Лæвæрд цæуы æртæ къорды дзырдтæ, алы къор- ды дæр фыццаг рæнхъы ис сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ, дыккаг рæнхъы та – æмуидагон дзырдтæ.
Сбæрæг кæнын сæ нысаниуджытæ æмæ дзуапп рат- тын фæлтæрæны фарстæн.
Бакæсын раиртæст.
4. Хибарæй куыст (69- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæны нысан у сбæрæг кæнын, скъо- ладзаутæ æмбарынад «æмуидагон дзырдтæ» куыд бам- бæрстой, уый. Æххæст æй кæнынц хибарæй, уый фæстæ бакæсын дзырдтæ æмæ цы рæдыдтытæ скæной, уыдон
бæстон равзарын.
Æрхъуыды кæнæн ис дзырдтæ:
(Æвзæрдзинад, знаггад, кадджын – æгад.)
5. Монологон ныхас (70- фæлтæрæн).
Æмдзæвгæ аив бакæсын. Зæгъын, тексты хуыз цавæр у; кæй номæй дзы цæуы дзырд? (Ам сывæллæтты хъус æрдарын, чиныг алчидæр кæй уарзы æмæ кæсы; скъоладзаутæй алкæйы бон дæр у йæхи æнкъарæнты тыххæй радзурын.)
Сбæрæг кæнын, æмдзæвгæйы текст цал хъуыдыйадæй арæзт у, уый (4).
Ахæм куысты хуыз æххуыс у æмхæст текст хицæн хæйттыл дих кæныныл ахуыр кæнынæн.
Зæгъын, сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæртæ сты, уый.
Æмдзæвгæйы мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ
Хатдзæгтæ скæнын. Цы сты æмуидагон дзырдтæ? Тексты сæргондмæ гæсгæ базонын, дзырд дзы цæуыл цæудзæн, уый.
Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 71- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ. Ацы фæлтæрæны мидисыл æрдзурын иннæ урочы.
|
Урок
Фæсæфтуан
Урочы нысантæ: бацамонын дзырды хай –
фæсæфтуан;
Хъомыладон куыст бакæнын – ныййарджыты ны- майын, аргъ сын кæнын.
Дзырдуат: фæсæфтуан, комдзаг, зæгъинаг.
1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
2. Текстимæ куыст (72- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзаутимæ хъомыла-
дон куыст бакæнын æмæ дзырдты арæзт сбæрæг кæнын.
Раздæр текст аив бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды æмæ йын уый фæстæ фæрстытæм гæсгæ равзарын йæ ми- дис:
а) Чызг фæткъуы фæстæмæ йæ фыдмæ цæмæн радта?
æ) Аланæйы æгъдауджын чызг схонæн ис?
б) Ды та куыд бакодтаис ахæм уавæры?
Сывæллæтты хъус æрдарын, дзырд æгъдауджын цы нысан кæны, уымæ.
Дзырдтæн ссарын антонимтæ (ацыд – æрбацыд, ад- джын – æнад, гыццыл – дынджыр, стыр).
3. Дзырды уидаг хицæн кæнын (73- фæлтæрæн).
Æмуидагон дзырдтæ ныффыссын тетрæдты, сæ иумæйаг уидаг сын сбæрæг кæнын. Скъоладзауты хъус æрдарын, дзырдтæм уидаджы фæстæ цы хæйттæ æфтыд æрцыд, уыдонмæ (хъус, хъус-ын, хъус-аг, хъус-æг, хъус-инаг, хъус-гæйæ).
Бакæсын раиртæст.
4. Фæсæфтуан бацамонын.
Райсын дзырдтæ хох – хохаг; картоф – картоф- джын. Скъоладзаутæ хъуамæ сбæрæг кæной дзырдты нысаниуджытæ, сæ хицæндзинæдтæ (хицæндзинæдтæ сты дзырдты сконды, дзырдты нысаниуджыты).
Скъоладзауты хъус æрдарын дзырдты къордты уидæгтæм. Сбæрæг кæнын, уидаджы фæстæ ма сæм æндæр хæйттæ æфтыд куы æрцыдис, уæд сæ нысаниуджытæ дæр æмæ се сконд дæр куыд аивтой, уымæ.
|
5. Дзырды фæсæфтуан хицæн кæнын (74- фæл- тæрæн).
Ацы фæлтæрæны нысан у ссарын дзырдты уидæгтæ. Сбæрæг кæнын, уидæгты фæстæ сæм цы хæйттæ æфтыд ис, уыдон.
Скъоладзауты хъус æрдарын, уыцы хæйттæ фæ-
сæфтуантæ кæй хуыйнынц, уымæ.
Фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ.
6. Дзырдты арæзт бæрæг кæнын (75- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, ныффидар кæнæн ис дзырды уидаджы, фæсæфтуаны æмæ кæроны тыххæй зонындзинæдтæ. Скъоладзаутæ базондзысты, дзырдтæ куыд арæзт æрцыдысты, уый.
Уæлæмхасæн куысты хуызы ма раттæн ис дзырдтæй æртæимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæныны хæслæвæрд.
7. Хибарæй куыст (76- фæлтæрæн).
Лæвæрд фæсæфтуанты руаджы скъоладзаутæ ара- зынц дзырдтæ æмæ сæ фыссынц сæ тетрæдты.
Бакæсын зæрдылдаринаг.
Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм фæсæфтуан? Цавæр фæсæфтуантæ зоныс?
Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст, сæххæст кæнын 77- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ (къласы равзарын фыццаг дзырд).
Урок
Уидаг æмæ фæсæфтуан
Урочы нысантæ: бацамонын уидаг æмæ фæ- сæфтуаны растфыссынад; фæсæфтуанты руаджы дзырдтæ аразын; лæвæрд схемæтæм гæсгæ дзырдтæ хъуыды кæнын.
|
Дзырдуатон æрмæг: бæллиц, къуыдыр, фестъæлфыд, æндавын.
1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
2. Текстимæ куыст (78- фæлтæрæн.)
Тексты сæргонд йæ мидисимæ барын. Текст аив бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Адих æй кæнын хæйттыл. Хæйттæн дæр раттын сæргæндтæ (гæнæн ис,
ахæмтæ: «Мæ бæллиц – боксёр суæвын», «Æз боксёр никуы уыдзынæн».)
Куыст бакæнæн ис афтæ: ахуыргæнæг фæйнæгыл фыссы радзырды сæргонд æмæ, текст нæма бакæсгæйæ, скъоладзауты фæрсы, ахæм сæргондимæ тексты дзырд цæуыл хъуамæ цæуа, уымæй.
Скъоладзаутæ фæлтæрæны фарстæн (Тексты дзырд кæй номæй цæуы?) дзуапп куы раттой, уæд сбæрæг уыдзæн, монологон ныхас кæй у, уый.
Лæппуйæн раттын ном æмæ текст радзурын 3-аг цæсгомы номæй.
Радзырды мидис фæрстытæм гæсгæ равзарыны фæстæ скъоладзауты хъус æрдарын тексты фыццаг æмæ фæстаг хъуыдыйæдтæм (фыццаг – «Бынтон гыццылæй мæ бæллиц уыдис боксёр суæвын», фæстаг – «Æз боксёр нæ уыдзынæн») æмæ сбæрæг кæнын, лæппу йæ бæллиццыл йæ къух цæмæн ауыгъта, уый. Афтæмæй æнцонæй бамбарæн ис, тексты сæргонд «Мæ хæлар» цæмæн хуыйны, уый.
3. Æвзаргæ фыст. Дзырдты арæзт бæрæг кæнын
(79-фæлтæрæн).
Фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ сæххæстгæн- гæйæ, скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнæн ис цавд æвæрыны æгъдæуттæ; ныхасы хæйттæ сæ фæрстытæм гæсгæ иртасын; дзырдты хæйттæ хицæн кæнын.
4. Фæсæфтуанты руаджы ног дзырдтæ аразын хуызæгмæ гæсгæ (80- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæны нысан у лæвæрд фæсæфтуантæм хъæугæ уидæгтæ æфтауын æмæ афтæмæй дзырдтæ аразын (ирон, хæххон, хъæлæсон, хохаг, уырыссаг, быдираг; дзурæг, кусæг, фыссæг; æгъдауджын, цæхджын, æфсармджын).
Сбæрæг кæнын, дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты,
уый.
5. Схемæтæм гæсгæ дзырдтæ æрхъуыды кæнын
(81- фæлтæрæн).
6. Сфæлдыстадон куыст (82- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутимæ ныффидар кæнæн ис, дзырды хæйттæ куыд бамбæрстой, уый. Ноджы сын феххуыс уыдзæн дзырдтæ сæ фæрстытæм гæсгæ иртасынæн, сæйраг уæнгтæ бæрæг кæнынæн.
Ацы фæлтæрæн сæххæст кæныны размæ скъо- ладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын, дзырды хæйттæ цавæр нысæнттæй бæрæггонд цæуынц, уый (уидаг –, фæсæфтуан – ^, кæрон – ).
Дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ хæйттæ.
Хатдзæгтæ скæнын. Куыд фыссæм фæсæфтуан уидагимæ? Хæлармæ цавæр цæстæй кæсын хъæуы?
Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 83- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.
Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзаутимæ хъомыла- дон куыст бакæнын – æхсæнадон транспорты хи куыд да- рын хъæуы, хистæрæн бынат дæттын, уæздан, æфсармджын уæвын; дзырдты хæйттæ бæрæг кæнын.
Æмдзæвгæйы текст бакæсгæйæ, бамбарæн ис, Дзерассæ хистæрæн бынат суæгъд кæныны бæсты бады æмæ йæхи рудзынгæй кæсæг скодта.
Бакæсын чызджы ныхæстæ æмæ сын аргъ скæнын.
(Скъоладзаутæй алчидæр дзуры йæ хъуыдытæ.)
Фæлтæрæны текст æнæхъæнæй фыст куы нæ ’рцæуа тетрæдты, уæддæр рафыссæн ис æрмæстдæр бæрæггонд дзырдтæ æмæ сын фæбæрæг кæнын сæ хæйттæ (Куыд бакæнын хъæуы, уый у ахуыргæнæджы бар.)
Уæлæмхасæн æрмæг
Урочы нысантæ: аргъауæн сæргонд æрхъуыды кæнын; æмбисæндты хъуыды æмбарын; æмдзæвгæйы
текст æвзарын.
Дзырдуат: фæдис, нос, фидауц, къуызыртæ.
1. Текстæн сæргонд хъуыды кæнын (84-фæлтæрæн). Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты базонгæ кæнын æмдзæвгæ – аргъауимæ. Бакæсын аргъау, бам- барын ын йæ хъуыды. (Æмдзæвгæйы мидис равзарын, фæлтæрæнмæ фæсте цы фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ
ис, уыдонæй спайдагæнгæйæ.)
Раттын уæлæмхасæн фæрстытæ:
1. Цæмæй бæрæг у, ацы текст аргъау у, уый?
2. Аргъауы мидис радзурын хи ныхæстæй.
Текст адих кæнын хицæн хæйттыл æмæ сын рат- тын сæргæндтæ. (1. Æхсæрсæттæджы æнæмæт цард. 2. Фæзынд хъал дымгæ. 3. Æхсæрæг фæтыхст. 4. Сыхаджы æххуыс.)
Текстæн раттын сæргонд æмæ бамбарын кæнын йæ равзæрст.
Бæрæггонд дзырдтæн синонимтæ æмæ антонимтæ ссаргæйæ скъоладзауты дзырдуатон сконд фæхъæздыгдæр уыдзæн ( синонимтæ: фидар – хъæддых, уайтагъд
– æвиппайды, æдых – лæмæгъ, мæгуыр – гæвзыкк;
антонимтæ: фидар – лæмæгъ, уайтагъд – сабыргай, æдых
– тыхджын, мæгуыр – хъæздыг).
Тексты синонимтæ æмæ антонимтæ ссарынмæ скъоладзаутæн феххуыс уыдзæнис, сæ раиртæстытæ сын зæрдыл куы æрлæууын кæной, уæд уый. (Цы сты синонимтæ? Цы сты антонимтæ?)
2. Æмбисæндты хъуыды æмбарын ахуыр кæнын
(85-фæлтæрæн).
Бакæсын æмбисæндтæ æмæ сын бамбарын кæнын сæ хъуыды (сывæллæттæй алчидæр дзуры, æмбисæндтæ куыд æмбарынц, уый).
Тексты ссарын синонимтæ: (хæлар – лымæн;
антонимтæ: хæлар – хæрам, ног – зæронд, знаг – лымæн).
Дзуапп раттын фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн
(Цы у æмбисонд?).
3. Æмдзæвгæйы арæзт æмæ йæ мидис æвзарын (86- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæн æххæстгонд цæуы дзургæйæ. Бакæсын æмдзæвгæйы текст æмæ йын бамбарын йæ хъуыды. Скæнын беседæ. Бæлвырд æрдзурын Бæбуйы хуызæн лæппуйы тыххæй − йæхимæ нæ зилы, уынджы лæппутимæ хыл кæны, къласы йæхи дарын нæ зоны, ахуыр нæ кæны, æхсæнадон фæллой (партæ) нæ хъахъхъæны.
Ахæм беседæйы фæстæ скъоладзаутæн æнцондæр уыдзæн æмдзæвгæйы мидис бамбарын.
Сбæрæг кæнын, æмдзæвгæйы текст цал æмæ цавæр хъуыдыйæдтæй арæзт у (сæ загъды нысанмæ гæсгæ).
Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн.
Хатдзæгтæ скæнын. Цæмæй текстæн сæргонд æрхъуыды кæнай, уый тыххæй цы хъæуы? Цы у æмбисонд?
Хæдзармæ куыст: зæрдыл æрлæууын кæнын дзырд- ты арæзты тыххæй раиртæстытæ.
Адæмæн зæхх у сæ дарæг
Дзырды хæйттæ
Урок
Уидаг. Фæсæфтуан. Кæрон.
Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын, ахуыры азы фыццаг цыппæрæм хайы дзырды хæйтты тыххæй цы базыдтой, уый; беседæ зæххы ахадындзинады тыххæй; текст рольтæм гæсгæ кæсын ахуыр кæнын.
Дзырдуат: къудзи, быцæу кæнын, уæлцъар, уыгæрдæнтæ.
1. Беседæ «Адæмæн зæхх у сæ дарæг».
Ахуыргæнæг скъоладзаутæн дзуры æмæ æмбарын кæны, адæм зæхх сæ дарæг цæмæн хонынц, уый (радзурын хуымæтæг хуызы, зæхх цы пайда хæссы, уый тыххæй).
Скъоладзаутæн сæхицæн дæр бар раттын ра- дзурынмæ, зæххы куыстыты сæ ныййарджытæн цы æххуыс фæкæнынц, уый тыххæй.
2. Текстимæ куыст (87- фæлтæрæн).
Аргъауы текст бакæсын раздæр æнæхъæнæй, стæй та – цæсгæмттæм гæсгæ. Сбæрæг кæнын, цы нысан кæны дзырд уидаг ацы тексты; цæуыл быцæу кæнынц дыууæ уи- даджы æмæ сæ чи растдæр у? Цæмæн?
Ахуыргæнæг скъоладзауты хъус æрдардзæн дзырд «уидаджы» дыууæ алыхуызон нысаниуæгмæ, сæ хицæндзинæдтæм – дзырды уидаг æмæ зайæгойы уидаг.
Тексты ссарын синонимтæ (къудзи – къутæр), антонимтæ (къудзи – бæлас).
Раттæн ис уæлæмхасæн фæрстытæ æмæ хæслæ- вæрдтæ:
– Тексты цы ис аргъауы миниуджытæй?
– Аргъауы мидис радзурын хи номæй. Аргъау бакæсын рольтæм гæсгæ. Сбæрæг кæнын тексты хуыз.
3. Дзырды хæйттæ бæрæг кæнын (88-фæлтæрæн).
Бакæсын хъуыдыйæдтæ. Бамбарын, Аланийы зæххы уæлцъар цавæр у, цы йыл зайы, уый.
Абарын хъуыдыйæдты мидис æмæ ныв. Хъуыды- йæдтæ ныффыссын тетрæдты.
Бæрæггонд дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ хæйт- тæ. Хъуыдыйæдты ссарын номдартæ, миногонтæ, мив- дисджытæ, раттын сæм фæрстытæ.
Бамбарын кæнын дæргъвæтин æмхъæлæсонты раст- фыссынад. Ацы хæслæвæрд æххæстгæнгæйæ, фæйнæгыл ныффыссын текстæй ист дзырдтæ – зæххы, ныллæг, ныззыл-
дысты, дыргъдæттæ, цæхæрадæттæ. Бакæсын сæ кæнын скъоладзаутæн, сбæрæг кæнын, иуæй-иу æмхъæлæсонтæ сæ куыд хъуысынц, уый, стæй зæгъын сæ растфыссынады тыххæй. Тексты ссарын, нывы цы бынæттæ æвдыст цæуы, уыдоны кой æмæ сæ бакæсын.
4. Зæрдыл æрлæууын кæнын раиртæстытæ: Цы хонæм уидаг, фæсæфтуан, кæрон? Æрхæссын дæнцæгтæ.
5. Дзырды хæйттæ бæрæг кæнын (89- фæлтæрæн).
Бакæсын уыци-уыци, бамбарын ын йæ хъуыды, базо- нын дзуапп. (Уымæн баххуыс уыдзæн схемæ дæр.)
Уыци-уыцийы текст тетрæдты ныффыссын æмæ бæрæггонд дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ хæйттæ.
Скъоладзаутæ уыци-уыцийы текстæй куы бамбарой, адæм, сырдтæ æмæ мæргътæ хъæлдзæгæй кæй рæзынц зæххы риуыл, уæд сæ бафæрсын – «Цы зæгъиккой зæххы тыххæй зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ та?» (Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн – дæтты сæм фæрстытæ.)
6. Схемæтæм гæсгæ саразын дзырдтæ (90- фæл- тæрæн).
Хатдзæгтæ скæнын. Цавæр дзырды хæйттæ базыд- там? Зæхх нын цы пайда хæссы?
Хæдзармæ куыст: зæрдыл æрлæууын кæнын, уидаг, фæсæфтуан æмæ кæрон цы хонæм, уый; сæххæст кæнын
91- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.
Урок
Разæфтуан
Урочы нысан: бацамонын дзырды хай – разæфтуан;
тексты хуыз бæрæг кæнын.
Дзырдуат: къæбиц, кæри, къуыбыр, дæлбыл.
1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
2. Текстимæ куыст (92- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæны нысан у аив кæсын ахуыр кæнын;
сбæрæг кæнын, зæхх цы пайда хæссы, уый.
Текст аив бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын тексты хуыз. Адих æй кæнын
хæйттыл, æрхъуыды сын кæнын сæргæндтæ.
3. Разæфтуан бæрæг кæнын (93- фæлтæрæн).
92-æм фæлтæрæны текстæй рафыссын бæрæггонд дзырдтæ, бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.
Раттын сæм фæрстытæ, сбæрæг кæнын, цы æвдисынц, цавæр ныхасы хай сты, уый.
Дзырдты хæйттæ куы фæбæрæг кæной, уæд скъола- дзауты хъус æрдарын, дзырдтæм уидаджы разæй цы хæйттæ æфтыд ис, уыдонмæ.
Чиныджы бакæсын раиртæст.
4. Хибарæй куыст.
5. Скъоладзаутæн раттын хæслæвæрд, цæмæй афæлварой, цы разæфтуантимæ базонгæ сты, уыдонимæ дзырдтæ æрхъуыды кæнын.
6. Разæфтуантæ хъуыды кæнын (94- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæн æххæст кæныны размæ скъоладзаутæн хуымæтæг хуызы, æнцонæй бамбарын кæнын, змæлдæвдисæг дзырдтæм разæфтуантæ æфтыд куы æрцæуы, уæд сæ архайды арæзт кæй аивы, уый (зæгъæм: бацыд, ссыд, рацыд, ныццыд).
Ацы фæзынд сбæлвырдгæнгæйæ, сывæллæттæ фæлтæрæны хæслæвæрд тагъддæр æмæ хуыздæр бамбар- дзысты.
Фæлтæрæн феххуыс уыдзæн разæфтуанты ныса- ниуджытæ бамбарынæн.
6. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын
(95- фæлтæрæн).
Ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ ба- зондзысты – кæсаг æрбаленк кæны, цъиу æрбатæхы, калм
æрбабыры, адæймаг æрбацæуы, порти æрбатулы, ома ба- зондзысты бæлвырд архайдæвдисæг дзырдтæ агурын.
Фæлтæрæны фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, ахуыр- дзаутæ базондзысты, ацы дзырдтæ номдартæ æмæ мивдисджытæ кæй сты; кæй нысан кæнынц предметтæ æмæ архæйдтыты нæмттæ.
Дзырдты разæфтуантæ рахицæнгæнгæйæ, скъоладзау- ты хъус æрдарын сæ растфыссынадмæ.
Бакæсын раиртæст.
7. Чиныгæй сфыст (96- фæлтæрæн).
Скъоладзаутæ раздæр кæсынц, стæй сæ тетрæдты фыссынц хъуыдыйæдтæ. Бæрæггонд дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ хæйттæ.
Дзуапп раттын фæлтæрæны хæслæвæрдтæ æмæ фæрстытæн.
Тексты ссарын антонимтæ (хъызт – хъарм).
Фæлтæрæны рахицæн кæнын æмбисонд, бамбарын ын кæнын йæ хъуыды.
Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм разæфтуан? Текст хицæн хæйттыл куыд дихгæнгæ у? Уый цæмæй аразгæ у?
Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæстытæ;
сæххæст кæнын 97-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.
Урок
Мадæлон æвзаг мады ад кæны
Уидаг æмæ разæфтуан
Урочы нысантæ: беседæ мадæлон æвзаджы тыххæй; уидаг æмæ разæфтуаны тыххæй зонындзинæдтæ ныффи- дар кæнын.
Дзырдуат: нывæстæй, æдæрсгæ, уаг, дуг, фыстæг.
1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
2. Беседæ. Мадæлон æвзаг! Куыд адджын мын дæ! Куыд кадджын дæ мæ цæсты! Ацы ныхæстæ ныффыссæн
ис фæйнæгыл æмæ сын сæ мидисыл хуымæтæг хуызы æрдзурын, цæмæй скъоладзаутæ бамбарой сæ мадæлон æвзаджы стыр ахадындзинад.
3. Дзырды хæйттæ бæрæг кæнын (98-фæлтæрæн). Бакæсын æмдзæвгæ, бамбарын ын йæ мидис. Сбæрæг кæнын фæрстыты руаджы, поэт чиныджы кæсын куы базыдта æмæ Къостайы сфæлдыстадимæ йæ мадæлон æвзагыл фыстæй куы базонгæ, уæд ууыл куыд цин кæны,
куыд æхсызгон ын у, уый.
Гæнæн ис, æмдзæвгæйы текст æнæхъæнæй ма ныф- фыссой скъоладзаутæ, фæлæ æрмæст бæрæггонд дзырдтæ, фæбæрæг сын кæнын сæ хæйттæ æмæ сыл сæвæрын цавды нысæнттæ (уый сын феххуыс уыдзæн рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнынмæ æмæ растдзурынады æгъдæуттæ сфæлхат кæнынмæ).