Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 7 глава




Урок

Ныхасы хæйттæ

 

Урочы нысантæ: дзырдты грамматикон æууæлтæм хъус дарын; 2-аг къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын; æмбарынад «ныхасы хæйттæ» -имæ зонгæ кæнын.

Дзырдуат: зокъотæ, мæра, æрмкъухтæ.

1.Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (128-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, ахуыргæнæджы размæ лæууы хæс – скъоладзауты ахуыр кæнын лæмбынæг хъусын, уацмысы мидис æмбарын, хи номæй дзурын.

Бакæсыны размæ скъоладзауты бафæрсæн ис, йæ сæргондмæ гæсгæ ( «Хъæды») ацы тексты дзырд цæуыл хъуамæ цæуа.

Сывæллæтты сцымыдис кæнын аргъау бакæсынмæ. Аргъау бакæсын æмæ йын бамбарын йæ хъуыды. Тексты мидис равзарын ахуыргæнæджы фæрстытæм гæсгæ:

а) Кæдæм æмæ цæмæ ацыд Алан хъæдмæ?

æ) Цы федта Алан хъæды?

б) Цæмæй стыхст Алан?

в) Аланæн æнгузтæ кæм уыдис?

Текст адих кæнын хæйттыл æмæ сын раттын сæр- гæндтæ.

– Алан ацыд хъæдмæ.

– Аланы фембæлд халонимæ.

– Афтид хъæд.

– Аланы фембæлд æхсæрсæтджытимæ.

– Алан байуæрста æнгузтæ.

Дзуапп раттын фæлтæрæны сæйраг хæслæвæрдæн - фарстæн.

(Тексты кæцы хъуыдыйадæй бæрæг у, Аланмæ æнгузтæ куыдæй фæзынд, уый? Ссар уыцы бынат æмæ йæ бакæс – Аланы ауыдтой æхсæрсæтджытæ æмæ йын фæтæригъæд кодтой)

Аргъауы мидис радзурын хи номæй.

2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

Беседæйы фæрцы сбæрæг кæнын, скъоладзаутæ дык- каг къласы ныхасы хæйтты тыххæй цы ахуыр кодтой, уый.

– Цы нысан кæны номдар? Цавæр фæрстытæ домы?

– Цы нысан кæны мивдисæг? Цавæр фæрстытæ домы?

– Цы нысан кæны миногон? Цавæр фæрстытæ домы? Скъоладзаутæн бамбарын кæнын, ацы урочы кæй базондзысты, ныхасы хæйттæ цавæр æууæлтæм гæсгæ бæрæггонд цæуынц, кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц,

уый.

3. Ныхасы хæйттæ бæрæг кæнын (129- фæлтæрæн).

128 – фæлтæрæны текстæй номдартæ, миногонтæ æмæ мивдисджытæ хицæн къордтæй куы рафыссой, уæд скъоладзаутæн раттæн ис хæслæвæрд – сбæрæг кæнын, цы æвдисынц, цы нысан кæнынц ныхасы хæйттæ; сбæрæг кæнын сæ нымæц (номдартæн, мивдисджытæн), сæ æууæлтæ (миногонтæн).

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн, хæслæ- вæрдтæн.

Скъоладзаутæ кæнынц сæхи хатдзæгтæ.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

4. Сфæлдыстадон куыст (130-фæлтæрæн).

Фæлтæрæны нысан у хæццæйæ лæвæрд дзырдтæй саразын хъуыдыйæдтæ, алы дзырдæн дæр ссарын йæ бæлвырд бынат æмæ сæ ныффыссын тетрæдты.

Дзургæйæ бæрæггонд цæуы, хъуыдыйæдты цæй кой цæуы æмæ уыдоны тыххæй та цы загъдæуы, уый, ома тексты агурынц номдартæ, мивдисджытæ, бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ æмæ сæм раттын фæрстытæ.

Фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн дзуапп раттын. Ацы ран ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн, уымæн æмæ хъуыдыйæдты цы номдартæ æмбæлы, уыдон се ’ппæт сæйрæттæ не сты». (Бамбарын кæнын, иннæ номдартæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый уæлдæр кълæсты кæй ахуыр кæндзысты, уый.)

5. Ныхасы хæйттæ иртасын (131- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у, дзырдбыды чырæгты номыртæм гæсгæ, лæвæрд фæрстыты руаджы, базонын, цавæр ныхасы хæйтты нæмттæ дзы бамбæхст, уый (ном- дар, мивдисæг, миногон).

Фæлтæрæн хæслæвæрдтæм гæсгæ сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ бæлвырд грамматикон æууæлтæм гæсгæ сбæрæг кæндзысты ныхасы хæйтты нæмттæ, æрхæсдзысты дæнцæгтæ.

6. Сфæлдыстадон куыст (132- фæлтæрæн).

Йæ нысан у текстæн ахæм райдайæн æрхъуыды кæнын, цæмæй бамбарæн уа, дарддæр дзы дзырд цæуыл цæудзæн, уый.

 

№ 1. Компьютерæй равдисын текст.

 

....................................................................................................

Зымæгон мын адон куы нæ уой, уæд тынг зын у.

Æнæ уыдон уазал кæнынц мæ къухтæ. Миты къуыбæрттæй хъазын мæ бон нæ вæййы – басийынц

ме’нгуылдзтæ. Митын лæг арæзгæйæ, ныххуылыдз вæййынц мæ къухтæ.

Тексты райдайæны ныффыссын хъæуы æрмæст иунæг хъуыдыйад. Фæлæ уыцы хъуыдыйады фæрцы

сбæрæг уыдзæн, цавæр дзаумæтты кой дзы ис, уый.

 

 

№ 2. Дзуæппытæ кæронмæ ахæццæ кæнын.

 

• Ацы тексты дзырд цæуы …

• Уыдон мæн хъæуынц …

• … вæййынц …, …, ….

• Текстæн раттын сæргонд.

Фæлтæрæны ацы хæслæвæрд баст у, цы темæ ахуыр- гонд цæуы («Ныхасы хæйттæ»), уыимæ. Уымæн æмæ, дзуапдæтгæйæ, скъоладзаутæ æнæмæнг æрдзурдзысты æмæ ныффысдзысты предметы ном, архайдæвдисæг дзырдтæ, æууæлæвдисæг дзырдтæ.

Текстæн хъæугæ сæргонд ратгæйæ, скъоладзаутæ бæлвырд бамбардзысты цыбыр радзырды мидис, йæ темæ.

Уæлæмхасæн фарстæн дзуапп ратгæйæ, скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, дæргъвæтин æм- хъæлæсонтæ фысгæйæ кæй фæдывæр вæййынц, уый.

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæр ныхасы хæйттæ зо- нут? Куыд сбæрæггæнæн ис, дзырд цавæр ныхасы хай у, уый? Цавæр фæрстытæ домынц ныхасы хæйттæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; æр- хъуыды кæнын цыбыр радзырд, раттын ын сæргонд.

Бахахх кæнын ныхасы хæйтты бын (133-фæлтæрæн).

 

 

Урок

Номдар, йæ иумæйаг нысаниуæг

 

Урочы нысантæ: номдары нысаниуæгимæ дарддæр зонгæ кæнын; скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл кусын.

Дзырдуат: сфæлындын, къалати, минас кæнын, фæ- лыст.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстимæ куыст (134- фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Йæ мидис ын равзарын фæрстытæм гæсгæ:

– Ранымай радзырды архайджыты нæмттæ.

– Цавæр хорздзинад скодтой сабитæ æхсæрæгæн?

– Куыд дардта йæхи æхсæрæг? Ссарын уыцы бынат тексты æмæ йæ бакæсын.

Текст адих кæнын хицæн хæйттыл æмæ сын раттын сæргæндтæ.

– Сывæллæттæ сдзæбæх кодтой æхсæрæджы.

– Æхсæрæджы ёлкæ.

– Æхсæрæгмæ уазæгуаты.

Тексты ссарын синонимтæ (сабитæ – сывæллæттæ, цъиутæ – мæргътæ).

Сбæрæг кæнын тексты хуыз. Текст радзурын хи номæй.

Дзуапп раттын фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн.

3. Номдартæ иртасын (135- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у æндæр ныхасы хæйтты æхсæнæй номдартæ рахицæн кæнынмæ арæхсын сæ нысаниуæг æмæ сæ фæрстытæм гæсгæ.

Сбæрæг кæнын, иннæ дзырдтæ та цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

Æнæ фысгæйæ, уæлæмхасæн куысты хуызы раттæн ис дзырдтæ сæ хъуыдымæ æмæ сæ фæрстытæм гæсгæ фæкъордтæ кæныны хæслæвæрд (предметты нæмттæ æмæ æууæлæвдисæг дзырдтæ: рынчын æхсæрæг, хъарм къалати; предметты нæмттæ æмæ архайдæвдисæг дзырдтæ: сабитæ сдзæбæх кодтой, бæрæгбон рауадис, æхсæрæг бафсæст, цъиутæ æрæмбырд сты æмæ а. д.).

4. Тексты номдартæ агурын (136- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у æмдзæвгæйы тексты сса-

рын номдартæ сæ нысаниуæгмæ æмæ сæ фæрстытæм гæсгæ.

Раздæр æмдзæвгæ бакæсын аив хъæлæсы уагæй, бамбарын ын йæ хъуыды.

Фæлтæрæн сæххæст кæнын йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

Скъоладзаутæ номдартæ сæ тетрæдты куы ныффыс- сой, уæд сын сæ хъус æрдарын фæлтæрæны хæслæвæрдмæ – фæбæрæг кæнын номдарты кæрæттæ.

Бамбарын сын кæнын – цæмæй дзырдтæ кæрæдзийыл бастæй æххæст хъуыды æвдисой, уый тыххæй ивд æрцæуынц сæ кæрæттæ (ацы зонинæгтæ сын феххуыс уыдзысты уæлдæр кълæсты, номдары тасындзæг ахуыргæнгæйæ; уымæ сæ ныр хъæуы цæттæ кæнын).

Дзуапп раттын фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

5. Сфæлдыстадон куыст (137- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты хъуы- дыкæнынад рæзын кæнын – дзырдтæ раст равæрын æмæ сæ хъуыдыйæдтæ саразын (Зымæг зæхх урс хъæццулæй бамбæрзта. Зымæг бæлæстыл скодта урс-урсид фæлыст. Мад йæ сывæллæттыл скодта хъарм дзаумæттæ. Чызджытæ æмæ лæппутæ райстой дзоныгътæ æмæ ацы- дысты бырынмæ).

Хъуыдыйæдтæ тетрæдты фыст куы æрцæуой, уæд сæ хъæрæй бакæсын кæнын скъоладзаутæн; бафæрсын, хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзиуыл баст сты æви нæ.

Афтæмæй сбæрæггæнæн ис, æмхæст текст сæ кæй ра- уад, уый.

Сбæрæг кæнын (кæнæ зæрдыл æрлæууын кæнын)

тексты миниуджытæ.

Номдартæм раттын фæрстытæ. Хъус æрдарын, фæрстытæ чи? æмæ цы? цавæр номдартæм лæвæрд

цæуынц, уымæ.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм номдар? Цавæр номдартæ домынц фæрстытæ чи? æмæ цы?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын, фæрстытæ чи? æмæ цы? -йæн дзуапп цы номдартæ дæттынц, ахæмтæ фæйнæ цыппар.

 

Урок

Хъахъхъæн де ’нæниздзинад

Номдарты ивынад нымæцтæм гæсгæ

 

Урочы нысантæ: зонгæ кæнын номдарты ивынадимæ нымæцтæм гæсгæ; бацамонын æмбарынад «номдарты нымæц» æрдзурын скъоладзауты æнæниздзинад хъахъхъæныныл; тексты райдайæнмæ хъус дарын.

Дзырдуат: фесхъиуын, микроб, гуыр, аэробикæ.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстимæ куыст (139-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у абарын тексты сæргонд æмæ йæ райдайæн.

Бакæсын тексты райдайæн æмæ бафæрсын скъола- дзауты: «Фыццаг хъуыдыйад бакæсгæйæ бамбарæн ис, тексты дзырд цæуыл цæудзæн, уый?»

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Текст бакæсын æнæхъæнæй, бамбарын ын йæ хъуыды. Радзырды мидис равзарынæн баххуыс уыдзысты

фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæ:

– Чи у Ангинæты Микъро?

– Цæуыл цин кодта Микъро?

– Цæуылнæ сæххæст Микъройы бæллиц?

– Куыдæй фервæзтис Микъро? Сбæрæг кæнын тексты темæ.

Æрдзурын, æнæниздзинад куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый тыххæй.

Текст адих кæнын хæйттыл æмæ сын раттын сæргæндтæ.

Бамбарын кæнын сæрмагонд нæмтты растфыссынад. Тексты мидис абарын нывимæ (тексты ссарын,

нывы дзы цы бынат æвдыст цæуы, уый æмæ йæ бакæсын).

Тексты ссарын синонимтæ (саби – сывæллон);

антонимтæ (сыстадис – сбадтис).

3. Нывтæм гæсгæ куыст – номдарты нымæц бæрæг кæнын (140- фæлтæрæн).

Нывтæ равзарын, фæрстытæм гæсгæ сбæрæг кæнын, нывты цалгай архайæджы ис, уый, зæгъын сын сæ архæйдтыты нæмттæ.

Скъоладзаутæ хъуамæ скæной хатдзæг: алы рæнхъы дæр фыццаг нывы æвдыст цæуы иугай архайджытæ, дык- каг нывты та – бирæ.

Уæдæ номдартæ чызг æмæ лæппу нысан кæнынц иу- гай предметтæ, номдартæ чызджытæ æмæ лæппутæ та – бирæ предметтæ.

Уæдæ фыццæгтæн сæ нымæц схонæн ис иу (иууон), дыккæгтæн та – бирæ (бирæон).

Ацы фæзынд æнцондæр бамбарæн уыдзæн скъоладзаутæн, дзырдтимæ нывтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ куы æрхъуыды кæной, уæд.

Чиныджы бакæсын раиртæст.

4. Номдартæ бирæон нымæцы формæйы æвæрын

(141- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у æмхæст текстæй æвзаргæ фыст ракæнынмæ арæхсыныл куыст (ссарын дзы номдартæ æмæ сæ рафыссын); номдартæ сæвæрын сæ райдайæн формæйы (фæрстытæ чи? цы? куыд домой, афтæ); номдартæ иууылдæр сты иууон нымæцы æмæ сæ сæвæрын

хъæуы бирæон нымæцы.

Ацы фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ æвзæрст куы æрцæуа, уæд скъоладзаутæн феххуыс уыдзæн ном- дары иууон æмæ бирæон нымæцты хицæндзинæдтæ бамбарынмæ.

5. Монологон ныхас (142- фæлтæрæн).

Текст бакæсгæйæ, йæ архайæджы раныхасæй скъоладзаутæ базондзысты, æнæниздзинад фидар æмæ хъæддых кæныны тыххæй цы кæнын хъæуы, уый.

Скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, мо- нолог цы у, уый.

Фæлтæрæны грамматикон хæслæвæрд баст у ном- дарты нымæцтæ сбæрæг кæнын æмæ сæ тетрæдты дыууæ къордæй ныффыссынимæ.

Скъоладзаутæ дзурынц, уыдон та цы фæкусынц се

’нæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй, уый.

Тексты ссарын антонимтæ (сæрд – зымæг, уазал –

хъарм).

Хатдзæгтæ скæнын. Цал нымæцы ис номдарæн? Цавæртæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст;

сæххæст кæнын 143- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Уæларвон тыгъдад

Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ

 

Урочы нысантæ: дарддæр зонгæ кæнын сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартимæ.

Дзырдуат: нау, айгæрста, иртасæн куыстытæ, уæларвон тыгъдад, Бонвæрнон.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Цыбырæй радзурын уæларвон тыгъдады, космос æмæ космонавтты тыххæй.

3. Текстимæ куыст (144- фæлтæрæн).

Бакæсын текст, бамбарын ын йæ хъуыды. (Тексты мидис бамбарынæн баххуыс уыдзысты раздæры беседæ æмæ фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæ.)

Дзуапп раттын фарстæн − Стыр дамгъæйæ фыст дзырдтæ цы нысан кæнынц?

Сывæллæтты дзуæппытæ феххуыс уыдзысты урочы темæ раргом кæнынæн.

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн:

– Текст адих кæнын хицæн хæйттыл (алы абзац дæр нымайæн ис хицæн хайыл).

– Радзырды мидис радзурын хи ныхæстæй.

– Ранымайын, космонавттæй кæй зонынц, уыдоны нæмттæ.

4. Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ иртасын

(145- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, скъоладзауты хъус æрдарын ахæм фæзындтæм, дзырд космонавт æмæ дзырд- баст космосон нау кæй нысан кæнынц иумæйаг номдартæ, фæлæ сыл кæрæдзийæ хицæн кæныны тыххæй æвæрд цæуы нæмттæ (сæрмагонд нæмттæ); сæрмагонд нæмтты растфыссынад.

Фыццаг фæлтæрæнæй ист дзырдбæстытæ бакæс- гæйæ, скъоладзаутæн бар раттын, цы бафиппайдтой, уый зæгъынæн (уый сын феххуыс уыдзæн фæстæдæр раиртæст бамбарынæн).

Бакæсын раиртæст.

5. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(146- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны нысан у, дзырдбыды чырæгты цы иугай дамгъæтæ æмбæлы, уыдонмæ гæсгæ базонын уæларвон тыгъдадимæ баст дзырдтæ æмæ сæ раст ныффыссын (хур, мæй, стъалы, Бонвæрнон, космос).

Зæгъын, дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты. Цы ны- сан кæнынц?

6.Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ иртасын (147- фæлтæрæн).

Бакæсын æмдзæвгæ. Ахуыргæнæджы размæ лæууы нысан – текст бакæсыны фæстæ ссарын сæрмагонд нæмттæ æмæ сын бамбарын кæнын сæ растфыссынад (Бечи, Тамик, Заретæ, Едзиты Дзæрæх, Марс, Юпитер, Нептун, Уран, Сатурн).

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн æмдзæвгæйы мидис равзарыны тыххæй.

Хæслæвæрдтæ сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ базондзысты сæрмагонд æмæ иумæйаг номдарты хи- цæндзинæдтæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Цæмæй хицæн кæнынц кæ- рæдзийæ сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст;

сæххæст кæнын 148- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

 

 

Урок

Стыр дамгъæ сæрмагонд номдарты

 

Урочы нысантæ: фæарфдæр кæнын зонындзинæдтæ сæрмагонд номдарты стыр дамгъæйы растфыссынады тыххæй.

Дзырдуат: уæларвон дуне, иумæйаг хæдзар, Боброн, æврæгътæ, дæлвæзтæ.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Тексты хуыз бæрæг кæнын (149- фæлтæрæн).

Ахуыргæнæг цыбырæй радзурдзæн скъоладзаутæн

Валентинæ Терешковайы тыххæй.

Скъоладзауты хъус æрдарын, дарддæр дæр кæй зонгæ кæндзысты уæларвон тыгъдад æмæ йæ «цæрджытимæ»; кæй ныффидар кæндзысты сæрмагонд нæмтты растфыс- сынад.

Бакæсын текст æмæ йын бамбарын йæ мидис (уымæн феххуыс уыдзысты фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæ).

Сбæрæг кæнын тексты хуыз.

3. Сæрмагонд номдарты растфыссынад (150- фæлтæрæн).

Дарддæр куыст цæуы 149- фæлтæрæны текстимæ. Сса- рын дзы номдартæ, сбæрæг сын кæнын сæ нысаниуджытæ; сæ фыццаг дамгъæтæ куыд фыст сты, уый (иутæ – гыццыл дамгъæйæ, иннæтæ – стырæй).

Раттын сæм фæрстытæ, сæвæрын сыл цавды нысæнттæ.

Бамбарын кæнын дывæргонд æмхъæлæсонты раст- фыссынад (уæлæмхасæн хæслæвæрд).

Бакæсын раиртæст.

4. Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ иртасын

(151- фæлтæрæн).

Скъоладзаутæн хуымæтæг хуызы радзурын, раджы заманы адæм куыд цардысты, сæ царды уавæртæ цавæртæ уыдысты æмæ сæм цавæр бæллицтæ уыдис, уый тыххæй. Сæ бæллицтæ æвдыстой сæ радзырдты, махмæ æрбахæццæ сты аргъæутты хуызы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ раздæр адæм цæмæ бæллыдысты æмæ аргъæутты хуызы цæуыл дзырдтой, уыдон ныр æцæгдзинад кæй систы. Фæзындис хæдтæхджытæ; адæймаг фæндаг айгæрста космосмæ, фæзындис телефон, компьютер æмæ аф. д.

Тексты мидис бæстон равзаргæйæ, ссарын номдартæ æмæ сæ ныффыссын тетрæдты дыууæ къордæй (сæрмагонд æмæ иумæйаг).

Цавæр бæллицтæ уыдис адæймагмæ раджы заманы? Йæ аргъæутты-иу кæдæм атахтис æмæ-иу дзы цы

куыста?

Хъус æрдарын, дзырдтæ Хур, Зæхх, Мæй, Авд хойы стыр дамгъæйæ фыст цæмæн сты, уымæ?

5. Æмхæст текст хицæн хъуыдыйæдтыл дих кæнын (152- фæлтæрæн).

Аргъауы текст бакæсын æмæ йæ адих кæнын хицæн хъуыдыйæдтыл. Сæ райдайæны сын фыссын стыр дамгъæ, сæ кæрæтты сын æвæрын хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

Сбæрæг кæнын тексты хуыз. Тексты ныхас кæй номæй цæуы?

Ацы текст аргъау цæмæн хуыйны? Цы дзы ис æрымысæггагæй?

Хатдзæгтæ скæнын. Бамбарын кæнын сæрмагонд номдарты растфыссынад.

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст;

сæххæст кæнын 153- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Æрдзы фæзындтæ, æрдзы ивæнтæ

Номдарты кæрæтты ивынад, æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ

 

Урочы нысантæ: бацамонын, номдартæн æндæр дзырдтимæ бастæй сæ кæрæттæ кæй аивынц, уый; скъо- ладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: