Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 8 глава




Дзырдуат: цъитидæттæ, цъæхснаг, сæуæхсид, бындзарæй.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Æрдзы фæзындтæ, сæ хицæндзинæдтæ.

3. Тексты мидис æвзарын (154- фæлтæрæн).

Беседæйы рæстæджы ныхас цыдис æрдзы æппæт фæзындтыл дæр цыбырæй, хуымæтæг хуызы.

Ныр, фæлтæрæн æххæст кæныны размæ, æрдзурын цæугæдæттыл æмткæй, стæй рахизын Теркмæ.

Бакæсын текст (кæсын райдайыны размæ скъоладзаутæн лæвæрд цæуы хæслæвæрд, цæмæй сæ хъус дарой, Терк кæм гуыры æмæ кæуылты кæлы, уымæ).

Равзарын тексты мидис фæрстытæм гæсгæ:

– Кæдæм кæлы Терчы дон?

– Куыдæй фæфылдæр æмæ фæтыхджындæр вæййы

Терк?

– Зæгъ, Теркæн йæ райдайæн, йæ гуырæн кæцы ран


ис?


 

 

– Радзур, нывы цы уыныс, уый.

– Теркæй уæлдай ма цавæр дæттæ зоныс? Сбæрæг кæнын тексты хуыз.

Хъуыдыйæдтæ бакæсын фарстон хъæлæсы уагæй, ома


таурæгъон хъуыдыйæдтæй саразын фарстон хъуыдыйæдтæ.

4. Зонгæ кæнын номдарты кæрæтты ивынадимæ

(155- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у: бацамонын скъоладзаутæн

– номдартæн, æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ, ивынц сæ кæрæттæ.

Фыццаг фæлтæрæнæй ист дзырдбæстытæ æмæ цы- быр хъуыдыйæдтæ æвзæрст куы æрцæуой, ома номдартæ сæ куы ссарой, сæ хъус куы æрдарой сæ кæрæттæм, куы сбæрæг кæной, фæрстытæ сæм кæцы дзырдтæй лæвæрд цæуы, уый, уæд скъоладзаутæ æнцонæй бамбардзысты, цы раиртæст сын амынд цæудзæн, уый, ома номдартæн, æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ, ивынц сæ кæрæттæ.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

5. Номдарты кæрæтты ивынад (156- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у номдартæн тексты хъуыдымæ гæсгæ сæ кæрæттæ баивын.

Текст раздæр æвзæрст цæуы дзургæйæ. Сбæрæг кæнын, цавæр кæрæттæ хъуамæ уа къæлæтты æвæрд дзырдтæн, раттын сæм фæрстытæ. Афтæ равзарыны фæстæ текст ныффыссын тетрæдты. (Сауцъиутæ цъæхснагæй цъæх бæлæстыл зарынц, æмæ хъæлдзæг зардæй зæрдæтæ рæвдауынц.)

Дзуапп раттын фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæ æмæ

хæслæвæрдтæн.

6. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(157- фæлтæрæн).

Дзырдбыды чырæгтæ баххæст кæнынæн базонын хъæуы æрдзы алы фæзындты нæмттæ (уымæн сын феххуыс уыдзысты, спайда кæнынæн цы дзырдтæ лæвæрд цæуы, уыдон).

Сбæрæг кæнын, ацы дзырдтæ номдартæ кæй сты, уый. Раттын сæм фæрстытæ. Скъоладзауты хъус æрдарын, ацы дзырдтæм фарст цæй? лæвæрд куы æрцæуа, уæд сын цавæр кæрæттæ уыдзæн, уымæ (къæвдайы, изæры, сæуæхсиды, боны, дымгæйы, боны, дымгæйы, тыны).

Дзырдбыд куы баххæст кæной, уæд скъоладзауты хъус æрдарын, бынæрдæм дзы цы дзырд рауад, уымæ – къуыбыр, скæнын ын мырон-дамгъон анализ.

7. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (158- фæлтæрæн).

Уыци-уыциты дзуæппытæ базонын хъæуы дзырдты æууæлтæм гæсгæ, баххуыс сын уыдзысты схемæтæ æмæ, уыдоны цы иугай дамгъæтæ лæвæрд цæуы, уыдон.

Уыци-уыциты дзуæппытæ – дзырдтимæ (арвæрдын, æхсæв æмæ бон, дымгæ, уæлдæф) æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ æмæ сбæрæг кæнын, æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ, номдарты кæрæттæ куыд аивтой, уый.

Хатдзæгтæ скæнын. Куыд ивынц номдартæ, æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 159-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ. Дзырдтæ-дзуæппыты нысаниуджытæ бамбарын кæнын æмæ семæ цы хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кодтой, уый сбæрæг кæнын иннæ урочы, дзургæйæ.

Уæлæмхасæн æрмæг

Ахуыр кæнæм изложени фыссын

 

Урочы нысантæ: бацамонын, изложени цы у æмæ куыд фысгæ у, уый.

Дзырдуат: лæгæт, хуыкком, мæра.

1. Скъоладзауты хъус æрдарын, изложени сфæл- дыстадон куыст кæй у, уымæ. Хъуамæ лæмбынæг байхъу- сой текстмæ, бамбарой йын йæ мидис. Изложени фысгæйæ, скъоладзаутæ хъуамæ сæ зæрдыл дарой, цы фыссын сæ хъæуы, уый, бæлвырд фæткыл æвæрдæй.

Ацы куысты хуызы нысан у – скъоладзауты фæцалх кæнын тексты мидис хи ныхæстæй дзурын æмæ фыссы- ныл.

2. Текст кæсы ахуыргæнæг. Фæрстытæм гæсгæ йын равзарын йæ мидис. Сбæрæг кæнын тексты хуыз – таурæгъон, æрфыст æви хъуыдытыл æфтауæг.

Текст кæсынц скъоладзаутæ.

Рахицæн кæнын тексты сæйраг хъуыды.

Текст равзарыны фæстæ сæхгæнын чингуытæ æмæ йын йæ мидис хи ныхæстæй ныффыссын тетрæдты.

Ацы изложени у фæлварæн куысты хуызæн, фыццаг хатт æй кæй фыссынц, уый тыххæй. Скъоладзауты цæттæ кæны дарддæр дæр ахæм фысгæ сфæлдыстадон куыстытæ æххæст кæнынмæ.

 

 

Мæргъты цардæй

Миногон

Урок

Миногонты иумæйаг нысаниуæг

 

Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын, раззаг урокты цы æрмæг ахуыр кодтой, уый; бацамонын мино-

гоны иумæйаг нысаниуæг, йæ фæрстытæ; текст аразын зонын; мæргътæм уарзондзинад гуырын кæнын.

Дзырдуат: къуыбар, цымыдис, æддаг бакаст.

1. Беседæ. Радзурын мæргъты тыххæй. Базонгæ уæвын сæ царды уавæртимæ, сæ миниуджытимæ. Æр- дзурын, цы пайда хæссынц, ууыл. Байхъусын скъоладзау- ты радзырдтæм мæргъты тыххæй.

2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

– Цы хонæм номдар? Цавæр фæрстытæ домы?

– Ранымайут предметты æууæлтæ. Æууæлæвдисæг дзырдтæм раттут фæрстытæ.

3. Текстимæ куыст (160- фæлтæрæн).

Текст бакæсыны размæ æрдзурын зымæджы миниу- джытыл:

– Цæстытыл ауайын кæнын зымæгон бон.

– Цавæр вæййы боныхъæд зымæгон? Уалдзыгон та? Раттæн ис уæлæмхасæн хæслæвæрд: радзурын

зымæгиуат цы мæргътæ фæкæнынц, уыдоны тыххæй.

Бакæсын аргъауы текст. Равзарын æй фæрстытæм гæсгæ.

Текст адих кæнын хицæн хæйттыл (Зымæгон бон. Сырддонцъиу фæцæйхауд фыдбылызы. Цъиу фервæзт) æмæ равзарын алы хайы мидис дæр.

Абарын тексты мидис æмæ ныв – ссарын, текстæй нывы цы бынат æвдыст æрцыд, уый æмæ йæ бакæсын.

Тексты ссарын синонимтæ (стыр – дынджыр); антонимтæ (стахт – æрбадт, хъæлдзæг – æнкъард, стыр – гыццыл). Аргъауы мидис радзурын хи ныхæстæй.

4. Миниуæгæвдисæг дзырдтæ (161- фæлтæрæн).

Ацы хæслæвæрды нысан у фыццаг фæлтæрæнæй номдартæ рафыссын æмæ сын тексты ссарын сæ миниуæгæвдисæг дзырдтæ. Сбæрæг кæнын, цавæр æу- уæлтæ æвдисынц, уый.

Скъоладзаутæ сæхæдæг хъуамæ базоной, предметы æууæлæвдисæг дзырдтæ цавæр фæрстытæ домынц, уый (цавæр? цыхуызæн?).

Бакæсын раиртæст.

5. Сфæлдыстадон куыст (162- фæлтæрæн).

Æмхæццæйæ лæвæрд хъуыдыйæдтæй саразын хъæ- уы æмхæст текст (Зæрватыччы гыццыл лæппын кастис ахстонæй. Цымыдис маргъ йæхи ахстонæй æгæр радард- та æмæ зæхмæ æрхаудис. Чысыл Алан æм базгъордта æмæ йæ фелвæста. Лæппу тарст цъиуы сæвæрдта йæ ахс- тоны). Скъоладзаутæн æххуысæн фæлтæрæнмæ лæвæрд цæуы нывтæ.

Нывтæ кæрæдзийы фæдыл афтæ æвæрд сты, æмæ сæм хъæугæ хъуыдыйæдтæ æвзæрст куы æрцæуа, уæд скъоладзаутæ æнцонæй хатдзæг скæндзысты, хъуы- дыйæдтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ баст кæй сты æмæ сын ра- дзырд схонæн кæй ис, уый тыххæй.

Тексты ссарын дзырдбæстытæ номдар + миногон, ба- хахх сын кæнын сæ быны, сбæрæг кæнын, миниуæгæвдисæг дзырдтæ цавæр æууæлтæ æвдисынц, уый.

Текстæн æрхъуыды кæнын сæргонд.

Тексты ссарын синонимтæ (чысыл – гыццыл, маргъ

– цъиу).

Раттын фæрстытæ номдартæй миногонтæм, ми- ногонтæй – номдартæм. Бамбарын сын кæнын сæ бастдзи- над.

Бакæсын раиртæст.

6. Текстимæ куыст (163-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у тексты темæ сбæрæг кæнын; хицæн хæйттыл æй адих кæнын; хæйттæн сæр- гæндтæ раттын.

Аргъауы мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ:

– Цавæр уыдысты Дзыгъуыры цъиутæ?

– Радзурын Гоппойы тыххæй, сбæрæг ын кæнын йæ миниуджытæ (уый феххуыс уыдзæн æууæлæвдисæг дзырдтæ иртасын æмæ сæ ныхасы пайда кæнынæн).

– Тексты ссарын Дзыгъуыры ныхæстæ æмæ сæ бакæсын.

– Аргъауы текст адих кæнын хицæн хæйттыл æмæ алы хайæн дæр раттын сæргонд.

– Сбæрæг кæнын аргъауы темæ.

Радзурын æй хи ныхæстæй. Тексты темæ куы сбæрæг кæной, уæд сывæллæттæ бамбардзысты, мадмæ хъусын кæй хъæуы, коммæ куы нæ кæсой, уæд исты фыдбылызы кæй бахаудзысты.

Тексты ссарын антонимтæ (стыр – гыццыл).

7. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (164- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæн иуæй рæзы сæ хъуыдыкæнынад – уыци-уыциты дзуæп- пытæ базонын хъæуы цавæрдæр бæлвырд æууæлтæм гæсгæ, иннæмæй – тексты ссардзысты предметты мини- уæгæвдисæг дзырдтæ.

Дзырдтæн-дзуæппытæн мырон-дамгъон анализ скæнгæйæ, цавды нысæнттæ сыл сæвæргæйæ, скъоладзау- тæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты бæлвырд зонындзи- нæдтæ фонетикæйæ.

8. Дзырдбыд баххæст кæнын (165-фæлтæрæн).

Фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ раны- майдзысты хæдзарон мæргъты нæмттæ, базондзысты сæ лæвæрд дамгъæтæм гæсгæ (карк, гогыз, бабыз, уасæг, хъаз).

9. Дзырдтæн антонимтæ агурын (166-фæлтæрæн). Фæлтæрæны лæвæрд цæуы миногонтæ, ссарын сын хъæуы сæ хъуыдымæ гæсгæ ныхмæвæрд дзырдтæ (нард, дынджыр, æдых, бæрзонд, сыгъдæг, фыдынд, ног, æвзæр, фæтæн, хъарм, тæнæг, урс, хъæбæр, æгад, рог, лæмæгъ,

даргъ, хуылыдз).

Хатдзæгтæ скæнын. Цы æвдисынц миногонтæ?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 167- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Цæрæгойты цардæй

Миногон, йæ иумæйаг нысаниуæг

 

Урочы нысан: бацамонын миногонтæ сæ æууæлтæм гæсгæ иртасын.

Дзырдуат: къæппæг, къамбец, сычъи, сæфтæджытæ.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Радзурын цæрæгойты царды тыххæй. Скъоладзаутæн сæхи бафæрсын, цы зонынц, хъæды

æмæ тайгайы цы цæрæгойтæ цæры, уыдоны тыххæй. Ра- дзурын сæ царды уавæрты тыххæй; зæгъын, цæмæй хицæн кæнынц сырдтæ æмæ хъæддаг цæрæгойтæ.

3. Текстимæ куыст (168- фæлтæрæн).

Радзырд бакæсыны размæ скъоладзауты сцымыдис кæнын, цæмæй йæ æууæлтæм гæсгæ базоной, къæппæджы цы цæрæгой бахаудис, уый.

Тексты мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ. Радзу- рын кроличы тыххæй.

Тексты ссарын миногонтæ æмæ, цы дзырдты ми- ниуджытæ æмбарын кæнынц, уыдон. Бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Дзырдтæ сарæзта, гыццыл, урс, даргъ -æн ссарын антонимтæ.

4. Æвзаргæ фыст (169- фæлтæрæн).

Фыццаг фæлтæрæны текстæй рафыссын хъæуы миногонтæ, цы номдарты æууæлтæ æвдисынц, уыдонимæ. Сбæрæг сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Ацы куысты хуыз скъоладзаутæн феххуыс уыдзæн миногонтæ сæ æууæлтæм æмæ фæрстытæм гæсгæ иртасын.

Бакæсын раиртæст.

5. Нывтæм æмæ схемæтæм гæсгæ куыст (170- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты базонгæ кæнын, хъæдты æмæ хæхты цы цæрæгойтæ цæры, уы- донимæ. Зонгæ та сæ хъуамæ бакæной схемæтæм æмæ дамгъæты нымæцмæ гæсгæ. Цæрæгойты нæмттæ базо- нынæн ахуырдзаутæн феххуыс уыдзысты фæлтæрæнмæ лæвæрд нывтæ (саг,зубр,дзæбидыр,сæгуыт). Ранымайын цæрæгойты миниуджытæ, цыбырæй радзурын сæ царды уавæрты тыххæй.

6. Миногонтæ сæ æууæлтæм гæсгæ иртасын (171- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны текст бакæсгæйæ сбæрæг уыдзæн, цæгатаг саг цавæр цæрæгой у, кæм, цæмæй æмæ куыд цæры, уый.

Тексты мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ. Алы фарстæн дæр йæ дзуапп ссарын чиныджы æмæ йæ бакæсын.

(Фæрстытæ: Кæм цæры цæгатаг саг? Цæмæй цæры зымæг7 Цы йын æххуыс кæны йæхи хъахъхъæнынæн? Чи бауæндид сагмæ? Цавæр хицæндзинад ма ис ацы цæрæгоймæ?)

Сбæрæг кæнын тексты хуыз. Скъоладзаутæ куы бам- барой æмæ куы зæгъой, ацы текст æрфысты хуызы лæвæрд цæуы, уый, уæд сбæрæг кæнын, цавæр дзырдтæ сын бах- хуыс сты йæ базонынмæ, раттын сæм фæрстытæ. Сбæрæг кæнын дзырдты нысаниуджытæ. Дзырдбæстытæ (миногон

+ номдар) ныффыссын тетрæдты, бахахх сын кæнын сæ быны.

7. Сфæлдыстадон куыст (172- фæлтæрæн).

Лæвæрд цæуы цæрæгойты нывтæ, сбæрæг кæнын сын хъæуы сæ нæмттæ, æрхъуыды сын кæнын æууæлæвдисæг дзырдтæ æмæ сæ ныффыссын. Уæлæмхасæн куысты хуызы æрдзурæн ис ацы цæрæгойты царды уавæртыл, кæм цæрынц, цæмæй цæрынц.

Хатдзæгтæ скæнын. Куыд иртасæм миногонтæ кæрæдзийæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 173- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Денджызы цæрæгойты цардæй

Миногонтæ сæ æууæлтæм гæсгæ иртасын

 

Урочы нысантæ: миногонты æууæлтæ бæрæг кæныныл дарддæр кусын; денджызы цæрæгойты цардимæ зонгæ кæнын.

Дзырдуат: кæсаглас, ихденджыз, амæттаг, фæл- гæсын, адзал.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Денджызы цæрæгойтæ æмæ сæ царды уавæртæ.

3. Текстимæ куыст (174- фæлтæрæн).

Текст бакæсыны размæ ахуыргæнæг зæгъы скъо- ладзаутæн, цæмæй лæмбынæг хъусой æмæ сæ цæстытыл ауайын кæной, цыма бадынц денджызы былгæрон æмæ фæлгæсынц сæ алывæрсты.

Текст кæсы ахуыргæнæг йæхæдæг аив, зæрдæмæ- хъаргæ хъæлæсы уагæй.

Текст йæ фæрстытæм гæсгæ æвзæрст куы æрцæуа, уæд рабæрæг уыдзысты скъоладзаутæн сæхи фиппаинæгтæ дæр.

Сбæрæг кæнын тексты хуыз.

Тексты ссарын антонимтæ (сæрд – зымæг, æнкъард –

хъæлдзæг).

Тексты ссарын миногонтæ æмæ зæгъын, цæй æууæлтæ æвдисынц. Раттын сæм фæрстытæ.

Абарын тексты мидис нывимæ. Цы сын ис иу-

мæйагæй?

Раттын уæлæмхасæн фæрстытæ:

– Ды искуы уыдтæ денджызы был?

– Цы дзы федтай?

– Дæ зæрдæмæ дзы цы фæцыдис?

4. Текст – æрфыст (175-фæлтæрæн).

.Тексты хуызтæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Ацы фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ Сбæрæг кæнын, ацы текст æрфыст цавæр æууæлтæм гæсгæ у?

Радзурын дельфинты тыххæй.

5. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (176- фæлтæрæн).

Скъоладзаутæн бакæсын кæнын уыци-уыци. Ныф- фыссæн æй ис фæйнæгыл, стæй та – тетрæдты. Базонын ын йæ дзуапп, сбæрæг кæнын, цавæр æууæлты фæрцы йæ базыдтой, уый.

Тексты ссарын миногонтæ, бахахх сын кæнын сæ быны. Бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Ацы фæлтæрæны нысан у уыци-уыцийы дзуапп бæлвырд æууæлтæм гæсгæ базонын.

Дзырд кæсаг -æн скæнын мырон-дамгъон анализ. Тексты ссарын миногонтæ, бамбарын сын кæнын сæ

нысаниуджытæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæр æууæлтæм гæсгæ ир- тасæм миногонтæ? Цавæр фæсæфтуанты руаджы арæзт цæуынц миногонтæ?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 177-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

Ам скъоладзауты хъус æрдарын фæстаг хæслæвæрдмæ – бæрæггонд дзырдтæн ссарын хъæуы антонимтæ, синонимтæ нæ, фæлæ.

Хицæнæй рафыссын антонимон къæйттæ

 

 

Урок

Хæдзарон цæрæгойтæ

Миногонтæ сæ æууæлтæм гæсгæ иртасын

Урочы нысантæ: миногонты æууæлтæ иртасыныл дарддæр кусын; хæдзарон цæрæгойтимæ зонгæ кæнын.

Дзырдуат: æндон, къæрцхъусдзинад, æнувыд.

 

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ хæдзарон цæрæгойты тыххæй.

Æрдзурын, цавæртæ сты, цы пайда сты, цавæр миниуджытæ сæм ис, ууыл.

Скъоладзаутæ дзурынц, алкæмæ дæр сæхимæ цы цæрæгой ис, уый тыххæй.

3. Текстимæ куыст (178-фæлтæрæн).

Текст аив бакæсын, сбæрæг ын кæнын йæ хуыз. Радзурын бæхы тыххæй, тексты мидисæй спайда-

гæнгæйæ.

Дзырд адæймаджы -йæн скæнын мырон-дамгъон анализ, зæгъын, цавæр хицæндзинад ис бафиппайæн (æмхъæлæсон г -йы ивынад дж -йæ хъæлæсон ы -йы разæй).

Цы пайда у бæх хæдзары?

4. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(179-фæлтæрæн).

Ацы куысты хуыз æххæстгонд цæуы дзургæйæ. Бакæсын Хъазиты Мелитоны радзырдæй скъуыддзаг

æмæ базонын, дзырд дзы цæуыл цæуы, уый. Зæгъын, кæцы рæнхъ æххуыс кæны, Агуындæ, стъолы бынмæ кæсгæйæ, цæимæ ныхас кæны, уый базонынæн (Фæлæ дын бирæ хæринаг нæ дæттын, уæд мыст нал ахсдзынæ).

Бакæсын æмдзæвгæ – уыци-уыци. Базонын ын йæ дзуапп.

Тексты ссарын миногонтæ, сбæрæг кæнын, цæй æууæлтæ æвдисынц, уый, бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Тексты ссарын синонимтæ (егъау – дынджыр).

5. Нывтæм гæсгæ куыст (180- фæлтæрæн).

Цæрæгойтæн нывтæм гæсгæ дæр, стæй скъоладзаутæн

сæхи цæстытыл куыдæй уайынц, уымæ гæсгæ дæр æрфыссын се ’ддаг бакаст, сбæрæг сын кæнын сæ миниуджытæ. Дзырдбæстытæ (миногон + номдар) ныф- фыссын тетрæдты.

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæр æууæлтæм гæсгæ ир- тасæм миногонтæ?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 181-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Урок

Сырдты цардæй

Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд миногонтæ

 

Урочы нысантæ: сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд миногонтæ иртасын; хъуыдыкæнынад рæзын

кæнын; скъоладзауты дзырдуатон сконд хъæздыг кæнын.

Дзырдуат: тар æхсæвтæ, дзæмбы, тæссаг, уысм.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

– Цы хонæм синонимтæ?

– Цы хонæм антонимтæ?

– Цы хонæм миногон? Цавæр фæрстытæ домы?

3. Беседæ. Сырдты цардыл æрдзурын. Кæм цæрынц, цæмæй цæрынц? Цæмæй хицæн кæнынц сырдтæ хъæддаг цæрæгойтæй? (Сырдтæ дæр цæрæгойтæ сты, фæлæ æппæт цæрæгойтæн сырдтæ схонæн нæй, уымæн æмæ сæ иутæ сты тугдзых, иннæтæ – нæ.)



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: