Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 12 глава




вæййы.

Бакæсын раиртæст.

5. Хъуыдыйады уæнгтæ фæрстытæм гæсгæ ирта- сын (276-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у, хъуыдыйæдты сæйраг уæнгты цы дзырдтæ æмбарын кæнынц, уыдон ссарын æмæ сæ хицæнтæй ныффыссын тетрæдты; сбæрæг кæнын, фæрссаг уæнгтæй кæрæдзиимæ баст кæцытæ сты, уый, æмæ уыдон дæр ныффыссын. Бæрæггонд цæуынц фæрстытæм гæсгæ.

Фæлтæрæн сæххæст кæныны фæстæ скъоладзаутæ дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фæрстытæн:

– ссарын, сæйраг дзырд зæгъинаг кæм у, дæлбар дзырд та – фæрссаг уæнг, уыцы дзырдбæстытæ (азæлыдысты хъæдты);

– ссарын, сæйраг дзырд сæйрат кæм у, дæлбар дзырд та – фæрссаг уæнг, уыцы дзырдбаст (сæууон хур);

– ссарын, сæйраг дзырд дæр æмæ дæлбар дзырд дæр фæрссаг уæнгтæ кæм сты, уыцы дзырдбæстытæ (Аланийы хъæдты, цъæх арвыл).

Ацы куыст бакæныны фæстæ скъоладзаутæ æнцонæй бамбардзысты æмæ бахъуыды кæндзысты зæрдылдаринаг

куыд ссарæн ис фæрссаг уæнгтæ?

Бæрæггонд дзырдтæн ссарын синонимтæ кæнæ антонимтæ (азæлыдысты – райхъуыстысты, азæлыдысты

– бамыр сты; бæрзонд – ныллæг, æрбакаст – аныгуылд, рæсугъддзинад – фыдынддзинад).

6. Фæрстытæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын (277- фæлтæрæн).

Алы рæнхъы дæр фæрстытæ кæрæдзийы фæдыл куыд æвæрд сты, афтæ сын дзуæппытæ лæвæрд куы цæуа, уæд сæ рауайдзæн хъуыдыйæдтæ: (кæм?) кæрты (цы ми бакод- та?) сарæзта.

Скæнын хатдзæгтæ.

7. Радзырд йæ кæронмæ гæсгæ хъуыды кæнын (278- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн æххæстгæнгæйæ, нæ размæ

æвæрæм цалдæр нысаны: иуæй, ахуыр кæнæм радзырдæн

– фыстæгæн райдайæн хъуыды кæнын, иннæмæй, скъоладзаутимæ ис хъомыладон куыст бакæнæн – искæйы фыстæг кæсын аив нæу.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ. Равза- рын хуыздæр вариант æмæ фыстæджы текст ныффыс- сын тетрæдты, кæнæ та алы ахуырдзауæн дæр бар рат- тын, йæхæдæг цы райдайæн æрхъуыды кодта, уый ныффыссынæн.

Дзуапп раттын фæлтæрæны хæслæвæрдтæн.

Хатдзæгтæ скæнын. Цæй фæрцы бæрæггонд цæуынц хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст, сæххæст кæнын 279-фæлтæрæн.

 

 

Урок

Контролон диктант

Урочы нысантæ: сбæрæг кæнын, хъуыдыйады тыххæй цы зонындзинæдтæ базыдтой, уый.

Дзырдуат: Арвыкомы дымæг, айтыгъта, æнусон.

 

 

Дзæуджыхъæу

 

Дзæуджыхъæу лæууы Кавказы хæхты рæбын, Ар- выкомы дымæгмæ. Уый у Аланийы сæйраг сахар. Йæ астæуты, хъырнгæ, згъоры æнусон Терк. Нæ горæты ис бирæ заводтæ æмæ фабриктæ. Уыдон дæттынц алыхуы- зон продукци.

Горæты æвæрд ис рæсугъд цыртытæ ирон адæмы цытджын хъæбул Хетæгкаты Къостайæн, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйæн.

Нæ горæты ис бирæ алыхуызон институттæ æмæ техникумтæ. Бонæй-бон рæсугъддæр кæны нæ республикæйы столицæ.

Хæслæвæрдтæ:

1. Фыццаг æмæ фæстаг хъуыдыйæдты ссарын сæйраг уæнгтæ æмæ сын бахахх кæнын сæ быны.

2. Сбæрæг кæнын тексты хуыз.

3. Фæстаг хъуыдыйады бахахх кæнын фæрссаг уæнгты бын.

4. Тексты ссарын синонимтæ æмæ сæ рафыссын.

 

 

Хъæууон царды нывтæй

Урок

Хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ

 

Урочы нысантæ: бацамонын сæйраг уæнгтæй конд хъуыдыйад фæрссаг уæнгтæй даргъдæр кæнын; бацамонын хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ.

Дзырдуат: цæвæг, хосгæрдæнтæ, къæс, нæртон.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстимæ куыст (280- фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды, фæл- тæрæнмæ лæвæрд фæрстытæй пайдагæнгæйæ.

Дзырдтæн зæронд, чысыл, дзурын ссарын синонимтæ

(ацæргæ, гыццыл, зæгъын).

Дзырдтæн зæронд, чысыл, райдыдта, ссарын антонимтæ (æрыгон, дынджыр, фæцис).

3. Хъуыдыйæдтæ фæрссаг уæнгтæй даргъдæр кæ- нын (281- фæлтæрæн).

Бакæсын æмæ равзарын хъуыдыйæдты дыууæ къор- ды. Сбæрæг кæнын, хъуыдыйæдты уæнгтæ цы æвдисынц, цы нысан кæнынц, уый, фæрстытæ сæм дæтгæйæ.

Цавæр дзырдтæ – фæрссаг уæнгтæ бафтауæн ис фыццаг къорды хъуыдыйæдтæм, цæмæй сæ хъуыды фæбæлвырддæр уа, ирддæрæй разына, уый тыххæй?

Бакæсын раиртæст.

4. Хибарæй куыст (282- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, сбæрæггæнæн ис, скъоладзаутæ фæрссаг уæнгтæ куыд бамбæрстой, уый.

Ахуыргæнæг йе скъоладзауты цæттæдзинадыл йæ зæрдæ куы дара, уæд фæлтæрæны хæслæвæрд раттæн ис хибарæй (æнæ искæй æххуысæй) сæххæст кæнынмæ. Равзарæн ис фыццаг хъуыдыйад дзургæйæ, стæй дарддæр кусæнт хибарæй (Мæ райгуырæн хъæу райхъал йæ æхсæвы фынæйæ).

Фæрссаг уæнгтæм раттын фæрстытæ, сбæрæг сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

5. Æмдзæвгæ æвзарын (283- фæлтæрæн).

Бакæсын текст, сбæрæг ын кæнын йæ хуыз. Цы зæгъы автор йæ хæдзарæй? Бафæрсын скъоладзауты, уыдон та цы хъуыды кæнынц сæ райгуырæн хæдзæртты тыххæй.

Дыккаг хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ куы ссарой, уæд сбæрæг кæнын, сæйрат цæмæй загъд æрцыд, уый (номдар нæу, фæлæ æз цы нысан кæны, уый бамбарын кæнын скъоладзаутæн хуымæтæг хуызы; зæгъын сын ацы фæзынд, ома номивæг 4-æм къласы кæй ахуыр кæндзысты). Иннæ дзырдтæм раттын фæрстытæ.

Ахуыргæнæгæн фиппаинаг. Ирон æвзаг ахуыр кæнынæн бындур æвæрд цæуы райдайæн кълæсты, уымæ гæсгæ скъоладзаутæн æмбарын кæнын хъæуы (хуымæтæг, æнцонæмбарæн æвзагæй) программæмæ гæсгæ уæлдæр кълæсты цы æрмæг ахуыр кæндзысты, уымæй фæлтæрæнты исты куы сæмбæлы, уæд уый дæр.

Ацы фæлтæрæн æвзаргæйæ (тетрæдты фыст нæ цæуы), текст адих кæнын хицæн хъуыдыйæдтыл æмæ сбæрæг кæнын, ныхас сæ кæй номæй цæуы, ома сæйрат сæ цавæр дзырд уаид, уый (дыккаг хъуыдыйад раздæр кæй равзæрстой, уымæ гæсгæ йæ фæуадзæн ис).

Хатдзæгтæ скæнын. Куыд дих кæнынц хъуы-

дыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст; сæх- хæст кæнын 284- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Урок

Хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ

 

Урочы нысантæ: хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ иртасын; хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæ фæрссаг уæнгтæй фæдаргъдæр кæнынмæ арæхсын.

Дзырдуат: хъуыстгонд, хæрзад, уæхск.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстæн сæргонд дæттын (285-фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын, ныхас кæй номæй цæуы; куыд хуыйны ахæм текст.

Нæ бон зæгъын у, ацы текст æрфыст у, зæгъгæ? Цæмæн уæм афтæ кæсы? Ахæм фæрстытæ ратгæйæ, скъоладзаутæ æнцондæрæй скæндзысты хъæугæ хатдзæгтæ.

Бæрæггонд дзырдтæн ссарын антонимтæ (уæрæх- нарæг, рæсугъд – фыдынд, бæрзонд – ныллæг, дардмæ

– хæстæгмæ, хæрзад – æнад). Раттын сæм фæрстытæ, сбæрæг кæнын, цы нысан кæнынц, уый.

3. Хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ иртасын

(286- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у æрмæст сывæллоны фæндон равдисын нæ, æрмæст хъæуккаг сабийы бæллицтæ раргом кæнын нæ, фæлæ сæ бамбарыны тыххæй тексты кæцыдæр дзырдты цухгонд бынæттæ хъæугæ дамгъæтæй баххæст кæнын кæй хъæуы, уый.

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды (спайда кæнын фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæй).

Хъус æрдарын хъæуы уымæ, æмæ автор сывæллоны йæ бæллицты уæлдæрæй уæлдæр кæй хизын кæны æмæ афтæмæй, дарддæрæй-дарддæр, фылдæр цыдæртæ фенынмæ кæй тырны, ома бæласмæ схизгæйæ фендзæн сæ хъæу æнæхъæнæй дæр, хохы сæрмæ куы схиза, уæд фендзæн Мæскуы, ракетæйæ ракæсгæйæ та фендзæн æппæт дуне.

Скæнæн ис ахæм хатдзæг – цас хуыздæр ахуыр кæной скъоладзаутæ, фылдæр базоной, уый бæрц схиздзысты бæрзонддæр къæпхæнтæм.

Æмдзæвгæйы тексты ссарын сæрмагонд нæмттæ, бамбарын сын кæнын сæ растфыссынад, зæгъын, цавæр ныхасы хæйттæ сты.

4. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (287- фæлтæрæн).

Фæрстытæ куыд æвæрд сты, афтæ сын дзуапп лæвæрд куы æрцæуа, уæд сæ рауайдзæн хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ (кæд? Абон / цавæр? гыц- цыл / цы? гæды / цы ми бакодта? фесæфти ).

Алы хъуыдыйадæн дæр сбæрæг кæнын йæ хуыз.

5. Сфæлдыстадон куыст (288- фæлтæрæн).

Фæрстытæн æххæст дзуæппытæ дæтгæйæ, скъо- ладзаутæ æрхъуыды кæндзысты хъуыдыйæдтæ. Сбæрæг сын кæнын сæ хуыз сæ арæзтмæ гæсгæ. Ссарын дзы сæйраг уæнгтæ. Хъуыдыйады уæнгтæм се ’ппæтмæ дæр раттын фæрстытæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Цæмæй хицæн кæнынц кæ- рæдзийæ хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Уæлахизы бон

Урок

Хъуыдыйады мидæг дзырдты кæрæдзиуыл бастдзинад

 

Урочы нысантæ: хъуыдыйады мидæг дзырд- ты æхсæн бастдзинæдтæ бæрæг кæнын зонын,

иу дзырдæй иннæмæ фæрстытæ дæтгæйæ.

Дзырдуат: фæрдгуытау, арæнхъахъхъæнæг, фæл- гæсы.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. «9-æм май – Уæлахизы бон».

3. Текстимæ куыст (290- фæлтæрæн).

Бакæсын текст æмæ йын бамбарын йæ хъуыды (фæрстыты фæрцы). Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ Уæлахизы боны тыххæй цыбыр беседæ скæнгæйæ æмæ скъоладзауты хъуыдытæм байхъусгæйæ, ацы тексты мидис бамбарæн уыдзæн æнцонæй.

Скъоладзауты бафæрсын, хæсты ветерантæй искæй зонынц æви нæ, уымæй. Бамбарын сын кæнын, æххуыс кæнын, аргъ кæнын сын кæй хъæуы, уый.

Текстæн раттын сæргонд.

Тексты ссарын синонимтæ (райгуырæн бæстæ –

фыдыбæстæ, фашисттæ – знæгтæ).

Дзырдтæ æрбабырстой, фæуæлахиз, стыр -æн сса- рын синонимтæ (æрбалæбурдтой, рамбылдта, дынджыр).

Дзырдтæ сыстадысты, знаг, стыр -æн ссарын антонимтæ (сбадтысты, хæлар, гыццыл).

4. Æвзаргæ фыст (291- фæлтæрæн).

Хъуыдыйæдтæ тетрæдты куы ныффыссой, уæд сæ равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ – сбæрæг кæнын, кæй кой цæуы хъуыдыйæдты æмæ уыдоны тыххæй та цы загъдæуы. Афтæмæй æнцонæй сбæрæг кæндзысты сæйрат æмæ зæгъинаг. Уый фæстæ сæйраг уæнгтæй раттын фæрстытæ фæрссаг уæнгтæм æмæ сын сбæрæг кæнын сæ бастдзинæдтæ (ам зæрдыл æрлæууын кæнын – куыд агурын хъæуы фæрссаг уæнгтæ? Куы нæ уал æй хъуыды кæной, уæд рафæлдахын чиныг æмæ бакæсын зæрдылдаринаг).

Куыст ахæм хуызы арæзт куы цæуа, уæд скъоладзаутæ æнцонæй бамбардзысты, дзырдтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ баст кæй вæййынц, æмæ бастдзинæдтæ фæрстытæм гæсгæ базонæн кæй вæййы.

Бакæсын раиртæст.

5. Зонындзинæдтæ ныффиар кæнын (292 фæл- тæрæн).

Фæлтæрæн раздæр равзарын дзургæйæ. Æнæ ахуыргæнæджы æххуысæй скъоладзаутæ дзуапп дæттынц фæрстытæн:

– Ссарут сæйраг уæнгтæ.

– Сæйраты кæцы дзырдтæ бæрæг кæнынц?

– Зæгъинаджы та кæцы дзырдтæ бæрæг кæнынц?

– Цавæр фæрстытæ лæвæрд цæуы фæрссаг уæнгтæм? Афтæ равзарыны фæстæ фæлтæрæн сæххæст кæнын

тетрæдты йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

6. Æмдзæвгæйы мидис цæстытыл ауайын кæнын

(293- фæлтæрæн).

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын тексты хæйттæ (алы куплеты дæр æвдыст цæуы хицæн хъуыды: фыццаджы – арæнхъахъхъæнæг йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уый; дыккаджы – арæнхъахъ- хъæнæджы куысты ахадындзинад).

Тексты дзырдтæ фæлгæсы, кад, сабитæ, цæхæртæ кала -йæн ссарын синонимтæ (кæсы, намыс, сывæллæттæ, æрттива).

Фæлтæрæн сæххæст кæнын йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ.

7. Мырты хицæндзинæдтæ иртасын (294-фæл- тæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у ирон æмæ дыгурон диа- лекты хицæндзинæдтæ иртасын. Æвзæрст цæуы урочы дзургæйæ.

Хатдзæгтæ скæнын. Куыд бæрæггонд цæуы дзырд- ты бастдзинад хъуыдыйады мидæг?

Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын раиртæст;

сæххæст кæнын 295- фæлтæрæн.

 

 

Урок

Хъуыдыйады мидæг дзырдты кæрæдзиуыл бастдзинад

 

Урочы нысантæ: дзырдты бастдзинады тыххæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын.

Дзырдуат: ифтыгъд, хæрзиуджытæ, адæмы сæраппонд.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Текстимæ куыст (296- фæлтæрæн).

Ацы скъуыддзаг бакæсгæйæ, скъоладзаутæ ба- зонгæ уыдзысты хæсты цаутæй иуимæ. Базондзысты, сывæллæттæ дæр куыд тырныдтой сæ райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ, суанг сæ цард раттынмæ дæр цæттæ уыдысты. Фыдыбæстæйы сæраппонд-иу мæлгæ дæр акодтой.

Тексты мидисимæ куы базонгæ уой, уæд скъо- ладзаутæн бар раттын, алчидæр ын йæхæдæг сæргонд куыд æрхъуыды кæна, афтæ. Текстæн æрхъуыды кæнын иумæйаг сæргонд.

3. Дзырдты æхсæн бастдзинæдтæ бæрæг кæнын

(297- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн раттæн ис хибарæй бакусынæн. Раздæр бакæсын хъæуы хъуыдыйæдтæ, сбæрæг кæнын, кæй кæнæ сæ цæй кой цæуы, уый. Сбæрæг кæнын, цавæр фæрстытæ раттын хъæудзæн дзырдтæм, стæй кæцы дзырдæй кæцымæ. Уый фæстæ скъоладзаутæ хъуыдыйæдтæ фыссынц сæ тетрæдты, дзырдты разæй кæнæ сæ фæстæ къæлæтты хъæугæ фæрстытæ æвæргæйæ.

4. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (298- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у дзырдбыдимæ кусыныл ахуыр кæнын æмæ дзырдты æхсæн бастдзинæдтæ бæрæг кæнын. Уый къухы бафтдзæн, хæслæвæрдтыл куыст куы æрцæуа, уæд.

Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, цы сты сæйрат æмæ зæгъинаг.

Раздæр бакæсын хъуыдыйæдтæ æмæ сбæрæг кæнын сæйрæттæ.

Дзырдбыды чырæгты фæрсæрдæм ныффыссын хъæ- уы сæйрæттæ алы хъуыдыйадæй дæр. Ацы куыст бакæнæн и техникон фæрæзты фæрцы – компьютерæй равдисын æмæ афтæмæй баххæст кæнын чырæгтæ.

Скæнæн ын ис тетрæдты дæр.

Хæслæвæрдтæ баххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ бам- бардзысты, хъуыдыйады мидæг дзырдты бастдзинад бæрæггонд кæй цæуы фæрстытæм гæсгæ, фæрстытæ та лæвæрд цæуынц иу дзырдæй иннæмæ.

5. Дзырдты æхсæн бастдзинæдтæ бæрæг кæнын

(299- фæлтæрæн).

Дзырдты æхсæн бастдзинæдтæ сбæрæг кæныны тыххæй хъуыдыйæдты ссарын сæйраг уæнгтæ, сбæрæг кæнын, кæцы уæнгтæ сæ бæрæг кæнынц, раттын сæм фæрстытæ. Сывæллæттæн радзурын Ханафи æмæ Омар- бийы тыххæй. Хуымæтæг хуызы бамбарын кæнын, нæ бæстæйы адæм знаджы ныхмæ куыд тох кодтой æмæ цæй фæрцы фæуæлахиз сты, уый.

Хатдзæгтæ скæнын. Сбæрæг кæнын дзырдты æхсæн бастдзинæдтæ фæрстыты фæрцы. Скъоладзауты хъус æрдарын, раздæр сæйраг уæнгтæ ссарын кæй хъæуы, уымæ, стæй уыдонæй лæвæрд цæуы фæрстытæ, цы дзырдтæ сæ æмбарын кæнынц,уыдонмæ.

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 300- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ: текст ныффыссын тетрæдты,

бахахх кæнын сæйрæттæ æмæ зæгъинæгты бын алы хъуы- дыйады дæр.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Урочы нысантæ: диалогон æмæ монологон ныхас рæзын кæнын.

Дзырдуат: фæлтæрдджын, ихсæттæн нау, æнæ- фæцудгæ мæсыг, æнувыд.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Беседæ. «Райгуырæн зæхх адджын у».

3. Диалогон ныхас (301- фæлтæрæн).

Бакæсын текст, сбæрæг ын кæнын йæ мидис, йæ сæйраг хъуыды, автор цы зæгъынмæ хъавыд ацы радзырды (скъоладзаутæм хъуамæ уа сæхи хъуыдытæ дæр), уый.

– Цавæр ныхас рауад Æвæлтæрд Хъуырру æмæ кæсагахсæджы æхсæн?

– Цæмæй бафарста Хъуырру адæймаджы? Абарын

тексты сæргонд æмæ йæ сæйраг хъуыды.

Фæлтæрæны фæрстытæн дзуапдæтгæйæ, ахуыргæнæг

йæ хъус дары скъоладзауты ныхасы хъæдмæ, сæ хъуыдыты фæд-фæдыл равæрдмæ.

Ацы текст бакæсæн ис рольтæм гæсгæ, æмæ уæд ирддæрæй разындзæн, скъоладзауты дзургæ ныхас куыд раст æмæ аив у, уый.

4. Монологон ныхас (302- фæлтæрæн).

Беседæ. «Кучиты Юри – ихсæттæн нау «Арктикæйы»

капитан».

Бакæсын монолог. Хъус æрдарын, автор йæ фыдыбæстæйы тыххæй цы зæгъы, уымæ (радзырд равза- рын фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæм гæсгæ).

Тексты ссарын синонимтæ (стыр – егъау), антонимтæ

(стыр – чысыл).

Текстæн раттын сæргонд (скъоладзаутæ дзурынц

сæхи варианттæ, стæй равзарын, ахадгæдæр сæ кæцы у, уый). Текст адих кæнын хицæн хæйттыл.

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм диалогон æмæ моно- логон ныхас? Цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ?

Хæдзармæ куыст: зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг.

 

Ахъуыды кæн, базон, бахъæлдзæг у

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

Урок

Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ

 

Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын, мыртæ æмæ дамгъæты тыххæй цы базыдтой, уый.

Дзырдуат: кæрдзын, хионхуызæй, тасаг.

1. Текстимæ куыст (303- фæлтæрæн).

Диалогон ныхас рæзын кæнын. Радзырд бакæсын, бамбарын ын йæ мидис. Равзарæн æй ис фæрстыты фæрцы:

– Цы федта автор, цæхæрадонмæ рацæугæйæ?

– Цы куырдта Мæккæби лæгæй?



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: