Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 11 глава




Тексты ссарын номдартæ, миногонтæ, мивдисджытæ. Сбæрæг кæнын, цавæр предметты, æууæлты æмæ архæйдтыты нæмттæ нысан кæнынц, уый; кæрæдзиимæ куыд баст сты, уый.

Тексты ссарын антонимтæ (гыццыл – стыр). Дзырдтæ гыццыл, цъиутæ - йæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ (чысыл, мæргътæ).

2. Текстæн кæрон хъуыды кæнын (248- фæлтæрæн). Текст бакæсын, равзарын ын йæ мидис фæрстытæм

гæсгæ.

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты аив кæсын ахуыр кæнын; сæ хъуыдытæ хи ныхæстæй дзурын; сæ хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл куыст.

Сбæрæг кæнын скъоладзаутæ, Бындзи цы фæуыдаид, уый тыххæй цы хъуыды кæнынц, уый. Алчидæр сæ дзуры

йæ хъуыдытæ.

– Ацы текст аргъау цæмæн хуыйны? Цы дзы ис æрымысæггагæй æмæ æцæгдзинадæй?

Æрдзурын, зымæгон цæрæгойтæ æмæ сасчытæ цы фæвæййынц, кæм æмæ куыд зымæгиуат кæнынц, ууыл.

Равзарын бæрæггонд мивдисджытæ (цардис – ивгъуыд афон, арвыста – ивгъуыд афон, тавы – нырыккон афон, тæфстис – ивгъуыд афон, фæтæхдзæн – суинаг афон; мивдисджытæ иууылдæр æвæрд сты иууон нымæцы)

Радзырдтæ хæслæвæрдмæ гæсгæ хъæуы тетрæдты ныффыссын, фæлæ уый æнæмæнг хъуыддаг нæу. Аргъæуттæн равзарын сæ мидис, уый фæстæ скъоладзауты адих кæнын дыууæ къордыл æмæ сæ иу сæххæст кæнæд 247-æм фæлтæрæн, иннæ та – 248-æм.

3. Текстимæ куыст (249-фæлтæрæн).

Ацы текст бакæсгæйæ, скъоладзаутæ базонгæ уы- дзысты Нарты кадджыты архайджытæй иуимæ. Цыбырæй, хуымæтæг хуызы æрдзурын ацы таурæгътыл.

Кадæг бакæсын, равзарын ын йæ мидис лæвæрд фæрстыты фæрцы; радзурын æй хи ныхæстæй.

Æрдзурын тексты сæргонды тыххæй: Афтæ цæмæн хуыйны? Æндæр сæргонд ын раттæн ис? Цавæр?

Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы текст?

Фæлтæрæны грамматикон хæслæвæрд у – бæрæггонд дзырдты æхсæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæ, ныффыссын сæ къордтæй, бамба- рын сын кæнын сæ нысаниуджытæ (æрбацыд – ацыд, дзуры – зæгъы, чысыл – гыццыл).

 

Нæ уарзон Райгуырæн бæстæ

Хъуыдыйад

Урок

Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ

 

Урочы нысантæ: бацамонын хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ, хъæлæсы уагмæ гæсгæ ирта- сын; текстимæ кусын.

Дзырдуат: таурæгъон, фарстон, хъæрон.

1. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

– Нæ ныхас цæмæй арæзт у?

– Цы хонæм хъуыдыйад?

– Хъуыдыйæдтæ кæсгæйæ хъæлæсы уаг куыд аивы?

2. Текстимæ куыст (250- фæлтæрæн).

Скæнын беседæ райгуырæн бæстæйы тыххæй. Скъо- ладзаутæн сæхи бафæрсын, куыд хуыйны сæ райгуырæн бæстæ, цæмæн æй хонынц афтæ, уымæй.

Ахæм беседæйы фæстæ бакæсын текст. Сбæрæг кæнын, хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæртæ сты, уый. Цавæр хъæлæсы уагæй сæ кæсæм? Зæгъын, текс- ты алы хъуыдыйад дæр æххæст хъуыды æвдисы æви нæ.

Бакæсын раиртæст. Зæрдыл æрлæууын кæндзысты, хъуыдыйад цы хуыйны, уый.

3. Хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ ирта- сын æмæ сæ кæрæтты хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ æвæрын зонын (251-фæлтæрæн).

Хъуыдыйæдтæ раст хъæлæсы уагæй каст куы æр- цæуой, уæд скъоладзаутæ базондзысты, фæлтæрæны кæй ис таурæгъон, фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ (ацы терминтæ амынд цыдысты урочы райдайæны, дзырд- уатон куыст кæнгæйæ).

Бакæсын зæрдылдаринаг.

Бакæсын раиртæст.

4. Хибарæй куыст (252- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн раздæр равзарын иумæ, бамбарын, цы бакæнын хъæуы, уый, стæй йæ уый фæстæ скъоладзаутæ фыссынц сæ тетрæдты, хъуыдыйæдты кæрæтты хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ æвæргæйæ.

5. Текст хъуыдыйæдтыл дих кæнын (253- фæл- тæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгонд цæуы дзургæйæ. Æмдзæвгæ бакæсын, равзарын ын йæ мидис фæрстытæм гæсгæ. Сбæрæг кæнын, тексты хуыз цавæр у, ныхас дзы кæй номæй цæуы, уый.

Сбæрæг кæнын, æмдзæвгæйы текст цал хъуыдыйадæй арæзт у (4). Бакæсын сæ раст хъæлæсы уагæй (таурæгъон). Искæцы хъуыдыйад дзы æндæр хъæлæсы уагæй бакæсæн

ис? Кæцы? (Райгуырæн, мæнæн ды алкæддæр зынаргъ дæ!)

6. Зонындзинæдтæ ныффидар кæнын (254- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у, хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ куыд хицæн кæнынц, уый скъоладзаутæ куыд бамбæрстой,уый сбæрæг кæнын, сæ хъуыкæнынад сын рæзын кæнын.

Лæвæрд хъуыдыйæдтæй иутæ сты фарстон, раттын сын хъæуы дзуæппытæ; иннæтæ – таурæгъон; æртыккæгтæ сты хъæрон хъуыдыйæдтæ.

Æппæт хъуыдыйæдтæ дæр бакæсын хъæуы раст хъæлæсы уагæй, стæй сæ ныффыссын тетрæдты, сæ фæстæ сын хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ æвæргæйæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæртæ вæййынц хъуыды- йæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 255- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Урок

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ

 

 

Урочы нысантæ: дарддæр фидар кæнын хъуыды- йады тыххæй зонындзинæдтæ; хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ иртасын.

Дзырдуат: федераци, иугонд сты, край, область.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (256- фæлтæрæн). Ацы фæлтæрæны нысан у хъуыдыйады тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ныффидар кæнын. Йæ сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ базондзыс- ты: хъуыдыйад дзырдтæй арæзт кæй у; æххæст хъуыды кæй æвдисы; йæ райдайæны стыр дамгъæ кæй фыссæм; таурæгъон, фарстон æмæ разæнгардгæнæн хъæлæсы уагæй

сæ кæй фæдзурæм.

3. Дзырдбыд баххæст кæнын (257- фæлтæрæн).

Фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ сæххæстгæн-

гæйæ, скъоладзаутæ базондзысты, чырæгты цы бамбæхст, уый (хъуыдыйæдты нæмттæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ: таурæгъон, фарстон, хъæрон).

Терминтæ сбæрæг кæныны фæстæ алы хуызимæ дæр æрхъуыды кæнын хъуыдыйад (тетрæдты фыст æрцæуой æви нæ, уый у ахуыргæнæджы бар).

4. Хъуыдыйæдтæ æмæ хицæн дзырдты схемæтæ иртасын (258- фæлтæрæн).

Схемæтæ равзаргæйæ, фыццаг рæнхъы ныффыссын фыдыбæстæимæ баст дзырдтæ. Иннæ схемæтæм гæсгæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ.

Скъоладзауты хъус æрдарын æрхæцæн нысæнттæм. Фæлтæрæны хæслæвæрдтæ раст æххæстгонд куы

æрцæуой, уæд сывæллæттæм рауайдзæн таурæгъон, фар- стон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ.

5. Хицæн хъуыдыйæдтæ баст текстæй иртасын

(259- фæлтæрæн).

Фæлтæрæн арæзт у дыууæ абзацæй. Фыццаг аб- зацы фыст ис хицæн хъуыдыйæдтæ, хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзийыл баст не сты, ома радзырд сын схонæн нæй.

Ацы хатдзæгтæм, ацы хъуыдытæм скъоладзаутæ хъуамæ æрцæуой сæхæдæг (ахуыргæнæджы æххуысæй, йæ фæрстытæн ын дзуапдæтгæйæ).

Дыккаг абзац куы бакæсой, куы сбæрæг кæной, хъуыдыйæдтæ кæрæдзийыл баст сты, уый, уæд скъо- ладзаутæ сæхæдæг æрцæудзысты хатдзæгмæ – ай у хъуыдымæ гæсгæ баст текст.

Фæлтæрæны хæслæвæрдмæ гæсгæ скъоладзаутæ куы сбæрæг кæной, хицæн хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæртæ сты, уый, уæд сын сæ бакæсын кæнын фарстон æмæ разæнгардгæнæн хъæлæсы уагæй дæр.

Сбæрæг кæнын, уæд сæ кæрæтты цавæр æрхæцæн нысæнттæ уыдзæн, уый.

6. Аив каст (260- фæлтæрæн).

Æмдзæвгæйы текст бакæсын раст хъæлæсы уагæй. Сбæрæг кæнын хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ. Ацы фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ фæрстытæм гæсгæ:

А. Хæхтæ дæ цæстытыл куыдæй ауадысты?

Æ. Цавæр æууæлæвдисæг дзырдтæ ссардта поэт æврæгътæ, гæнæхтæ, арв æмæ къæдзæхтæ æрфыссынæн?

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрæм хъуыдыйады кæрон? Цæмæй аразгæ у уый?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 261-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ. Æмхæст текст раздæр бакæсын, адих æй кæнын хицæн хъуыдыйæдтыл æмæ сæ кæрæтты сæвæрын хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

 

 

Мæ райгуырæн бæстæ – Ирыстон

Урок

Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ

 

Урочы нысантæ: хъуыдыйады кæй кæнæ цæй кой цæуы, уыдоны тыххæй дзы цы загъдæуы, уый бæрæг кæнын; хъуыдыйады сæйраг уæнгтимæ зонгæ кæнын.

Дзырдуат: фыдæлты къона, дæлвæзтæ, ком, лакъон, Хъæриу, уæлвæзтæ.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. «Мæ райгуырæн бæстæ Ирыстон».

3. Текстимæ куыст (262- фæлтæрæн).

Бакæсын текст, бамбарын ын йæ мидис (равзарын æй фæрстытæм гæсгæ).

Тексты ссарын синонимтæ (змæст – лакъон), антонимтæ (лакъон – сыгъдæг; сæрд – зымæг).

Тексты ссарын миногонтæ æмæ цы номдарты æууæлтæ æвдисынц, уыдон. Раттын сæм фæрстытæ.

Бæрæггонд дзырдтæн сæ хæйттæ сбæрæггæнгæйæ, скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, дзырдты

арæзт æмæ сæ аразæг хæйттæ куыд хуыйнынц, уый.

4. Хъуыдыйады сæйраг уæнгты ахадындзинад (263- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны нысан у, хъуыдыйæдты мидæг сæйраг уæнгтæ куыд ахадгæ сты, уый бамбарын.

Æвзæрст цæуы фыццаг хъуыдыйад. Сбæрæг кæнын, цæй кой дзы цæуы, архайæг дзы цы сты (цъуппытæ); сбæрæг кæнын, цъуппытæ цы ми кæнынц. Бафæрсын скъоладзауты, ацы дзырдтæ цы нысан кæнынц, уымæй

– предмет, предметы æууæл æви предметы архайд. Уый феххуыс уыдзæн скъоладзаутæн ныхасы хæйтты тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын; хуымæтæг хуы- зы бамбарын кæнын, уыдон хъуыдыйады мидæг бæлвырд уæнгтæ кæй вæййынц.

Сбæрæг кæнын, хъуыдыйæдтæй бæрæггонд дзырдтæ куы айсæм, уæд ма иннæ дзырдты æхсæн исты бастдзинад ис, исты бæлвырд хъуыды нысан кæндзысты æви нæ, уый.

Бафæрсæн ис скъоладзаутæн сæхи: нæ бон зæгъын у афтæ, æмæ хъуыдыйады ис, æнæмæнг дзы цы дзырдтæ хъæуы, ахæмтæ? Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ. (Кæй зæгъын æй хъæуы, ис.)

Фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ сæххæст кæнгæйæ, скъоладзаутæ бамбардзысты, хъуыдыйа- ды бæрæггонд дзырдтæн хицæнæй райсгæйæ дæр ис нысаниуæг, æвдисынц бæлвырд хъуыды (кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ дзырдтæ уыцы хъуыды фæбæлвырддæр кæнынц).

Бакæсын зæрдылдаринаг.

Скæнын хатдзæг – хъуыдыйады ис, йæ сæйраг хъуы- ды йын цы дзырдтæ æвдисынц, ахæмтæ. Уыдон сты хъуы- дыйады сæйраг уæнгтæ.

5. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ фæрстытæм гæсгæ бæрæг кæнын (264- фæлтæрæн).

Фæлтæрæны нывты бынмæ лæвæрд фæрстытæ æмæ дзуæппытæ бакæсгæйæ, скъоладзаутæ æрцæудзысты бæлвырд хатдзæгтæм.

Бакæсын раиртæст.

6. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын хъæугæ дзырд- тæй (265- фæлтæрæн).

Беседæ скæнын. Цыбырæй, хуымæтæг хуызы ра- дзурын, ком цы у, уый тыххæй; базонгæ кæнын скъола- дзауты Куырттаты комимæ, Дыгургомимæ, Дзауы комимæ (зæгъын сын, æндæр кæмттæ дæр ма кæй ис, ранымайын сæ).

Фæлтæрæны нысан у сæйраг уæнгты ахадындзинад бамбарын кæнын; иу уæнгæй иннæмæ фарст æвæрын зо- нын; сбæрæг кæнын, сæйрат цавæр дзырдтæй æвдыст æрцæуы.

Скъоладзаутæн лæвæрд цæуы хæс – хъуыдыйæдты, сæ хъуыды сын фæбæлвырддæр кæныны тыххæй, бавæрын хъæуы дзырдтæ.

Фæлтæрæн куы сæххæст кæной, уæд скъоладзаутæ бамбардзысты, цы дзырдтæ æрхъуыды кодтой, уыдон хъуы- дыйады сæйраг уæнгтæ кæй сты. Раттын сæм фæрстытæ, бахахх сын кæнын сæ быны.

(Сæйраг уæнгтæ агурæм фæрстытæм гæсгæ: кæй кæнæ цæй кой цæуы хъуыдыйады? Цы загъдæуы уый тыххæй та?)

Хъус æрдарын, æртыккаг хъуыдыйады сæйрат ца- вæр дзырдæй æвдыст æрцыд, уымæ (æз); дзырд ком -ы нысаниуæгмæ (бирæнысаниуæгджын).

Хъуыдыйæдты ссарын сæрмагонд нæмттæ æмæ сын бамбарын кæнын сæ растфыссынад.

7. Аив каст (266-фæлтæрæн).

Текст бакæсын раст хъæлæсы уагæй. Æрдзурын æмдзæвгæйы мидисыл. Хъус æрдарын, поэт йæ райгуырæн бæстæйы тыххæй куыд зæрдæбынæй дзуры, уымæ.

8. Хъуыдыйæдты сæйраг уæнгтæ иртасын (267- фæлтæрæн).

Бакæсын æмдзæвгæ, бамбарын ын йæ хъуыды. Фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ, ахуыргæнæджы

æххуысæй. Йæ зындзинад ис уый мидæг, æмæ сæйрат æмæ зæгъинаг æнцон ссарæн не сты, ахъуыды сыл хъæуы.

Бакæсын фыццаг куплет, рахицæн дзы кæнын хъуыдыйæдтæ, ссарын дзы сæйраг уæнгтæ (фæстаг хъуы- дыйады зæгъинаг нæй, фæлæ бамбарын кæнын скъоладзау- тæн, уæвæн ын кæй ис, уый (сты); уæлдæр кълæсты базонгæ уыдзысты ацы фæзындимæ).

Дыккаг куплеты хъуыдыйæдты сæйраг уæнгтæ æнцондæр ссарæн сты, фæлæ сывæллæтты хъус æрдарын хъæуы, фæстаг хъуыдыйады сæйраты (дзæбидыр) архайд дыууæ зæгъинаджы кæй æвдисынц, уымæ (фæтарсти, сарæзта).

Сывæллæттæн бар раттын, цы комбæстæйæ сты, кæнæ сæ фыдæлтæ цы кæмттæй ралыгъдысты, уый тыххæй цы зонынц, уый радзурынæн.

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæр уæнгтæ хуыйнынц хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст;

сæххæст кæнын 268- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Хъуыдыады сæйраг уæнгтæ

 

Урочы нысантæ: хъуыдыйады сæйраг уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр, фæуæрæхдæр кæнын; скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Дзырдуат: бæрз бæлас, намыс, сидт, тезгъо кæнын.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ иртасын (269-

фæлтæрæн).

Текст бакæсыны размæ скъоладзауты бафæдзæхсын, цæмæй сæ хъус дарой, æрдзы фæзындтæ æмæ рæсугъд- дзинад дзы куыд æвдыст цæуынц, уымæ.

Бакæсын текст. Сбæрæг кæнын, радзырды герой хъæды цæуыл фæцуан кæны, цы фæдзæхсы махæн.

Радзырдæн æрхъуыды кæнын сæргонд. Абарын тек- сты мидис нывимæ. Бæлвырд æрдзурын, нывы цы ис, уыдоныл. Ранымайын æппæт предметты нæмттæ, сæ æууæлæвдисæг дзырдтæ, сбæрæг кæнын, алы предметмæ дæр цавæр архайдæвдисæг дзырд ссарæн ис, уый.

Ахæм куыст бакæныны фæстæ скъоладзаутæ æн- цонæй ратдзысты дзуæппытæ фæрстытæн.

Тексты ссарын синонимтæ (Фыдыбæстæ – Райгуырæн бæстæ).

Текстыл бакусын йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

Фыццаг хъуыдыйады ссарын хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, раттын сæм фæрстытæ.

Дзырд адæймаджы – ракæнын мырон-дамгъон æв- зæрст. Зæгъын, цы бафиппайдтой (г ивд æрцыд дж -йæ).

3. Хъуыдыйæдты зæгъинæгтæ агурынмæ арæхсын

(270- фæлтæрæн).

Хъуыдыйæдты ссарын хъæуы зæгъинæгтæ æмæ сæ ныффыссын дзырдбыды чырæгты нымæцтæм гæсгæ. Зæгъинæгтæ агуырд цæуынц ахуыргæнæджы фæрстытæм гæсгæ:

а) Фыццаг хъуыдыйады цæй кой цæуы? (Уал- дзæджы.) Уый цавæр хъуыдыйады уæнг у? Раттын æм фарст.

æ) Уалдзæджы тыххæй та цы загъдæуы? (Ралæу- уыдис.) Уый та цавæр хъуыдыйады уæнг у?

Афтæ равзарын алы хъуыдыйад дæр æмæ сбæрæг кæнын зæгъинæгтæ.

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæн.

Дзырдбыды чырæгтæ раст æххæстгонд куы æрцæуой, уæд бынæрдæм бакæсæн уыдзæн дзырд «Алани».

4. Текстимæ куыст (271- фæлтæрæн).

Æмдзæвгæ аив бакæсын. Сбæрæг кæнын, алы купле- ты дæр дзы дзырд цæуыл цæуы, уый. Афтæмæй æнцондæр уыдзæн текст хицæн хæйттыл адих кæнын (алы хайæн дæр йæ хъуыды сбæрæг кæнын).

Дзырдтæ рæсугъд, урссæр, хъæздыгдæр, бæрзонддæр - æн ссарын антонимтæ.

Тексты бæрæггонд дзырдтæ ракæнын мырон-дам- гъон æвзæрст.

5. Мырты хицæндзинæдтæ иртасын (272- фæл- тæрæн).

Фæлтæрæн æвзæрст цæуы дзургæйæ. Æмдзæвгæ аив бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Хъус æрдарын зынæмбарæн дзырдтæм æмæ мырты орфоэпион хи- цæндзинæдтæм.

Хатдзæгтæ скæнын. Цы нысан кæны сæйрат? Цы нысан кæны зæгъинаг?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 273- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

 

Урок

Дзæуджыхъæу – Аланийы сæйраг сахар

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ фæрстытæм гæсгæ иртасын

 

Урочы нысан: бацамонын хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ фæрстытæм гæсгæ иртасын.

Дзырдуат: фæрссаг уæнгтæ, фидар, фыстæг.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. Дзæуджыхъæу – Аланийы сæйраг

горæт. Радзурын нæ сахары зындгонд бынæтты тыххæй. Скъоладзаутæн раттын бар, цæмæй сæ алчидæр радзура, цы уынджы цæры, кæнæ йæ хæстæджытæ кæм цæрынц, уым хорзæй цы ис, цæмæй хъуыстгонд у, уый.

3. Текстимæ куыст (274- фæлтæрæн).

Скæнын беседæ. Цыбырæй радзурын нæ респуб- ликæйы сæйраг горæты равзæрды историйы тыххæй: куыд равзæрдис, ахæм ном ыл æвæрд цæмæн æрцыдис.

Текст бакæсыны размæ скъоладзаутæн бамбарын кæнын, цæмæй сæ хъус дарой цауты кæрæдзийы фæдыл цыдмæ.

Бакæсын текст, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын тексты хæйттæ, йæ хуыз.

Тексты мидис радзурын хи ныхæстæй (цæмæй ба- хъуыды кæной нæ горæты равзæрды истори).

4. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ иртасын (275- фæлтæрæн).

Хъуыдыйæдты раздæр ссарын сæйраг уæнгтæ (лæг æрцард), бамбарын кæнын скъоладзаутæн, уыдон хъуы- дыйады сæйраг хъуыды кæй æвдисынц, уый.

Дарддæр скъоладзауты хъус æрдарын, сæйраг уæнгтæй уæлдай ма хъуыдыйæдты цы дзырдтæ ис, уы- дон та цы нысан кæнынц, уымæ. Сæйраг уæнгтæй сæм фæрстытæ дæтгæйæ, сбæлвырд кæнын, кæцы дзырдты бæрæг кæнынц, уый. (Лæг цавæр у? хæххон, ирон; æрцард кæм? ацы бынаты; кæд? фыццаг; кæимæ? йæ бинонтимæ.) Скъоладзауты дзуапп хъуамæ уа – ацы дзырдтæ хъæуынц, цæмæй бамбарын кæной сæйраг уæнгты. Уыдонимæ хъуыдыйадæн йæ хъуыды фæбæлвырддæр



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: