Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 1 глава




Аг къласы

«Ирон æвзаджы чиныг»-мæ

 

Уагъд æрцыдис РЦИАланийы

Ахуырад æмæ наукæйы Министрады барлæвæрдæй

 

 

Дзæуджыхъæу


Учебно-методический комплекс подготовлен на кафедре ЮНЕСКО Северо-Осетинского госу- дарственного педагогического института в рамках проекта Федерального государственного образова- тельного стандарта.

Авторы проекта – Р. С. Бзаров, Т. Т. Камболов, Л. А. Кучиева, А. А. Левитская

Руководители проекта – Т. Т. Камболов, Л. А. Ку-

 

Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г.

Методические указания к учебнику «Осетинский язык» / 3 класс.

 

 

Дзампаева Л. Г. 2021


Æмбарынгæнæн фыстæг

 

Æртыккаг къласæн «Ирон æвзаджы чиныг» араз- гæйæ, нæ размæ сæвæрдтам æрмæст æвзаджы æрмæг ба- цамоныны хæс нæ, фæлæ скъоладзауты ныхасы хъæд, се сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад, сæ дзырдуатон сконд хъæздыг кæныны хæс дæр.

Уымæ гæсгæ ахуыргæнæн чиныджы æрмæг арæзт у афтæ, цæмæй скъоладзаутæн феххуыс уа сæ дзургæ ныхас дæр æмæ сæ фысгæ ныхас дæр рæзын кæнынæн.

Æртыккаг къласы ахуырадон æрмæг фæвазыг- джындæр вæййы, дыккаг къласимæ абаргæйæ. Уыцы зындзинæдтæ хынцгæйæ, скъоладзаутæн цы æрмæг амынд цæуы, уый хъуамæ æмбæрстгонд цæуа бæстонæй æмæ дзуапп дæтта ахæм фæрстытæн – Цæмæн хъæуы ацы æрмæг? Цæй тыххæй йæ ахуыр кæнæм?

Цæмæй ацы фæрстытæн дзуапп раттын къухы æнцонæй бафта, уый тыххæй грамматикон æрмæг хъуамæ амынд цæуа лексикон æрмæгимæ æнгом бастæй.

Чиныджы æрмæг лæвæрд цæуы тематикон прин- ципмæ гæсгæ. Ныхасы темæ æмæ æвзаджы æрмæджы темæ кæрæдзиуыл сты æнгом баст, ома скъоладзаутæн грам- матикон æрмæг амынд цæуы бæлвырд ныхасы темæимæ сæ зонгæ кæнгæйæ, зæгъæм: «Миногон» амынд цæуы цæрæгойты цардимæ баст цаутæ, радзырдтæ, æмбисæндтæ, уыци-уыциты бындурыл.

Фæлтæрæнты хæслæвæрдты фæрцы скъоладзаутæн æрмæг цæттæйæ лæвæрд нæ цæуы – фæрстытæ афтæ лæ- вæрд сты, æмæ скъоладзаутæ сæхæдæг хъуыды кæндзысты æмæ арæхсдзысты хатдзæгтæ кæнынмæ, ома базондзысты термин кæнæ раиртæст; хæслæвæрдтæ сты афтæ арæзт, цæмæй скъоладзаутæ алы уавæрты дæр арæхсой дзурынмæ.

Чиныджы цы тексттæ лæвæрд цæуы, уыдон скъола- дзауты зонгæ кæнынц сæ алыварс царды æцæгдзинадимæ.


Сывæллæттæ базонгæ уыдзысты афæдзы афонтимæ, сæ алыхуызон миниуджытимæ, сæ хицæндзинæдтимæ; скъо- лайы цардимæ; базондзысты, куыстæн, фæллойæн царды цы стыр ахадындзинад ис, уый; базондзысты, адæймаджы хорз миниуджытæ йе ’гъдауимæ баст кæй сты, уый; базонгæ уыдзысты хъæуккаг æмæ горæтаг цардимæ, сæ хицæндзинæдтимæ, нæ республикæ æмæ нæ бæстæйы зынгæ бынæттимæ, цыртдзæвæнтимæ; сæвзæрдзæн сæм уарзондзинад сæ Райгуырæн бæстæмæ; сахуыр уыдзы- сты хистæртæн кад æмæ æххуыс кæнын, æмбалæн аргъ кæныныл; базондзысты бирæ æмбисæндтæ æмæ уыци- уыцитæ.

Ныхасы рæзтыл куыстæн цы уацмыстæ лæвæрд цæуы, уыдонмæ лæвæрд хæстæ æххæстгæнгæйæ, скъо- ладзаутæ базонгæ уыдзысты диалогон æмæ монологон ныхасимæ. Уыдонæн сæ ахадындзинад стыр у, уымæн æмæ кæрæдзиимæ ныхасгæнгæйæ, кæнæ хи хъуыдытæ дзургæйæ, скъоладзаутæ тагъддæр фæцалх вæййынц дзу- рыныл, баст ныхасы архайыныл.

Æрмæг амынд цæуы бæстон, лæмбынæг, фæлæ къæпхæнгай, урочы алы этап дæр хицæнæй æвзаргæйæ.

Ирон æвзаджы урочы размæ цы нысантæ æвæрд цæуы, уыдон хынцгæйæ ахуыргæнæн чиныджы æрмæг дзуапп дæтты ахæм хæстæн: «Куыд арæзт у не ’взаг? «Раст- фыссынад», «Ныхасы рæзтыл куыст».

Скъоладзаутæ базонгæ уыдзысты хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты хицæндзинæдтимæ; дзырдты арæзт æмæ сæ хæйттимæ; арфдæр æмæ уæрæхдæрæй базондзысты ны- хасы хæйттæ æмæ сæ грамматикон æууæлтæ; хъуыдыйады арæзт; базондзысты растфыссынады æгъдæуттæ, сæ ба- хъуыды кæныны мадзæлттæ.

Чиныг арæзт у афтæ, æмæ уыцы иу урочы скъоладзаутæ, бæлвырд кæцыдæр грамматикон темæ

 


ахуыргæнгæйæ, сæ зæрдыл лæууын кæнынц æндæр æрмæг дæр, ома хъус дард цæуы фонетикон, лексикон, дзырдарæзтон, морфологион, синтаксисон фæзындтæм: дзырдтæн скæнын мырон-дамгъон анализ; сбæрæг кæнын дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад; сбæрæг кæнын хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ, сæ арæзтмæ гæсгæ; фæбæрæг кæнын дзырды хæйттæ; дзырдтæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг кæнæ ныхмæвæрд дзырдтæ.

Æртыккаг къласы ахуыргæнæн чиныджы æппæт уроктæ дæр райдайынц ныхасы рæзтыл бакусынæн лæвæрд фæлтæрæнæй. Дарддæр, уыцы фæлтæрæны æрмæгыл æнцойгæнгæйæ, лæвæрд цæуы грамматикон æрмæг.

Методикон амындтытæ лæвæрд цæуынц алы урокмæ дæр. Амынд дзы цæуы, алы фæлтæрæны дæр хъус цæмæ æрдарын хъæуы, уый.

Скъоладзауты цæттæдзинад хынцгæйæ, фæлтæ- рæнтæм лæвæрд хæслæвæрдтæ ис баивæн (кæнæ бынтон фæуадзæн).

Кæцыдæр фæлтæрæнтæм лæвæрд цæуы уæлæмхасæн хæслæвæрдтæ æмæ фæрстытæ. Уыдонимæ куыст цæуы ахуыргæнæджы цæстæнгасмæ гæсгæ (хыгъд цæуы урочы рæстæг, скъоладзауты цæттæдзинад).

Алы урокмæ дæр лæвæрд цæуы дзырдуатон æрмæг, дзырдты нысаниуджытæ æмбæрстгонд цæ- уынц, ахуыргæнæн чиныджы фæстаг фæрстыл цы «Æм- барынгæнæн дзырдуат» ис, уым.

Ацы методикон амындтытæ лæвæрд цæуынц 3-аг къласы ахуыргæнæн чиныджы æрмæг æнцонæй æмæ мето- дикон æгъдауæй раст бацамоныны тыххæй.

Алы ахуыргæнæгæн дæр йæ бон у йæхи хъуыдымæ æмæ фæндонмæ гæсгæ уроктæм ивддзинæдтæ бахæссын.


 

Календарон-тематикон пълан 3-къласæн

Ахуыры азы фыццаг цыппæрæм хай (16 сах).

 

Ныхасы темæ Æвзаджы темæ Сахæт- ты бæрц Дзырдуатон æрмæг Сæйраг æмбарынæдтæ темæйæ, куысты хуызтæ. Ныхасы рæзтыл куыст. Фæлхатгæнинаг æрмæг
  Хæрзбон зæгъæм сæрдæн. Æгас цæуæд ног ахуыры аз! Дыккаг къласы ра- цыд æрмæг зæрдыл æр- лæууын кæ- нын. Текст. Хъуы- дыйад. Дзырд.   цау æххуысы хай тыллæг уайдзæф Дзырд. Хъуыдыйад. Текст, йæ сæргонд. Текст арæзт у ахæм хæйттæй – райдайæн, сæйраг хай, кæрон. Тексты æууæлтæ зонын. Тексты сæйраг хъуыды бæрæг кæнын. Диалог. Дзырд нæмттæ дæт- ты предметтæн, сæ æууæлтæ æмæ сæ архæйдтытæн æмæ аф. д. Хъуыдыйад у ком- муникацийы сæйраг иуæг. Текст – сæ хъуыды- мæ æмæ граммати- кон æгъдæуттæм гæсгæ баст хъуы- дыйæдтæ. Тексты фæрцы рай- гом кæнын исты темæ, æрфыссын предмет, фæзынд æмæ аф. д.

 

 

    Мыртæ æмæ дамгъæтææ.   сæрмæ хæссын æргъом уагъылы Фонетикæ. Мыр. Дамгъæ. Алфавит. Цавдон уæнгтæ. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ æмæ дамгъæтæ. Мыртæ раст дзурын. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ раст хæссы- ныл куыст. Антонимтæ. Синонимтæ.
    Ныхасы рæз- тыл куыст.   автор сæйраг архайджытæ буц хъусцæджы- тæ Текст хи ныхæстæй дзурын. Тексты мидис нывимæ барын. Дæргъвæтин æмхъæ-лæсонты растфыссынад.
    Сыгъзæрин фæззæг Алани- йы Мыртæ æмæ дамгъæтæ        
Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæ- сонтæ.   рагвæззæг мигътæ асæст зылангон æзылангон алæмæттаг Зылангон æмхъæлæ- сонтæ. Æзылангон æмхъæлæсонтæ. Тексты мидис бæрæг кæнын. Мыртæ, сæ равзæрд. Цавд. Синонимтæ. Антонимтæ.

 

          Скъоладзауты сфæл- дыстадон хъуыдыкæ- нынад рæзын кæнын. Текстæй æвзаргæ фыст кæнын.  
    Æмкъай зы- лангон æмæ æзылангон æмхъæлæсон- тæ   бæгънæг зæлдаг æрхъуызы зилдух кæнын Æмкъай зылангон æмæ æзылангон æм- хъæлæсонтæ. Текст хæйттыл дих кæнын. Сæргонд ын хъуыды кæнын. Зылангон æмхъæ- лæсонтæ. Æзылангон æмхъæ- лæсонтæ. Синонимтæ. Антонимтæ. Номдар. Миногон. Мивдисæг.
  Фæллой кæм уа, фарн дæр уым ис Æмхъæлæсон- тæ ч, к (кк), къ -йы ивынад дж, ч (чч).чъ- йæ хъæлæсон ы -йы разæй.   губакк тæскъ булкъ мæскъ Æмхъæлæсонты кæ- рæдзийы ивынад. Ирон æмæ дыгурон диалектты æмхъæлæ- сонты хицæндзинæд- тæ – дж, ч, чъ -йы бæсты загъд цæуы дз, к, къ. Иууон æмæ бирæон нымæцты хицæн- дзинæдтæ.

 

 

    Дæргъвæтин æмхъæлæсон- тæ дзырдты мидæг.   рæгъæд згъæлæггаг æввонгхор куыстуарзаг Предметтимæ бастдзи- над – базонын цал тæсчъы æркъахтой, уый. Дæргъвæтин æмхъæ- лæсонтæ. Дывæргонд æмхъæлæ- сонтæ. Тексты мидис нывимæ барын. Текстæн æндæр сæргонд хъуыды кæнын. Тексты мидис нывимæ барын. Рæзын кæнын скъола дзауты логикон хъуы- дыкæнынад. Текст хæйттыл дих кæнын. Æмхъæлæсонтæ. Уæнг. Синонимтæ. Антонимтæ.
    Уæлæмхасæн æрмæг   быгъдæг зæрдиагæй æваст Диалог Монолог. Текстæн сæргонд хъуы- ды кæнын. Зылангон æмæ æзылангон æмхъæ- лæсонтæ. Сæрмагонд нæмтты растфыссы- над. Сæ хъуыдымæ гæс- гæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырд- тæ агурын.

 

  Хæрзæгъдау, хæлардзинад, æууæнк − адæй- магæн кадгæ- нæн миниуджы- тæ Дзырды хæйттæ æмæ дзырдарæзт. Кæрон.   æфсарм къабазджын уæздан ныстуан Кæрон у, дзырдæн ивгæ цы хай фæкæны, уый. Дзырдбаст. Текстæй æвзаргæ каст кæнын. Номдар. Тексты сæргонд йæ мидисимæ барын.
    Уидаг. Æмуидагон дзырдтæ   арæзтад æгъдауджын зын уавæр лæгдзинад бæллиц Уидаг у, дзырдтæн иумæйаг цы хай вæййы, уый. Æмуидагон дзырдтæ. Нывмæ гæсгæ ра- дзырд аразын. Ныхасы хæйттæ. Синонимтæ. Антонимтæ. Хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ. Монолог.
    Фæсæфтуан   хъусынгæни- наг комдзаг кæ- нын æмбыд Фæсæфтуан у дзыр- дæн йæ уидаджы фæстæ цы дзырд фæ- лæууы, уый. Хъуыдыйæдтæ хъуы- ды кæнын. Уидаг. Номдар. Миногон. Синонимтæ. Антонимтæ.
    Уидаг æмæ фæсæфтуан   уайдзæф боксеры къуыдыр Уидаг æмæ фæсæф- туан. Схемæтæм гæсгæ дзырдтæ аразын. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Монолог. Текстæй æвзаргæ фыст кæнын.

 

 

    Уæлæмхасæн æрмæг   къуызыртæ тархъæд иппæрд фидауц Дзырдты нысаниужы- тæ. Уидаг. Кæрон. Тексты сæргонд.  
  Адæмæн зæхх у сæ дарæг Дзырды хæйттæУидаг. Фæсæфтуан. Кæрон.   уидаг уыгæрдæн быцæу кæнын æфсир Дзырды хæйттæ ир- тасын. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Нывы мидис æвзарын. Скъоладзауты логикон хъуыдыкæнынад рæ- зын кæнын – базонын уыци-уыцийы дзуапп. Монолог. Тексты хуызтæ. Ныхасы хæйттæ. Дæргъвæтин æм- хъæлæсонты раст- фыссынад. Синонимтæ æмæ антонимтæ агурын.
    Разæфтуан   къæбиц тынтæ хъызт Разæфтуан у, дзырды уидагмæ разæй цы хай æфтыд æрцæуы, уый. Разæфтуан дзырды уидагимæ фыссын хъæуы æмхæстæй. Тексты хуыз бæрæг кæнын, йæ мидис ын æмбарын. Дзырды уидаг. Антонимтæ. Æмбисонд.

 

  Мадæлон æвзаг мады ад кæны Уидаг æмæ разæфтуан   æдæрсгæ нывæстæй уаг мадæлон Разæфтуанты раст- фыссынад. Схемæтæм гæсгæ дзырдтæ аразын. Уидаг. Антонимтæ.
    Дзырды бын- дур   æфхæрын бындур фыдбылыз Бындур у, дзырдæн йæ кæрон æппæрст куы æрцæуы, уæд ма дзы цы хай баззайы, уый. Дзырды бындуры арæзт. Бамбарын кæнын æм- бисæндты мидис. Кæрон. Уидаг. Разæфтуан. Фæсæфтуан.
    Уæлæмхасæн æрмæг   иргъæвын уынæр кадджын Дзырды хæйттæ раст бæрæг кæнын. Бамбарын кæнын æм- бисæндты мидис. Сбæрæг кæнын мырты хицæндзинæдтæ, ирон æмæ сæ дыгуронау абаргæйæ. Ныхасы хæйттæ

 

 

Ахуыры азы дыккаг цыппæрæм хай (8 сах.)
  Бинонтæ Дзырды лек- сикон нысани- уæг. Бирæнысани- уæгджын дзырдтæ. Синонимтæ   сусæгдзи- нæдтæ коммæ кæ- сын тухæнтæ кæ- нын Дзырды лексикон ны- саниуæг. Дыууæ кæнæ фылдæр нысаниуæджы цы дзырдæн вæййы, уый хуыйны би- рæнысаниуæгджын. Синонимтæ сты сæ хъуыдымæ гæсгæ хæс- тæг дзырдтæ. Скъоладзауты хъуы- дыкæнынад рæзын кæнын – дзырдбыды чырæгтæ баххæст кæ- нын. Ныхасы хæйттæ. Хъуыдыйады сæй- раг уæнгтæ. Дзырды хæйттæ.
    Антонимтæ   æцæгæлон уынаффæ ивддзаг Антонимтæ сты сæ хъуыдымæ гæсгæ ных- мæвæрд дзырдтæ. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Йæ мидис ын хи ныхæстæй дзурын зонын. Тексты хуызтæ. Синонимтæ. Цавд.

 

      Уæлæмхасæн æрмæг   тæмæстæ зыгъуыммæ уæзбын ныгъуылын къахдзоныгъ- тæ Антонимтæ. Синонимтæ. Хъуыдыйады хуыз- тæ сæ загъды ны- санмæ гæсгæ. Дзырды хæйттæ.
  Зымæджы нывтæ Ныхасы хæйт- тæ   мæра æрмкъухтæ зокъо Ныхасы хæйттæ æмæ сæ фæрстытæ. Хъуыдыйæдтæ ара- зын. Скъоладзауты хъуы- дыкæнынад рæзын кæнын – сбæрæг кæ- нын, тексты дзырд цæуыл цæуы, уый. Дзырдтæй хъуыды- йæдтæ аразын. Хъуыдыйады уæнг- тæ. Текстæн сæргонд дæттын.
    Номдары иумæйаг нысаниуæг   гагадыргътæ минас фæлыст тъыфылгай Номдар хуыйны пред- метты нæмттæ цы ны- хасы хай нысан кæны, уый. Домы фæрстытæ чи? цы? Тексты хуыз бæрæг кæнын. Тексты миниуджытæ бæрæг кæнын. Текстæн сæргонд дæттын. Текст хæйттыл дих кæнын. Синонимтæ.

 

 

      Хъахъхъæн де’нæниздзинад Номдарты ивынад ны- мæцтæм гæс- гæ   микроб араст гуыр Номдарæн ис дыууæ нымæцы. Текст хæйттыл дих кæнын. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Текстæй æвзаргæ фыст кæнын. Сæрмагонд нæмт- тæ. Синонимтæ.
    Уæларвон тыгъдад Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ   айгæрдын бонвæрнон уæларвон тыгъдад Сæрмагонд номдартæ сты, хицæн предмет- тыл се ммыггаг пред- меттæй сæ хицæн кæ- ныны тыххæй цы нæмттæ æвæрд æрцæ- уы, уыдон. Иумæйаг номдартæ сты бирæ иумæйаг предмет- тыл æвæрд нæмттæ. Дзырдбыд баххæст кæнын. Номдар. Тексты хуызтæ. Монолог.
    Стыр дамгъæ сæрмагонд номдарты   уæларвон станцæ æврæгътæ Боброн Венерæ дæлвæз Сæрмагонд номдартæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Номдар.

 

  Æрдзы фæ- зындтæ, æрдзы ивæнтæ Номдарты кæрæтты ивы- над æндæр дзырдтимæ бастæй   цъитидæттæ рæвдауын сæуæхсид бындзарæй æвдадзы хос Номдарты кæрæттæ ивынц фæрстытæм гæсгæ. Рæзын кæнын скъола- дзауты хъуыдыкæны- над – базонын уыци- уыциты дзуæппытæ. Номдар Номдарты нымæц.
      Уæлæмхасæн æрмæг   быцæу кæнын лæмбынæг Изложени – сфæлдыс- тадон фысгæ куыст.  
Ахуыры азы æртыккаг цыппæрæм хай (19 сах).
  Мæргъты цар- дæй Миногон   Миногоны иумæйаг ны- саниуæг   къуыбар зымæгиуат тæлтæг дзыгъуыр къæппæг сæфтæджытæ Миногон – предметты æууæлтæ æвдисæг ны- хасы хай. Текст æмæ ныв кæрæ- дзиуыл барын. Текст хæйттыл дих кæнын. Тексты мидис хи ны- хæстæй дзурын. Схемæтæ баххæст кæ- нын. Номдар. Синонимтæ. Антонимтæ.

 

 

  Цæрæгойты цардæй Миногонтæ сæ æууæлтæм гæсгæ къорд- тæ кæнын   амæттаг æдзæм кæсагдзау адзал ихденджыз æфсæртæ фурд Миногонтæ æвдисынц предметты алыхуызон миниуджытæ. Тексты хуыз бæрæг кæнын. Дзырдтæн мырон-дам- гъон анализ кæнын. Текстæй æвзаргæ фыст кæнын. Синонимтæ. Антонимтæ. Тексты хуызтæ.
  Сырдты цар- дæй Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæ- вæрд мино- гонтæ.   дзæмбы хуынтæ æдых Миногонтæ февдисынц сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг кæнæ ныхмæ- вæрд миниуджытæ. Рæзын кæнын скъола- дзауты хъуыдыкæны- над – хæццæйæ лæ- вæрд дзырдтæй хъуы- дыйæдтæ аразын. Синонимтæ. Антонимтæ.
    Уæлæмхасæн æрмæг   хъаст кæнын зыд уырд зыгъарæг Миногон. Миниуæгæвдисæг дзырдтæ. Хъуыдыйады уæнгтæ бæрæг кæнын. Диалогон ныхасыл куыст. Хъуыдыйады уæнгтæ. Тексты хуызтæ.

 

  Æрцыд, ныл- лæууыд уал- дзæг Мивдисæг, йæ иумæйаг нысаниуæг.   суар хърихъхъуп- пыты бал тындзын уæлтæмæн цæрдхъом Мивдисæг у предмет- ты архайд æвдисæг ныхасы хай. Скъоладзауты хъуы- дыкæнынад рæзын кæнын – хъæугæ мив- дисджытæ æвзарын. Номдар. Тексты сæргонд. Сæйрат. Зæгъинаг.
    Мивдисæджы ивынад нымæцтæм гæсгæ.   тарф рагъ талатæ айтынг Мивдисæгæн ис дыу- уæ нымæцы: иууон æмæ бирæон. Текстæй æвзаргæ фыст кæнын. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын – хæццæ йæ лæвæрд хъуыдыйæдтæй баст текст аразын. Номдар. Номдары нымæцтæ. Хъуыдыйады уæнг- тæ. Диалог. Монолог.
    Мивдисджы- ты ивынад афонтæм гæсгæ.   уæлвонгæй къæлæт арвырон Мивдисæгææн ис æр- тæ афоны. Мивдис- джыты афонтæн базо- нæн ис фæрстытæм гæсгæ. Текст хæйттыл дих кæнын. Номдар. Миногон. Текст хæйттыл дих кæнын. Цавд.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: