый фæстæ фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ скъоладзаутæ æххæст кæнынц сæ тетрæдты хибарæй.

Бакæсын дзырдтæ æмæ дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн.

Скъоладзауты хъус æрдарын, дзырдтæй иу рæнхъæй иннæмæ хæссæн, ома дихгæнæн кæцытæн нæй, уыдонмæ (асыкк, зæхх); уæнгтыл дихгæнгæйæ, дывæргонд æмхъæлæсонтæй иу раззаг уæнгимæ загъд кæй æрцæуы, дыккаг та – дыккаг уæнгимæ (фæл-лой, фæз-зæг).

Чиныджы бакæсын раиртæст.

5. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (48-фæлтæрæн).

Скъоладзаутæ радыгай кæсынц базон-базонтæ æмæ сын дзурынц сæ дзуæппытæ. Иу скъоладзау та уыцы дзырдтæ – дзуæппытæ (фæззæг, хъæддаг, цъупп, дзуапп, фæллад) фыссы фæйнæгыл.

Дзырдтæ тетрæдты фыст цæуынц алфавиты уагыл. Сбæрæг кæнын, дæргъвæтинæй цы æмхъæлæсонтæ

хъуысынц, уыдон.

Зæрдыл æрлæууын кæнын, дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны тыххæй цы раиртæст ис, уый.

6. Дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад


(49- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны лæвæрд æмбисæндтæ бакæсгæйæ, сæ хъуыды сын бамбаргæйæ, хъус æрдарын, кусын æмæ фæллой кæнын куыд ахсджиаг хъуыддæгтæ сты, уымæ. Сæххæст кæнын фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

Бакæсын зæрдылдаринаг.

7. Текстимæ куыст (50- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у дывæргонд æмхъæлæсонты растфыссынады тыххæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын æмæ, тексты мидис бæлвырд равзаргæйæ, скъоладзаутимæ хъомыладон куыст бакæнын.

Скъоладзаутæ æмдзæвгæйы текст куы бакæсой, уæд дзы ссарын, дывæргонд æмхъæлæсонтæ цы дзырд- ты ис, уыдон семæ баст дзырдтимæ (нал кæсыс коммæ, рамæрз уынг нæ акомкоммæ; цъус фæлæууон; дымгæ уынг ныммæрздзæн), бахахх кæнын дывæргонд æмхъæлæсонты бын.

Ахуырдзаутæ æмдзæвгæйы мидис дзурынц хи ныхæстæй, стæй йæ æвзарынц (дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фæрстытæн):

а) Цы загъта мад йæ чызгæн? (Ссар уыцы бынат тек- сты æмæ йæ бакæс.)

æ) Цы ахъуыды кодта Зиф йæхинымæры? Цæмæн?

(Уымæн æмæ зивæггæнаг уыдис.)

б) Баххуыс кодта дымгæ чызгæн?

в) Цæмæн схид ис Зиф? (Уымæн æмæ тагъд-тагъд марзта, цæмæй рухсæй куыст фæуа.)

Дзуапп раттын фæлтæрæны фарстæн: «Тексты кæцы дзырдтæн ссарæн ис синонимтæ æмæ антонимтæ?»

Синонимтæ: дзуры – зæгъы; цъус – гыццыл, чысыл;

æнкъардæй – æрхæндæгæй; рæвдз – тагъд.

Антонимтæ: фæтар-фæирд; йæхинымæры –хъæрæй;

æрталынг – æрбарухс; æнкъардæй – хъæлдзæгæй; рæвдз –


сабыргай; бон – æхсæв.

Сывæллæтты бафæрсын, Зифы митæ сæм куыд фæкастысты, уымæй.

Хъус æрдарын, æмдзæвгæйы сæргонд «Зивæггæнаг

Зиф» цæмæн хуыйны, уымæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Дæргъвæтинæй цы æмхъæ- лæсонтæ хъуысынц, уыдон куыд фыссæм? Фæллой кæнынæн адæймаджы царды цы ахадындзинад ис?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 51- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Урочы нысантæ: диалогон ныхас фидар кæнын; сæрмагонд нæмтты растфыссынад; хистæртæн æххуыс кæныныл æрдзурын.

Дзырдуат: тезгъо кæнын, быгъдæг, æваст.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (52- фæлтæрæн).

«Базон-базон» бакæсыны размæ скъоладзаутæн ра- дзурын кæнæн ис æрæгвæззæджы миниуджыты тыххæй (уымæн æмæ тексты уыдоныл цæуы дзырд).

Текст бакæсын æмæ йæ ныффыссын тетрæдты. Сæххæст кæнын фæлтæрæнмæ лæвæрд хæслæвæрдтæ. Бæрæггонд дзырдтæн ссарын хъæуы синонимтæ (хъарм – тæвд, тыллæг – фæллой) æмæ антонимтæ (хъарм – уазал, сыгъдæг – чъизи).

Тексты ссарын синонимтæ (быгъдæг – бæгънæг).

Бамбарын кæнын дзырд-дзуаппы растфыссынад

(фæззæг).

3. Диалогон ныхас (53- фæлтæрæн).

Текст бакæсыны размæ зæрдыл æрлæууын кæнын, диалог цы у, уый.

Радзырд бакæсын раздæр æнæхъæнæй, æмæ скъола-


дзаутæ куы бамбарой, ныхæстæй чи кæмæ хауы, уый, уæд та йæ бакæсын цæсгæмттæм гæсгæ (архайджытæ чи сты æмæ сæ нæмттæ куыд хуыйнынц, уый сбæрæг кæныны фæстæ).

Тексты мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ:

– Цы ми кодтой чызджытæ?

– Кæй федтой Зæринæ æмæ Тамарæ?

–Цавæр ныхас рауад дыууæ чызджы æхсæн? (Ам гæнæн ис, æмæ чызджыты æхсæн диалог дыууæйæ радзу- рой).

– Чызджытæй растдæр чи уыдис æмæ цæмæн? Скъоладзауты хъус æрдарын ахæм фарстмæ:

– Цы баххуыс кæнын у йæ бон фарастаздзыд сывæллонæн хæдзары куыстыты?

Ацы фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ.

4. Аргъауы миниуджытимæ зонгæ кæнын (54- фæлтæрæн). Текст кæсын райдайыны размæ скъоладзау- ты хъус æрдарын, хъæды цы ивддзинæдтæ æрцæуы, уымæ. Сывæллæтты хъæуы сцымыдис кæнын, зæгъын сын, аргъæутты æнæуд предметтæ дæр дзургæ кæй фæкæнынц, сæ архæйдтытæ кæй свæййынц удгоймæгты архæйдтыты хуызæн.

Уый фæстæ ахуыргæнæг йæхæдæг текст кæсы афтæ, цыма скъоладзаутæн сæхимæ дзуры æмæ радзырды ныхæстæ уыдонмæ арæзт сты.

Равзарын тексты мидис – сбæрæг кæнын фæззыгон хъæды сыфтæртæ сæхи куыд дарынц, цæуыл «дзурынц», цæуыл «хъуыды кæнынц».

Дзуапп раттын фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн: Дæуæн та фæззæг дæ цæстытыл куыдæй уайы?

Равзарын ныв. Сбæрæг кæнын, цы дзы æвдыст æрцыдис, уый. Тексты мидис абарын нывимæ. Скъоладзау- ты хъус æрдарын, сыфтæртæ бæлæстæй куыд хауынц, уымæ.


Тексты ссарын уыцы бынат æмæ йæ бакæсын. (Байхъус- ма! Фехъусдзынæ, сыфтæртæ хаугæ-хауын куыд сыф-сыф кæнынц, уый. Уыдон «хæрзбон» зæгъынц сæ хæдзæрттæн

– къалиутæн, се ’фсымæртæн – сыфтæртæн.)

Ахуырдзауты бафæрсын, ацы текст аргъау схонæн ис æви нæй. Цæмæн? Цы йæм ис аргъауы миниуджытæй? Ссарын уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсын. Бамбарын сын кæнын сæ хъуыды.

 

Хæрзæгъдау, хæлардзинад, æууæнк – адæймагæн кады миниуджытæ Дзырды хæйттæ æмæ дзырдарæзт

 

Урок

Кæрон

 

Урочы нысантæ: скъоладзауты хуымæтæг хуызы базонгæ кæнын æвзагзонынады хай – дзырдарæзтимæ; хъус дарын дзырды формæйы ивддзинæдтæм; базонгæ кæнын кæронимæ куыд дзырды хай; бацамонын, дзырды формæ куы аивы, уæд йæ кæрон кæй аивы, уый.

Дзырдуат: уæздан, къабазджын, ныстуантæ, фæндиаг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас (дзырды хæйттæ æмæ дзырдарæзты тыххæй радзурын хуымæтæг хуызы).

Не ’взаг, нæ ныхас арæзт сты дзырдтæй. Мах зонæм, дзырдтæ мыртæ æмæ дамгъæтæй конд кæй сты; дзырды иу мыр баивгæйæ кæй аивы дзырды нысаниуæг дæр.

Абон мах базондзыстæм дзырдтæ æндæр фарсы

’рдыгæй дæр – дзырдтæ арæзт сты, бæлвырд нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хицæн хæйттæй.

Уыцы хæйттæй алкæцыйæн дæр ис йæхи ном, мах базонгæ уыдзыстæм уыдонимæ. Сбæрæг кæндзыстæм, дзырдмæ алы хай дæр цы хицæндзинад бахæссы, дзырдæн


йæ иумæйаг нысаниуæг куыд аивы, уый.

2. Текстимæ куыст (55- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын, тексты мидис æмæ йæ сæргонды æхсæн цы бастдзинад вæййы, уый.

Ахуыргæнæг куыст аразы афтæ – урочы райдайæны, чингуытæ мама рафæлдахæнт, афтæмæй скъоладзауты бафæрсын дзырд «уæздан» -æй: фехъуыстой йæ искуы, куыд ын æмбарынц йæ хъуыды.

Бафæрсæн ис скъоладзауты – Цымæ ахæм сæргондимæ («Уæздан») тексты цæуыл цæудзæн ныхас?

Текст бакæсын. Дзуапп раттын фæлтæрæны хæс- лæвæрдтæ æмæ фæрстытæн.

3. Дзырды ивддзинæдтæм хъус дарын (56- фæл- тæрæн). Бакæсын хъуыдыйæдтæ. Хъус æрдарын бæрæггонд дзырдмæ. Сбæрæг кæнын, алы хицæн хъуыдыйады дæр ын цавæр кæрон ис, уымæ. Раттын æм фæрстытæ.

Сбæрæг кæнын, бæрæггонд дзырд иннæ дзырдтимæ куыд баст цæуы, уый.

Бакæсын раиртæст.

4. Дзырдбæстытæ аразын (57- фæлтæрæн).

Раздæр бакæсын, дыууæ цæджындзы дæр цы дзырдтæ лæвæрд цæуы, уыдон. Фæрстыты руаджы сæ са- разын дзырдбæстытæ. Цы бафиппайдтат? Цæй фæрцы баст цæуынц дзырдтæ кæрæдзиуыл?

Бакæсын раиртæст.

5. Номдарты кæрæттæ бæрæг кæнын (58-фæл- тæрæн).

Бакæсын æмбисæндтæ æмæ сын бамбарын сæ хъуы- ды. Ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ фæлтæрæн равзарæн ис дзургæйæ дæр, кæнæ та тетрæдты ныффыссын æрмæст номдартæ æмæ сын фæбæрæг кæнын сæ кæрæттæ.

Бамбарын кæнын бæрæггонд æмхъæлæсонты раст-


фыссынад: лæ г – лæ дж ы, адæйма г – адæйма дж ы.

Дзуапп раттын уæлæмхасæн фарстæн.

6. Текстимæ куыст (59- фæлтæрæн).

Бакæсын текст. Скъоладзаутæн бамбарын кæнын ныс- туанты хъуыды. Текст ныффыссын тетрады. Бæрæггонд дзырдтæн рахицæн кæнын сæ кæрæттæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Дзырдтæ хъуыдыйады мидæг цæй фæрцы баст цæуынц? Цы хонæм кæрон?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæстытæ;

сæххæст кæнын 60- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

 

 

Урок

Уидаг. Æмуидагон дзырдтæ

 

Урочы нысантæ: бацамонын дзырды хай – уидаг, æмуидагон дзырдтæ; скъоладзауты хъуыдыкæнынадыл кусын; беседæ скæнын – хистæртæн æххуыс кæнын – кæстæры хæс.

Дзырдуат: зын уавæр, уарт, хорзæх.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын: Дзырд хъуы- дыйады мидæг æндæр дзырдтимæ баст куы вæййы, уæд дзы цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы? Формæ аивгæйæ дзырдæн цы хай аивы, уый куыд хуыйны?

Цы бакæнын хъæуы, цæмæй дзырды кæрон ссарæм?

2. Дзырдты иумæйаг хай агурын (61-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзаутæн бацамо- нын дзырды уидаг агурын. Бакæсын æмуидагон дзырдты къордтæ хицæнтæй æмæ сын ссарын сæ иумæйаг хай. Бам- барын сын кæнын сæ нысаниуджытæ. Цæмæй ацы æрмæг æнцондæр бамбарæн уа, уый тыххæй раздæр сбæрæг кæнын хъæуы дзырдты нысаниуджытæ, уый фæстæ сын ссарын сæ иумæйаг хай.

3. Æмуидагон дзырдты иумæйаг хай агурын (62-


фæлтæрæн).

Бакæсын æмбисæндтæ, равзарын сын сæ хъуы- ды. Бæрæггонд дзырдты бацамонын, ивгæ сын цы хай нæ кæны, уый. Фæстаг æмбисонды ссарын антонимтæ (æмбал – знаг). Зæгъын, цавæр ныхасы хай сты.

Скæнын хатдзæгтæ.

Бакæсын раиртæст.

4. Хибарæй куыст (63- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у сбæрæг кæнын, скъоладзаутæ ног æрмæг куыд бамбæрстой, уый.

Раздæр равзарын хуызæг, уый фæстæ фæлтæрæн сæххæст кæнын хибарæй йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ − æрхъуыды кæнын æмуидагон дзырдтæ æмæ сын рахицæн кæнын сæ уидæгтæ.

5. Нывтæм гæсгæ радзырд аразын (64- фæлтæрæн). Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты сфæл- дыстадон хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл куыст; скъо-

ладзауты раст хъомыладыл кусын.

Нывтæ бæстон равзарын. Хъуамæ скъоладзаутæ бамбарой, лæппу йæ сыхаг зæронд лæгмæ куы бауадис, рынчынæй йæ сынтæджы хуысгæ куы федта, уæд уайтагъд афтекмæ кæй атахтис, хостæ кæй балхæдта æмæ сæ зæронд бабайæн кæй радта, уый.

Ахæм хатдзæгтæ скæныны размæ æрдзурын, алы нывы дæр цы æвдыст цæуы, ууыл. Скъоладзаутæ радыгай дзурынц радзырд, уый фæстæ йæ фыссынц сæ тетрæдты (Куыст фенцондæр æкныны тыххæй чиныджы лæвæрд цæуы дзырдтæ спайда кæнынæн).

Алы хъуыдыйады дæр ссарын мивдисджытæ æмæ сын фæбæрæг кæнын сæ уидæгтæ.

6. Æмуидагон дзырдтæ агурын (65- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у лæвæрд дзырдтæн æмуидагон дзырдтæ ссарын.

Хъуыдыйæдтæ бакæсгæйæ, скъоладзауты хъус æрдарын, æмбалæн стыр аргъ кæнын кæй хъæуы, уымæ.

Бамбарын сын кæнын – цæмæй сын хорз хæлæрттæ уа, уый тыххæй сæхæдæг дæр хъуамæ хорз æмбæлттæн бæззой.

Тексты ссарын синонимтæ (æмбал – хæлар) æмæ антонимтæ (циндзинад – хъыг).

Цæмæй фæлтæрæны хæслæвæрд (Текстæн æрхъуыды кæн сæргонд) сæххæст кæной, уый тыххæй раздæр сбæрæг кæнын, хъуыдыйæдтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзиуыл баст сты æви нæ, уый. Зæрдыл æрлæууын кæнын, цы у ра- дзырд, æмæ уæд скъоладзаутæн æнцондæр уыдзæн сæргонд æрхъуыды кæнын.

7. Кусæн тетрады 14 фарсыл ацы урокмæ лæвæрд цæуы дзырдбыд. Чырæгты бынырдæм ныффыссын лæвæрд дзырдты æмуидагон дзырдтæ. Уыдон сты:

хъæд – хъæддаг хуыз – æгъуыз дон – дойнаг

хох – хохаг куыст – кусаг кад – кадджын

быдыр – быдираг ад – æнад

Бакæсын раиртæст.

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм уидаг? Цы хонæм æмуидагон дзырдтæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæстытæ;

сæххæст кæнын 66- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Æмуидагон дзырдтæ

 

Урочы нысантæ: æмуидагон дзырдтæ иртасын;

скъоладзауты хъомыладыл кусын.


Дзырдуат: тындзын, тас, дуг, хæтæл.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстæн сæргонд хъуыды кæнын (67- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у текстæн сæргонд хъуыды кæнын.

Радзырд лæмбынæг бакæсыны фæстæ, сывæллæттæ хъуыды кæнынц сæргонд. Алчи сæ йæхи вариант куы зæгъа, уæд текстæн равзарæн ис иу сæргонд æмæ йæ афтæмæй ныффыссын тетрæдты. (Кæнæ та скъоладзаутæй алчидæр текст фыссы йæхи æрхъуыдыгонд сæргондимæ.)

Бæрæггонд дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ уидæгтæ, сæ кæрæттæ. Зæгъын, цы бафиппайдтой скъоладзаутæ, уый. (Дзырдтæн ис æмхуызон уидæгтæ. Сæ кæрæттæ сты алыхуызон, уæдæ ацы дзырдтæ (бæхыл, бæхы, бæхæй, бæхимæ) сты иу дзырды (бæх) алыхуызон формæтæ.

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн: «Куыд æмбарыс хъуыдыйæдты мидис: «Лæгдзинад фæуæлахиз»;

«Бæхимæ бамбæрстой кæрæдзи»?

Радзырд радзурын хи ныхæстæй.

3. Æмуидагон дзырдтæ иртасын (68- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у æмуидагон дзырдтæ æндæртæй иртасын зонын.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: